Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОН НАРТИМÆ БАЛЦЫ КУЫД АЦЫД



СЫРДОН НАРТИМÆ БАЛЦЫ КУЫД АЦЫД

Нарты гуыппырсартæ — Уырызмæг, Хæмыц, Батрадз æмæ сæ кæстæртæ — сфæнд кодтой дард бæстæм балцы фæцæуын. Бацæттæ кодтой сæхи, рахастой хæссынæн рог, хæрынæн адджын хæринаг семæ æмæ иу бон араст сты. Рацыдысты сæ хъæуæй, æмæ хистæртæй чидæр хъæрæй йе ’мбæлттæм дзуры:

— Æй-джиди, ныр ма Сырдон дæр немæ куы уаид! Хъæлдзæг лæг у æмæ нын дард балцы бабæззид.

Уæд кæстæртæй иу афтæ зæгъы:

— Ам мæм куы фæлæууиккат, уæд æй æз бæргæ ракæнин.

— Фæлæудзыстæм, — зæрдæ йын бавæрдтой хистæртæ. — Æцæг-иу фæстиат ма бау.

Кæстæр йæ бæх хъæуы ’рдæм фæзылдта æмæ уайтагъд Сырдоны хæдзары раз балæууыд.

Мидæмæ хъæр кæны:

— Гъей, Сырдон, æддæмæ-ма мæм ракæс, кæд уæ хæдзары дæ, уæд!

— Мæнæ дæн, кæд хонæг дæ, уæд, — зæгъгæ йæм Сырдон радзырдта. Стæй йæм æддæмæ рацыд æмæ, чи у, уый куы федта, уæд æй афарста:

— Бæлццонхуыз куы дæ, цы хабар ис?

— Нарты хистæртæ сæ кæстæртимæ балцы фæцæуынц æмæ, ды дæр семæ куы уаис, уый сæ фæнды. Мæн дæр дæм уымæн æрбарвыстой.

Сырдон бакатай кодта æмæ йæ хонæгæн афтæ зæгъы:

— Æмæ куыд ацæуон семæ балцы? Уыдон бæхтыл бадынц, æз та æнæ бæх дæн.

Хонæг æй дисы бын фæкодта:

— Ау, Сырдон, уый та куыд загътай? Мах бæхтæ дæ бæхтæ не сты? Иумæ исты амал кæндзыстæм нæ балцæн — кæм-иу ды — фистæг, мах — бæхджын, кæм бæхджын — мах, ды — фистæг, афтæмæйты цæудзыстæм.

Сырдон балцмондаг уыд, ахæм балцы нартимæ никуыма уыди æмæ уыцы ныхæстæ æмбаргæ дæр нæ бакодта, афтæмæй уайтагъд сразы:

— Хорз, хорз, цæуын уæдæ æз дæр.

Сырдон йæ фæччитæ æрбатымбыл кодта æмæ араст и хонæджы фæстæ. Уайтагъд нарты баййæфтой æмæ уæд иууылдæр иумæ балцы араст сты: нарт — бæхтыл, Сырдон — фистæгæй.

Цæуынц, цæуынц нарт, æмæ дын иу заман нарты хъалтæй иу йе ’мбæлттæм дзуры:

— Уыгæрдæнты цомут, кæд Сырдонæн ногкарст уыгæрдæнты йæ къæхты туг акæлид.

Ацыдысты донгæрон уыгæрдæнтыл. Сырдонæн йæ бæгъæввад къæхты пырх калди карст уыгæрдæнты. Дзæвгар афтæ куы фæцыдысты, уæд сæм Сырдон дзуры:

— Уæ хорзæхæй, нарт, уæд мæ бæхыл хæссинаг куы уыдыстут æмæ мæ куы ничи хæссы. Куынæуал фæразын фистæгæй цæуын, уæд ма мын кæдмæ æмгъуыд кæнут?

Дзуапп ын ратта Уырызмæг:

— Бæх дæ кæд хъуыди, уæд æй дæ хæдзарæй ракодтаис, уый йеддæмæ дын ам кæйдæр бæстæйы кæм ссарæм бæх.

