Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОН КУЫД РАЙГУЫРДИ



 

Сырдоны таурæгътæ (Сказания о Сырдоне). Северо-Осетинское книжное издательство. 1963 год

Ацы чиныджы æмбырдгонд æрцыдысты, «нарты хин, нарты фыдбылыз» Сырдоны тыххæй ирон адæммæ цы кадджытæ ис, стæй архайæг кæм у, уыдон, æмæ сыл куыстгонд æрцыд сывæллæттæн кæсынæн.

Сырдоны обрæз у вазыгджын, уый арæх ракæны нартæн бирæ фыдбылызтæ, стæй та сæ йæхæдæг фервæзын кæны, æмæ гъе уый мидæг ис йæ хицæндзинад, уымæй æндæрхуызон у эпосы иннæ геройтæй.

Нарты кадджыты зындгонд геройтæй иу — Сырдоны — тыххæй хицæн чиныг уагъд цæуы фыццаг хатт.

 

 

 

Сырдоны таурæгътæ

СЫРДОН КУЫД РАЙГУЫРДИ. 1

СЫРДОН НАРТЫ ÆХСÆН КУЫД ÆРЦАРДИ. 2

СЫРДОН УС КУЫД РАКУЫРДТА. 2

СЫРДОН НАРТИМÆ БАЛЦЫ КУЫД АЦЫД. 3

СЫРДОН СОСЛАНИМÆ КУЫД ФЕЗНАГ ИС. 6

СЫРДОНЫ НАРТЫ ФÆСИВÆД КУЫД АСАЙДТОЙ. 6

СЫРДОН НАРТÆЙ ЙÆ МАСТ КУЫД РАЙСТА. 6

СЫРДОН ХЪÆЗДЫГ ЛÆДЖЫ КУЫД АСАЙДТА. 7

СЫРДОН, СОСЛАНЫЛ САЙДÆЙ КУЫД РАЦЫДИ, СТÆЙ ЙЫН УЫЙ ФÆСТÆ УС КУЫД РАКУЫРДТА. 7

СЫРДОН ЙÆ ТЫНЫ ХÆС КУЫД БАФЫСТА. 8

СЫРДОН НАРТЫ ХЪОМТЫ КУЫД НЫЦЦÆГЪДЫН КОДТА. 9

СЫРДОН ЙÆ ХУДЫСКЪÆФÆДЖЫ КУЫД АХСТА. 9

СЫРДОН УЫРЫЗМÆДЖЫ КУЫД ФÆРАСЫГ КÆНЫН КОДТА. 9

СЫРДОНЫЛ ХУЫССÆГ КУЫД ФÆТЫХ. 10

СЫРДОН СОСЛАНЫ УСКУЫРД КУЫД ФЕХÆЛДТА. 10

СЫРДОН СОСЛАНЫ КÆНГÆ ÆФСЫМÆР АРÆХДЗÆУЫ КУЫД АМАРЫН КОДТА. 11

СЫРДОН МÆНГАРД ЛÆДЖЫ КУЫД БАГÆДЫ КОДТА. 13

СЫРДОН ЙÆ УАЗÆДЖЫ КУЫД ХЫНЦЫДТА. 13

СЫРДОН ЙÆ «САЙÆН ДЗАУМÆТТЫ» ÆФСОН КУЫД АСАЙДТА. 14

СЫРДОН ЙÆ МАСТ КУЫД РАЙСТА. 14

НАРТ СЫРДОНЫ МАРЫНМÆ КУЫД ХЪАВЫДЫСТЫ.. 15

СЫРДОНЫ РУВАСДЗАРМ КУЫД НÆ ФÆЦИ ÆМÆ ЙÆ МАСТ НАРТÆЙ КУЫД РАЙСТА. 15

СЫРДОН НАРТÆН СÆ ДАРÆС КУЫД БАСЫГЪТА. 15

СЫРДОН ТÆРХОН КУЫД КОДТА. 16

СЫРДОН АГ КУЫД РАСАЙДТА. 16

СЫРДОН ХУЫЦАУЫ КУЫД АСАЙДТА. 16

СЫРДОН БАГÆДЫ КÆНЫН КУЫД НÆ БАКУЫМДТА, КÆНÆ АЛЫТЫ АЛЫМБЕДЖЫ ЧЫЗДЖЫ ТАУРÆГЪ.. 17

СЫРДОНЫ АРДЫДÆЙ НАРТ СÆ ХИСТÆРЫ КУЫД АМАРДТОЙ. 18

СЫРДОН УÆЙГУЫТЫ КУЫД АСАЙДТА. 20

СЫРДОН ЙÆ МÆРДÆН ХИСТ КУЫД СКОДТА. 20

СЫРДОНЫ НАРТ ГÆДЫ ЛÆГ КУЫД СХУЫДТОЙ. 20

КУЫД ФÆЗЫНДИС ФÆНДЫР. 21

СЫРДОН БАЛСÆДЖЫ ЦАЛХÆН СОСЛАНЫ КУЫД АМАРЫН КОДТА. 22

СЫРДОН КУЫД АМАРДИ. 24

 

