Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆЗ ДÆР ТА УÆМ ЗЫНДЗЫНÆН



Ралæ ууыди та сæ рд. Фæ саууонмæ чи ахуыр кодта, уыдон аивылдысты горæ тмæ, сесситæ м. Уыдонимæ — æ з æ мæ Дзасарбег дæ р. Мах фæ йнæ курсы ахуыр кодтам. Нæ фæ лварæ нтæ иу бон фесты. Райсом нæ химæ ацæ удзыстæ м, зæ гъгæ, афтæ проспекты хæ рхæ мбæ лд фестæ м нæ колхозы сæ рдар Тамбиимæ. Уый уыди тынг æ нæ вдæ лонхуыз. Хабæ рттæ й нæ тагъд-тагъд афарста. Стæ й нын загъта:

— Сымах, æ вæ ццæ гæ н, нæ фехъуыстат Алхазы фæ рынчыны хабар?

Мах кæ рæ дзимæ бакастыстæ м. Уый нын дарддæ р дзырдта:

— Мæ нмæ ардæ м обкоммæ фæ сидтысты. Иу-дыууæ боны афæ стиат уыдзынæ н. Сымах батагъд хъæ уы уæ куыстмæ... Тарф рынчын æ й хонынц. Дохтыр æ м арвыстам. Чи зоны, ардæ м ласын æ й бахъæ уа! — Иучысыл йæ ныхас фæ урæ дта Тамби, зæ хмæ ныккаст, стæ й та йæ цæ стæ нгас махæ рдæ м фæ зылдта, йæ ныхæ стыл ма бафтыдта:

— Рагæ й йæ зонын, фæ лæ æ нхъæ лдæ н, йæ къахы алгъ дæ р никуы срысти... Къæ дзæ хы хуызæ н фидар уыд. Хуымæ тæ джы низæ н æ нцонтæ й æ ртасын нæ бакуымдтаид! Тагъддæ р æ й бабæ рæ г кæ нут.

Тамби ацыди. Мах та кæ рæ дзимæ бакастыстæ м: дзæ бæ хæ й йæ куы ныууагътам, уæ д ыл цы ’рцыдаид, цымæ?

Фæ рсæ й-фæ рстæ м араст стæ м нæ фæ ндагыл. Мæ н уыцы сахат мæ хъуыдытæ ахастой сæ рдыгон хизæ нтæ м. Мæ цæ стытыл хъазыдысты не ’мбæ лттæ, Алхаз. Рынчынæ й нæ, — куыд æ й ныууагътон, афтæ хъæ лдзæ гæ й, æ нæ низæ й. Мæ хъуыдыты хал мын æ виппайды аскъуыдтой Дзасарбеджы ныхæ стæ:

— Абон дæ р ма ам цы лæ ууæ м? — зæ рдиагæ й загъта уый, — тагъддæ р нæ ацæ уын хъæ уы нæ химæ!.. Чи зоны, кæ д Алхазы нæ сæ р истæ мæ н хъæ уы!

Æ з ме ’мбалы ныхæ стыл дыууæ нæ загътон.

***

Æ мæ та мæ нæ Тарком, хæ хтæ, сæ рдыгон хизæ нтæ. Ирд сæ умæ райсом. Хур хохы сæ рæ й йæ был сдардта, йæ тынтæ нæ м æ рбауæ фта. Сагхъазæ ны зад кæ рдæ гыл тæ мæ нтæ скалдтой райсомы æ ртæ хтæ. Цæ гатвæ рсты хизæ нтæ ма уымæ л дарынц. Нæ куыйтæ фынæ й кæ нынц дзуджы кæ рон. Фыстæ кæ м хуыссынц, кæ м лæ ууынц, сынæ р цæ гъдынц. Раджы ма сын у хизынмæ скъæ рынмæ.