Сырдон смæсты æмæ нарты хистæртæн загъта:

— Мæнæ мæм уæ кæстæр æрбацыд хонæг, уый мын бавæрдта бæхæй дæр зæрдæ.

Фæлæ йæм нарт нæ байхъуыстой æмæ хъазгæ сæ цыды кой кæнынц, ноджы Сырдоны мæстæй марыныл нæ ауæрдынц: чи йын йæ худ аскъæфы, чи — йæ лæдзæг, чи та йæ цуры бæхыл схъазы.

Сырдон мæстæй мæлы æмæ йæхинымæр дзуры: «Фæлæуут, нарты хъалтæ, мæ бар дæр уæ бауадз, æз уын ацы мæстæймарæн нæ ныббардзынæн». Фæлæ та йæ бон куы нал уыди цæуын, уæд та бадзырдта нартмæ:

— Цæй-ма, бæхыл дæ хæсдзыстæм, зæгъгæ, мын куы загътат, уæд кæд уыдзæн уыцы хъуыддаг?

Уæд ын, чи йæ рахуыдта, уыцы кæстæр дзуапп ратта:

— Гæды ныхæстæ кæныс, Сырдон. Чи дын загъта, бæхыл дæ хæсдзыстæм, зæгъгæ?

Сырдон йæ хонæджы базыдта æмæ йын уайдзæфгæнæгау загъта:

— Худинаг дын у, лæппу, афтæтæ кæнын. Дæхæдæг мын куы бавæрдтай зæрдæ.

— Сайыс, Сырдон. Æз дын афтæ куы загътон: «Кæм-иу ды — фистæг, мах — бæхджын, кæм бæхджын — мах, ды фистæг». Æз кæсын æмæ нæ балцы хъуыддаг æцæгдæр афтæ у: ды фистæг дæ, мах — бæхджын, кæнæ та мах — бæхджын, ды та — фистæг. Куыд ныхасгонд уыдыстæм, афтæ йæ æххæст дæр кæнæм.

Уæд бамбæрста Сырдон, сайд ыл кæй æрцыдис, уый, æмæ йæ сæр ныттылдта, æндæр ницыуал загъта.

Иудзæвгар та куы ауадысты нарт, уæд бахæццæ сты иу стыр фурдмæ. Сырдон фурды бахизыныл катай кæны. Уæд æм Уырызмæг дзуры:

— Хæц, Сырдон, мæ бæхы къæдзилыл, æз дæ фурды фаллаг былмæ бахæццæ кæнон.

Сырдон Уырызмæджы бæхы къæдзилыл ныххæцыд, æмæ афтæмæй бараст сты фурды. Йæ тæккæ астæумæ куы бахæццæ сты фурдæн, уæд Уырызмæг Сырдоны фæрсы:

— Къухы ныхтæ æмæ къахы ныхтæ кæм фæчындæуы, Сырдон?

— Кæм сæ æрымысай, уым, — дзуапп ын ратта Сырдон.

Уæд Уырызмæг йæ бæх баурæдта æмæ радыгай кæнын райдыдта йæ къухы ныхтæ æмæ йæ къахы ныхтæ. Цалынмæ Уырызмæг уыцы куыст кодта, уæдмæ Сырдон та доны уыдис, æмæ йæ фурды уылæнтæ цавтой. Смæсты та Сырдон æмæ та йæхинымæр бартхъирæн кодта: «Кæсут мæм-иу, ацы хъуыддаг дæр та уын, нарты хъалтæ, мæнæй нæ ферох уыдзæн, истæмæй та уын æй бафиддзынæн».

Уырызмæг йæ къухы ныхтæ æмæ йæ къахы ныхтæ конд фæци, йæ бæхы æрцæфтæ кодта, æмæ уайтагъд Сырдонимæ доны фале фесты.

