Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Мæ сæр æркъул кодтон йæ цуры



Мах хуызæ н мардмæ нæ цæ уынц æ ндæ р рæ тты...
Фезмæ лæ н нал уыдис абон нæ уæ лмæ рдты.

Уыцы дыууæ рæ нхъы кæ цæ й ист сты, уый, æ вæ ццæ гæ н, сымахæ й алчидæ р зоны. Раст зæ гъгæ йæ, уыцы ныхæ стыл бирæ хæ ттыты ахъуыды кæ нын. Мæ зæ рдæ мæ м афтæ сдзуры, цыма, нæ адæ мы æ гъдæ уттæ й фыдæ лтæ й нырмæ хорзæ й цы баззад, уыдонæ й сæ иуæ н æ вдисæ н лæ ууынц...

Ахъуыды-ма кæ нут, цал æ мæ цал хатты хуындæ уыд сымахæ й алкæ й дæ р чындзхон, чызгæ рвитæ г, номæ вæ рæ г. Алкæ д нæ ацæ ут. Цины хъуыддаг æ нæ дæ у дæ р ацæ удзæ н. Нæ й афтæ зæ гъæ н зианы сахат. Зиан циндзинадæ й хистæ р у. Уым æ гъдау раттын хъæ уы. Зианджынæ н йæ зыны бон йæ фарсмæ балæ ууын — мах адæ ммæ стыр хæ сыл нымад сты. Ам «нæ цæ ууын» нæ зæ гъдзынæ. Æ взæ р бон æ мæ йæ дард фæ ндаг дæ р нæ бауромдзысты. Уæ лдайдæ р та, зиан адæ мы куы уа, уæ д. Ома лæ г канд йæ хи бинонтæ н нæ, фæ лæ хъæ убæ стæ н, адæ мæ н æ мхуызонæ й куы амæ ла, уæ д...

Гъе, ахæ м зианы фæ дыл ацыдыстæ м мах æ рæ джы горæ тæ й суанг уæ ртæ Æ рæ фы фале Кæ сæ г-Балхъармæ хæ стæ г ирон хъæ умæ. Нæ дзурдзынæ н, цас адæ м æ рæ мбырд мардмæ, цас цæ ссыг ыл фæ калдтой, йæ ингæ ны уæ лхъус цæ йбæ рц зæ рдæ бын ныхæ стæ фæ чынд, уыдæ ттыл. Ме ’мбæ лттæ й цыдæ р æ гъдауæ й фæ хицæ н дæ н. Уыдон фæ йнæ -фæ йнæ раны лæ уд фесты...

Ахæ м ран чидæ риддæ р æ рбалæ удзæ н дæ цуры, уæ лдайдæ р дардæ й æ рцæ угæ уазæ г дæ, уый куы зона, уæ д. Сæ цæ ст дæ м фæ дардзысты зианджыны сыхæ гтæ, йæ хæ стæ джытæ. Арфæ дын ракæ ндзысты. Чи зоны, хабæ рттæ й дæ р дæ афæ рсой...

Уый, æ вæ ццæ гæ н, чи ’мбæ лы, ахæ м æ гъдау у. Зианджынæ н йæ зыны сахат йæ цуры чи ’рбалæ ууыд, уыдонæ н салам раттын йæ бон нæ вæ ййы. Уыцы хæ с сæ химæ райсынц йæ хъæ убæ стæ, йæ хиуæ ттæ.

Хæ стæ г лæ уд мæ м чи фæ цис, уыдонæ й мæ м цалдæ р æ рбацыдысты. Сæ хицæ н хæ сыл цы нымадтой, уый-иу бакодтой, стæ й-иу уæ д аивæ й иуварс алæ ууыдысты.

Мæ цурмæ æ рбацыд ныллæ г, фæ лæ стæ вдтæ арæ зт ацæ ргæ лæ г, йæ цæ сгом — хæ буздзыхъхъытæ. Кæ д мартъийы хур дзæ бæ х тавта, уæ ддæ р ууыл уыдис ног синджын кæ рц æ мæ бухархуд, йæ къæ хтыл рог цырыхъхъытæ къалостимæ. Кæ рц кæ д чысыл дæ лæ сингомау уыд, уæ ддæ р ыл худ æ мæ къахыдарæ симæ дзæ бæ х фидыдта. Йæ ных зына-нæ зына рахид... Хæ рзхуыз, йæ уæ рæ х цъæ х цæ стытæ куыддæ р æ нахуыр æ рттиваг уыдысты, æ мæ йын куы хъæ лдзæ г мидбылты худтæ й, куы та сагъæ схуызæ й, йæ зæ рдæ йы уаг æ вдыстой.

