Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОН СОСЛАНЫ КÆНГÆ ÆФСЫМÆР АРÆХДЗÆУЫ КУЫД АМАРЫН КОДТА



СЫРДОН СОСЛАНЫ КÆНГÆ ÆФСЫМÆР АРÆХДЗÆУЫ КУЫД АМАРЫН КОДТА

Иу хатт нарты Сослан æрцæйздæхти цуанæй. Фæндагыл ыл фембæлди иу æнахуыр рæсугъд саг. Сослан йæ фæдыл ацыди, фæлæ йæ саг йæхимæ фаты æхстмæ нæ бауагъта. Смæсты ис Сослан, фæллайгæ дæр куыд нæ бакодтаид, иу ран йæхи æруагъта æмæ бафынæй.

Цас фæхуыссыдаид, чи йæ зоны. Фæлæ уыцы рæстæг уыцы рæтты æрбацæйцыди Бедзенæджы фырт Арæхдзæу. Диссаджы саг федта лæппу æмæ йыл йæ фат суагъта. Саг обауæй æртылди æмæ, Сослан цы бæласы бын хуыссыди, ууыл сæмбæлди. Асасти къалиутæй цалдæр, æмæ Сосланыл æрхаудысты.

Сослан уайтагъд фехъал ис, фæгæпп ласта æмæ федта — йæ размæ худгæ æрбацæуы Арæхдзæу. Базыдтой кæрæдзи, уæдæ цы уыдаид!

— Цæмæй фæтарстæ, Сослан? — бадзырдта йæм Арæхдзæу.

— Тæрсгæ нæ фæкодтон, — дзуапп ын ратта Сослан. — Фæлæ мæм диссаг фæкаст. Абонсарæй сагæн йæ фæстæ æз фæзылдтæн, фæлæ йæ ды мæнæй раздæр куы амардтай?

— Дис ма кæн, ам сагтæй фылдæр цы ис! — загъта Арæхдзæу.

Дыууæ цуаноны дæр разы уыдысты, кæрæдзийыл кæй сæмбæлдысты, уымæй. Арæхдзæу кæстæр уыди æмæ саджы фыдæй физонджытæ скодта. Сæхи хорз федтой, æмæ Арæхдзæу афтæ зæгъы:

— Барвæсс ныл, Сослан, фысым нæм бакæн.

Сразы ис Сослан æмæ Арæхдзæуимæ араст и. Цас фæцыдысты, хуыцау зоны, фæлæ уæдмæ бахæццæ сты Бедзенæджы бæстæм. Æмæ Сослан уыны: иу ран дард сыстади мигъ. Сослан бафарста Арæхдзæуы:

— Уый цавæр мигъ у? Кæд исчи уæ бæстæмæ æрбабырста?

— Нæ, уыцы мигъ æрбабырсты тыххæй нæу, — дзуапп ратта Арæхдзæу. — Абон мæ фыд Бедзенæджы райгуырæн бон у, æмæ нæ фæсивæд кæрæдзи фæттæ æхсынæй æвзарынц. Уыдоны фæттæ систой уыцы мигъ.

Ноджы та дарддæр цæуынц. Уалынмæ хъæу дæр æрбазынди. Æмæ та Сосланы хъустыл ауади æрвнæрæгау цыдæр уынæр. Æмæ та йын Арæхдзæу бамбарын кодта:

— Уый мæ фыды райгуырæн боны номыл нæ фæсивæд кæрæдзи уæхсчытæй цæвынц, сæ хъару равдисыныл сæ алчи йæхи хъары.

Афтæ ныхæстæгæнгæ хъæумæ бахæццæ сты. Сослан бацыди Бедзенæгмæ æмæ йын рарфæ кодта. Арæхдзæу та йæ фыдæн ралæвар кодта, цы диссаджы саг амардта, уый:

— Ай дын нарты лæвар у!

Куыннæ бацин кодтаид Бедзенæг ахæм уазæгыл! Буцæй фæбадти фынджы уæлхъус Сослан, адæмы цинæн кæрон нæ уыди. Æмæ цынæ хъазт самадтой!

Сослан сæм фæкасти, фæкасти, стæй Бедзенæгæн афтæ зæгъы:

— Бар ратт мæнæн дæр семæ ахъазынæн.