Ныллæмæрста йæ хуылыдз дзаумæттæ Сырдон æмæ та фистæгæй нарты фæстæ ацыд. Бирæ та фæцыдысты, бастади бынтондæр Сырдон, йæ бон акъахдзæф кæнын нал уыд, афтæ иу обауы цурмæ бахæццæ сты. Сырдон тыххæй-амæлттæй схызти обаумæ æмæ нартмæ дзуры:

— Гъей, хорз нарт, фосармæй уæ хуыцау Уарæн фæзмæ бауадзæд, æз ардыгæй фæцæуинаг нал дæн, мæ бон нал у. Нарты хъæуы уæм нарты чызджытæ уæлбылæй куы ракæсой, уæд уæ сæртæй банымайдзысты, æмæ иу лæг хъадджын куы уат, уæд зæгъдзысты, зæгъгæ, сæ иуы ауæй кодтой æмæ йын йæ сæрмæ фос æртардтой.

Уæд Уырызмæг загъта:

— Уымæй раст зæгъыс. Цы гæнæн ис, хæссын дæ хъæуы. Сбад искæй фæсарц.

— Уæртæ Сосланы бæх зæххы фыд дæндагæй хæры. Цæй æмæ уал Сосланы фæсарц сбадон, — загъта Сырдон æмæ æцæг Сосланы фæсарцмæ схызт.

Цæуынц нарт. Сырдон бавдæлд æмæ сусæгæй Сосланæн йæ фæсронæй йæ арт фелвæста æмæ йæ бамбæхста, стæй йын йæхимæ дзуры:

— Дæ бæхæн дын тæригъæд кæнын, Сослан, дыууæйæ йын æгæр уæззау стæм. Уæртæ ма Уырызмæджы Æрфæнмæ бакæс — мыр-мыр кæны. Цæй, ныр та уый фæсарц сбадон, — æмæ куыд загъта, афтæ бакодта.

Бады Уырызмæджы фæсарц Сырдон æмæ та уымæн дæр йæ арт бамбæхста. Стæй та уымæ дæр дзуры:

— Бафæллад дæ бæх, Уырызмæг, фæлтау æндæр искæй фæсарц сбадон, — æмæ Хæмыцы фæсарц абадти. Бамбæхста та уымæн дæр йæ арт.

Гъе афтæ нартæн се ’ппæтæн дæр се ’ртытæ бамбæхста.

Изæры иу ран æрфистæг сты нарт. Уайтагъд æнахуыр уазал скодта. «Уæдæ арт скæнæм», — зæгъгæ, кæстæртæ сугтæ рамбырд кодтой, фæлæ арт цæмæй скæной, уый сæ никæмæ разынд. Бацыдысты сæ хистæртæм:

— Бахатыр кæнут, не ’ртытæ нæхимæ нæ разындысты. Исчи нын уæ йæ арт авæрæд.

Февнæлдтой хистæртæ се ’ртытæм, фæлæ цæй арт æмæ цæй æндæр! Бакастысты кæрæдзимæ, дисгæнгæ.

— Лæгыл фæндагыл алцыдæр æрцæуы, — загъта къæмдзæстыг нартæн Уырызмæг. — Исты амал нæ хъæуы. Дæумæ ницы ис, Сырдон?

— Цæуылнæ! — сбустæ кодта Сырдон. — Сымах хъал бæхтыл цыдыстут, æмæ сымахмæ ницы ис, фæлæ уын æз фистæгæй мæ фæччийы уæ фæстæ зынгтæ куыд нæ хастаин!

Уæд бынтондæр æрсагъæс кодтой нарт.

— Уæдæ ма ныр цы бакæнæм? — фарстой кæрæдзи.

Уырызмæг дардмæ акаст æмæ иу ранæй зынг æрттивгæ федта. Æмæ дзуры Сырдонмæ:

— Хъус-ма, Сырдон, уæртæ рухс уыныс? Æртæ хохы астæу. Фæцу-ма уырдæм æмæ нын дзы зынг æрбахæсс.

Сырдон ницы зæгъын бафæрæзта æмæ, рухс кæцырдыгæй цыд, уыцырдæм араст и. Æрдæгвæндагмæ дæр нæ бахæццæ, афтæ фæстæмæ раздæхт æмæ нартæн загъта:

— Уым ис иу хæдзар, рухс дæр уырдыгæй цæуы, фæхостон ын йæ дуар, фæлæ мын нæдæр исчи дзуапп ратта, нæдæр мæм дзы исчи кæсгæ ракодта.