Рагон зонгæ йау мын салам радта, мæ къух мын алхъывта.

— Ай зæ ронд дæ р куынæ кæ ныс, ме ’рдхорд! Дæ урс сæ рыхъуынтæ дæ азтыл комдзог куынæ цæ уиккой, уæ д æ ппындæ р дæ лæ ппуйы хуызæ й ницыма аппæ рстай. Уæ дæ ма мæ нмæ æ рбакæ с. Цас кардæ рхуыз дæ н дæ цуры. Афтæ мæ й та мæ хистæ римæ сымах æ мгæ рттæ уыдыстут. Нал мæ хъуыды кæ ныс?

— Куыд нæ! Хъуыды ма дæ кæ нын! — гæ ды ныхас загътон, мæ цæ сгом ссыгъди. Æ вæ ццæ гæ н, фæ сырх дæ н. Лæ гыл лæ мбынæ г дæ р мæ цæ ст ахастон. Нæ! Никуы йæ федтон.

Мæ фарсмæ лæ ууæ гмæ фæ дзырдтой, æ мæ тагъд-тагъд ауад.

Уæ лмæ рд уыдис хъæ уæ й иуварсгомау, бæ рзонд ран. Æ з мæ алыварс мæ цæ ст ахастон. Хуссарвæ рсты фæ салыл хызтысты иугай фыстæ, стуртæ. Кæ йдæ р хæ дзарæ й уасыдысты рагзад уæ рыччытæ. Æ вæ ццæ гæ н, æ хсырхъуаг уыдысты. Егъау цъæ хсæ р скъолайы тыргътæ й хъуысыд сывæ ллæ тты хъæ лæ ба. Хъæ угæ рон кæ мдæ р хуым кодта трактор...

Ацы хъæ уы рагæ й нал уыдтæ н æ мæ дзы цы ивддзинæ дтæ æ рцыдис, уыдонмæ æ хсызгонæ й кастæ н. Æ рымысыдтæ н мæ рагон фысымты. Нал сæ базыдтаин, сæ цæ хæ радоны стыр обау куынæ уыдаид, уæ д. Фæ лæ ныртæ ккæ фемдзаст дæ н уыцы обаумæ, фæ комкоммæ дæ н кæ рты се стыр кæ рдо бæ ласмæ дæ р...

Ме ’рдхорд Хусины кæ рт! Мæ сонты бонты фысымуат! Цымæ цы баисты сæ бинонтæ? Рагон обау æ мæ стыр сæ рдыгон кæ рдо бæ лас уым сты, фæ лæ...

Раджы уыд уый. Хусинимæ мах уæ д куыстам окруджы фæ скомцæ дисы комитеты. Округ дард уыд ардыгæ й. Фæ лæ ме ’мбалимæ ардæ м, уый хъæ умæ, арæ х æ рбауайаг уыдыстæ м. Сæ рдыгон-иу уыцы кæ рдо бæ ласы бын уагътам нæ фæ ллад. Хаудысты-иу бурварс, рæ гъæ д кæ рдотæ...

Кастæ н сæ м. Бæ лас бæ рзонд фæ цыди. Цæ хæ радоны астæ уæ й дзæ бæ х зыны обау дæ р. Хуссарварс йæ миттæ атадысты. Йæ сæ р тымбыл фынгау лæ гъз, даргъгомау бандон дзы...

Дæ с æ мæ ссæ дз азы размæ... Нæ! Нæ! Цыппæ рдæ с æ мæ ссæ дз азы размæ -иу æ з æ мæ Хусин — æ рыгон сагсæ р лæ ппутæ, уыцы обауы сæ р арæ х абадтыстæ м. Нæ цин дæ р иумæ йаг, нæ хъыг дæ р. Хусинæ н уыд мад, хо æ мæ кæ стæ р æ фсымæ р. Æ з сæ м æ фсымæ ры зæ рдæ дардтон. О, ай-гъай, рæ сугъд, сыгъдæ г æ мæ тыхджын вæ ййы уыцы кары æ рыгон лæ ппуты лымæ ндзинад!..

