Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ТАР ÆХСÆВ ФÆДИСЫ



Хур æ рныгуылд. Изæ рмилтæ сабыргай хъуызынц тар хъæ ды арф кæ мттæ й. Бæ рзбынтæ й нал хъуысынц цъиуты зарджытæ. Уæ лдæ фы ма иугай цæ ргæ стыл æ рхæ цы цæ ст. Æ вæ ццæ гæ н, сæ ахстæ ттæ м чи байрæ джы кодта, ахæ мтæ сты.

Хуссары хæ хтæ й уадымс хæ ссы цъити дæ тты сæ р-сæ р. Тагъд ссудздзысты арвы риуыл æ нæ нымæ ц цырæ гътæ. Уыдон уæ лдай тыбартыбургæ наг сты хæ хты сæ рмæ. Мин цæ стæ й та æ рттивдзысты нæ мусонгмæ.

Нæ фос скъæ рæ м бынæ ттæ м. Æ з цæ уын дзуджы разæ й. Мæ хæ д фæ стæ цæ уы бур нæ л сæ гъ — Боцки. Раст ыл цыма сæ ракæ й хуыд къахыдарæ с ис, афтæ хъыс-хъыс кæ нынц йæ сæ фтджытæ. Хаттæ й-хатт æ з æ рлæ ууын. Фæ стæ мæ акæ сын ме ’мбæ лттæ м. Алхаз дзуджы фæ стæ ис, йæ фарсмæ — Наф-наф. Сахан æ мæ Сослан та — фæ йнæ фæ рсты. Ахæ м æ гъдау ис фыййæ уттæ м: алчи дæ р дзы хъуамæ дзуапп дæ тта йæ куысты хайыл. Дзасарбег нын абон цуаны ацыд, Солтан — бынатгæ с.

Боцки мæ æ рбаййафы. Мæ фарсмæ алæ ууы, йæ хи мыл ахафы. Афтæ йæ фæ нды, цæ мæ й та йын йе рагъыл мæ фæ лмæ н къух ахæ ссон. Талынджы йын йæ хъуынтыл мæ къух куы адауын, уæ д лыстæ г цæ хæ ртæ скалынц. Боныгон дæ р, æ вæ ццæ гæ н, афтæ ферттивынц, фæ лæ сæ цæ ст нæ ахсы.

Æ нхъæ лмæ кæ сын Солтанмæ. Уый хъуамæ нæ размæ рацæ уа. Фæ лæ нæ зыны. «Куыд ничи зыны нæ бынаты цур? Гъа. Дзасарбег цуанæ й ма-ма æ рцæ уæ д, фæ лæ Солтан кæ м фесæ фти?! » — Мæ зæ рдæ саджилтæ кæ ны. Æ ппынфæ стаг нæ химæ фæ хæ ццæ стæ м. Фос бафснайдтам сæ бынæ тты.

— Дзасарбег, æ вæ ццæ гæ н, цуанæ й нæ ма æ рцыдаид, фæ лæ нын Солтан та кæ м ис? — фæ рсы Алхаз.

— Кæ д хæ рæ джы агуры? Йæ саргъ æ мæ йе ’фтаугæ дæ р ам не сты, — дзуапп дæ тты Сахан.

— Сугмæ йыл кæ д ауади, мыййаг? — мæ ныхас баппæ рстон æ з дæ р.

— Æ мæ мæ нæ фæ рæ т ам куы ис...

Тæ рхæ тты бацыдыстæ м. Лæ ппуйы райсомæ й бынаты ныууагътам. Сихорыл дæ р ма нæ м йæ зарджытæ хъуыстысты...

Нæ мусонджы фаллаг фарс пыхсæ й цыдæ р къаххъæ р æ рбайхъуысти. Куыйтæ срæ йдтой, стæ й фæ хъус сты. Иууылдæ р пыхсмæ нæ каст скодтам.

— Солтан. Гъе, Солтан! — хъæ р кæ нын æ з. Нæ й дзуапп дæ ттæ г. Пыхсæ й рацыдис Дзасарбег. Мах Сосланимæ йæ размæ суадыстæ м — йе ’ккойы уæ ззау хызын, топп.

— Цы? Нæ ма фæ зынди Солтан? — фæ джих Дзасарбсг.

— Æ мæ кæ м уыди?

Нæ фарстæ н нын дзуапп нал радта цуанон. Топп йе ’ккойæ æ риста æ мæ йæ Сосланмæ радта. Уæ ззау хордзен та мæ нмæ. Йæ хæ дæ г бацыдис Алхазы размæ.

— Æ фсати дын бирæ раттæ д, — загъта зæ ронд. Æ з тугæ й ахуырстытæ хордзенмæ æ ркастæ н.