Бедзенæг ын бар ратта æмæ Сослан бацыди фатæй æхсджытæм. Райдыдта уый дæр фатæй мысан æхсын. Æмæ-иу фат куы фехста Сослан, уæд, Бедзенæджы стыр хъæуæй дис чи нæ кодта, ахæм иу дæр нæ уыд — уайтагъд та-иу мысан акъуырдта. Байхъуыст хабар Бедзенæгмæ дæр. Æмæ балæвар кодта Сосланæн диссаджы кард.

Уый фæстæ бацыди Сослан, ныхæй чи хæцыди, уыдонмæ æмæ семæ хъазын райдыдта. Æмæ-иу кæй ныццавта, уый-иу атылди. Фæхъыг ис уый Бедзенæгæн: уыйас адæм — йæ хъæуы, фæлæ дзы Сосланыл ничи тых кæны.

Æртыккаг бон хъазтмæ бацыдис Арæхдзæу. Æмæ адæм загътой:

— Сослан махыл фæуæлахиз ис, ныр бафæлварæд Арæхдзæуимæ.

Бедзенæг дæр ницыуал загъта. Уæд Арæхдзæу Сосланæн афтæ:

— Сымахмæ, нартæм, уазæгыл фæтыхджын уæвын худинаг у, махмæ та — кад. Цæй æмæ нæ дыууæйы (?) бафæлварæм.

Сослан сразы ис. Раздæр бавзæрстой фæттæ æхсынæй. Адæм сыл æрæмбырд сты æмæ сæм диссагмæ кæсæгау кастысты. Фæлæ сæ дыууæйæ иу дæр не ’мбылдта. Сæ сæрты-иу цъиу куы æрбацæйтахт, уæд-иу ын сæ дыууæ дæр йæ цæстмæ фæхъавыдысты æмæ-иу æй сæ дыууæ дæр акъуырдтой.

Уый фæстæ райдыдтой сæ кæрæдзи уæхсчытæй цæвын, фæлæ сæ иу дæр нæ фæцудыдта. Æмæ куы бамбæрстой, æмдых сты, уый, уæд кæнгæ æфсымæртæ загътой кæрæдзийæн. Уæд Сослан афтæ бадзуры:

— Хорз мæ сбуц кодтат, Бедзенæгтæ. Æмæ кæд афтæ у, уæд мæ ног æфсымæр дæр мæ хæдзар бабæрæг кæнæд.

Бедзенæг йæ ныхмæ ницы загъта æмæ йæ фыртæн бар ратта Сосланимæ ацæуынæн.

Дыккаг бон Сослан, Бедзенæджы лæвæрттæ рахæсгæйæ, нарты хъæумæ æрбаздæхти. Арæхдзæу уыдис йемæ. Сослан хорз федта Арæхдзæуы, йæ арм ын фынгæн дардта. Стæй Арæхдзæу цæуыныл сси. Диссаджы лæвæрттæ йын ракодта Сослан, суанг ма йын йæ бæх дæр ратта æмæ йын буцæй фæндараст загъта.

Сырдон зыдта уыцы хабæрттæ, хъыг ын уыдис, йе знаг Сослан ахæм æфсымæр ссардта, уый æмæ сфæнд кодта лæппуйы фесафын. Æмæ Арæхдзæу йæ хæдзармæ куы раздæхти, уæд зæронд усы хуыз райста, йæ размæ фæци æмæ йын загъта:

— Дæ фæндаг — раст, лæппу! Хорз лæвæрттæ ласыс дæ фыдæн! Фæлæ сæ куы истай, уæд дæ фысымæй цæуылнæ ракуырдтай йæ Цъилан-бæхы. Уазал бон дæ хъарм кæнид, тæвд бон та — уазал.

Арæхдзæу фæстæмæ раздæхти нарты хъæумæ æмæ фæдзырдта Сосланмæ. Сослан æм рацыд, бафарста йæ:

— Цы ма дæ ферох, Арæхдзæу?

— Кæд мын æцæг лæвар кодтай, уæд мын дæ Цъилан-бæхы цæуылнæ раттай? Хъызт рæстæг мæ хъарм кодтаид, тæвд заман — уазал.

Хуыцау ын ма ныббарæд, уый дæуæн чи загъта, уымæн! Уый, Арæхдзæу, цавæр бæх у, уый зоныс? Мæйы балц иу бонмæ сæххæст кæны. Ды та ахæм цыдыл ахуыр нæ дæ, фыдбылызы хос дын фæуыдзæн.

