|
|||
ЗЫД ЛÆДЖЫ МÆЛÆТ... Уынут, далæ стыр хосгæ рсты хуссар къæ дзæ хы бын чысыл мила куыд дары. Уый Сау лæ гæ ты бацæ уæ н у. Кæ ддæ р æ й нæ фыдæ лтæ «Дæ лмагуырты лæ гæ т» хуыдтой. Дзырдтой, зæ гъгæ, дам, уым ис хæ йрæ джыты фысымуат. Рухсы цъыртт æ м никуыцæ й цыд. Уыдис æ м æ рмæ стдæ р иунæ г бацæ уæ н. Мидæ гæ й талынг — ахæ м талынг, æ мæ дын дæ цæ сты исчи йе ’нгуылдз куы фæ тъыстаид, уæ ддæ р æ й нæ федтаис. Дурбын. Лæ гъз къæ йдур йæ къултæ. Иу ныхасæ й, æ рдз йæ хæ дæ г зæ ххы бын кæ й скодта, ахæ м егъау галуан. Къæ вдайы æ ртах, миты тъыфыл æ м никуы æ рхаудта, хуры тынтæ йæ м никуы бакалдысты. Афтæ мæ й та йæ къултæ — хус, зæ ланггæ наг... Мидæ мæ бахиз, исты сдзур, æ мæ дæ къултæ мин хъæ лæ сæ й сфæ змдзысты. Тæ ккæ райсом уæ акæ ндзынæ н уырдæ м. Уæ хи цæ стытæ й йæ фендзыстут... Бакæ дзы æ нæ хъæ н дзуг, æ мæ йæ къуымы дæ р нæ фæ зындзысты. О, æ мæ уын уый дзырдтон... Нæ фыдæ лтæ йæ кæ ддæ р «Дæ лмагуырты лæ гæ т» хуыдтой. Уæ вгæ та уыди зыд æ лдар Хъантемыры лæ гæ т. Йæ алыварс — уый уыгæ рдæ нтæ æ мæ фосхизæ нтæ. Æ нæ зæ хх мæ гуыртæ й йæ м бирæ тæ æ ххуырсты куыстой. Сæ рд-иу ын дуне хос ныккарстой, фæ ззæ г-иу æ й лæ гæ ты размæ æ рластой. Æ фтауцы алыварс-иу сис самадтой, цæ мæ й ын тас ма уыдаид дымгæ æ мæ дзæ гъæ л фосæ й. Зымæ джы хъызты та фыййæ уттæ æ ндарæ нтæ кодтой Сау лæ гæ ты. Дзугæ н-иу райсомæ й дæ р, бонрæ фты дæ р æ мæ изæ рæ й дæ р хæ ринаг радтой æ ддейы миты рагъыл, стæ й-иу сæ лæ гæ тмæ баскъæ рдтой. Нæ -иу сын сырдæ й тас уыд, нæ — уазалæ й... Æ лдар-иу æ ппæ лыд: «Нæ й мæ хостæ й хуыздæ р хостæ, мæ фыстæ й нарддæ р фыстæ, мæ лæ гæ тæ й стырдæ р лæ гæ т». Иу хатт куы уыдис, уæ д та æ лдар æ мæ æ ххуырстыты æ хсæ н рауадис ахæ м ныхас. — Æ з, уе ’лдар Хъантемыр, ме ’мсæ ртæ й уæ здандæ р æ мæ рæ даудæ р дæ н. Сымах хуызæ н никæ й æ ххуырстытæ цæ рынц, — мыздæ й зæ гъай, хæ ринагæ й, дарæ сæ й. Афтæ мæ й та уæ мæ лæ гæ тæ н йæ тæ ккæ арфдæ р къуым никуыма ничи басгæ рста. Тæ ппудтæ стут! Хæ йрæ джытæ, дæ лимонтæ й тæ рсут. Искуы ма уæ искæ мæ лæ гдзинад разынæ д, бацæ ут лæ гæ тæ н йæ тæ ккæ рæ бинаг къуыммæ. Хæ снагыл уæ д та! — О, нæ хорз æ лдар, — сдзырдта уæ д æ ххуырстытæ й иу, — хæ снагыл лæ гдзинад æ вдисын нæ фыдæ лтæ дæ р кадыл нæ нымадтой. Фæ лæ иугæ р дæ у кæ м фæ нды, уым разы дæ н. Æ рмæ ст мын зæ гъ: хæ снагæ н мын цы ратдзынæ? Чъынды уыд Хъантемыр-æ лдар, тынг чъынды. Хæ снагæ н бирæ кæ м бафыстаид, йæ хицæ н дæ р хъуыдыгонд уыд. Фæ лæ йæ уæ ддæ р хъæ бæ р фæ ндыд йæ лæ гæ ты арфдæ р къуым басгарын — кæ д дзы, мыййаг, исты хæ знатæ æ мбæ хст ис, зæ гъгæ, æ мæ цымыдисæ й бафарста æ ххуырсты: — Цæ уыл сразы уаис? — Мæ афæ дзы мыздмæ ма мын уæ лæ мхасæ нæ н иу уыйбæ рц! Иунæ г æ ххуырсты афæ дзы мызд цанæ бæ рæ г уыд. Уæ ддæ р