![]()
|
|||||||
ХЪУЫДДАГ ТА АФТÆ УЫД.Хивæ нд лæ ппу Солтан йæ хъус дзæ бæ х не ’рдардта Дзасарбеджы фæ дзæ хстмæ. Цы фæ ндаг ын бацамыдта, ууылты нæ рацыд. Цæ ттæ фæ ндагыл алчидæ р цæ уын базондзæ н! Уым диссагæ й ницы ис! Ды хъуамæ дæ хæ дæ г ссарай ног фæ ндаг. Æ мæ хæ рæ джы æ вæ дты атардта. Хæ рæ г уæ ззау уаргъимæ лæ гъз рæ ттæ м тырныдта, Солтан та йæ рагон къахвæ ндагмæ арæ зта. Хайуан-иу, цъындæ й цæ уæ гау, уади. Йæ уæ ргътæ -иу куы иуæ рдæ м, куы иннæ рдæ м фæ бырыдысты. Тыххæ йты-иу сæ барæ вдзытæ кодта. Лæ ппу æ рæ джиау бамбæ рста, хорз фæ ндыл кæ й нæ ныллæ ууыд, уый. Æ мбисмæ дæ р нæ ма ахæ ццæ, афтæ хур хæ хтыл æ рныгуылд. Талынг æ хсæ в æ рбаввахс æ мæ тасы æ фтыдта лæ ппуйы... Ахæ м сахат æ гомыг къæ дзæ хтæ æ мæ бæ лæ стæ й æ ххуысмæ никæ мæ бадзурдзынæ. Мæ нæ иу ран хæ рæ джы фæ стаг къах тулдз бæ ласы уидæ гты æ хсæ н арф аныхсти. Схæ ц-схæ ц ма йыл кæ ны, мæ гуыр, фæ лæ йын нал комы сласын. Йæ уæ раджы лыстæ джы царм фегом æ мæ дзы туг рахъардта. Иучысыл алæ ууы, стæ й та йæ къах срæ мудзыныл ацархайы, фæ лæ дзæ гъæ лы. Æ рæ джиау æ рхуыссыд йæ уаргъы бын... Солтан тынг тæ ригъæ д кæ ны йæ хæ рæ гæ н. Йæ уæ ргътæ йын исы йæ рагъæ й. Иуварс сæ авæ ры: кæ д афтæ мæ й сыстид, зæ гъгæ. Æ мæ, æ цæ г, Дзæ хой (афтæ йæ хуыдта) дзæ вгар фæ цæ рдæ гдæ р. Афтæ зыны, цыма ныр уидæ гты æ хсæ нæ й йæ къах сласын йæ бон бауыдзæ н. Сыстадис æ мæ та йæ къахыл схæ ц-схæ ц кæ ны. Нæ й, никуы æ мæ ницы. Бæ рæ г у: йæ къахыл лæ ууын нал фæ разы. Йæ бынаты та æ рхуыссыд... Солтан æ гæ р хорз дæ р ма бамбæ рста йæ уавæ р. Сæ химæ ацæ уид, æ мæ сырдты мæ рдтæ дзæ гъæ лы куыд ныууадза? Æ ниу Дзæ хой!.. Цы йын зæ гъдзысты йе ’мбæ лттæ? Нæ, Солтан цыфæ ндыйæ дæ р æ хсæ вæ ддæ баззайдзæ н... Агурæ г æ м рацæ удзысты, фæ лæ кæ дæ м? Кæ уылты йын загъд уыд, ууылты нæ ацыд... Хæ рæ г хуыссы æ мæ, йæ дзых кæ дæ м æ ххæ ссы, уым кæ рдæ джытæ æ хсыны. Солтан кæ рдæ г тоныныл фæ ци. Цалдæ р хатты йæ дæ лармыдзæ гтæ æ рбахаста æ мæ йын сæ йæ разы ныккалдта. Уый сæ адджынæ н хордта. Лæ ппу сбадти йæ фарсмæ. Уалынмæ ныммæ йдар. Хъуыдытæ йæ сæ мусонгмæ ахастой. Йæ цæ стытыл ауадысты