Цы бæ стыхæ йттæ м кастæ н, уыдонæ й мæ цæ стытæ аскъуынын нал куымдтой. Мæ хъуыдытæ мæ хастой ме ’взонджы бонтæ м. Æ виппайды мæ цæ стыты цур фæ зындысты ме ’мгары мад Госæ да æ мæ йæ хо Муслимæ ты сурæ ттæ. Чызг йæ мады халдих — бæ рзондгомау, уæ нгджын. Урсцъар. Æ дзухдæ р — худæ ндзаст...

Кæ уылты уыд, уæ ды рæ стæ джы-иу фæ ндыр кæ мæ н балхæ дтой, уыцы ирон чызджы циндзинад! Хъæ убæ стæ -иу уайтагъд базыдтой: чи æ мæ йын æ й кæ м балхæ дтой, цæ й аргъ уыд...

Муслимæ тæ н уый æ з æ мæ Хусины лæ вар уыд. Горæ ты цавæ рдæ р конференцийы уыдыстæ м. Дуканийы йæ бирæ фæ ндырты æ хсæ нæ й равзæ рстам. Æ мæ -иу сæ м уый фæ стæ искуыиухатт куы фæ зындыстæ м, уæ д-иу уайтагъд нæ цуры февзæ рди Муслимæ т. Зæ рватыккау-иу нæ йæ хъæ лдзæ г цъыбар-цъыбурæ й барæ вдыдта. Мах-иу дзы ракуырдтам, цæ мæ й нын йæ фæ ндырæ й ацагътаид. Уый-иу йæ мадмæ бауадаид, худгæ йæ -иу ын ахъæ быс кодтайд:

— Ацæ гъдон сын, нана?

Госæ да-иу æ м йæ цæ ст æ рныкъуылдта, ома ацæ гъд. Чызг-иу не ’хсæ н сбадтис обауы сæ рыл. Сыхбæ сты-иу æ рыхъусын кодта йæ диссаджы цæ гъдтытæ м. Мах-иу ын Хусинимæ бахъырныдтам.

Цæ рæ г хæ дзарыл нымад нæ уыдысты. Галуæ рдоны фæ д сæ кулдуарыл цал хæ ттыты бауади, уый хъуыды кодтой. Иу хъуг, цалдæ р сæ гъы, кæ рчытæ, хъæ мпынсæ р æ мæ зæ хбын цæ лгæ нæ н. Хæ дзары сæ рыл æ мбæ рзæ н дуртæ ранæ й-рæ тты — сæ стытæ, къахыртæ. Рудзгуыты æ вгтыл гæ ххæ ттæ й æ мхасæ нтæ, сæ дуæ рттæ — зыхъхъыртæ... Сæ ныллæ г скъæ ты рагъхъæ д фæ тасыди, дардæ й бакæ сгæ йæ уыдис стыр теуайы рагъы хуызæ н. Мидæ гæ й та-иу хæ дзар уыдис сыгъдæ г, æ фснайд.

Мæ цæ стытыл ауади Муслимæ т. Уый-иу нын сæ рдыгон тæ вд боны ирон хъæ зын къусы уазал дон куы рахаста кæ рдо бæ ласы бынмæ... Мах-иу Хусинимæ æ хсæ в иу сынтæ джы дæ лфæ дтæ -уæ лфæ дтæ й куыд фынæ й кодтам. Бинонтыл не ’ххæ сыдысты хуыссæ нтæ.

Сæ фыд граждайнаг хæ сты фæ марди. Фæ лæ ног дуджы сидзæ ртæ сæ мады фæ рцы рахъомыл сты, сæ хиуыл фæ хæ цыдысты. Фæ ллой кæ нын уарзтой, сæ цард раст уагыл аразынмæ арæ хстысты.

Уæ лдай кусагдæ р басгуыхти ме ’рдхордæ н йæ кæ стæ р: лæ джы бындзæ фхад, фыдуаг, цæ рдæ г æ мæ куыстмондагæ й цъыччытæ кодта... Æ нæ дон ададжы дон рауагътаид, дуры бынæ й дæ р йæ хай скъахтаид. «Цымæ цы хуынди уыцы лæ ппуйы ном? — фарстон мæ хи. Мæ дæ лæ взаг рауай-бауай кодта: «Гацыр»... «Хачыр»... «Батыр»... Нæ, нал æ й хъуыды кодтон...

