Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОН СОСЛАНЫ УСКУЫРД КУЫД ФЕХÆЛДТА



СЫРДОН СОСЛАНЫ УСКУЫРД КУЫД ФЕХÆЛДТА

Бирæ рæстæг фæкуырдта нарты Сослан Хызы фырт Челæхсæртæджы чызг Бедухайы. Фæлæ йын æй фидауцæй нæ лæвæрдтой. Æмæ уæд Сослан сфæнд кодта Челæхсæртæгимæ схæцын æмæ Бедухайы йæхицæн усæн æрхæссын.

Сослан бадзырдта фидиуæгмæ æмæ нын загъта:

— Ацу æмæ нартæн фехъусын кæн: «Абон — майрæмбон, иннæ майрæмбоны цæуæм стæры Хызы фидармæ. Иу барæг цы хæдзар нæ рарвита, уый мын уыдзæн лæг-цагъар!»

Фехъусын кодта фидиуæг нартæн хабар, æмæ алчи йæхи цæттæтæ райдыдта.

Катайы бацыд нарты рæгъаугæс, уымæн йæ хæдзары хъомыл лæппу нæ уыди, йæ иунæг хъæбул ма авдæны хуыссыди. Хъынцъым систа нарты рæгъаугæс:

— Мæхицæн нæй стæры цæуæн — мæ рæгъау цы уыдзæн, кæй бар æй бакæндзынæн? Куы нæ ацæуон, уæд та мæ мæ иунæг лæппуйы Сосланæн цагъарæн раттын хъæудзæн.

Æгас къуырийы дæргъы йæхи хордта рæгъаугæс. Йе ’намонддзинадыл сагъæс кодта. Афтæмæй йæм иу бон йæ лæппу авдæнæй дзуры:

— Ма тыхс, мæ фыд, мæн арвит Сосланы æфсадмæ.

Ныддис кодта фыд æмæ лæппуйæн афтæ зæгъы:

— Æмæ цæуыл тыхсин, мæ хур, ды мын цæуынтæн куы уаис, уæд?

Уæд дын лæппу йæ авдæны йæхи аивæзта. Ныррызти авдæн, фæйнæрдæм фæрчытæ фæхаудта. Лæппу рагæпп ласта æмæ йæ мадмæ дзуры:

— Æххормаг мын у, нана.

Сфыхта мад кæрдзын: уæрхмæ лæппуйæн — йæхи уæрхæн, дæргъмæ дæр лæппуйæн — йæхи дæргъæн. Саби уыцы кæрдзын æгасæй дæр бахордта æмæ йæ мад æмæ фыды цæстыты раз цы уыд, дыууæ ахæмы стырдæр фестад.

— Гъеныр æз стæры цæуын, — загъта уый. — Сосланæн кæд искуы йæ бæхы рохыл фæхæцын бахъæуа, уæд уымæн дæр не сбæздзынæн!

Стыр æфсад æрæмбырд кодта Сослан æмæ стæры араст и. Æфсады баййæфта лæппу дæр. Сослан æй бафиппайдта æмæ йæ фæрсы:

— Ды та кæдæм рабалц кодтай?

— Стæры цæуын æз дæр. Æз дæр дын æфсæддон дæн, — дзуапп ратта лæппу.

— Нырма де ’хсыр дæдонгæмттæй куы кæлы, уæд дæуæй цæй хæстон ис? — загъта Сослан. — Аздæх фæстæмæ!

— Ма мæ тæр, Сослан, — куры дзы лæппу. — Æз ма дын бабæздзынæн. Бæхæй æрфистæг кæнын дæ куы бахъæуа, уæд ын йæ идоныл уæддæр фæхæцдзынæн.

— Мæ бæх тæрсаг у. Йæ идонæй йæхи куы атона, уæд та ма йæ цæмæй бауромдзынæ?

— Уæд æй йæ бецыккæй æрцахсдзынæн.

— Æмæ йын йæ бецыкк куы ратонай, уæд та?

— Уæд та — йæ барцæй.

Йæ барцæй дын куы аирвæза, уæд та?

— Уæд та — йæ хъустæй.

— Æмæ йæ хъустæ куы атона, уæд та?

— Йæ къæдзилæй йæ æрцахсдзынæн.

— Къæдзил, мыййаг, дæ къухты куы аззайа, уæд та?

— Уæд ын йæ фæстаг къахыл мæхи ныццæвдзынæн.

— Æмæ йæ фæстаг къах куы атона, уæд та?

— Кæд дæм æгад не ’ркæсдзæн нарты æхсæн æртæкъахыг, æнæбецыкк, æнæбарц, æнæхъустæ æмæ æнæкъæдзил бæхыл бадын, уæд мæнæн дæр ницы хъауджыдæр у.

— Ай хуымæтæджы лæппу нæу! — загъта Сослан æмæ йæ йе ’фсадимæ ауагъта.

Æртымбыл сты Сосланы æфсæдтæ Хызы фидары алфамбылай æмæ схæцыдысты йæ ныхмæ. Фæлæ фидарæн ницы сæ бон уыди æфсæдтæн, иу цъула фæкæнын дæр дзы сæ хъару не сси. Рагæпп ласта Сослан йæ бæхæй, лæппумæ йæ авæрдта, йæхæдæг æфсæдтæм бацыд.

Бирæ фæкасти лæппу хæцæг æфсæдтæм. Стæй иу даргъ бæлас æртасын кодта, йæ къæхтæй йыл Сосланы бæхы бабаста æмæ бæлас суагъта. Бæлас бæхы арвмæ фæхаста, лæппу та Сосланмæ азгъордта.