СЫРДОН КУЫД РАЙГУЫРДИ

Нарты зæронд Уæрхæгæн уыди дыууæ фырты — Æхсар æмæ Æхсæртæг. Æхсар райгуырди, Бонвæрнон нæма ссыди арвыл, афтæ фыццаг кæркуасæнты. Æхсæртæг райгуырди дыккаг кæркуасæнты. Рухс хуры тынтæ фæзындысты, æмæ Уæрхæг фыццаг хатт бамбæрста хъæбулы ад.

Уайтагъд рæзынмæ фесты зæронд Уæрхæджы фырттæ, Æхсар æмæ Æхсæртæг. Бон сыл уылынг æфтыд, æхсæв уыдисн. Сæ хъару куыд рæзыди, уымæн та æмбал нæ уыди, æмæ уайтагъд сæ хъæбатырдзинады кой айхъуыст.

Уыцы заман нарты дыргъдоны уыдис иу фæткъуы бæлас. Задис ыл диссаджы фæткъуы — сызгъæрин — æрмæст адзалы ныхмæ ницы фæрæзта, фæлæ æнæуи алы низ дæр дзæбæх кодта. Æмæ сын ыл чидæр сагъуыд — бон-иу фæткъуы бацæттæ, срæгъæд, æхсæв та-иу æй чидæр адавта. Нарт æй радыгæй хъахъхъæдтой, фæлæ къæрных æрцахсын никæд никæй бон бацис.

Иу заманы рад æрхаудта Уæрхæджы хæдзармæ. Æмæ хъæбатыр æфсымæртæ Æхсар æмæ Æхсæртæг бæлас хъахъхъæнæг ацыдысты. Хъахъхъæнынтæ райдыдтой дыууæ лæппуйы фæткъуы. Иу рæстæджы бæласмæ æрбатахт æртæ æхсинæджы. Куыддæр фæткъуымæ фæцæйæвнæлдтой, афтæ сыл Æхсæртæг йæ фат суагъта, æмæ дзы иуæн йæ туджы æртæхтæ зæхмæ æркалдысты. Лæппутæ æртæхтæ æрæмбырд кодтой, стæй тугфæдыл денджызы былмæ бацыдысты æмæ федтой: фæд денджызы бынмæ ныххызти.

— Æз, ме ’фсымæр, денджызы бынмæ цæуын, хъуамæ не знаджы ссарон, — загъта Æхсæртæг. — Кæд денджыз сырх фынк скæна, уæд фесæфтæн, науæд мæм-иу афæдз банхъæлмæ кæс, — æмæ денджызы бынмæ йæхи ауагъта.

Денджызы бын Æхсæртæг бафтыди Донбеттырты хæдзармæ. Кæсы, æмæ хæдзары бадынц авд æфсымæры æмæ дыууæ хойы. Уыдон уыдысты тынг æнкъард. Æхсæртæг фæдис кодта:

— Хуыцау уæ фыдбылызæй бахъахъхъæнæд, фæлæ уæм кæсын, æмæ цыдæр æнкъард стут.

Æфсымæрты хистæр ын дзуапп ратта:

— Æртæ хойы нын ис, се ’намондæн нарты цæхæрадонмæ сагъуыдысты фæткъуы давынмæ. Æмæ дзы иуы абон боныцъæхтыл Уæрхæджы фырттæ Æхсар æмæ Æхсæртæг фæцæф кодтой. Ныр сæйы.

— Ау æмæ йын хос ницы ис? — бафарста Æхсæртæг.

— Хос та йын куыд нæ ис! — дзуапп ратта æфсымæр. — Йæ туджы æртæхтæ йын æрæмбырд кæн æмæ сæ хъæдгомыл сæвæр, уæд бæргæ фервæзид нæ хо Дзерассæ.

— Æмæ йе сдзæбæхгæнæгæн цы хорздзинад фæуиккат? — бафарста та сæ Æхсæртæг.

— Нæ уарзон хойы йын раттиккам, уымæй хуыздæр хорздзинад нæм ницы ис.

Æхсæртæг туджы æртæхтæ систа:

— Мæнæ йæ туджы æртæхтæ. Æз дæн Уæрхæджы фырт Æхсæртæг.

Æфсымæртæ бадис кодтой æмæ лæппуйæн загътой:

— Нæ хо Дзерассæйы нын фервæзын кæн, æмæ дын æй хуыцау хæлар фæкæнæд.

Æхсæртæг туджы æртæхтæ чызджы хъæдгомыл сæвæрдта, æмæ Дзерассæ адзæбæх.