Бухархудджын та мæ цуры февзæ рд. Загъта:

— Æ нхъæ лдæ н æ мæ ацы фæ дыл аздæ хынвæ нд кæ нут? Æ нцон нæ у ахæ м ран фынгыл сбадын. Фæ лæ ардыгæ й горæ тмæ æ ххормагæ й ацу, уый дæ р цас аив уыдзæ н. Де ’мбæ лттимæ уал нæ м рацæ ут. Хæ стæ г цæ рæ м. Диссагæ й уын ницы сараздзыстæ м, уæ хи ахъарм кæ нут. Афтæ ’мбæ лы! Бинонтæ н дæ р æ хсызгон уыдзæ н!..

Уый мын хионы ныхæ стæ кодта. Æ з та мæ хи æ фхæ рдтон: «Хъуыды ма дæ кæ нын, зæ гъгæ, йын загътон... Йæ хæ дæ г дæ р мæ кæ имæ дæ р ивддзаг кæ ны... » Лæ г фидарæ й сфæ нд кодта: цыфæ ндыйæ дæ р мæ хъуамæ сæ химæ ахона. Цы ма загътаин, араст дæ н йемæ...

Уынджы иучысыл куы ацыдыстæ м, уæ д та мæ м худæ ндзастæ й æ рбакастис:

— Æ нхъæ лдæ н æ мæ мæ нал зоныс?

— Раст зæ гъыс... Стæ й дæ цыма никуы...

— Никуы федтон, зæ гъынмæ хъавыс? Æ мæ мын уæ д æ рдæ бон «хъуыды ма дæ кæ нын» куы загътай.

— Уый мын æ нæ рхъуыды ныхас уыд... Ды дæ р мæ кæ имæ дæ р ивддзаг кæ ныс? — комкоммæ дзуапп радтон æ мæ мын уымæ й фенцондæ р.

Мæ хонæ г дæ лиауæ й ныуулæ фыд. Стæ й та йæ цæ стытæ уыцы хъæ лдзæ гæ й ферттывтой:

— Ай-гъай, Тамби! Æ з дæ сæ дæ азы фæ стæ дæ р базыдтаин! Æ з Хусины кæ стæ р... Гуыцыр дæ н!.. Дыргътæ -иу уын куы давтон?.. Цавæ рдæ р бонджынты цæ хæ радонæ й?..

«Гуыцыр!.. Гуыцыр!.. Хусины кæ стæ р. Дыргътæ... » — джихæ й аззадтæ н. Ноджы йæ м æ дзынæ гдæ р ныккастæ н. Фæ ндыдис мæ кæ ддæ ры æ рыгон фыдуаг лæ ппуйы базонын, уый фенын. Фæ лæ сæ баиу кæ нын мæ бон нæ уыд. Лæ ппуйы ныв хицæ нæ й уадис мæ цæ стытыл. Уый уыд хæ рз æ рыгон, цæ рдæ г... Мæ цуры та лæ ууыди æ нахуыр ацæ ргæ лæ г. Æ рмæ стдæ р мæ м йæ цæ стыты иу ферттывдæ й фæ зынд мæ зонгæ æ рыгон лæ ппуйы хуыз, йе ’хсидгæ зæ рдæ.

— Ау, æ ппын мæ м мæ хи хуызæ нæ й ницуал ис? — уыцы хиндзастæ й та мæ афарста.

Нырма йæ м ныр фæ комкоммæ дæ н, мæ рæ дыд бамбæ рстон. Гуыцыр йæ хи зæ ронд хуыдта. Уый мæ нг ныхас уыд. Мæ цуры лæ ууыд цæ хæ рцæ ст лæ ппулæ г æ мæ йын йæ фарстæ н æ з дæ р дзуапп радтон:

— Нæ, ды де ’рыгон митæ й æ ппындæ р ницыма аппæ рстай; Нырма дæ тæ ккæ лæ ппуйæ дæ!.. Куыдтæ сты уæ бинонтæ? — мæ н фæ ндыдис уыдонæ н сæ нæ мттæ анымайын: Госæ да, Муслимæ т, Хусин, фæ лæ мын уый мæ ныхас айста:

— Дзæ бæ х... Æ рмæ ст... де ’рдхорд Хусин... Сталинграды хæ стæ й нал æ рбаздæ хт...