Нæ мусонджы раз лæ гъз къæ йдурыл фæ лмæ н фистын хъæ ццул æ рытыдта Дзæ мбег. Мусонгæ й рахуыдта Алхазы æ мæ йæ ууыл сбадын кодта, бæ рз лæ дзæ г æ м радта. Зæ ронд дыууæ къухæ й лæ дзæ гыл хæ цы, йæ кæ рон ын къæ хты астæ уты дурмæ фидар быцæ у сарæ зта. Æ рæ нцой йыл кодта æ мæ йæ хи хурмæ тавы. Йæ цæ сгом — фæ лурс, йæ дæ ллагхъуыртæ æ нцъылдтæ, къухтæ фæ хусдæ р сты. Йæ цæ ст ахæ ссы хæ хтыл. Фидар, æ нусон сты. Афтæ йæ м кæ сы, цыма арвы дæ р уыдон уромынц. О, о, хæ хтæ уæ лæ уæ з уымæ н сфардæ г сты, хуры тынтæ сыл æ хсызгонæ й уымæ н ахъазынц. Уыдон сты æ вдисæ н, Алхаз дæ р кæ ддæ р нырау æ гуыдзæ г кæ й нæ уыд... Кæ ддæ р-иу ам сагтæ хъазыдысты. Ныр нал сты, сæ номыл баззадысты хъазæ н дæ лвæ зтæ.

Гъе, ахæ м хъуыдытæ зилдух кæ нынц ацы райсом Хæ ддзургæ чиныг Алхазы сæ ры. Æ мæ сæ махæ н дзуры. Горæ тæ й куы æ рцыдыстæ м, уæ д ын цалдæ р боны фæ дзырдтам, хъæ умæ дæ аласæ м, рынчындоны тагъддæ р сдзæ бæ х уыдзынæ, зæ гъгæ. Не сразы ис. Знон та йæ м Тамби йæ хæ дæ г фæ зынди. Машинæ дæ лейы, коммæ æ рбацæ уæ ны ныууагъта. Дысон ам баззад колхозы сæ рдар. Ныр дæ р мусонджы ис, фынæ й кæ ны. Махæ н бафæ дзæ хста: уæ хистæ рты барæ вдз кæ нут фæ ндагмæ. Не ’ппæ ты разæ й фестад Дзæ мбег. Уый уæ лдай æ нувыддæ р зилæ нтæ кæ ны. Мидæ гæ й мусонджы цыдæ ртæ архайы. Æ вæ ццæ гæ н, бæ лццæ ттæ н аходæ ны кой кæ ны. Æ хсыр æ мæ кæ рдзыны тæ ф былтыл уайы. Дзасарбег, Солтан æ мæ æ з нæ хистæ ры алыварс сбадтыстæ м. Фæ нды нæ, цалынмæ нæ ма араст ис йæ фæ ндагыл, уæ дмæ йæ барæ вдауын, зæ рдæ тæ йын авæ рын, стæ й йын йæ хи фæ дзæ хстытæ м байхъусын.

Мах ын æ ппæ лæ м шофырæ й: уый цы фæ ндæ гтыл атæ ра йæ машинæ, ууылты йæ ныфс ничи бахæ сдзæ н.

— Бузныг, мæ чысыл хæ лæ рттæ. Сымах аккаг арфæ тæ уæ вгæ дæ р нæ разындзæ н... Æ з цæ уын... æ мæ уæ иу хабар курын — макуы мын бацæ ут хæ хтæ æ мæ Дзæ мбеджы зæ рдæ худты. Уыдон æ мхуызон мадзура æ мæ тыхджын сты... Хæ хтæ нæ фидауынц æ нæ адæ ймаг! Мæ лæ ппуйы бонты-иу арæ х схызтæ н сæ сæ рмæ, дардмæ -иу фæ лгæ сыдтæ н, хъуыстон сын сæ сусæ г улæ фтмæ, се ’хсæ рдзæ нты сæ р-сæ рмæ... Уыдон кæ д арвмæ, стъалытæ м хæ стæ гдæ р сты, уæ ддæ р сæ бындур зæ ххыл ис. Зæ хх та адæ мæ н сæ цардыхос у... Агурут уыцы цардыхос...

Никуы федтам афтæ æ нкъард æ мæ сагъæ схуызæ й Алхазы. Йæ хъуыдыйæ дзаг цæ стыты сæ рмæ куыддæ р балхынцъытæ сты йæ æ рфгуытæ. Афтæ зынди, цыма йæ бирæ таурæ гътæ, йæ бирæ зæ гъинæ гтæ æ рдæ гдзырдæ й зайынц, æ мæ цыма ууыл тыхсти. Йæ иу уæ раг уыд бæ зджын бæ мбæ г æ мæ бинтæ й бæ стытæ. Хатгай-иу ын хус хуыфæ г йæ тæ рттæ ахгæ дта. Анызта-иу, дохтыр ын цы хостæ ныууагъта, уыдонæ й...