Донбеттыртæ сæ ныхас нæ фæсайдтой, сæ хойы раттой Æхсæртæгæн. Сарæзтой сын æмбисонды чындзæхсæв, стæй сæ Нарты бæстæм афæндараст кодтой. Æхсæртæг æмæ Дзерассæ денджызы былмæ куы схæццæ сты, уæд Æхсары уым не сæййæфтой — уый йе ’фсымæры ссыдмæ ацыди цуаны, «цон æмæ хъæды ацуан кæнон, кæд Æхсæртæджы ссыдмæ исты амарин», зæгъгæ.

Æхсæртæг æмæ Дзерассæ æрæнцадысты Æхсары мусонджы. Стæй лæппу дзуры:

— Ды уал ацы дзæбæх ран абад, æз цон æмæ ме ’фсымæры искуы рацагурон.

Уалынмæ фæзындис Æхсар. Дыууæ æфсымæры кæрæдзи халдих уыдысты. Дзерассæ йæ йæхи лæг фенхъæлдта æмæ йæм йе ’ргом аздæхта. Фæлæ Æхсар йæ чындзы базыдта æмæ йын æгъдау кодта. Дзерассæ, лæппуйы ахæм хуызы уынгæйæ, смæсты æмæ бустæхуызæй бадти. Уыцы хуызы сæ æрбаййæфта Æхсæртæг. Фæгуырысхо лæппу йе ’фсымæрыл, сабухта йæ маст, йæ зонд ын æрбатар кодта, æмæ афтæмæй Æхсæртæг Æхсары амардта. Фæлæ уайтагъд бамбæрста, цы стыр рæдыд фæкодта, уый æмæ уæд йæ царды сæр нал райста — йе ’фсымæры раз йæхи амардта.

Фæкуыдта Дзерассæ дыууæ æнамонд æфсымæрыл, стæй йæ цæгатмæ ацыд. Царди йæ хæдзары Дзерассæ, стæй бамбæрста, æнхъæлцау кæй у, уый æмæ нарты бæстæм ацыд. Бацамыдта йæхи нартæн æмæ Æхсæртæджы мæсыджы æрæнцад. Рацыди та рæстæг, æмæ Дзерассæйæн райгуырди дыууæ фаззоны: сæ иу — Уырызмæг, се ’ннæ — Хæмыц. Æмæ фæстæмæ йæ цæгатмæ ацыд. Лæппутæ цалынмæ æнахъом уыдысты, уæдмæ сын нарт сæ фыды фыды сæхицæн рæгъаугæс скодтой. Фæлæ Уырызмæг æмæ Хæмыц куы байрæзыдысты, уæд зæронды сæ хæдзармæ æркодтой.

Бахъæлдзæг Уæрхæг, йæ фыртты мыггаг кæй нæ сыскъуыди, уый цинæй æмæ йæ хуыз скалдта.

— Ай нын нырма нæ мады фæдардзæн, — загътой лæппутæ æмæ сфæнд кодтой сæ мад Дзерассæйы йæ цæгатæй скæнын.

Араст æм сты Донбеттыртæм æмæ йæ фæстæмæ сæхимæ æрхуыдтой. Нартмæ куы æрхæццæ Дзерассæ, уæд дзы лæппуты фыдыфыд Уæрхæг йæхицæн бинонтæ загъта.

Цæрынтæ байдыдтой бинонтæ. Афтæмæй иу заман Уырызмæг æмæ Хæмыц дард балцы ацыдысты. Зæронд Уæрхæджы иу бон бафæндыд йæ дойны басæттын, æмæ дзуры Дзерассæмæ:

— Ныууай-ма, мæ хур, доны былмæ æмæ мын дзы йæ уазалæй сдав. Хъæрмуст донæй мæ дойны нæ цæуы.

Дзерассæ къæртатæ айста æмæ донмæ ацыди. Куыддæр доны былмæ ныххæццæ, афтæ кæсы, æмæ дын йæ размæ лæууы дæтты хицау Гæтæг. Фæныкъуылдта сылгоймагмæ йæ цæст æмæ йын афтæ зæгъы:

— Уæ, мæ хуры хай, рæсугъд Дзерассæ, куыд урс у дæ буар, куыд хæрзконд дæ! Баком мын, бацæр мемæ. Кæннод дын дон нæ ратдзынæн.

Фæтарсти Дзерассæ æмæ æнæ донæй сæ хæдзармæ алыгъд.

Дыккаг хатт та ацыдис Дзерассæ донмæ. Фæлæ та Гæтæг йæ размæ фæци. Нал дзы фæлыгъди ацы хатт Дзерассæ æмæ йемæ баззади. Æрмæст уый фæстæ Уæрхæджы хæдзармæ нал раздæхт, ацыди йæ цæгатмæ — Донбеттыртæм.

Донбеттыртæм Дзерассæйæн райгуырди лæппу. Ном ыл сæвæрдтой Сырдон, Гæтæджы фырт Сырдон.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.