— Æ мæ йын бинонтæ й ницы баззад?..

— Хæ сты агъоммæ Мæ скуыйы куыста. Уырыссаг ус ын уыд. Йæ дыууæ лæ ппуйы стыртæ сты... Сæ мадимæ цæ рынц. Арæ х сæ райсæ м писмотæ... Нанайæ н мацы ской кæ н... Йæ зæ рдæ риссы...

Хусинимæ иумæ кусгæ йæ, цалдæ р хатты систам нæ къамтæ... Фыссынырдæ м дæ р æ мхиц уыдыстæ м... Цымæ уыдонæ й ницыуал баззади? Афæ рстытæ кодтон Гуыцыры. Уый загъта: сты ма уыцы къамтæ... Йæ фыстытæ й дæ р цыдæ ртæ баззад.

Ног хæ дзары кæ ртмæ бацыдыстæ м стыр кулдуарыл. Гуыцыр кæ литкæ йы цæ г фæ зылдта æ мæ загъта:

— Ам сты.

Æ фсæ йнаг къахсæ рфæ нтыл нæ къалостæ н сæ цъыфтæ асыгъдæ г кодтам. Кæ рты иуварсгомау лæ ууыд нæ машинæ. Ууыл æ рæ мбырд сты хæ рзхуыз, хæ рзарæ зт сывæ ллæ ттæ. Кæ цæ йдæ р нæ размæ рауади къаннæ г, тæ нтъихæ г чызг.

— Уæ къалостæ раласут. Æ з уын сæ ахсон!

— Æ мæ уазæ гæ н «æ гас цу» та цæ уылнæ зæ гъыс?

Чызг къæ мдзæ стыгæ й бахудти æ мæ мæ м æ рбацыд, мæ къух мын райста.

— Стыр чызг ау, мæ хур! — кæ сгæ йæ м баззадтæ н. Цыма йæ рагæ й зыдтон, афтæ мæ м сдзырдта мæ зæ рдæ.

Уый къалостимæ хихсæ нмæ бацыд. Гуыцыр мæ м бахудти:

— Никæ й хуызæ н дæ м кæ сы?

— Кæ сы, фæ лæ...

— Нæ хо — Муслимæ ты чызг у... Дыууæ йы моймæ арвыста. Йæ хистæ р лæ ппу æ фсады ис, кадровик у, мæ хæ дзар, дæ лбулкъон! Ноджы ма йын кæ стæ ртæ дæ р ис.

— Диссаг, йæ мады цæ рмыстыгъд бакодта...

Уæ дмæ та, машинæ йы цур чи лæ ууыд, уыдонæ й иу лæ ппу æ рбауадис. Туг æ мæ æ хсыр æ мхуызонæ й хъазыдысты йæ цæ сгомыл, йæ цæ стытæ æ нахуыр тыбар-тыбурæ й æ рттывтой, «цæ мæ февналон»-арæ зт уыди.

— Папæ! Шофыр нын йæ хæ дæ г загъта... Уадзыс нæ машинæ йы бадын?

— Кæ д уын йæ хæ дæ г бар радта, уæ д цæ уылнæ.

Лæ ппу азгъордта фæ стæ мæ. Сабитæ м кæ сгæ йæ, мæ зæ рдæ йы цавæ рдæ р циндзинад фæ зынд. Æ хсызгонæ й ныххудтæ н:

— Гъе уый дын Гуыцыр, гъе! Бауырнæ д дæ, дæ фырт мыл искуы куы сæ мбæ лдаид, уæ д дæ уымæ гæ сгæ æ рхъуыды кодтаин...

Мæ ныхæ стæ æ хсызгон уыдысты Гуыцырæ н, фæ лæ мæ йæ мидбылты худт æ мбæ хста, йæ ныхас иннæ рдæ м аздæ хта:

— Гъе адон дын нæ ног хæ дзæ рттæ, Тамби, æ рæ джы сæ скодтам. Ирон лæ г, дам, хæ дзар-хæ дзаргæ нгæ райгуыры æ мæ хæ дзар-хæ дзаргæ нгæ амæ лы. Фæ лæ дзы мах æ взæ р нæ цæ рæ м.

