Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОН НАРТÆЙ ЙÆ МАСТ КУЫД РАЙСТА



СЫРДОН НАРТÆЙ ЙÆ МАСТ КУЫД РАЙСТА

Нарт цуаны æмæ хæтæны арæх цыдысты. Æмæ-иу Сырдоны дæр семæ арæх кодтой.

Иухатт та цуаны цæуыны фæнд скодтой æмæ Сырдонæн загътой:

— Цом немæ, Сырдон, ахæтæм, ацуан кæнæм. Кæд та нын Æфсати баххуыс кæнид.

Нæфæндæгау кодта Сырдоны, фæлæ комкоммæ зæгъын ницы бафæрæзта æмæ æнкъардæй нартимæ ацыди. Фæхаттысты, фæцуан кодтой, фæлæ — никуы æмæ ницы, сæ къухы ницы бафтыд, сæ зæрдæ ницæмæй барухс. Æмæ уæд загътой:

— Ай нын иууылдæр Сырдоны фыдбылызтæ сты, исты хуызы дзы фервæзæм.

Нарт æрæнцадысты сау хъæды цады был æмæ стæрхон кодтой:

— Ацы цад Сырдон нæ зоны, ууылты йæ арвитæм æмæ кæд фесæфид.

Цадыл мæнггонд пыхсытæ æркодтой æмæ йæ арвыстой цады комкоммæ фæндагыл. Нæ базыдта Сырдон, уым цад ис, уый, æмæ дзы аирвæзтис. Фæлæ былгæрон бæласы уидæгтыл фæхæст æмæ тыххæй-фыдæй ралæст цадæй. Хус къæцæлтæй арт акодта, йæ дзаумæттæ бахус кодта æмæ уайтагъд нарты размæ азгъордта.

Нарт Сырдонæн фесæфын æнхъæл уыдысты æмæ дисыл фесты. Фæлæ сдзурын ницы бафæрæзтой, Сырдон сæ йæ хъæры бын фæкодта:

— Диссаг, нарт, диссаг уын радзурон. Мæ чысылæй ардæм ахæм диссаг нæдæр уынгæ фæкодтон, нæдæр хъусгæ.

— Цы диссаг федтай, Гæтæджы фырт, æви та нæ сайгæ кæныс?

Сырдон сын загъта:

— Уанцон сайд нæу, сайыныл нæ дæн. Уæртæ уым иу цад ис, æмæ дзы федтон диссаджы сырдтæ. Уыдон рахæлæф кодтой пыхсмæ. Æз сæ фæтарстæн æмæ ма фыртæссæй ардæм сымахмæ ралыгъдтæн, тыххæй ма уæм æрбахæццæ дæн.

Нарт Сырдоныл хус дзаумæттæ куы федтой, уæд сæ йæ ныхæстæ бауырныдтой. Æмæ уæд уый дæр загъта:

— Кæд цуан кæнут, уæд хуыздæр ранмæ нал бафтдзыстут, — æмæ сын сындзджын къохмæ бацамыдта. — Цæут æмæ цæгъдут. Æз сæм нал уæндын, фæлæ пыхсы алыварс зилдзынæн æмæ уын чердæм цæуой, уый амондзынæн.

Бахæлæф кодтой нарт сындзджын къохмæ. Сындз æмæхгæддæр кæм уыд, Сырдон сæ уырдæм ардыдта. Афтæмæй æхсæв-бонмæ нарты сындзытæн ныттонын кодта. Бæхæй, лæгæй сæ туг калгæ райсомæй сындзы къохæй рацыдысты.

— Сæрæй та ныл сайдæй рацыдтæ, — зæгъынц нарт Сырдонæн.

— Уый сæм уæндгæ нæ бакодтат, хъал нарт, сындзы бамбæхстыстут. Æмæ уын уæ худинаджы хабæрттæ адæмæн куы радзурон, уæд фидиссаг фæуыдзыстут. — загъта Сырдон.

Нарт фæтарстысты худинагæй, Сырдон ныл нæ бацауæрддзæн, зæгъгæ, æмæ йын ницыуал ской кодтой.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.