Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОН, СОСЛАНЫЛ САЙДÆЙ КУЫД РАЦЫДИ, СТÆЙ ЙЫН УЫЙ ФÆСТÆ УС КУЫД РАКУЫРДТА



СЫРДОН, СОСЛАНЫЛ САЙДÆЙ КУЫД РАЦЫДИ, СТÆЙ ЙЫН УЫЙ ФÆСТÆ УС КУЫД РАКУЫРДТА

Иу заман нартыл залты мит æруарыди. Фосæн æнæ фесæфгæ нæ уыд, сæ хизæнуæттæ арф миты бын фесты.

Арвыстой нарты хистæртæ фидиуæджы:

— Фехъусын кæн нартæн: нæ фос сæфынц, æрæмбырд ут æмæ исты уынаффæ бакæнæм.

Фидиуæг фехъусын кодта адæмæн хабар, æмæ нарт æрæмбырд сты. «Цы бакæнæм, цы хуыздæр фæнд æрхъуыды кæнæм?» — æрсагъæс кодтой иууылдæр, фæлæ ницы æрхъуыды кæнын сæ бон баци. Уæд сæм Сослан дзуры:

— Цæй æмæ хæлттæ сæппарæм, æмæ, кæй хал схауа, уый фосæн хизæнуат ссарæд æмæ нын сæ фæхизæд.

Сразы сты нарт Сосланы фæндыл. Æмæ йын хæлттæ сæппарын йæхицæн бабар кодтой.

Сослан Сырдонмæ мæсты уыд, рагæй кæрæдзимæ знаджы цæстæй кастысты, æмæ сфæнд кодта уымæн исты хиндзинад бакæнын. Сæппæрста хæлттæ, æмæ Сырдоны хал баууон кодта, стæй йын æй ратта.

Схауди Сырдоны хал, уæдæ цы уыдаид, æмæ ма йын æнæ сразы дæр цы хос уыд! Æрмæст ма загъта:

— Хæмыц мын йæ бæзджын уæлдзæрмтты кæрц раттæд, кæннод искуы басидзынæн.

Ратта Хæмыц йæ кæрц, æмæ Сырдон ацыди хизæнуат агурæг. Фæндагыл хъуыдытæ байдыдта: «Барæй мын бакодта ацы ми Сослан. Йæхи сæр ын фæтъыссын хъæуы фыдбылызы».

Сырдон зыдта, дард бæстæйы кæй цæры æнахуыр домбай лæг — Тыхы фырт Мукара, уымæн йæ зæххытæ — хъæздыг, йæ хизæнуæттæ — æмбисонд. Фæлæ йæ сæрты цъиу атæхын нæ уæнды, хъаруйæ йæ ничи амбулдзæн. Æмæ Сырдон сфæнд кодта: «Нартæн зæгъдзынæн, уым йеддæмæ хизæнуат никуы ис, фос уырдæм тæрын хъæуы, зæгъгæ. Æрмæст сын семæ дыууæ лæджы æрвитын хъæуы. Нарт уый сæ сæрмæ не ’рхæсдзысты. Æмæ уæд кæд Сосланы арвитынæн исты саразин, Мукарайæ бæргæ нал раирвæзид».

Куы сфæнд кодта, уæд Сырдон бавдæлд æмæ Хæмыцы кæрц йæ уæлæйæ раласта, зыгъуыммæ йæ рафæлдæхта æмæ йæ фæстæмæ йæ уæлæ скодта. Стæй цыхцырæджы бынмæ бацыд æмæ кæрц ныддонласт. Уазалæй кæрц их фестад æмæ иу заман афтæмæй Сырдон нарты æхсæн балæууыд.

Æмæ йæм дзурынц:

— Цы хабар нын æрхастай, Сырдон?

— Абон мæ ма фæрсут, уазалæй мæ бон дзурын дæр нал у, — загъта Сырдон æмæ йæ хæдзары фæаууон.

Барвыстой райсомы нарт Сырдонмæ. Фæлæ Сырдон нæ рацыд сæ размæ.

Барвыстой йæм дыккаг хатт. Уæддæр та сæм нæ рацыд Сырдон. Стæй йæм æртыккаг хатт куы барвыстой, уæд се ’хсæнмæ рацыд æнкъардæй.