Æ з та ног бæ стыхæ йттыл, кæ ртыл мæ цæ ст ахастон. Агуыридур галуаны бын — пъадвал. Хæ дзарæ н хурыскæ сæ нæ рдæ м — егъау тыргъ авгæ й æ хгæ д. Цемент асинтыл схиз, бацу тыргъмæ. Галиуæ рдæ м — иу дуар, комкоммæ — дыууæ дуары. Дуæ рттæ — ахуырст, се ’хгæ нæ нтæ, рахæ цæ нтæ — æ рттиваг. Мах фыццаг уыдонæ й кæ ройнагмæ бацыдыстæ м. Уат ницæ мæ й хицæ н кодта горæ таг хæ рзарæ зт уатæ й. Гауызæ й телевизоры онг дзы алцы дæ р уыди.

Мæ хъустыл ауад сылгоймаджы барджын хъæ лæ с: фæ кастæ н æ м æ мæ федтон: дуарыл æ рбахызт бæ рзонд, цардхуыз ацæ ргæ ус, йæ уæ лæ сау даргъ къаба, сау сæ рбæ ттæ н; йæ дадалитæ фæ халас сты.

— Тамби! Куыд ма нæ м фæ рæ дыдтæ! Рухсаг фæ уæ д уыцы лæ г... ды ардæ м кæ й фæ дыл æ рцыдтæ!..

Базыдтон Госæ дайы. Æ васт æ м сдзурын не сфæ рæ зтон. Йæ хъæ бысы мæ æ рбатыхта. Æ з дæ р æ м мæ хи бакъул кодтон.

Цæ мæ дæ р гæ сгæ мæ цæ стытæ донæ й айдзаг сты. Æ з хатыдтон, ныййарæ джы зæ рдæ йæ риуы куыд тæ лфыд, уый. Ме уæ хскыл мын æ рæ вæ рдта йæ сæ р. Мæ хъустыл уадысты йæ фæ лмæ н ныхæ стæ:

— Куыд... куыд нæ ферох кодтай, Тамби, гормон, куыд!.. Лæ ппуйæ дæ уæ й мын хъауджыдæ р куынæ уыд... Йе ’фсымæ рæ й дæ фылдæ р куы уарзта...

Æ з æ мбæ рстон: мад кодта Хусины кой. Мæ уарзон æ мгар... мæ сонты бонты хæ стæ гдæ р хæ лар Хусины кой. Куыд сраст кодтаин мады раз мæ хи? Цы йын хъуамæ загътаин? Зæ рдæ йы æ рхæ ндæ г мын ахгæ дта мæ дзых.

— Ныххатыр кæ, Госæ да!.. Æ з тынг... тынг аххосджын дæ н дæ цуры!..

— Нæ, нæ! Цытæ дзурыс уый, Тамби! — йæ цæ сгом æ виппайды фæ рухсдæ р æ мæ ныфсджынæ й загъта:

— Цин æ мæ маст кæ д æ фсымæ ртæ сты, мæ хуртæ, уæ ддæ р сæ м иу хуызы бартæ нæ й!.. Маст æ нусмæ нæ вæ ййы... Цинæ н та кæ ддæ риддæ р зæ рдæ мæ уæ рæ х фæ ндаг ис. Ныфс æ мæ цин адæ ймаджы базыртæ сты... Уыцы базыртæ хъуамæ æ дзухдæ р фидар уой, æ нцой макуы зоной!.. — Фæ хъус и æ мæ ма загъта: — Тæ худы, Тамби, чызг дæ куы федтаид! Æ вæ ццæ гæ н ма уый зианджынтæ м ис!.. Куыд дæ фæ мысы!.. Нæ чызг Муслимæ тæ й зæ гъын! Хъуыды ма йæ кæ ныс?

— Куыннæ! Мæ н нал хъуыды кодта Тамби. Æ ндæ р ма Муслимæ тæ н йæ чызджы дæ р базыдта, — фæ цырд Гуыцыр.

— Искæ й ма йæ м фервит сывæ ллæ ттæ й, лæ ппу. Хуымæ тæ джы æ хсызгон ын уыдзæ н йæ фенд.

— Ам ис, уый зоны, нана, зоны! Æ з ын æ й загътон. Тагъд æ й ардæ м хъæ уы.

— Хорз, мæ хур, хорз!..

Зæ ронд мад, афтид стъолы уæ лхъус фæ бадтыстут, зæ гъгæ, уатæ й ауади.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.