Сослан æм дзуры:

— Мæ бæхы та мын цы фæкодтай?

— Скæс-ма куыд фидар æй бабастон, — дзуапп ратта лæппу. — Алидзынæй йын тас нæу. Мæн та хæстмæ ауадз.

Сослан бæласы цъуппыл йæ бæхы куы федта, уæд ахъуыды кодта: «Хорз æмбал ссардтон мæхицæн». Цы гæнæн ма йын уыд, æмæ ауагъта лæппуйы хæстмæ.

Уæд лæппу Сосланмæ дзуры:

— Уæлæ Хызы фидары сæрмæ сау айнæг уыныс? Æз уырдæм сбырдзынæн æмæ мæ зæвæтæй айнæгæй фæрчытæ хауын кæндзынæн. Уыдон хаудзысты Хызы фидармæ æмæ йæ халдзысты. Челæхсæртæгмæ иу æнахуыр фат ис, Уæларвон Куырдалæгон ын æй скодта. Уыцы фат мыл суадздзæн æмæ мæ зæвæтыл сæмбæлдзæн. Бæрзондæй рахаудзынæн, фæлæ мæ-иу ды рацахс, зæххыл æндзæвын мæ ма бауадз. Уый фæстæ мæ авд доны сæрты ахæсс, æмæ дын уæд хуыцау дæ фæндон сæххæст кæндзæн. Райгас уыдзынæн фæстæмæ, фехалдзынæн Хызы фидар æмæ дын Бедуха-рæсугъды рахæсдзынæн. Фæлæ мæ зæхмæ куы æруадзай æмæ мæ дæ бон авд доны сæрты ахæссын куы нæ бауа, уæд дæ хъуыддагæй ницы рауайдзæн.

Схызти лæппу бæрзондмæ, сау айнæджы цъупмæ æмæ йæ йæ зæвæтæй цæвын райдыдта. Сау айнæгæй фæрчытæ хауын райдыдтой Хызы фидармæ. Федта Челæхсæртæг лæппуйы æмæ йыл Куырдалæгоны фат суагъта. Фат лæппуйы зæвæтыл суад, æмæ лæппу сау айнæгæй куырисау расхъиудта. Фæлæ Сослан цæттæ уыд, ныттыгъта нымæт æмæ лæппуйы рацахста. Лæппуйы йæ къухтыл даргæйæ араст и Сослан дæтты сæрты.

Сырдон знаг уыди Сосланæн. «Цæмæн хъуамæ йæ къухы бафта Бедуха-рæсугъд? Цæмæн ын хъуамæ уа ахæм хъæбатыр кæстæр?» — хъуыды кодта Сырдон. Æмæ Сослан æртæ доны сæрты куы ахызт, уæд Сырдон йæ размæ фæци урсзачъеджыны хуызы.

— Кæдæм тындзыс, зæронд лæг? — афарста Сослан Сырдоны.

— Нарт Хызы фидар фехæлдтой, æмæ уырдæм тагъд кæнын: чи зоны, мæнмæ дæр дзы исты мулк æрхауа, — дзуапп ратта Сырдон. — Ды та, сæрæй, нарты Сосланы хуызæн куы дæ. Уæ, гормон, мард лæппуйыл куы сдæ! Бедуха-рæсугъды дын исчи ахæсдзæн!

Нæ байхъуыста Сослан Сырдонмæ æмæ дарддæр цæуы. Цыппæрæм доны сæрты куы ахызт, уæд лæппу базмæлыд. Ахызти фæндзæм доны сæрты дæр — сгуыпп-гуыпп кодта лæппуйы риуы зæрдæ. Æрмæст ма йæ дыууæ доны сæрты ахæссын хъæуы, æмæ уæд бынтондæр райгас уыдзæн. Уайы йæ тых, йæ бонæй Сослан, тагъд кæны. Ахызти та æхсæзæм доны сæрты дæр. Æмæ уыны: æрбацæуы иу зæронд ус, йæ къухы сасир, афтæмæй.

— Æнхъæлдæн, нарты Сосланы хуызæн дæ! Цæуыл ситтылы (?) дæ мард лæппуйыл? Нарт Хызы фидар байстой æмæ дын дæ рæсугъд Бедухайы ахастой. Уыныс, æз дæр уырдæм тагъд кæнын æд сасир, кæд дзы мæн дæр исты хорзæх фæуид.

Срысти Сосланы зæрдæ: кæд зæронд ус зæгъы, уæд, æвæццæгæн, афтæ у. Цæмæй зыдта Сослан, уыцы зæронд ус дæр та Сырдон уыд, уый æмæ йын фыдбылыз кæй аразы.

Иу къуыппыл æрытыдта Сослан нымæт æмæ йыл лæппуйы æрæвæрдта. Йæхæдæг йе ’фсадмæ батагъд кодта. Куы сæм бахæццæ, уæд федта: бадынц æфсад æмæ йæм æнхъæлмæ кæсынц. Бæргæ ма йæ бамбæрста, сайд ыл æрцыд, уый, бæргæ ма азгъордта лæппумæ, фæлæ йыл уый бацыдмæ Сырдон зæхх æркодта, æмæ лæппу бынтондæр амарди. Базыдта йæ бон Сослан æмæ, æфсады чи уыд, уыдоны сæ хæдзæрттæм ауагъта.

Гъе афтæ Сырдон фехæлдта Сосланы ускуырд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.