Уæд зынгагурæг ацыд нарты фæсивæдæй иу. Бирæ фæцыд рухсы ’рдæм æмæ иу заман æцæгæй иу хæдзармæ бахæццæ. Бахоста дуар. Йæ хойынмæ йæм рауадысты уæйгуытæ. Бацин кодтой, нарты кæстæры куы федтой, уæд.

— Зынггуры мах къæсæрæй не здахæм, мидæмæ нæм рацу, — дзурынц нарты кæстæрмæ.

Бацыд лæппу хæдзармæ. Уæззау бандоныл æй æрбадын кодтой уæйгуытæ æмæ йын йæ быны бурæмæдз ауагътой. Баныхæсти нарты кæстæр бандоныл æмæ йæ бон фезмæлын дæр нал уыд.

Бирæ фенхъæлмæ кастысты нарт сæ кæстæрмæ, фæлæ кæстæр зынæг нæ уыди. Арвыстой уæд дыккаджы, фæлæ та ууыл дæр фыццаджы æмбисонд æрцыд. Афтæ кæстæртæ иугай-иугай ацыдысты, фæлæ сæ фæстæмæ ничи цыдис. «Цон, нæ кæстæрты ма уæддæр ссарон», — зæгъгæ, Сослан дæр араст и æмæ уый дæр нал фæзынд. Нал фæзынд Хæмыц дæр.

Æмæ иунæгæй баззад Уырызмæг. Араст ис уый дæр рухсы ’рдæм æмæ, хæдзармæ куы бахæццæ, уæд бахъæр кодта:

— Гъей, хæдзары хицæуттæ! Исчи-ма уæ æддæмæ ракæсæд!

Уæйгуытæ уайтагъд йæ размæ рацыдысты æмæ йæм дзурынц:

— Чи дæ хъæуы? Кæй агурыс? Æвæццæгæн, дæ кæстæрты? Ма сыл тыхс, тагъд рацæудзысты. Уæд та дæхæдæг дæр рахиз мидæмæ, кæд дæу дæр хорз фенынмæ сарæхсиккам. Дæ хорзæхæй, ма фæзивæг кæ.

Æмæ Уырызмæг ахъуыды кодта: «Æвзæр нæ уаид ацы фæллад æмæ æххормагæй хи хорз фенын».

Бацыд Уырызмæг уæйгуыты хæдзармæ æмæ уыны: нарт, куывды бадæгау, бадынц рæгъæй, фæлæ дзы иу дæр йæ хистæры размæ нæ сыстад, æгъдау куыд амоны, афтæ. Нæ фæцыд уый Уырызмæджы зæрдæмæ æмæ мæстыйæ сæ уæле æрбадти. Уæйгуытæ йын сæ фыдбылызы бурæмæдз йæ быны акодтой æмæ уый дæр бандонмæ баныхæсти.

Бадынц афтæ нарт, бадынц цавддуртау, — сæ хуыз фæцыди æмæ се стыр цæстытæ æнкъард æнгæс дæттынц. Уæйгуытæн се стыр аджы дон рафыцынмæ хъавы — уырдæм хъуамæ цæппарой нарты. Авд уæйыджы та, амæй-ай тыхджындæр, дауынц сæ кæрдтæ, цыргъ сæ кæнынц. Нартæн уыдæттæм кæсгæйæ сæ удтæ æрдуйы хуынчъы ауайыны онг сысты.

Сырдон та арт бандзæрста, нарт цы саг амардтой, уымæй физонджытæ скодта æмæ йæхи хорз федта. Стæй скодта æхсырфæмбæлттæ æмæ дзы фæйнæ-фæйнæ йæ рихитыл æрцауыгъта. Физонджытæ куы ныссалдысты, уæд уый дæр рухсы ’рдæм араст и. Фæцыди-фæцыди æмæ уæйгуыты хæдзармæ бахæццæ. Æрлæууыд хæдзары дуармæ æмæ ныхъхъæр кодта:

— Гъей, номдзыд нарт, цы фестут? Æвæццæгæн та минасæй уæ гуыбынтæ дзаг кæнут, мæн та тар хъæды иунæгæй ныууагътат. Æмæ мæ арс кæнæ бирæгъ куы бахордтаид, уæд та? Суанг ма мæм æддæмæ дæр нæ кæсут!

