Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





АРС ÆМÆ АЛХАЗ



Хиуарзон куыннæ у адæ ймаг, æ вæ дза. Йе ’мбæ лттæ й, йе ’мкусджытæ й иу къахдзæ ф раздæ р куыд цæ уа, кадджындæ р, зондджындæ р сæ куыд уа, уымæ тырны. Гъеныр мæ нæ æ з нæ дæ н. Кæ д цыфæ нды бирæ уарзын ме ’мбæ лттæ Сахан, Сослан æ мæ Солтаны, уæ ддæ р мæ уыдонæ й иучысыл хуыздæ р уæ вын фæ нды. Алхаз æ мæ мæ Дзасарбег фылдæ р куы уарзиккой, Алхазы таурæ гътæ дæ р æ з иннæ тæ й хуыздæ р куы зонин... Цæ мæ н афтæ у мæ зæ рдæ йы уаг? Нæ зонын. Цымæ ма мæ иннæ æ мбæ лттæ й искæ мæ ахæ м хъуыды ис? Уый дæ р зын зæ гъæ н у...

Хур фæ уырдыг кодта арвы астæ уæ й хæ хты ’рдæ м. Бон фæ сатæ гдæ р. Нæ фыстæ апырх сты Сагхъазæ ны хуссæ ртты, сабыр хизынц. Æ з хъуамæ сæ иу кæ рон лæ ууон. Фæ лæ мæ зæ рдæ дзуры Алхазимæ. Мæ къæ хтæ мæ уайтагъд уый цурмæ бахæ ссынц, æ мæ та ныхæ стыл свæ ййæ м.

Мæ нæ н кæ ддæ р мæ хъустыл æ рцыдис Алхаз æ мæ арсы æ мбисонды хабар. Æ цæ г уыдаид, уый нæ зонын. Æ мæ мæ йæ базонын фæ нды. Мæ хъустыл уыцы хабар мæ нæ афтæ мæ й æ рцыд: уартæ «Галы уæ зæ г» кæ й хонынц, уым, фыдвадат хохрæ бын хæ рхæ мбæ лд фесты арс æ мæ Алхаз. Куыд, цы — бæ лвырддзинæ дтæ мын нæ радзырдтой. Æ рмæ ст, дам, арс йæ быны æ рнорста Алхазы, дынджыр къодæ хтæ йыл самадта. Иучысыл йæ цуры алæ ууыд, стæ й, нал змæ лы, уый куы базыдта, уæ д йæ фæ ндагыл ацыдис. Алы хатт Алхазы афæ рсинаг вæ ййын, фæ лæ йæ м чи уæ нды. Нæ, ацы хатт ын æ нæ базонгæ нæ й. О, фæ лæ мæ ныхас цæ мæ й райдайон? Цæ мæ дæ р гæ сгæ мæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд Дзасарбег.

— Цымæ Дзасарбег куыд æ рæ гмæ зыны. Ницæ мæ й тæ ссаг ын у, Алхаз?

— Цæ мæ й йын хъуамæ уа тас? Хъæ батыр, хъаруджын, цæ хæ рцæ ст æ мæ рæ стдзæ ф!

— Арсæ й дæ р нæ?

Алхаз мæ м цымыдисæ й æ рбакасти. Цæ уылдæ р ахъуыды кодта, йæ цæ стытæ ферттывтой:

— Арс æ рмæ стдæ р цæ фæ й у тæ ссаг. Дæ фыдгулыл афтæ мæ й фæ хæ ст уа!..

— Уæ дæ цæ ф куынæ уа, уæ д адæ ймагмæ не ’вналы?

— Æ вналгæ та куыд нæ кæ ны! Фæ лæ дзы хи хъахъхъæ нын зонын хъæ уы.

— Æ мæ ахæ м тыхджын сырдæ й дæ хи куыд хъуамæ бахъахъхъæ най? Исты, мыййаг, ныхæ стæ æ мбары?

— Æ мæ уæ дæ куыд æ нхъæ л уыдтæ? Цæ рæ гойтæ се ’ппæ т дæ р æ мбарынц фæ лмæ н ныхас. Æ мбарынц цæ стæ нгасæ й дæ р. Нæ дæ уырны?

Æ з ын, йæ хиуыл цы хабар æ рцыд, уый æ рымысынмæ хъавыдтæ н. Фæ лæ мæ хи фæ уромын.

— Куы ныхъхъус дæ? Фæ дзур-ма мын уæ дæ Наф-нафмæ.

Наф-наф — нæ фыййаукуыйты хуыздæ р, уæ тæ ргæ сты уарзондæ р куыдз — йæ ном айхъуыста. Æ рбазгъордта нæ цурмæ. Алхазы раз алæ ууыд, комкоммæ йæ м кæ сы, йæ къæ дзил тилы, цинтæ кæ ны.

— Кæ с ныр лæ мбынæ г, кæ ддæ ра йæ цæ стæ нгас мæ цæ стæ нгасмæ гæ сгæ куыд ивдзæ н...

Алхаз мидбылты худгæ йæ кæ сы Наф-нафмæ. Цыдæ р фæ лмæ н ныхæ стæ йын дзуры. Куыдз фырцинæ й йæ хи цы фæ кæ на, уый нал зоны. Йæ цæ стытæ æ нахуыр змæ лд кæ нынц. Йæ къæ хты бын ахуыссыд.

— Уæ дæ ма йæ м гъеныр кæ с.

Алхаз йæ хи фæ хъуынтъыз кодта, зулаив кæ сы йæ куыдзмæ. Æ з фиппайын: Наф-нафы цæ стытæ фæ уазал, фæ тæ ргайхуыз сты. Аххосджынау сæ зæ хмæ æ руагъта, йæ хи дæ рдты ласы йæ хицауæ й, хатгай ма йæ м фæ зилы. Нæ й, йе ’рфгуыты æ лхынцъ нæ халы Алхаз. Ныр бынтон хорзау нал у Наф-наф. Фæ стæ мæ ацыд йæ бынатмæ.

— Федтай? — худы Алхаз.

— О. Æ мæ уый ахуыр куыдз у. Йæ хицауы æ мбары. Фæ лæ сырд... Арс куыд бамбардзæ н адæ ймаджы?

— Цирчы сырдтæ никуы федтай? Домбайтæ, стайтæ, суанг уырытæ... Сæ рмахуыр вæ ййынц.

Æ з мæ хи нал баурæ дтон. Цæ хгæ р афарстон Алхазы:

— Уæ дæ, Алхаз, ды фæ лмæ н цæ уылнæ дзырдтай, иухатт дæ йæ быны чи скодта, уыцы арсмæ. Куыд дзы фервæ зтæ, ууыл ма абон дæ р бирæ тæ дис куы кæ нынц... Уыцы хабар æ цæ г уыди?

— О, æ рцыдис мыл кæ ддæ р ахæ м хабар... Уæ д ма мæ тæ ккæ лæ ппуйæ уыдтæ н... Гъе, мæ нæ Дзасарбег ныр куыд у, афтæ...

Алхазы таурæ гъ мæ йемæ ахаста, ахуыдта мæ йæ лæ ппуйы заманмæ. Мæ цæ стытыл ауади хъæ батыр цуанон лæ ппу. Хосгæ рдæ нты фæ стаг бонты уыд. Таркомы хосдзауты уарынтæ хъыгдардтой, кæ й ныккарстой уыдон æ мбыдысты. Кæ д фæ бон кæ нид, зæ гъгæ уал хосдзаутæ сæ цæ вджытæ лæ гæ ты бавæ рдтой. Чи дзы æ хсæ рдзуан ацыд, чи хъæ лæ рдзыдзуан. Алхаз та «Галы уæ зæ гмæ » йæ хи айста цуаны. Йæ хистæ ртæ зыдтой: афтид къухтæ й сæ м не ’рыздæ хдзæ н. Иугæ р Алхаз фехста, уæ д сырдтæ н аирвæ зæ н нал ис.

