Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОН УС КУЫД РАКУЫРДТА



СЫРДОН УС КУЫД РАКУЫРДТА

Слæг и Сырдон, бинонты хъуыддаг бакæныны афон ын сси. Æмæ йæ мад Дзерассæйæн загъта:

— Хорз уаид, бинонты мæт куы бакæнин.

Æмæ йæ Дзерассæ сахуыр кодта:

— Зæрдæ дын цы чызгæй æвæрдтон, нарты хæрæфырт, уый абон фæссихор сæхимæ цæудзæн. Чызджытæ йæ Дзæхыдоны былмæ бахæццæ кæндзысты, уый фæстæ иунæгæй баззайдзæн, æмæ дæ лæджыхъæд равдис.

Сырдон Дзæхыдоны был æнхъæлмæ кæсын райдыдта нарты хæрæфыртмæ. Уалынмæ йæ Донбеттырты чызджытæ доны былмæ æрбахæццæ кодтой æмæ фæстæмæ аздæхтысты. Рацыдис нарты хæрæфырты размæ Сырдон. Арвы хин, зæххы кæлæн кæм нæ уыди Сырдон! Асаста дзыхæй чызджы æмæ йæ хæдзармæ басайдта. Уыйадыл нарты хæрæфырт Сырдоны хæдзары баззад æмæ йæ ус сси.

Ус Сырдонæн ныййардта фаззæттæ — æртæ фырты.

Арын куы райдыдта сылгоймаг, уæд æй Сырдон сбадын кодта къонайы раз. Æмæ йын лæппу куы райгуырд, уæд æй Сырдон схуыдта Къонагæ. Фæлæ арæджы хъиамæттæ нæ фесты, æмæ йæ уæд Сырдон сбадын кодта йæ уæрджытыл. Ус та лæппу ныййардта, æмæ ууыл та ном сæвæрдта — Уæрагæ. Уый фæстæ та усæн райгуырди æртыккаг лæппу. Уыцы лæппу куы гуырди, уæд йæ дзых бамыр æмæ фæцæйхуыдуг кодта. Сырдон ын йæ дзых схæлиу кодта æмæ дзы «фу» кæнын байдыдта. Уыйадыл сывæллон фервæзт, æмæ уый та йæ фыд Фуагæ схуыдта.

Афтæ Сырдонæн иунæг бонмæ райгуырди æртæ фаззоны, æртæ фырты. Уый фæстæ сæ мад тынг фæрынчын ис æмæ амард. Сырдонæн йæ ныфс нæ асаст, цырд фæлæууыд æмæ йе ’ртæ сабийы хæссын райдыдта, хæрдцух сæ никуы ныууагъта.

Гъе афтæ цард Сырдон. Нарт æй арвы хин, зæххы кæлæн хуыдтой, уымæн æмæ-иу алы зын ранæй дæр æнæ фыдбылызæй фервæзт.

Уыди дзырдарæхст, йе ’взагæй хæлдта айнæг-къæдзæх, Сырдон зыдта алцыппæт дæр, цы уыдзæн, уый-иу раздæр радзырдта, зыдта гуыбынмæ гуыринаджы. Йæ ныхыл уыди фарны нысан — нос. Фæлæ уыд мæгуыр, цыбыркъух, æмæ тыхцæрдтытæ дæр уымæн кодта.

Нæ фидыдта нартимæ Сырдон. Нæ сын барста, æмæ-иу æй æдзухдæр асайыныл архайдтой, алы фыддзинæдтæ йын кодтой. Сырдон йæхæдæг дæр нæ ауæрста нартыл, æмæ йын фыдбылызæй, хинæй цы кодтой, уыдон-иу арæхдæр сæхи сæрыл æрцыдысты. Æмæ нарт дзырдтой:

— Сырдонæн хин чи кæны, уый йæхицæн хин кæны.

Фæлæ-иу кæд Сырдонмæ арæх смæсты сты, уæддæр æй бирæ уарзтой, сæ балцы фæндагыл æнæ Сырдон кæронмæ фæндараст никуы кодтой, зиан сын куыд уыд, хос дæр сын афтæ уыд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.