Йæ хъæрмæ уæйгуытæ рауадысты æмæ йæм дзурынц:

— Ды дæр нæм рацу мидæмæ, дæ фаг дæр ма суыдзыстæм, сбад де ’фсымæрты фарсмæ.

Сырдон сыл сдис кодта:

— Цытæ дзурут! Ау, æз æххуырст уæвгæйæ, куыд хъуамæ сбадон мæ хицæутты раз. Фæлтау мын дзы искæмæ ардæм бадзурут.

Нæ йын бакуымдтой уæйгуытæ нартæй искæмæ бадзурын. Цы гæнæн уыд Сырдонæн æмæ бараст и хæдзармæ.

Нарт дæр фехъуыстой Сырдоны хъæлæс æмæ бацин кодтой, сæ зæрдæтæ фæфидар сты.

Сырдон нарты куы федта бадгæ, уæд бамбæрста, дзæгъæлы афтæ кæй нæ бадынц, уый. Æрлæууыди дуары раз, нарт æй куыд уыной, афтæ æмæ сæ мæстæй марынæн йæ рихитыл цы æхсырфæмбæлттæ уыд, уыдон сдæрын райдыдта.

Уæйгуытæ Сырдонæн лæгъстæ кодтой, иннæты фарсмæ сбад, зæгъгæ, фæлæ сын уый кæм куымдта!

— Куы уын æй загътон, мæнæн уыдоны фарсмæ бадæн нæй. Кæд мæ бадын кæнут, уæд мын тæсчъы фæнык ныккæнут æмæ къуымы сбаддзынæн. Нæхимæ дæр афтæ фæбадын.

Куыд загъта, уæйгуытæ йын афтæ бакодтой. Чыргъæды фæнык ныккодтой, ауагътой дзы бурæмæдз. Сырдон бадгæйæ чыргъæд батылдта æмæ бурæмæдзæй фæныкыл ницыуал аззад. Сырдон дзæбæх сбадти фæнычы æмæ йын уæйгуытæ афтæ зæгъынц:

— Сымах бæстæйы кусæрттаг куы фæагурынц, уæд æй цы миниуæгмæ гæсгæ равзарынц?

Сырдон сын дзуапп ратта:

— Мах бæстæйы кусæрттаг æвзаргæйæ фосæн йæ бæрзæймæ фæкæсынц. Ставд бæрзæй кæмæн вæййы, уый нарддæр вæййы. Скувынæн дæр хуыздæр у.

Уæйгуытæ уыцы ныхæстæ куы фехъуыстой, уæд нарты бæрзæйтæ уынын райдыдтой. Се ’ппæтæй ставддæр бæрзæй уыди Сосланæн æмæ уæйгуытæ сфæнд кодтой нарты æргæвдын Сосланæй райдайын. Сырдон сæ бамбæрста æмæ, уыдон куыддæр Сосланмæ бавналынмæ хъавыдысты, афтæ йæ бынатæй фæгæпп ласта æмæ уæйгуытыл уыциу хъæр фæкодта:

— Гъей, фырхæрдæй йæхицæн ном чи кæны, уыдон! Цы ми кæнут уый? Æви уæ уæ гуыбыны мæт йеддæмæ ницы ис?!

Уæйгуытæ ныддис кодтой — куыд сыстади йæ бынатæй сæ уазæг. Кæрæдзимæ бакастысты, фæкъæмдзæстыг сты æмæ дзуапп раттой:

— Æцæг зæгъыс, мах нæ гуыбыны мæт йеддæмæ ницы ис. Уæдæ ма æндæр цы архайæм?

— Уыйас æрхъуыды уæ бон нæу. Ацы уазджытæ уæм цæмæн æрбацыдысты, уый нæ базыдтат, ницæмæй, сæ бафарстат, афтæмæй сæ аныхъуырынмæ хъавут!

— Дæ хорзæхæй, ды нын æй зæгъ: цæмæ нæм æрбацыдысты? Мах дæм хъусæм, — загътой уæйгуытæ.