— Ау, Сослан, ахæм лæвар мын нæ ракæндзынæ?

Кæд уыцы бæх дæуæн бæззы, уæд мæнæн хъуамæ цæуылнæ сбæзза?

Раласта Сослан авд дзыхъхъы бынæй Цъилан-бæхы. Акодта йæ Арæхдзæу донмæ, афтæ зæрдиагæй йæ цынадта, æмæ бæх æрттывтытæ скалдта, стæй йыл саргъ сæвæрдта æмæ араст и сæхимæ.

Адард ис Арæхдзæу нарты хъæуæй, æмæ та зæронд лæджы хуызы йæ размæ фæци Сырдон.

— Дæ фæндаг — раст, лæппу! — загъта уый Арæхдзæуæн. — Хорз лæвæрттæ ласыс дæ фыртæн, фæлæ дæ фысымæй Церечы згъæр цæуылнæ ракуырдтай.

Æрбаздæхт та фæстæмæ Арæхдзæу Сосланмæ æмæ та йæм бадзырдта. Рацыд та йæ размæ Сослан:

— Цы ма дæ хъæуы мæнæй, Арæхдзæу?

— Гъе ныр ма мын Церечы згъæр куы ралæвар кæнис, Сослан, уæд дæ стыр бузныг уаин.

— Йе ’взаг дур фестæд, дæуæн уыцы зонд чи бацамыдта! — бакатай кодта Сослан. Фæлæ уæлдай ницыуал загъта æмæ йе згъæр Арæхдзæуæн балæвар кодта, стæй йын загъта:

— Фæндараст фæу, Арæхдзæу. Æмæ ма дын исчи исты куы зæгъа, уæд-иу æй дæхимæ æрбасай, æрцахс-иу æй æмæ йæ роцъойы бынмæ цы ис, уый йын-иу фен.

Æмæ та фæндагыл Арæхдзæу фембæлди Сырдоныл. Уый райста æрыгон сылгоймаджы хуыз. Æфсæрмыгæнгæ кæсы сылгоймаг Арæхдзæумæ. Лæппу дæр æм кæсы æмæ йæм фæлмæн дзуры:

— Ма æфсæрмы кæн, дæ цæсгом мæм равдис.

Æрыгон сылгоймаг йæ коммæ бакаст, равдыста йæм йæ цæсгом æмæ йын загъта:

— Хорз лæппу, дзæбæх лæвæрттæ ласыс уæхимæ, фæлæ ма дын цыдæр нæ фаг кæны.

— Цы ма мын нæ фаг кæны? Зæгъ мын æй, хæстæгдæр мæм æрбацу, — загъта Арæхдзæу.

Æмæ йæм Сырдон æрыгон сылгоймаджы хуызы куы æрбахæстæг, уæд æй Арæхдзæу рацахста æмæ йын йæ ронæй фелвæста Донбеттырты лæвар кард. Сырдон алыгъди, фæлæ ма уæддæр йæ къухы зæгъын бафтыди:

— Кæд афтæ домбай дæ, уæд ма Куан-æлдары чызджы дæхицæн усæн æрхæсс. Уый хуызæн диссаджы чызг никуыма уыдис.

Æрбаздæхт та Арæхдзæу Сосланмæ:

— Мæнæ дын Донбеттырты конд кард.

Сослан ын загъта:

— Ехх, Арæхдзæу, Арæхдзæу! Ацы кардæй бæрæг у, Сырдон дыл-иу кæй амбæлди дæ фæндагыл, уый. Цы ма дын загъта?

— Кæд, дам, лæг дæ, уæд Куан-æлдары чызджы дæхицæн æрхæсс усæн. Æмæ йæ, Сослан, хъуамæ æрхæссон, æндæр гæнæн мын нæй.

— Ма бацу уыцы хъуыддаджы, Арæхдзæу, — загъта Сослан. — Сырдон фыдбылыз у æмæ дæ бабын кæндзæн. Фæлтау аздæх æмæ дæ фыд Бедзенæджы бафæрс.

Арæхдзæу йæ лæвæрттимæ æрыздæхт йæ фыдмæ æмæ йын загъта:

— Æз цæуын Донбеттыртæм æмæ сын хъуамæ Куан-æлдары чызджы ракурон.