йе ’мбæ лттæ. Цымæ цытæ дзурынц? Агурынмæ йæ м нæ ма рацыдысты? Ехх, æ вæ дза, ныр æ й Сосланы лæ дзæ гыл тыхт чъиуæ й ахуырст фæ скъæ уттæ куы уаиккой! Ссудзид сæ æ мæ дзы тар æ хсæ в ныррухс уаид!.. Мæ йдар æ хсæ в ахæ м æ гомыг сабыр ныцци, ахæ м, æ мæ лæ ппу йæ зæ рдæ йы гуыпп-гуыпп дзæ бæ х хъуыста. Уый, сахаты цъыкк-цъыккау, æ нувыдæ й тæ лфыд. Æ мæ мæ нæ йæ зæ рдæ æ виппайды куыддæ р ауазал. Йæ хъустыл æ нахуыр уынæ р æ рцыдис. Фыццаг æ м афтæ фæ касти, цыма йæ исчи агуры, чидæ р æ м дзуры. Йæ улæ фт баурæ дта, æ дзынæ г байхъуыста. «У-у-у-о-о! Æ -у-у-о-о! » — хæ стæ г кæ цæ йдæ р ниудтой бирæ гътæ! Йæ бадæ нæ й фестад Солтан. Алидза? Фæ лæ кæ дæ м? Йæ цуры бæ рзонд тулдзы цъупмæ скасти. Цы акæ ндзæ н? Æ виппайды йæ цуры куы æ рбалæ ууой. Нæ йæ м кард, нæ æ ндæ р исты хæ цæ нгарз... Тагъд-тагъд уаргъæ й райхæ лдта бæ ндæ нтæ. Цалдæ ры кæ рæ ттæ дзы бæ ласы къалиутыл æ руагъта, хæ рæ джы алфамбылай. Сæ кæ рæ ттæ, дзидзæ рой кæ нгæ йæ, зæ ххыл æ мбæ лдысты. «Бирæ гътæ, дам, бæ ндæ нæ й тæ рсаг сты... Калм æ й фæ хонынц... » Иу бæ ндæ н йæ астæ уыл, иннæ йæ къухы, афтæ мæ й бæ ласы сæ рмæ хизыныл фæ ци... Уым тæ ккæ цъупмæ ’ввахс — фидар къалиутыл слæ ууыд. Бæ ндæ ны иу кæ рон къалиуыл, абаста, иннæ кæ рон зæ хмæ аппæ рста... Бирæ гътæ та дзыхъхъынногæ й баниудтой. Солтанмæ куыд фæ касти, афтæ мæ й ныр бынтон хæ стæ г уыдысты. Цыма йæ м сæ цæ стытæ ферттывтой, сæ дæ ндæ гты къæ с-къæ с раст Дзæ хойы хæ д цурæ й хъуысы. — Уыст, уыст! А-гъа-гъа! — ныхъхъæ р кодта йæ тых йæ бонæ й Солтан. Бæ ласы сæ рæ й цыдæ р хус къæ цæ лтæ фехста. Уыцы сахат хæ хтæ ныццарыдтой топпы гæ рæ хтæ й. Сырдтæ сæ дзыназынæ й фенцадысты. «Мæ н агурынц. Фæ дисы мæ м ссæ уынц! » — ныццин кодта. Солтан ныхъхъæ р кæ нынмæ хъавыд, фæ лæ не сфæ рæ зта. Бæ ласы бын æ мызмæ лд сси. Къудзитæ бирæ гъ фестадысты. Талынджы йæ м зынгцæ стытæ сæ рттывтой... стæ й цавæ рдæ р æ нахуыр æ фсæ рты цæ лхъ-цæ лхъ!.. Æ нхъæ лдæ н аргæ встой Дзæ хойы!.. Бæ ндæ нты нæ уынынц! Нæ сæ тæ рсынц!.. Йæ тых-йæ бонæ й та ныхъхъæ р кодта Солтан. Бæ ндæ н раппæ рста зæ хмæ... Нæ! Нæ! Дзæ хой æ нцад нæ лæ ууыд! Уый дæ рддзæ фмæ бафиппайдта сырдты. Æ мæ йæ къах уидæ гтæ й стонын æ ввонг слæ ууыд... «Гъо-и! » «Гъои-и!.. » — æ рдиаггæ нæ гау ныууасыд Дзæ хой. Никуыма айхъуысти æ хсæ выгон ахæ м уасын ацы рæ тты. Афтæ фæ уасы хæ рæ г æ рмæ стдæ р, сырдтæ йыл сæ хи куы ныццæ вынц, уæ д!.. Уый феуæ гъд и æ мæ лыгъди тæ ргæ бæ хæ й æ хсæ вы тары. Кæ мттæ та ныццарыдтой топпы гæ рæ хтæ æ мæ фæ дисонты хъæ ртæ!... ... Фæ дисæ ттæ уыдыстæ м мах — Дзасарбег, Сослан æ мæ æ з. Ныр Сосланы къухты даргъ лæ дзæ гыл ссыгъди пиллон цырагъ. Нæ развæ ндаг ныррухс и, згъордтам Солтаны размæ... ... Ныххæ ццæ стæ м... Нæ размæ фесты дзидзаты кæ лдтытæ, æ ркастыстæ м сæ м. Бæ ндæ нтæ, æ вдулæ нтæ. Солтан зынæ г нæ й, цæ ст нæ хæ цы хæ рæ гыл дæ р. — Цы фæ ци?! Ныртæ ккæ йын йæ хъæ р куы фехъуыстам?! — Æ з мæ нæ дæ н! — бæ ласæ й æ рхызтис Солтан. Дзасарбег æ й йæ хъæ бысы æ рбакодта: — А-а! Хивæ нд чи у!.. — Ныххатыр кæ н! Фæ рæ дыдтæ н. — Ницы дын уыд? — Ницы... Фæ лæ Дзæ хой... — Æ гайтма дæ хæ дæ г æ нæ фыдбылызæ й баззадтæ!.. Дзæ хойæ н, мæ гуыр, æ гæ р бирæ «хъузæ ттæ » кæ й уыд, уый бæ рæ г у. Асырдтой йæ. — Дзасарбег февнæ лдта хæ йттæ кæ нынмæ. Цыппар лæ гæ н — цыппар уаргъы. Араст стæ м нæ мусонгмæ. Сосланы цырагъ ма ныр дæ р пиллон уагъта. Рухс нын кодта нæ фæ ндаг. Æ з мæ хъæ лæ сы дзаг ныхъхъæ р ластон: — Алхаз! Сахан! Ма нын тæ рсут!.. Фæ цæ уæ м!.. Уыцы фæ дыл мæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд Дзæ хой: «Куыд дурзæ рдæ стæ м! Куыннæ йыл батыхстыстæ м! ». Мæ хъуыды Сосланæ н дæ р загътон. — Цы бæ рæ г ис! — загъта Сослан. — Кæ д сын аирвæ зти æ мæ афонмæ мусонджы балæ ууыд!.. Æ мæ æ цæ гæ й дæ р, нæ мусонджы дуармæ баййæ фтам Дзæ хойы. Уый æ нцад лæ ууыд, йæ цæ ф къах зæ ххыл дзæ бæ х не ’мбæ лыд. Алхаз æ мæ йын æ й Сахан цæ мæ йдæ рты бабастой. — Æ вæ дза, диссаджы хорз ма дзы аирвæ зт Дзæ хой. Æ нæ мæ нг топпы гæ рæ хтæ æ мæ адæ мы змæ лдæ й фæ тарстысты! — загъта Алхаз. Нæ уæ ргътæ æ ристам æ мæ та ногæ й нæ мусонджы бамбырд стæ м. Нæ дзуг æ нæ мæ тæ й сынæ р цагътой. Наф-наф та сыл зилæ н кодта. Цæ мæ й зыдтой уыдон, махæ н тарст æ мæ фæ дисы æ хсæ в кæ й уыди, уый.
|
|||||||
|