— Гъе уæдæ хъусут, — дзуры сæм Сырдон. — Нарт сбыцæу сты: куырды дзаумæттæй ахъаззагдæр кæцы у? Æмæ уæм мæнæ сæ зынгæдæр лæгты фæрсынмæ æрбарвыстой. Дзуапп сын раттут.

Нæ фæлæууыд уæйгуытæн сæ хистæр:

— Æз дын рæстдзинад зæгъдзынæн: куырдадзы ахъаззагдæр дзаума хъæсдарæг у.

Дыккаг йæ ныхмæ фæци:

— Куыннæ стæй! Куынц ахъаззагдæр у.

— Æмæ уæд æртыскæн ницыуал у?! Æртыскæн сæ тæккæ ахъаззагдæр у куырды дзаумæттæн, — загъта æртыккаг. — Афтид къухæй цы бакæндзынæ, бавнал ма зынг æфсæйнагмæ!

— Уыдон иууылдæр ницы сты, — дзуры цыппæрæм. — Куырдмæ дзæбуг куы нæ уа, уæд тæвд æфсæйнаг дæ тымбыл къухæй, мыййаг, нæ хойдзынæ. Дзæбуг у, дзæбуг, ахъаззагдæр! — хъæр кодта уæйыг.

Сырдон уыцы уæйыджы фарс фæци:

— Ды се ’ппæтæй растдæр зæгъыс. — Стæй йын йæ къухы дзæбуг куы федта, уæд æм дзуры:

— Кæй нæ уырны, дзæбуг цы у, уый, ууыл ма йæ авзар.

Уæйыджы зæрдæмæ Сырдоны ныхæстæ фæцыдысты. Дзæбуг дард фæхаста æмæ дзы йе ’фсымæртæй иуы сæр æрдаудта. Дæ фыдгул афтæ: ахъен ис уæйыг. Уæд уæйгуытæ кæрæдзимæ фæлæбурдтой, цæуыл хæст кодтой, уымæй кæрæдзи цæвыныл нал ауæрстой. Йæ цæвæн дзаума-иу йæ къухтæй кæмæн æрхауд, уымæн та йæ-иу Сырдон фелвæста æмæ йын-иу æй авæрдта, йæхи йын-иу тæригъæдгæнæг акодта: Куыд фыд-зæрдæ у де ’фсымæр, цæй æбуалгъы цæф дын ныккодта!

Уыцы ардауæн ныхæсты фæстæ та-иу хыл ногæй бацайдагъ.

Уæйгуытæ иу иннæйы фæдыл мардысты. Нарт сулæфыдысты. Стæй фæстаг уæйыг куы æрфæлдæхт, уæд сцин кодтой.

Уæд сæм Сырдон дзуры:

— Хæрзбон, мæ уарзон адæм, æз нæхимæ цæуын. Цы-иу радзурон нарты хъæубæстæн?

Нарт сæрдиаг кодтой:

— Мах — дæ мад, дæ фыды уазæг! Фервæзын нæ кæн, Сырдон! Æрмæст фыдбылыз нын нæ дæ, хорздзинад дæр нын бирæ фæвæййыс. Ацы хатт нæ хъиамæты ма ныууадз.

— Омæ уæ куыд фервæзын кæнон, цæмæй уын баххуыс мæ бон у? — дзуры сæм Сырдон. — Цон æмæ хырх æрбахæссон, ныллыг кæндзынæн бандон æмæ уæ алчи хъæды лыггагимæ баззайдзæн.

— Ау, уый та куыд! — сфæдис та кодтой нарт. — Ныронг нымад лæгтæ уыдыстæм, æмæ ныр нарты æхсæнмæ хъæды лыггæгтæ нæ фæстæгтæм ныхæстæй бацæуыны бæсты, фæлтау нæ фесæфт — хуыздæр. Курæм дæ, исты нын æрхъуыды кæн, Сырдон.

— Хорз, кæд уæ нæ фæнды афтæ, — дзуры та Сырдон, — уæд цæуын, аст къамбецы æрбатæрдзынæн, бандонмæ бæттæнтæ ссардзынæн æмæ йæ сымахимæ нартмæ нылласдзысты.

Скуыдтой нарт, сæ рихитыл ставд цæссыгтæ ихы къуыбæрттау згъордтой.