— Байхъус мæм, мæ фырт, — загъта Бедзенæг. — Хорз балцы цæуынвæнд не скодтай. Æз базæронд дæн. Куы амæлон, уæд мæ мæ зæххы хайыл чи сæмбæлын кæндзæн?

— Ма тыхс мæн тыххæй, мæ фыд! Æз цы кæнын, уый зонын! — дзуапп ын ратта Арæхдзæу.

— Уæд та дæ нæртон æфсымæры демæ акодтаис, — загъта та Бедзенæг.

— Фæстæмæ ма йæм куыд аздæхон, мæ фыд! Кæд мын истæмæй тас уа, уæд ын-иу фехъусын кæн — Сослан мæ йæхæдæг ардзæн, — загъта Арæхдзæу æмæ Куан-æлдары бæстæм абалц кодта.

Куан-æлдар та мадырдыгæй Сырдонæн хæстæг уыди. Арæхдзæу æм фæцæуы, уый куы базыдта Сырдон, уæд йæ разæй Куан-æлдармæ фæци æмæ йын загъта:

— Ме ’фхæрæг дæм æрбацæуы. Дæ чызгмæ дын æрбаминæвар йæ зæрды ис. Мæ маст дзы райс, фесаф æй ме знаджы. Мæхæдæг лæмæгъ дæн, ницы йын мæ бон у.

Изæрмæ Арæхдзæу сæмбæлди Куан-æлдары хæдзарыл. Куы йæм бахæстæг, уæд бахъæр кодта:

— Гъей, хæдзар, уазæг нæ уадзут?

Хæдзарæй рауади Куан-æлдары фырт æмæ загъта Арæхдзæуæн:

— Уазæг — хуыцауы уазæг, мидæмæ нæм рацу!

Бацыд Арæхдзæу хæдзармæ. Фынджы уæлхъус æй æрбадын кодтой, минас ын йæ разы æрæвæрдтой. Уæд Арæхдзæу загъта Куан-æлдарæн:

— Зæрдæ дарыны бар мын ратт, уæд мын дзурын æнцондæр уыдзæн.

— Алцæмæндæр аргъ ис. Дзур, нæ буц уазæг, цы дæ зæрды ис?

Æмæ радзырдта Арæхдзæу йæ балцы нысан.

Куан-æлдар ын загъта:

— Махмæ нæхи æгъдау ис: æртæ хатты дæ хъæбатырдзинад равдис, æмæ чызг — дæу. Æнæуи дын æй нæ ратдзыстæм.

— Хорз, ды куыд зæгъыс, афтæ фæуæд, — сразы ис йемæ Арæхдзæу.

— Уæдæ райсом ацу Кæсаджы коммæ æмæ нын дзы дæ чындзæхсæвмæ иу кæсаг æрцахс.

Райсом раджы Арæхдзæу æмæ Куан-æлдары фырт фæраст сты Кæсаджы коммæ. Сырдон дæр та сæ разы фегуырд. Уайтагъд кæсаг рацахста, цæрдæг саг æй фестын кодта æмæ йæ Арæхдзæуы размæ арвыста. Арæхдзæу æй асырдта. Бахæццæ сты æхсыры цадмæ. Цадæн йæ астæу — сакъадах, сакъадахыл — уæрджытæм кæрдæг. Саг уырдæм баленк кодта æмæ йæхицæн кæрдæгыл хызти. Арæхдзæу æм фатæй фæхъавыди æмæ саджы фæцæф кодта. Саг æрхауди. «Ныр æй куыд рахæссон?» — асагъæс кодта Арæхдзæу æмæ цады бараст и. Уайтагъд йæ къæхтæ йæ фатхъултæй дæлæмæ ныддур сты. Бахæццæ Арæхдзæу цады астæумæ æмæ къæхтæ уæрджытæм ныддур сты. Æмæ ауыдта йæ размæ Сырдоны. Уый бахудт æмæ йæм дзуры:

— Куыд у, Арæхдзæу? Ды мыл хъаруйæ фæтых дæ, æз та дæ хинæй фесæфтон.

