Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОН МÆНГАРД ЛÆДЖЫ КУЫД БАГÆДЫ КОДТА



СЫРДОН МÆНГАРД ЛÆДЖЫ КУЫД БАГÆДЫ КОДТА

Нартмæ иу мæнгард лæг уыди. Цыфæнды ныхас-иу куы кодтой адæм, уæддæр-иу йæ дзырд æнæ баппаргæ нæ фæци, алкæмæй та хъазгæ кодта. Иухатт ныхасы бадгæйæ Сырдонæй дæр ахъазынмæ рахъавыд. Йæ разы æрбадт æмæ йæм дзуры:

— Диссаг федтон, Сырдон. Дæ диссæгтæ уый раз ницы сты.

Сырдон æм бакаст:

— Цымæ цы диссаг федтай?

— Цуаны дын фæцæуын æрæджы, — дзурын райдыдта гæды лæг. — Хъæдрæбын дын мыл бирæгъ амбæлд. Куы мæ федта, уæд йæхи фæзыхъхъыр кодта æмæ мыл йæхи рауагъта. Кæсын æмæ йæ фæстæ фæзынди дыккаг бирæгъ дæр, уый фæстæ — æртыккаг, цыппæрæм... Æз сæ нымайын фæуагътон, айтæ-уыйтæ нал фæкодтон, хъæдмæ балыгътæн æмæ бæрзонд бæласмæ сбырыдтæн. Фыртæссæй адæймаг гæды дæр фесты. Уæле æркастæн æмæ бирæгътæ фондз æмæ ссæдз баисты...

Сырдон æм йæхи нал баурæдта:

— Гæды фестадаис, уый мæ уырны. Фæлæ бирæгътæ фондз æмæ ссæдз нæ уыдысты.

Лæг фæкъæмдзæстыг:

— Ссæдз дзы бæлвырдæй банымадтон.

— Ссæдз дæр нæ уыдаиккой, — нæ саст Сырдон.

— Ау фынддæс дæр нæ уыдысты?

— Нæ уыдысты, нæ, — мæстæй йæ мардта Сырдон.

— Уæдæ дæумæ гæсгæ цал уыдысты? — смæсты гæды лæг.

Сырдон бахудт:

— Кæд уыд, уæддæр иу бирæгъ.

Лæг æй цыма нæ фехъуыста, уыйау йæ ныхас дарддæр кодта:

— Кæсын та дын ноджыдæр бæласы сæрæй мæ алыварсмæ æмæ рагъы фале уынын хæрджыты рæгъау. Æз дын хæрæджы уаст ныккодтон. Мæ уастмæ рæгъауы хæрджытæ иууылдæр ныууасыдысты. Фондз бирæгъы дын мæ фæуагътой æмæ хæрджытæм фесты. Дæ фыдгул дæр — афтæ: ныццагътой фондз бирæгъы хæрджыты.

Сырдон æм нал фæлæууыд æмæ йæ фæрсы:

— Æмæ уæд хæрджытæ та цал уыдысты?

Лæг йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта æмæ йын дзуапп ратта:

— Хæрджытæ дæр фондз æмæ ссæдз уыдысты.

Сырдон йемæ не сразы:

— Бынтон гæды ныхас загътай. Уыййас нæ уыдаиккой.

Лæг та смæсты:

— Уæдæ дæумæ гæсгæ цал уыдысты?

Сырдон иннæтæм бакаст æмæ ныххудт:

— Мæнмæ гæсгæ дзы иунæг хæрæг уыд æмæ мæнæ раирвæзт, — зæгъгæ йын йæхимæ бацамыдта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.