— Афтæ нын куы бакæнай, уæд нарт зæгъдзысты: «Кæс-ма, Сырдон нын нæ лæгдæрты сыфцæй хъæдты хуызæн æрбаласта». Нæ, фæлтау нæ аппар, уадз æмæ нæ бирæгътæ бахæрой.

Фæмæстæй мардта Сырдон нарты, стæй сæм дзуры:

— Æз уæ фервæзын кæнин, фæлæ та мын мæ хорздзинад уайтагъд ферох кæндзыстут.

— Æрмæст ма нæ ацы хатт фервæзын кæ, уый йеддæмæ дын æдзухдæр дæ ныхас æххæст кæндзыстæм, — лæгъстæ байдыдтой.

Сырдон уæддæр нæ коммæ кæсы:

— Сымахыл æууæнк нæй. Иумæ куы цæрæм, уæд та мын уаргæйæ ницæййаджы муртæ дæтдзыстут.

Нарт Сырдонæн ард бахордтой, никуы дæ фæхъулон кæндзыстæм, зæгъгæ.

— Хорз уæдæ, — загъта Сырдон.

Агæй исын райдыдта тæвд дон æмæ йæ нарты бынмæ калдта, бурæмæдз-иу æрфæлмæн æмæ нарт сæ бадæнтæй стадысты. Фæлæ уый æнцонæй сæ къухы не ’фтыд — сæ дзидзатæй бандæттыл бирæ баззад. Æмæ сæ бæхтыл куы сбадтысты, уæд ныззылынтæ сты.

Æрбахæццæ сты нарт, цы ран æрлæууыдысты, уырдæм. Кæсынц æмæ сæ саджы родæй физонджытæ цъыс-цъыс кæнынц. Бамбæрстой йæ, Сырдон сын се ’ртытæ барæй кæй бамбæхста æмæ уæйгуытæм дæр уый аххосæй кæй бахаудысты, уый. Æмæ та йæм смæсты сты. «Мах та йæ фистæгæй фæцæуын кæндзыстæм», — зæгъгæ, сфæнд кодтой. Сбадтысты сæ бæхтыл æмæ йæм дзурынц:

— Раййаф нæ, Сырдон, мах цæуæм!

Ницы сын загъта Сырдон. Стæй нарт куы ацыдысты, уæд уæйгуыты бæхтæй иу æрцахста, абадт ыл æмæ сæ уайтагъд баййæфта. Саргъыл бадти раст, æцæг барæджы хуызæн, нартæн та раст бадын сæ бон нæ уыд.

— Гъей, сæрыстыр нарт, фырхъалæй раст бадын дæр куы нал зонут уæ бæхтыл! — дзуры рыст нартмæ Сырдон.

Сæ сæртæ æруагътой нарт, афтæмæй цæуынц. Иу ран æхсæвиуат æркодтой æмæ тæрхæттæ байдыдтой:

— Нарты фыдбылыз Сырдон нарты æхсæнмæ куы æрыздæха, уæд йæхицæй æппæлдзæн, фервæзын нæ кодта, зæгъгæ, æмæ ныл худдзæн. Исты йын бакæнæм æмæ йæхæдæг фæхудинаг уа.

Æхсæвы нарт сыстадысты, ралыг кодтой Сырдоны бæхæн йæ хæмхудтæ. Сырдон сæ базыдта. Нарт куы бафынæй сты, уæд Сырдон бавдæлд æмæ нарты бæхтæн сæ къæдзилтæ ралыг кодта, æрмæст ма æфсоны хæст кодтой.

Райсомы нарт сæ балц дарддæр кодтой.

Сырдон дæр сæ фæстæ араст и.

Иу заман Сослан фæстæмæ фæкаст æмæ загъта:

— Диссаг, Сырдоны бæх цæуы æмæ цæуылдæр худы.

Сырдон бахудти:

— Мæ бæх æнæзонд нæу, æвæццæгæн, йæ разæй исты худинæгтæ уыны.

Уæд Сослан йе ’мбæлттæм дзуры:

— Ацы фыдбылыз та нын цыдæр бакодта.

