Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОН ЙÆ ХУДЫСКЪÆФÆДЖЫ КУЫД АХСТА



СЫРДОН ЙÆ ХУДЫСКЪÆФÆДЖЫ КУЫД АХСТА

Нартæн сæ къухы арæх не ’фтыд Сырдонæй ахъазын. Йæхæдæг сын-иу, лæг цы вæййы, уый фæци. Афтæ дæр дзы уымæн тарстысты. Фæлæ дзы кæд æдас нæ уыдысты, уæддæр ын арæх фыдмитæ дæр кодтой. Иухатт та нарт бадтысты ныхасы. Сырдон дæр уыди семæ. Ныхасгæнгæйæ йын чидæр йæ худ аскъæфта æмæ уынджы хæрдмæ ныййарц ис. Сырдон фестад скъæфæгмæ, стæй лидзын райдыдта иннæрдæм.

Нарт ныххудтысты æмæ йæм хъæр кæнынц:

— Сырдон, дæ худыскъæфæгæй иннæрдæм куы лидзыс, дæ худ дæ нал хъæуы?!

Уæд сæм Сырдон фæстæмæ дзуры:

— Æз дæр мæ худы мæт кæнын!

Нарт дисы бацыдысты:

— Уæдæ уыцырдæм цæмæн згъорыс?

— Худыскъæфæджы нæ баййафдзынæн, — дзуапп ратта Сырдон. — Фæлæ йæ размæ уæлмæрдтæм тæхын, уæддæр æй искуы уырдæм хъæуы.

Худыскъæфæг Сырдоны ныхæстæ фехъуыста, фæстæмæ раздæхт æмæ Сырдонæн йæ худ ратта.

СЫРДОН УЫРЫЗМÆДЖЫ КУЫД ФÆРАСЫГ КÆНЫН КОДТА

Борæтæ сфæнд кодтой Уырызмæджы срасыг кæнын. Бамбæрста сын Уырызмæг сæ фæнд, сæ хуындмæ та йын æнæцæугæ нæ уыд, æмæ Сатанайæн загъта:

— Расыг мæ кæндзысты Борæтæ, æмæ схынджылæггаг уыдзынæн. Цы сын бачындæуа?

— Даргъ кæрц скæн æмæ мидæгæй хæтæл бамбæхс, — загъта Сатана. — Фынгыл дæ куы бадын кæной, уæд-иу бадæнæн фист ракур. Фистыл бадт куы фæуай, уæд нуазæнтæй мауал тæрс — аивæй сæ-иу хæтæлы ауадз æмæ-иу нозт фисты афардæг уыдзæн.

Ацыдис Уырызмæг Борæтæм хуынды, йæ даргъ кæрц йæ уæлæ, мидæгæй дзы хæтæл æмбæхст, афтæмæй. Сæхи цингæнæг скодтой уазæгыл æмæ йæ фынгмæ хонынц.

Уæд сæм Уырызмæг дзуры:

— Рагæй-æрæгмæ дæр фистыл бадын сахуыр дæн, æмæ мын мæ ахуыр ма фехалын кæнут.

— Дæ хорзæхæй, сбад нæм фистыл дæр, махмæ уазæг буц у, — загътой Борæтæ æмæ Уырызмæджы фистыл сбадын кодтой. Сбадтысты сæхæдæг дæр.

Рауагътой гаджидæуттæ, ныккалдтой нуазæнтæ Уырызмæгыл. Фæлæ уый уæлдайхуызон дæр нæ кæны — аивæй нозтытæ хæтæлы ауадзы, æмæ та уыдон дæр фисты афардæг вæййынц.

Сцымыдис сты Борæтæ.

— Цы диссаг уа ай, Уырызмæг расыг куы нæ кæны!

Фæлæ сæ гуырысхо бирæ нæ ахаста. Кæцæйдæр фæзынди Сырдон, нарты фыдбылыз, æмæ Борæты сардыдта Уырызмæгыл:

— Уæ, бын бауат, Борæтæ, Уырызмæг кæй асайдта. Нæ йæ уынут: нозт хъуырмæ нæ цæуы, фæлæ йæ хæтæлы уадзы æмæ къуымбилы ахъары. Уæд уын афтæмæй куыд срасыг уа!

Бамбæрстой уæд Борæтæ Уырызмæджы хин ми. Нартмæ-иу барæджы нуазæн лæугæйæ нызтой, æмæ уазæгмæ дзурынц:

— Уый та дын, Уырызмæг, барæджы нуазæн.

Цы гæнæн ма уыд Уырызмæгæн, сыстади æмæ нуазæн лæугæйæ банызта. Уыйадыл æй сбадын нал бауагътой — ныккалдысты та йыл буц нуазæнтæ.

Бирæ нал бафæрæзта Уырызмæг, срасыг ис, иу заман ахаудта æмæ Борæтæн фæхынджылæггаг.

Афтæ Сырдон фæрасыг кæнын кодта Уырызмæджы.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.