— У-у-у, мæ нæ цæ ййас сæ р!.. Дзæ ргъ уыди!.. Ракæ с-ма, Сослан! — Нæ цурмæ æ рбауади Сахан дæ р. Цуаноны хордзен сгарæ м. Дистæ кæ нæ м. Дзасарбег йæ хабæ рттæ кæ нынмæ фæ ци.

Хуытæ Балцауы мæ рбынты арæ х сты. Уырдыгæ й æ рбахизынц «Галы уæ зæ гыл». Уым та бирæ уынгæ г рындзытæ ис. Цуанонæ н дзы хорз фадæ ттæ вæ ййы сырд фехсынмæ. Дзасарбег амардта дыууæ сырды — хуы æ мæ сычъи. Уырдыгæ й Солтанмæ ныхъхъæ р ласта, хæ рæ гыл рацу, зæ гъгæ. Солтан фæ цыди Дзасарбегмæ. Уый сырды мæ рдтæ хайуаныл уаргъæ вæ рд скодта, арвыста йæ хуыздæ р фæ ндæ гтыл. Йæ хæ дæ г, фæ свæ ндæ гты цуангæ нгæ, араст и бынаты ’рдæ м...

— Мацы йыл æ рцæ уа? — мæ хъустыл ауадысты нæ хистæ рты ныхæ стæ. Дзасарбеджы йæ сырдты мæ рдтæ дæ р нал æ ндæ втой. Йæ хъыримаг райста, нæ цурæ й фæ аууон. Йæ фæ дыл фæ раст стæ м, æ з æ мæ Сослан. Сахан баззад Алхазимæ...

Мæ йдар тынгдæ р æ рæ мбæ хста хæ хты, нæ уæ тæ рты. Дзасарбег фæ ллад уыд, уæ ддæ р æ й мах не ’ййафæ м. Иу ран фæ лæ ууыд. Цæ мæ дæ р байхъуыста. Фæ лæ ууыдтæ н æ з дæ р. Мæ зæ рдæ ауазал.

— Бирæ гътæ ниуынц! — не ’мбал рог фæ зылдта хъыримаг. Фæ д-фæ дыл цалдæ р æ хсты фæ кодта хæ хты ’рдæ м. Æ хсæ вы талынг кæ мттæ ныййазæ лдысты. Стæ й æ рдз гобийау ныссабыр, нал хъуыст бирæ гъты ниуд. Цыма сын топпы гæ рæ хтæ æ мæ хæ хты азæ лд сæ дзыхтæ ахгæ дтой.

Дзасарбег цæ угæ -цæ уын аифтыгъта йæ дыууæ хстон. Æ рбаййæ фта нæ Сослан. Уый спичкæ ссыгъта. Цæ уылдæ р æ й бафтауынмæ хъавы. Йæ къухы йын фиппайын даргъ резинæ йы уаццаг — уæ зласæ н машинæ йы цалхы шинæ йæ. Бамбæ рстон, мусонгæ й куы рараст стæ м, уæ д ма Сослан лæ гæ ты къуыммæ цæ мæ н бауади, уый.

— Ссудзон æ й, Дзасарбег? — фæ рсы йæ!

Спичкæ ахуыссыд. Дзасарбег нæ бамбæ рста, Сослан æ й цæ мæ й фарста, уый.

— Нæ хъæ уы! Рухс цæ стытæ сайы талынджы, — карзæ й загъта уый. Æ мæ та фæ раст стæ м. Мæ нæ н æ хсызгон у, Сосланы фæ ндæ й кæ й ницы рауад, уый. Исты мæ стæ ймарæ н ныхас зæ гъынмæ йын хъавын, фæ лæ ма мæ кæ м æ вдæ лы!..

Ногæ й та ниуынц бирæ гътæ. Тас тынгдæ р хизы риумæ, агайы зæ рдæ. Ныр мæ тынг æ рфæ ндыд, Сослан йæ резинæ куы ссудзид, уый. Фæ лæ мæ м фæ стæ мæ дæ р нæ кæ сы. Целы хохы сæ рмæ Дзасарбегæ й фæ раздæ р и. Уым йæ мидбынат алæ ууыд, стæ й йæ хъæ лæ сы дзаг ныхъхъæ р ласта: «О-о-о-о, Со-о-лт-а-ан!.. » «Со-о-лт-а-а-ан», — æ гомыг хæ хтæ та фæ йнæ рдæ м сæ хъæ лæ сты фæ хастой уыцы хъæ р. Афтæ зынди, цыма мах нæ, фæ лæ хæ хтæ сæ хæ дæ г агуырдтой Солтаны... Дзуапп дæ ттæ г нæ фæ ци.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.