Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОН ХЪÆЗДЫГ ЛÆДЖЫ КУЫД АСАЙДТА



СЫРДОН ХЪÆЗДЫГ ЛÆДЖЫ КУЫД АСАЙДТА

Сырдонмæ уыди иу гæбæррагъ хъуг. Иу изæр хъуджы фæстæ æрцыди иу богъа. Сырдон æй базыдта, — уый уыди йæ хъæздыг сыхаджы богъа æмæ сфæнд кодта: «Уымæ уæддæр бирæ фос ис, цæй æмæ ацы богъа мæхицæн æрбакæнон».

Бакодта Сырдон кæйдæр богъайы йæхи скъæты. Фæлæ райсомы хъæздыг сыхаг саргъы бæхыл йæ уæлхъус æрлæууыд.

— Дысон, Сырдон, мæ богъа ацырдæм æрбадзæгъæл æмæ, дам, дæумæ ис.

— Бахатыр кæн, фæлæ уый нæхи хъуджы род куы у, — дзуапп ын ратта Сырдон.

Сыхаг бацыди скъæтмæ æмæ амоны богъамæ:

— Куыд дæ хъуджы род у, Сырдон, уый мæ богъа куы у, уæд?

— Рæдийыс, уый æцæг мæхи род у, — нæ састи Сырдон.

Сыхаг смæсты ис.

— Цом уæдæ тæрхоны лæгмæ, уый нын равзардзæн нæ хъуыддаг.

Сырдон не сразы:

— Куыд ацæуон æз демæ тæрхоны лæгмæ? Ды — бæхыл, æз — фистæг: кæуыл баууæнддзæн тæрхоны лæг? Нæ, нæ, уый раст нæу.

«Мæ богъа сæфдзæн», — ахъуыды кодта сыхаг æмæ дзуры Сырдонмæ:

— Сбад мæ бæхыл, æз фистæгæй ацæудзынæн.

Сырдон та уæддæр нæ бакуымдта:

— Куыд ацæуон æз демæ тæрхоны лæгмæ. Ды — хорз кæрцы, мæныл — цыдæр уæлдзармы гæбаз: кæуыл баууæнддзæн тæрхоны лæг? Нæ, нæ, уый раст нæу.

«Мæ богъа сæфдзæн», — ахъуыды та кодта сыхаг лæг æмæ та дзуры Сырдонмæ:

— Скæн мæ кæрц, æз дæ кæрцы дæр ацæудзынæн.

Скодта йæ сыхаджы кæрц Сырдон, сбадт ын йæ бæхыл æмæ афтæмæй ацыдысты тæрхоны лæгмæ.

Бахæццæ сты тæрхоны лæгмæ дыууæ сыхаджы. Уый сæ фæрсы:

— Цы хабар уæм ис, цæмæ æрбацыдыстут?

Сыхаг загъта:

— Мæ богъа Сырдонмæ бафтыд, уый йæ йе скъæты бакодта æмæ мын æй нал дæтты — мæхи хъуджы род, дам, у.

Фæрсы тæрхоны лæг Сырдоны:

— Раст зæгъы дæ сыхаг, æцæг ын нал дæттыс йæ богъа?

Сырдон бахудти æмæ йын дзуапп ратта:

— Ай ахæм лæг у æмæ ныртæккæ афтæ дæр зæгъдзæн: «Мæнæ цы бæхыл бадын, уый дæр мæн у», зæгъгæ.

Сыхаг нал фæлæууыди:

— Æмæ æниу дæу у, уæдæ! Уый дæр мæн у.

Сырдон та бахудт:

— Æмæ ма уæд æххæст «дæ кæрц дæр мæн у», зæгъгæ, зæгъ, уый ма дæ куыд ферох?

Сыхаг смæсты ис:

— Кæрц дæр мæн у. Ралас æй ныртæккæ!

— Гъе афтæтæ мын кæны æдзухдæр, — загъта Сырдон. — Æвæдза, тæрхоны лæг нæй, зæгъгæ, уæд мын мæ фæстаг хæдон дæр раласид.

Смæсты ис тæрхоны лæг æмæ Сырдоны сыхагæн загъта:

— Ахъуытты у, фæлывд, мæ разæй æмæ фесæф, мæ цæст дæ куыд нал фена, афтæ. Ацы мæгуыр лæджы ма искуы куы бахъыгдарай, уæд-иу дæхимæ кæс.

Сырдон замманай бæхыл мидбылхудгæ йæ хæдзармæ афардæг, йæ сыхаг та уæнтæхъил, сæргуыбырæй ацыд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.