Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОН ЙÆ ТЫНЫ ХÆС КУЫД БАФЫСТА



СЫРДОН ЙÆ ТЫНЫ ХÆС КУЫД БАФЫСТА

Сырдон иу лæгæй фæхæсджын, тын хæсджын. Цыбыркъух, мæгуыр лæг уыди Сырдон, æмæ цæмæй бафыстаид йæ хæс! Уыцы цыд æм кодта хæсдæттæг, фæлæ-иу афтидæй фæстæмæ йæ хæдзармæ аздæхт. Сырдонæй йæ хæс йæ къухы нал æфтыд, уый йын æдзух æмгъуыдтæ, æфсæнттæ кодта.

Иу æмгъуыдмæ та йæм фæзынд йæ хæдзармæ æмæ бахъæр кодта:

— Гъе, Сырдон, уым нæ дæ?

— Сырдон ам нæй! — радзырдтой мидæгæй.

— Кæм ис?

— Дæлæ хъæугæрон дзыхъхъ къахы.

Æмæ хæсдæттæг араст хъæугæронмæ. Уым баййæфта Сырдоны дзыхъхъытæ къахгæ. Æмæ йæм дзуры:

— Байрай, Сырдон!

— Æгас цу, æгас!

— Сырдон, мæ тын мын. Бирæ æмгъуыдтæ, бирæ æфсæнттæ мын фæкодтай æмæ дын хæс бафидын афон дæр у. Цæсгом дæр дзы хъæуы, — уайдзæфтæ кæнын райдайы хæсдæттæг.

Сырдон йæ куыст ныууагъта, бакаст лæгмæ æмæ ныуулæфыд:

— У, у афон, кой дæр æй мауал кæн. Æз дæр мæнæ дæ хъуыддагыл архайын..

Лæг фæдис кодта:

— Уый та куыд, куыд мæ хъуыддаг? Дæ разы дзыхъхъытæ куы къахыс!

Сырдон хин худт бакодта æмæ загъта:

— Куыд æнæмбаргæ фæдæ, дæ хорзæхæй! Нæ уыныс: скъахдзынæн дзыхъхъытæ, сындз сын сæ былтыл ныссадздзынæн. Хохмæ скъæргæйæ фос ауылты цæудзысты, фæстæмæ дæр сæ ауылты хъæудзæн. Сæхи сындзытыл хафдзысты, сæ фист сындзытыл зайдзæн. Æз æй æрæмбырд кæндзынæн, тын дзы бауафын кæндзынæн æмæ дын уæд дæ хæсæн æнæ фидгæ нæй.

— Ха-ха-ха! — ныххудти йæ дзыхы дзаг хæсдæттæг.

Сырдон ын зæрдиагæй загъта:

— Цæуылнæ худай ды: дæ тын дæ къух ссардта!

Уыйадыл хæсдæттæг йæ къух ауыгъта, аздæхт æмæ йæ фæрныг хæдзармæ афардæг, уæдæ цы уыдаид!

Сырдон та хæсæй фервæзт.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.