Нарт сæ бæхтæй рахызтысты æмæ сæ сæрфын райдыдтой. Бæхы къæдзилыл-иу исчи куы андзæвыди, уæд-иу къæдзил æрхауди.

Бакатай кодтой нарт:

— Къуда бæхтыл ма адæммæ нæхи куыд равдисдзыстæм. Не ’ппæт бæллæхтæ дæр нын Сырдонæй цæуынц.

Фæлæбурдтой нарт Сырдонмæ, иу тала бæлас æртасын кодтой, уый цъупмæ йæ йæ рихитæй бабастой. Стæй бæлас суагътой æмæ йæ уый арвмæ фехста. Ауыгъдæй лæууы Сырдон æмæ хъуыды кæны: «Ацы хатт нал аирвæздзынæн, ме сæфт æрцыд».

Афтæ куы ахъуыды кодта, уæд дын кæсы æмæ æлдары фыййау фос æрбаскъæры æмæ æхситтæй зары. Ауыдта Сырдоны æмæ йæм хæрдмæ дзуры:

— Дæ хорзæхæй, хорз лæг, уым цы ми кæныс?

— Дæ фæндаг дар, — дзуапп ын ратта Сырдон. — Ам цы ми кæнын, уый дын зæгъ, æмæ дæ ардæм бафæнда. Нæ, фæлтау дæхи айс.

— Ард дын хæрын, нæ бафæнддзæн мæн уырдæм. Æрмæст мын æй зæгъ, уым цы архайыс, уый, — лæгъстæ кæны фыййау.

— Ды, адæймагыл ичъийау чи ныффидар уыдзæн, ахæм лæджы каст кæныс, — дзуры Сырдон. — Ацы бæласæй хорз зыны, уæларв хуыцау хор куыд най кæны, уый. Афтæ диссаг у, æмæ йæм кæсынæй не ’фсæдын, хæрд æмæ нозт дæр мæ ферох сты.

— Мæ уд дæ фæхъхъау, хорз лæг, æз хуыцауы никуы федтон, иучысыл мæ бауадз скæсын, — балæгъстæ та кодта фыййау.

— Гъей, æз дын уымæй тарстæн æмæ дæ ардæм бафæнддзæн. Ныууадз мæ мæ бынаты, — йæхи смæстыхуыз кодта Сырдон.

Нæ, нæ банцади фыййау йæ лæгъстæйæ, цæстыфæныкъуылды йас, дам, скæсдзынæн æрмæстдæр.

— Цæй, куыд дæ фæнды, афтæ. Æртасын кæн уæдæ бæлас, — цыма йæ нæ фæндыд, уыйау загъта Сырдон.

Фыййау æртасын кодта бæлас, Сырдоны райхæлдта, стæй йæхи бабæттын кодта æмæ йæ уæд Сырдон суагъта. Уайтагъд цымыдис фыййау бæласы цъуппыл абадт. Кæсы арвмæ, фæлæ дзы хуыцауы нæ уыны. Æмæ Сырдонмæ хъæр кæны.

— Нæ йæ уынын хуыцауы! Стæй цæстæй дæр хорз нал дæн!

Сырдон æм дзуры:

— Ницы кæны, мæ хур. Иучысыл ма уым куы фæуай, уæд æппындæр ницыуал уындзынæ.

Ныууагъта Сырдон фыййауы, йæхæдæг фосыл рахъæр кодта æмæ сæ нарты хъæумæ æртардта. Нарт Сырдоны уыйас фосимæ æгасæй куы федтой, уæд сæ дисæн кæрон нал уыд.

— Кæсут-ма уыцы фыдбылызмæ, сæфгæ нæ, фæлæ ма фосыконды дæр фæци!

Æмæ сын Сырдон дæр загъта:

— Цы фыдмитæ мын фæкодтат, уый тыххæй уыл хуыцау йæ бæллæх сæвæрдзæн. Мæнæн та фос ратта, адæймагæй йæм мæнæй хæстæгдæр ничи ис. Фæлæ æз сымах хуызæн нæ дæн, мæнæ уын фос æмæ сæ уе ’хсæн байуарут.

Афтæ загъта Сырдон æмæ сæрыстырæй йæ хæдзармæ афардæг.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.