Хур дзæ вгар ссыди хæ хты сæ рмæ. Аходæ н бахордтам. Тамби нын хъæ лдзæ гæ й дзырдта:

— Сымахæ н циу. Ам, хæ хты астæ у, сыгъдæ г уæ лдæ ф æ мæ цъитидæ ттæ й уæ фарчы хай тонут... Æ з та, мæ гуыр мæ бон, уым тухийæ мæ лын... Чи зоны, цынæ вæ ййы, куыд нæ рауайы, суæ гъд мæ кæ ндзысты... Æ мæ уæ м Алхазы бæ сты фæ зындзынæ н... Уымæ н та пенси ратдзыстæ м!..

Фæ лæ махæ й никæ мæ уыд уыцы сахат хъазæ н ныхæ стæ кæ ныны зæ рдæ.

Мах, æ рыгон фыййæ уттæ, хæ хты астæ у бирæ бонты кæ имæ æ рвыстам, буц хистæ р æ мæ Хæ ддзургæ чиныгæ й кæ мæ дзырдтам, йæ диссаджы таурæ гътæ нын нæ зæ рдæ ты чи ныууагъта, уыимæ хъуамæ ныр фæ хицæ н уæ м. Мах цардхъом æ рыгæ ттæ, уый — зæ ронд, рынчын. Цæ мæ й зонæ м, искуыма йæ фендзыстæ м, уый...

Машинæ йы онг йæ фæ стæ ацыдысты Дзасарбег æ мæ Дзæ мбег, радыгай йæ сæ уæ лкъухты хастой, цыма сын бынтон чысыл сывæ ллон уыд. Мах сæ фæ стæ æ нкъардæ й кастыстæ м. Æ нкъард æ мæ иучысыл сæ ргойхуыз уыд Наф-наф дæ р. Цыма æ рæ джиау бамбæ рста, цы ’рцыди, уый, афтæ азгъордта сæ фæ дыл. Алхаз æ м фæ сидти, йæ сæ р, ын адаудта æ мæ йын дзугмæ ацамыдта:

— Цæ угæ уырдæ м...

Куыдз раздæ хти фæ стæ мæ. Чысыл суади, стæ й та уырдыгмæ йе ’ргом азылдта, йæ фæ стæ гтыл абадтис æ мæ уынгæ г хъæ лæ сæ й баниудта. Æ мæ æ цæ г, махæ н не ’ппæ тæ н дæ р цыдæ р нал фаг кодта уыцы райсом. Цыма Таркомы хæ хтæ æ гомыгдæ р фесты, цыма цъиутæ бæ рзбынты иннæ хæ ттытау хъæ лдзæ гæ й нал зарыдысты, цыма хъæ батыр цæ ргæ стæ нæ сæ рты афтæ бæ рзæ ндты нал тахтысты...

Не ’мбæ лттæ нæ м фæ стæ мæ куы ссыдысты, уæ д сæ æ з бафарстон:

— Гъы, куыд у? Зын нæ уыди Алхазæ н машинæ йы?

— Куыннæ. Фæ лæ фидар лæ ууыд. Стæ й зоныс, йæ фæ стаг ныстуан дæ умæ уыдис.

— Куыд?

— Дзæ бæ х, хъæ лдзæ г æ мæ æ нæ низ ут! Фосмæ хорз зилут... Æ з дæ р та уæ м зындзынæ н!

— Нæ сайыс?

— Нæ! Раст куыддæ риддæ р фæ дзæ хста, афтæ дын æ й загътон.

Мæ нæ н æ хсызгон уыди нæ хистæ ры уыцы ныстуан.


[1] Сурмæ? (Скангæ нæ джы фиппаинаг)

[2] Балябин æ мæ Богомаков уыдысты граждайнаг хæ сты Сыбыры зындгонд партизантæ й, Гетъоты Хаджи-Омары æ мтохгæ нджытæ. Уыдоны дæ р фехстой урсытæ (автор).

[3] Секк хæ ссун — подозревать, обвинять (Дыгурон-уырыссаг дзырдуат, 2003 аз).

[4] Уырыссаг æ взаджы æ мбарынгæ нæ н стыр дзырдуат (С. А. Кузнецов, 2010 аз): Поплин — шёлковая, полушёлковая или хлопчатобумажная ткань с мелким поперечным рубчиком.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.