Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОН НАРТЫ ХЪОМТЫ КУЫД НЫЦЦÆГЪДЫН КОДТА



СЫРДОН НАРТЫ ХЪОМТЫ КУЫД НЫЦЦÆГЪДЫН КОДТА

Сырдонæн йæ хъуг бахуыскъ ис æмæ æвæджиау нард сси. Нарт сфæнд кодтой уыцы хъуджы дзидзайæ сæхи хорз фенын. Æмæ иу бон, ныхасы бадгæйæ, Сырдонæн афтæ зæгъынц:

— Сырдон, не ’фсымæр дæ, хорз нæ фен иу хатт. Дæ хъуг бахуыскъ, ницыуал пайда дын у, æмæ нын æй аргæвд.

Цы загътаид нарты ныхасыл Сырдон, сразы ис семæ, уæдæ цы уыдаид, æмæ загъта:

— Мæ хъуг уæ фæхъхъау фæуæд, уый йæ койы аргъ дæр нæу, аргæвддзынæн æй.

Йæхинымæр та афтæ ахъуыды кодта: «Мæ хъуг бахæрыны фæнд скодтат, фæлæ уын лæвар нæ рауайдзæн, мæ маст уæ райсдзынæн».

Аргæвста йæ хъуг Сырдон, сфыхта йæ æмæ нарты æрхуыдта. Æрбадтысты нарт фынгтыл, æмæ сæм Сырдон дзуры:

— Хъуг бахæрут, фæлæ мын йе стджытæ мæхицæн раттут.

Нарт хъуг хæрын райдыдтой æмæ Сырдоны къæхты бынмæ стджытæ æппæрстой. Хъуг хæрд куы фæци, уæд алчи йæ хæдзармæ ацыд.

Сырдон йæ хъуджы стджытæ æрæмбырд кодта, голладжы сæ сæвæрдта æмæ æлдары хъæумæ ацыди. Хъæумæ куы бахæццæ ис, уæд ыл æрталынг, æмæ æлдары хæдзармæ бацыд. Чи аздæхтаид бæлццоны йæ хæдзарæй! Бакодтой уат Сырдонæн уазæгдоны. Сырдон бахуыссынмæ куы хъавыд, уæд фысымæй хатыр ракуырдта æмæ йын загъта:

— Уæ хорзæхæй, мæ голлагмæ мын мачи бавналæд, бирæ хæзнатæ дзы ис æмæ йæм куыддæр искæй къух бахæццæ уа, афтæ мын стджытæ фестдзысты.

Фысым ын зæрдæ бавæрдта нæ бавналынæй æмæ Сырдон дæр схуыссыди. Бинонтæ дæр схуыссыдысты, хъæздыг адæмы уазæджы хæзнаты мæт цæмæн уыдаид!

Æрмæст Сырдон йæхæдæг æнæмæт нæ уыд. Æмбисæхсæв куы фæци, уæд сыстадис, йæ голладжы ком суæгъд кодта, стджытæ байгом сты. Йæхæдæг фæстæмæ схуыссыд æмæ æнæмæтæй бафынæй.

Райсом раджы райхъал ис Сырдон æмæ æвиппайды сæрдиаг кодта, йæ уæрджытæ хойы, хъæр кæны, бабын дæн, зæгъгæ.

Æлдары бинонтæ фæдисау фестадысты, нæ уазæгыл цы æрцыд, зæгъгæ, йæ размæ бацыдысты.

Фæлæ ма Сырдоны чи басабыр кодтаид, богътæ систа, уромæг æй нал уромы:

— Ныр ма цы чындæуа! Дысон уын бæргæ бафæдзæхстон, мæ голлагмæ мын мачи бавналæд, зæгъгæ, фæлæ йæ уæддæр байгом кодтат, æмæ ныр мæ хæзнатæ стджытæ фестадысты!

Æлдар сабыртæ кæнын райдыдта Сырдоны:

— Æз — дæ мад, дæ фыды уазæг, мацы дзур, мæ худинаджы хъæр айхъуысдзæн, йæ уазæджы бафхæрдта, зæгъгæ. Фæлтау дæ цы хорздзинад хъæуы, уый дын ратдзынæн.

Сырдон ын бустæхуызæй загъта:

— Куыд нæ дзурон? Цæмæй мын бафиддзынæ мæ хæзнатæ? Уымæй ницыуал пайда ис, фæлæ мын се ’муæз сызгъæрин уæд та ратт.

Æлдарæн хуыздæр гæнæн нал уыд æмæ хъуджы стджыты æмуæз Сырдонæн сызгъæринтæ ратта.

Сырдон йæ сызгъæринты голлагимæ нартмæ сыздæхт æмæ ныхасы рæзты фæцæуы. Нарт æй бафарстой:

— Дæ хорзæхæй, Сырдон, дæ хъуджы стджытимæ цы бæстæты фæхаттæ?

Сырдон сын зæрдиагæй дзуапп ратта:

— Хуыцау ма мын куы раттаид стджытæ. Æмбисонды хорз аргъ кæнынц æлдары хъæуы хъуджы стджытæ, — æмæ сæм сызгъæринтæ равдыста.

Нарт бавдæлдысты æмæ сæ хъуццытæ аргæвстой æмæ минас кæнын райдыдтой, уæлдай буц та Сырдоны кодтой. Стæй сын се стджытæ æрæмбырд кодтой, æмæ сæ алчидæр æлдары хъæумæ фæхаста. Цас нæ фæхъардтой се стджытæ нарт æлдары хъæуы, фæлæ стæг æхцайыл ивæг нæ фæци. Бамбæрстой нарт, Сырдоны хъуджы бахæрд сын цы расайдта, уый æмæ уæнтæхъил, сæргуыбырæй сæ хæдзæрттæм раздæхтысты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.