Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОН СОСЛАНИМÆ КУЫД ФЕЗНАГ ИС



СЫРДОН СОСЛАНИМÆ КУЫД ФЕЗНАГ ИС

Иу заман та Сырдон нартæн иу сайæн хъуыддаг æрхъуыды кодта. Йæ фырттæй-иу сæ иуы ныхасмæ ракодта æмæ-иу æй мысанæн æрæвæрдта. Стæй-иу нартæн загъта:

— Фехсут æй уæ фæттæй æмæ йæ кæд амарат, уæд уæ ницы бацагурдзынæн, æвæццæгæн, йæ хъысмæт афтæ у. Фæлæ йæ куы нæ амарат, уæд мын хæдзарæн гал раттут.

Нартæн афтæ зæгъгæйæ, Сырдон бавдæлд æмæ лæппуйæн йæ уд йæ хураууон бамбæхста. Нартæй алчидæр йæ фатæй лæппуйы фехста. Фæлæ, куыннæ стæй! Фæттæ йыл кæд уадысты, уæддæр ын ницы кодтой, уыцы æгасæй баззади. Сырдон та иуварс бадти æмæ нартыл худæгæй марди. Уыдон дис кодтой — ай цы æмбисонд уа, нæ фæтты ныхмæ куы ницы лæууыди, уæд ацы лæппу цæй диссаг у. Фæлæ сæ дисæй ницы рауад — Сырдонæн сæ хæдзарæн гал фидын бахъуыди.

Сослан рагæй дæр мæсты уыди Сырдонмæ, йæ хорз куыдз ын кæй адавта, уый тыххæй. Æмæ сфæнд кодта йæ маст райсын. Бацыди къулбадæг усмæ æмæ йæ бафарста:

— Сырдоны фырты фат цæуылнæ хизы? Æви нарт фат æхсын нал зонынц?

Сослан нымад лæг уыди нарты æхсæн. Куыннæ йын загътаид къулбадæг ус рæстдзинад:

— Йæ уд ын Сырдон хураууон бамбæхсы, лæппуйы уд уымæн фидар у. Йæ хураууонмæ йын-иу хъав ацы хатт.

Рацыд Сослан къулбадæг усæй æмæ сфæнд кодта Сырдоны фырты амарын. Ракодта та иу бон Сырдон йæ фырты ныхасмæ нарты астæумæ æмæ та сæм дзуры:

— Фехсут æй уæ фæттæй æмæ йæ кæд амарат, уæд уæ ницы бацагурдзынæн, æвæццæгæн, йæ хъысмæт ахæм у. Фæлæ йæ куы нæ амарат, уæд мын хæдзарæн гал раттут.

Нартæн уыцы ныхæстæ зæгъгæйæ, Сырдон лæппуйы мысанæн æрæвæрдта æмæ та йын йæ уд йæ хураууон амбæхста.

Нарт та фехстой лæппуйыл сæ фæттæ, фæлæ лæппу уæддæр сæрæгасæй лæууы. Стæй рацыд йæ фатимæ Сослан дæр. Уый размæ та Сырдон худти, æмæ Сослан æрæджиау куы фæзынд, уæд йæ зæрдæ фехсайдта, фæлæ ма цы загътаид. Ныхъхъавыд Сослан лæппуйы хураууонмæ æмæ, дæ фыдгул дæр уыйау — афæлдæхта йæ. Сырдон ма йæхи бæргæ баппæрста йæ хъæбулмæ, фæлæ уый уайтагъд йæ уд систа.

Йæ цыфыддæр знаг сси уæдæй фæстæмæ Сослан Сырдонæн.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.