— Цæмæй нын нæ зæрдæтæ барухс кæндзынæ, Сырдон, цы бæстæты фæхаттæ? — бауырдыг æм сты нарт.

— Бæргæ мæ фæнды, уæ зæрдæ куы барухс уаид, уый, фæлæ цы бæстæты фæхаттæн, уыдонæй никуы ницы ис, — загъта Сырдон.

— Уæдæ куыд уыдзыстæм? — бакатай кодтой нарт.

Сырдоны дæр æндæр цы хъуыди æмæ сын афтæ зæгъы:

— Ис иу бæстæ, уым нæ фос аирвæзиккой. Фæлæ уый та у Тары фырт Мукарайы зæхх. Уырдæм фосимæ иу адæймаг куыд ацæудзæн?

Тары фырт Мукарайыл Нарт хъуыды дæр нæ акодтой, афтæмæй загътой:

— Мах уый нæ сæрмæ не ’рхæсдзыстæм æмæ нæ фосы фæдыл цалдæрæй ацæуæм.

Сырдон аивæй йæ мидбылты бахудт æмæ каст, нарт куыд базмæлыдысты, уымæ. Стæй сын загъта:

— Уæдæ уæд Мукарайы зæхмæ фос иунæгæй чи атæрдзæн, уый тыххæй хæлттæ сæппарæм.

Нарт та ницæуыл ахъуыды кодтой æмæ æмхуызонæй загътой:

— Сæппарæм хæлттæ. Марадз, Сырдон, дæхæдæг.

Сырдон хæлттæ сцагъта, уый дæр та баууон кодта Сосланы хал, стæй йын æй ратта. Æмæ Сосланы хал схаудта нарты фос Тары фырт Мукарайы зæххытæм атæрыны тыххæй.

Сослан ын йæ хин ми бамбæрста æмæ йæ хъама фелвæста. Сырдон алыгъд, мыст фестад æмæ сисы хуынчъы бабырыд.

Сослан хуынчъы раз слæууыд æмæ йæм дзуры:

— Додой мын дæ сæр кæны, æз ардыгæй ацæуинаг нал дæн, сыдæй уæддæр мæлдзынæ.

Сырдон бакатай кодта æмæ Сосланæн лæгъстæ кæнынмæ фæди:

— Ацы хатт ма мæ ауадз, æз дын денджызы рæсугъд Хъызмыдæйы усæн æрхæсдзынæн.

Сослан сразы æмæ Сырдоны рауагъта.

— Ды уал нарты хъæуы хъазт сараз, æз цæуын рæссугъд Хъызмыдæмæ, — загъта Сырдон, йæхæдæг йæ бæхыл сбадт æмæ араст и Хъызмыдæ агурæг.

Хъызмыдæ та дунеты рæсугъд уыд, уый бадти Æрхуы мæсыджы æмæ йын фенæн дæр никæмæн уыди. Сырдон бахæццæ Æрхуы мæсыгмæ æмæ Хъызмыдæйы дондзау чызг донмæ куы рацæйцыд, уæд йæ бæхы ныцъцъыччытæ кодта. Бæх йæ мидбынаты чъыллиппытæ кæны, размæ нал цыди — Сырдонæн йæ бæх дæр йæхи хуызæн хин уыдис.

Дондзау чызг дон схаста æмæ Хъызмыдæ-рæсугъдæн загъта:

— Диссаг, нæ дуармæ иу барæг йæ бæхы нæмы, фæлæ уый уæддæр размæ не ’нкъуысы.

Хъызмыдæ-рæсугъд чызджы арвыста:

— Бафæрс æй, цу, цы йæ хъæуы, цæмæн нæмы йæ бæхы.

Чызг ацыд æмæ Сырдоны бафарста. Уый йын дзуапп ратта:

— Нарты хъæумæ тагъд кæнын, фæлæ мæ бæх нал цæуы æмæ йæ уый тыххæй нæмын.

— Чызг хабар схаста Хъызмыдæ-рæсугъдмæ. Уый та чызджы арвыста:

— Цу æмæ йын зæгъ — бæхæй рахизæд æмæ ма уæд бæхæн æнæцæугæ цы уыдзæн.

