Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОНЫ НАРТЫ ФÆСИВÆД КУЫД АСАЙДТОЙ



СЫРДОНЫ НАРТЫ ФÆСИВÆД КУЫД АСАЙДТОЙ

Нарты фæсивæд ныхасы бадтысты. Кæцæйдæр сыл æрбафтыди Сырдон дæр. Фæсивæд ын салам раттой æмæ йæм дзурынц:

— Абад немæ, Сырдон, фæсивæдæн дæ зондджын ныхæстæ ма бахæлæг кæн.

Сырдон йæхицæй фæбузныг æмæ уыцы сæрыстырæй се ’хсæн æрбадт. Ныхæстæ сын кодта. Иучысыл куы абадтысты, уæд фæсивæд сфæнд кодтой Сырдоны асайын. Сæ иутæ дзурынц:

— Оф-оф, абон нæ Борæтæ æмбисонды хорз федтой! Сæ бæркад, сæ бæрæчетæн ныккæнæн дæр нæ уыд. Гъе уыдон уæздан адæм сты, уæздан!

Иннæтæ дæр, цыма тынг æфсæст уыдысты, уыйау ныуулæфыдысты æмæ загътой:

— Æмæ махæн та Уырызмæг цы уынд фæкодта! Хæрд, нозтæн ныккæнæн дæр нæ уыд. Афтæ сбуцгæнгæ адæймаг нæ уыдзæн.

Фæсивæд сæ «фысымтæй» афтæ æппæлыдысты, афтæ сæ стыдтой, æмæ Сырдон уыдоны бынатмæ бабæллыд. «Ехх, мæнæй дæр афтæ куы зæгъиккой искуы!» — ахъуыды кодта йæхинымæр Сырдон. Стæй йæ сæры диссаджы хъуыды фæзынд: «Цæй æмæ мæ кой дæр айхъуыса, ахонон сæ нæхимæ, ацы æфсæстæй сыл ницы хардз кæнын бахъæудзæн, афтæмæй мæнæй дæр гъе афтæ æппæлдзысты». Сфæнд кодта Сырдон æмæ йæ фæнд æргомæй фæсивæдæн загъта:

— Æз дæр уæ бирæ уарзын, нæ сахъ фæсивæд. Сымах сбуц кæнынæн бирæ цыдæртæ хъæуы, фæлæ уæддæр мæ мæгуыр хæдзармæ дæр саккаг кæнут.

Фæсивæд кæрæдзимæ бакастысты, сæ кæрæдзимæ цæстытæ фæныкъуылдтытæ кодтой, фæлæ сæхи афтæ дардтой, цыма сын æвæндон хъуыддаг уыд. Сæ иу загъта:

— Махæй дæ цы æфсарм ис, Сырдон! Стæй нырма ныр куы сыстадыстæм фынгтæй.

Сырдон хин худт бакодта:

— Æфсарм хистæрæй кæстæры сæрыл нæу. Мæ хæдзармæ дæр уын хæс у цæуын. Фынгæй ныртæккæ кæй сыстадыстут, уый ницы кæны. Бирæ — зæрдæйæн, чысыл — гуыбынæн.

Зивæггæнæгау сыстадысты нарты фæсивæд æмæ Сырдоны фæстæ ацыдысты.

Бахуыдта сæ Сырдон йæ хæдзармæ, æрбадын сæ кодта фынгыл æмæ сын сæ разы хæрд, нозт æрæвæрдта. Йæхæдæг ахъуыды кодта: «Адон бирæ нæ бахæрдзысты, фæлæ йæ дзурдзысты: „Сырдон нæ хорз федта“».

Нарты фæсивæд бадынц, хæрынц æмæ нуазынц, цыма къуыри кæрдзын æмæ доны хъæстæ нæ фесты, уыйау.

Сырдон кæсы æмæ уыны — йæ уазджытæн бафсæдынæн ницыуал амал ис. Дисы бахауд æмæ фæрсы фæсивæды:

— Ныхасы афтæ куы загътат, ныртæккæ фынгтæй сыстадыстут, æмæ æфсæстхуыз куы уыдыстут, уæд уын ныр æфсис куы нал ис?

Нарты фæсивæд ын дзуапп раттой: — Алы фынгæн дæр йæхи фарн ис, йæхи æгъдау ын æххæст кæнын хъæуы.

Бамбæрста Сырдон, сайд ыл кæй æрцыд, уый.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.