Бамбæрста уæд Арæхдзæу, цы йыл æрцыд, уый. Йæ ронæй систа йæ фыды æгънæг, бакодта йæ фатыл æмæ йæ фехста. Фат сæмбæлди Бедзенæджы къæсæрыл. Бамбæрста зæронд, йæ фыртыл цыдæр бæллæх кæй æрцыди, уый æмæ Сосланмæ арвыста. Радзырдта лæгæн хабар, æмæ йæ уый æрмæст бафарста:

— Кæцырдæм ацыди?

— Куан-æлдары бæстæм.

— Уæдæ мын уæд Церечы згъæр æмæ Цъилан-бæхы ратт, тагъддæр æм фæхæццæ уыдзынæн.

Ратта йын сæ Бедзенæг, æмæ Сослан афæдзы фæндаг иу бонмæ скодта.

Куан-æлдары хæдзармæ бахæццæ Сослан æмæ бахъæр кодта:

— Ракæс-ма мæм æддæмæ, Куан-æлдар!

Йæ хъæрæй хæдзар барызти.

Куан-æлдар йæ размæ рацыд.

— Мидæмæ, хорз лæг! Ды хуымæтæджы уазæг нæ дæ.

— Æз дæ хæдзармæ цæуын мæ сæрмæ нæ хæссын. Фæлæ ме ’фсымæр Арæхдзæу кæм ис, уый мын зæгъ, — рамæсты Сослан.

— Мæ фыртимæ Кæсаджы коммæ ацыдысты, æрмæст сæ хабар ницыма ис, — дзуапп ратта Куанæлдар.

Сослан йæ бæх Кæсаджы коммæ фæцарæзта æмæ уайтагъд уым балæууыд. Æхсыры цады раз баййæфта хъæлдзæг адæмы, уыдон кафыдысты.

— Цæуыл кафут, цы хорз уыл æрцыди? — бафарста Сослан.

— Цæуылнæ хъуамæ кафæм æмæ цин кæнæм, Бедзенæджы фырт нын не ’лдары чызг курæг æрцыд, æмæ йæ Сырдоны фæрцы амардтам.

— Æмæ йæ мард та кæм и? — бафарста сæ Сослан.

Адæм Сосланы Æхсыры цады размæ бакодтой. Сослан Арæхдзæуы мард куы федта, уæд ныхъхъæр ласта:

— Гъе, мæнæ хæрджытæ! Мæн дæр уæ уый хъуыди!

Сырдон базыдта Сосланы йæ хъæлæсæй æмæ адæмæн загъта:

— Уæхи дзы хъахъхъæнут, дурæй гуырд у!

Йæхæдæг цъиу фестад æмæ атахт. Фæлæ æлдары адæмæй Сослан иуы дæр нал ауагъта — ныццагъта сæ. Æрцахста Куан-æлдарæн йæ фырты æмæ йæ йæ фыдмæ æркодта.

— Ныртæккæ мын ме ’фсымæры мард ардæм æрхæссут, кæннод дын дæ фырты сæр лыг кæнын.

Цы гæнæн ма уыд Куан-æлдарæн дæр! Æрхæссын кодта Арæхдзæуы мард. Сослан мард Куан-æлдар æмæ йæ фырты æккой скодта æмæ сын загъта:

— Мæ разæй цæугæут æмæ зæронд фыдæн йæ фырты мард раттут.

Ахастой фыд æмæ фырт Арæхдзæуы мард, Сослан ма йемæ акодта Куан-æлдары чызджы дæр. Бахæццæ сты Бедзенæгмæ æмæ йæм Сослан дзуры:

— Мæнæ ацы дыууæ сты дæ фырты марджытæ, мæнæ дын ацы чызг та, маргæ йæ кæй тыххæй акодтой, уый.

Сарæзта Бедзенæг æвзист зæппадз æмæ дзы йæ фырты мард бавæрдта. Куан-æлдар æмæ йæ фыртæн Сослан сæ сæртæ ракодта æмæ сæ Арæхдзæуы зæппадзы бацæуæны æрцауыгъта. Бедзенæг раарфæ кодта Сосланæн, æфхæрджытæй йе ’фсымæры маст кæй райста, уый тыххæй. Сослан Бедзенæгæн Куан-æлдары чызджы ныууагъта æмæ йæ хæдзармæ раздæхт, Сырдонмæ йæ хæрамдзинад ноджы фæтыхджындæр, афтæмæй.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.