Чызг та Сырдонмæ ацыд æмæ йын Хъызмыдæ-рæсугъды ныхас ракодта. Уæд Сырдон чызгæн загъта:

— Нарты хъæуы стыр хъазт ис æмæ уырдæм тагъд кæнын. Уыцы æмбисонды хъазт куы нæ фенон, уæд ма мæ бæхæй дæр цы кæнын.

Чызг та ссыд æмæ Хъызмыдæ-рæсугъдæн уыцы хабар дæр радзырдта.

Хъызмыдæ-рæсугъд та чызджы рарвыста:

— Ацу уæдæ æмæ йын зæгъ: кæд дзы æцæг ахæм хъазт ис, уæд æз дæр цæуын. Дæ бæх уал, зæгъ, суадз, уадз æмæ ахиза. Ды мæ барæвдз кæн, æмæ æз дæр йемæ ацæудзынæн.

Чызг уыцы хабæрттæ Сырдонæн куы ракодта, уæд ын уый афтæ зæгъы:

— Хъызмыдæ-рæсугъд мæм йæхæдæг радзурæд.

Ссыдысты Æрхуы мæсыгмæ, æмæ йын уыцы ныхæстæ Хъызмыдæ-рæсугъд йæхæдæг дæр ракодта.

Уæд Сырдон йæ бæхыл сахсæн сæвæрдта, хорз æй фæхызта, йæхæдæг æнхъæлмæ каст. Уалынджы Хъызмыдæ хæдтулгæ уæрдоны абадт, Сырдоны дæр йемæ акодта. Сырдон æй афарста:

— Дæ чегъре чи уыдзæн?

Хъызмыдæ-рæсугъд ын загъта:

— Æз никæй зонын, чегъре мын ды фæлæуу.

Нартмæ куы фæцæйхæццæ кодтой, уæд Сырдон йæхи фæразæй кодта. Сослан æй куы федта, уæд æй фæрсы:

— Кæм ис дæ Хъызмыдæ-рæсугъд?

Сырдон ын фæндагмæ ацамыдта:

— Æрбацæуы.

Уæдмæ Хъызмыдæ-рæсугъд æрбахæццæ. Сырдон ын зæрдæ бавæрдта чегъре дын уыдзынæн, зæгъгæ, йæ размæ бауад æмæ йæ нарты симдмæ бакодта. Æрхæцын æй кодта Сосланимæ, æмæ симынтæ байдыдтой.

Сау хохæй Сау уæйыг каст æмæ йæ мадæн загъта:

— Нартмæ — хъазт, Хъызмыдæ-рæсугъд дæр уым симы. Сæхи бакæнынмæ йæ хъавынц. Æз æм рагæй куы æнхъæлмæ кæсын, уæд æй уыдонæн куыд ауадзон?

Мад уæйыджы нæ уагъта:

— Уыдонæй ныры онг дæр фос ничи ма фæкодта, фæлтау дæхицæн æнцад бад.

Нæ байхъуыста уæйыг йæ мадмæ æмæ нарты хъазтмæ ацыд. Æрлæууыд Сосланæй чызджы æхсæн æмæ симын райдыдта. Сырдон бамбæрста уæйыджы фæнд æмæ дзуры Батрадзмæ:

— Цы фæдæ, Батрадз, Сау уæйыг нын нæ хъазт куы халы.

Бацыд Батрадз уæйыгæй чызджы æхсæн. Симгæ-симын йын йæ къахыл фæлæууы æмæ къух стъæпп ласы. Уæйыгæн йæ иу син фелвæст, стæй та йæ иу цонг. Æмæ уæд дзуры Батрадзмæ:

— Ауадз мæ, æз нал симын.

Батрадз бахудти:

— Асим, симын хорз у.

Æнæбары ма къуылыхæй симдта уæйыг. Батрадз та йын йæ къахыл фæлæууыд æмæ йын йæ мæкъуыстæг срæмыгъта. Стæй йæ ныхъхъуытты уагъта, æмæ уый дæр йæ сæр бафснайыныл бакуыста.

Уæдмæ хъазт дæр райхæлди. Сырдоны руаджы Сослан Хъызмыдæ-рæсугъдимæ бафидыдта æмæ йæ йæ хæдзармæ æркодта усæн.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.