Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОНЫЛ ХУЫССÆГ КУЫД ФÆТЫХ



СЫРДОНЫЛ ХУЫССÆГ КУЫД ФÆТЫХ

Сырдон æрмæст нартимæ нæ быдæу кодта. Суанг ма-иу дзуæрттимæ дæр схъаугъа. Æмæ дзы Уастырджи, Уацилла æмæ Хуыссæг сæ маст райсын фæнд скодтой.

Сырдонмæ уыди, авд азы дæргъы хуыскъ чи фæци, ахæм хъуг. Фырнæрдæй тъæппытæ хаудта. Гъемæ Уастырджи, Уацилла æмæ Хуыссæг сфæнд кодтой уыцы хъуг бахæрын.

Хъуг хызти мæгуыр хъомгæсы рæгъауы. Иу изæр куы уыди, уæд фесæфти хъæугæронæй. Сырдон мæгуыр хъомгæсы нал уагъта, мæ хъуг мын бафид, зæгъгæ. Уастырджи, Уацилла æмæ Хуыссæджы фæнд афтæ уыди: кæд Сырдон хъуджы давд базона, уæд ын æй бафиддзысты, куы не схъæр уа, уæд та доны къусы сæфт фæкæндзæн. Æмæ Сырдон мæгуыр хъомгæсы куынæуал уагъта, уæд Уастырджи, Уацилла æмæ Хуыссæг сæ цуры æрбалæууыдысты æмæ сын загътой:

— Уæ бар махмæ раттут.

Мæгуыр хъомгæс уайтагъд йæ бар ратта. Фæлæ Сырдон æрсагъæс кодта. Стæй куы бамбæрста, хуыздæр гæнæн ын нæй, уый, уæд загъта:

— Фод афтæ, æз дæр уæм дæттын мæ бар.

Уæд Уастырджи, Уацилла æмæ Хуыссæг скъахын кодтой Сырдоны хæдзары арф дзыхъхъ, дзыхъхъы ауагътой Сырдоны, стæй дзыхъхъы сæр бæзджын къæйдурæй бамбæрзтой æмæ Сырдонæн загътой:

— Мах æртæ хатты мæгуыр хъомгæсы бамбæхсдзыстæм, æмæ йæ кæд æртæ хатты дæр ссарай, уæд дын дæ хъуг мах бафиддзыстæм..

Фыццаг хатт бамбæхста мæгуыр хъомгæсы Уастырджи: акодта йæ æфцæгыл æмæ йæ сау хъæды тæрсæй тæгæры æхсæн сæнчы мидæг бамбæхста.

Сырдон уæрмæй схызти æмæ рацагуырдта фæдысмудæй, фæраст и æфцæджы ’рдæм. Ахызти æфцæгыл, бафтыди сау хъæдмæ, фæлæ никуы æмæ ницы. Бафæллади æмæ æрбадти тæрсæй тæгæры æхсæн, йæ худ систа, йæ хид ныссæрфта æмæ загъта:

— Офф-офф, мæхионы тыххæй цы фыдæбон кæнын!

Февнæлдта йæ цуры сæнкмæ, стыдта йæ, æмæ йæ ахæрон куыд загъта, афтæ сæнкæй хъæр ссыди:

— Ма мæ бахæр. Æз ам дæн...

— Уæ, дæ бинонты хуыздæр куыд амарди! — ныддис кодта Сырдон, — æмæ сæнчы мидæг та куыд бамбæхстæ?!

Дыккаг бон йæ бамбæхсыны рад лæвæрд уыди Уациллайæн. Уацилла бамбæхста мæгуыр хъомгæсы, комы фале най кæм кодтой, уыцы мусы иу мæнæуы гагайы.

Сырдон та дзыхъхъæй схызти, рауай-бауайыл фæци æмæ куы бафæллади, уæд комы фале цы мусы най кодтой, уый размæ бацыд æмæ найгæнджытæм дзуры:

— Дзаг мус ут!

Арфæ йын ракодтой найгæнджытæ дæр. Уæд Сырдон мæнæуы нæмгуытæн се стырдæры систа æмæ йæ йæ дзыхы баппарынмæ куыд хъавыди, афтæ чидæр ныхъхъæр ласта:

— Ма мæ бахæр, æз та дæн!

— Уæ дæ бинонты хуыздæр куыд амарди, мæнæуы нæмыджы та куыд бамбæхстæ?! — дис та кодта Сырдон.

Æртыккаг бон мæгуыр хъомгæсы хъуамæ бамбæхстаид Хуыссæг. Уый бавдæлд æмæ йæ акодта Хурмæсыджы размæ. Уым æй тигъыл æргом слæууын кодта, фыййауы лæдзæг ын йæ риумæ быцæу сарæзта. Сырдон рацу-бацу фæкодта, фæцагуырдта йæ, фæлæ хъæуæй иу фæд йеддæмæ нæ ацыд. Скасти Хурмæсыджы ’рдæм, федта мæгуыр хъомгæсы, фæлæ йæ фыййау фæхуыдта. Фæстæмæ раздæхти æмæ фæлладæй ныхасы æрбадти.

— Оф, оф, мæхионы тыххæй цы фыдæбæттæ кæнын! — загъта Сырдон, фæлæ йæ бон ницыуал баци: хуыссæг йе уæнгты фæмидæг, æмæ Сырдон бафынæй.

Æмгъуыд та сын уыди хураныгуылдмæ — уæдмæ хъуамæ ссардтаид мæгуыр хъомгæсы.

Фæхуыссыд Сырдон. Хур æрныгуылди. Æмæ уæд фехъал ис уый дæр. Бæргæ ма ауади хъæуæй Хурмæсыджы ’рдæм, фæлæ йæм фæдзырдтой Уастырджи, Уацилла æмæ Хуыссæг, не ’мгъуыд хураныгуылдмæ куы уыд, уæд ма кæдæм цæуыс, зæгъгæ.

Раздæхти æнкъардæй йæ хæдзармæ Сырдон, йæ хъуг доны къусы сæфт фæкодта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.