æ лдар æ рбамæ сты: — Талынг лæ гæ т басгарыны тыххæ й дæ афæ дзы мызд хъæ уы?! Гъы, абырæ г! Цармыстигъæ г! — Уæ дæ дæ хæ дæ г зæ гъ: цас мын бафиддзынæ? — Цас!.. Цас! — Хъантемыры чысыл зæ гъын фæ ндыд, фæ лæ тарст, æ ххуырст лæ ппу куы нал сразы уа, уымæ й, йæ хинымæ р баджис-къус кодта, стæ й фидарæ й загъта: — Мæ дзугæ й дын æ ртæ фысы ратдзынæ н! Уый дæ р, мæ хорз зæ рдæ йыл кæ й дæ н, уый тыххæ й... — Уæ дæ ды, хъæ батыр æ лдар, басгар дæ хæ дæ г дæ лæ гæ т, æ мæ дын мах нæ хæ дæ г ратдзыстæ м... — Цы, цы мын ратдзыстут? — фæ цырд и æ лдар. — Иу афæ дз дæ м не ’ппæ т иумæ лæ вар бакусдзыстæ м! — загъта фыййæ утты кæ стæ р, хиндзастæ й афарста йæ иннæ æ мбæ лтты: — Разы стут мемæ? — Разы стæ м, — загътой æ мхъæ лæ сæ й. Æ лдары кæ рæ ф цæ стытæ сæ къуырфытæ й рацæ йхаудысты. Æ ххæ ст нæ ма æ ууæ ндыд йе ’ххуырстытыл æ мæ та сæ афарста: — Куыд загътат, куыд? Цы мын ратдзыстут, загътат? — Иу афæ дз дын лæ вар бакусдзыстæ м! — Уæ дæ разы дæ н! Цæ уын ныртæ ккæ мæ лæ гæ тмæ! Иу хæ йрæ г, иу дæ лимонæ й дæ р нæ фæ тæ рсдзынæ н, хъусут? Сымах мæ нæ н кусдзыстут æ нæ хъæ н афæ дз лæ вар! — æ мæ фæ раст ис æ лдар, фæ лæ йæ фыййæ уттæ й чидæ р баурæ дта: — Фæ лæ уу, иу хабар ма ис... Цæ мæ й базондзыстæ м, ды лæ гæ тæ н йæ тæ ккæ арфдæ р къуыммæ фæ хæ ццæ дæ, уый? — Ау, афтæ мæ й мыл не ’ууæ ндут? — Æ ууæ ндгæ дыл куыннæ кæ нæ м, фæ лæ хæ снаг æ вдисæ йнаг домы. Мæ нæ дын цурк. Куыддæ р лæ гæ ты хæ д рæ бынмæ бахæ ццæ уай, афтæ йæ уым зæ ххы арф ныкъкъуыр. Мах цурк йæ бынаты къуырдæ й куы баййафæ м, уæ д уый уыдзæ н нæ фембылды бæ рæ ггæ нæ н. Кæ д нæ, уæ д та нын дæ хæ дæ г æ мбылды бынаты баззайдзынæ! — Разы дæ н ууыл дæ р! — загъта æ лдар æ мæ цуркимæ бараст ис лæ гæ тмæ. Цурк ныкъкъуырыны тыххæ й ма йæ м фæ рæ т дæ р радтой. Рæ стæ г цыдис, фæ лæ æ лдар фæ стæ мæ никуыцæ йуал зынд. Уæ д æ ххуырстытæ ссыгътой нæ зы цырæ гътæ. Бацыдысты лæ гæ ты арфмæ. Æ мæ куыд æ нхъæ лут? Цыхуызæ н æ й йæ ссардтой? — Исты хæ знатæ йæ дзыппыты æ мбæ хста, æ вæ ццæ гæ н? — сдзырдта Сослан. — Нæ! Фæ рæ дыдтæ, лæ ппу, — загъта Алхаз æ мæ ма йæ ныхæ стыл бафтыдта: — Мардæ й йæ ссардтой, мардæ й. — Уый та куыд! Чи йæ амардта? Æ цæ гæ й дзы хæ йрæ джытæ уыдис? — Нæ! Хæ йрæ джытæ никуы уыдис æ мæ нæ й дунейыл. Уый кæ рæ ф адæ ймаг уыд. Кæ д йæ фырзыдæ й талынг лæ гæ тмæ цæ уын фæ нд скодта, уæ ддæ р тæ ппуд уыд. Цурк зæ ххы куы къуырдта, уæ д æ нæ рхъуыдыйæ йæ цухъхъайы фæ дджи æ рцахста. Фæ стæ мæ куы здæ хти, уæ д æ й цурк баурæ дта. Цыдæ р мæ æ рцахста, зæ гъгæ, фыртасæ й йæ зæ рдæ аскъуыд... Мах æ ртæ йæ дæ р джихæ й баззадыстæ м. Алхаз йæ мидбылты бахудт æ мæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Афтæ, мæ хуртæ, мæ гуыр æ ххуырстытæ сæ маст райстой сæ саузæ рдæ æ фхæ рæ гæ й.
|
|||
|