Иу нæ, дыууæ стыр сычъийы амардта уыцы бон Таркомы Алхаз. Æ мбæ лттæ кастысты сæ мусонгæ й «Галы уæ зæ джы» хæ хты ’рдæ м æ мæ федтой — иу ран айнæ джы сæ рмæ фæ здæ г мигъау сбадти. Бамбæ рстой: Алхаз йæ хицæ н физонджытæ кæ ны. Не ’мбæ лы цуанонæ н, сырд кæ м амара, уырдыгæ й æ нæ физонджытæ скæ нгæ йæ хъæ мæ цæ уын...

Нæ фæ рæ дыдысты хосдзаутæ. Алхаз дыууæ уæ хсты бæ рз сугты цæ хæ рмæ дардта, сæ цъыс-цъыс цыди. Цуанонæ н йе стыр кард сырдты мæ рдты цур тугæ йдзагæ й аззад. Йæ хъыримаг дæ р — дæ рддзæ фгомау бæ ласы цонгыл ауыгъд. Хус сугтæ ма æ рбадавон, зæ гъгæ, цасдæ р хъæ ды бауади...

Хæ мпæ л вæ ййы уыцы афон хъæ д. Æ виппайды арвæ й дур æ рхауæ гау, йæ цуры февзæ рд дынджыр арс. Ныббогътæ йыл ласта. Йæ фæ стæ гтыл слæ ууыди, стæ й йæ м комкоммæ æ рбацыд... Афтид армæ й цы акæ ндзынæ? Фæ лæ цуанон сарæ хсти. Уый зыдта, арс фæ лмæ н ныхасæ й сабыргæ наг кæ й у. Ма йæ хъыгдар — ацæ удзæ н йæ фæ ндагыл. Æ нцад слæ ууыд Алхаз. Фæ лмæ н, рæ вдаугæ хъæ лæ сæ й йæ м сдзырдта: «Дату, Дату!.. Цы кæ ныс уый! Цу дæ фæ ндагыл... Куы ницы дæ м æ вналын... Ды дуду... дзæ бæ х Дату куы дæ... Цу, цу дæ фæ ндагыл», — æ мæ йын кастис йæ цæ стытæ м. Арс йæ раззаг къæ хтæ æ руагъта зæ хмæ, бакасти ма Алхазмæ. Стæ й иннæ рдæ м азылди. Иучысыл ацæ уы, стæ й та фæ стæ мæ фæ зилы.

Алхаз лæ ууы, фæ лмæ н ныхасæ й та арсмæ сдзуры: «Цу, Дату, цу, дæ фæ ндагыл».

Сырд куы адард и, тæ ссаг дзы нал у, лæ г уый базыдта, уæ д уыцы иу тахт баласта йæ хъыримагмæ. Раскъæ фта йæ. Æ мæ диссаг, арс ногæ й йæ цуры февзæ рд, ныббогътæ ласта.

Хъыримаг æ м бæ ргæ фæ дардта Алхаз, фæ лæ ифтыгъд нал разынд. Æ мæ ма лæ гъз ныхæ стæ бæ ргæ агуырдта цуанон, æ рмæ ст ма йæ м Дату кæ м хъуыста. Йæ къухæ й йын атыдта йæ хъыримаг æ мæ йæ дард хъамылтæ м фехста. Йæ хи йын æ рбырста.

Æ рæ гмæ фæ зынди уыцы ’хсæ в йе ’мбæ лттæ м Алхаз. Йе ’ккойы иунæ г сычъийы мард, йæ цæ сгом — фæ лурс æ мæ цъæ ррæ мыхстытæ, йæ дарæ с — скъуыдтæ. Йæ дзыхæ й ныхас дзæ бæ х нал хаудта, йæ хабæ рттæ цыдæ р амæ лттæ й ракодта хосдзаутæ н. Дзæ бæ х ыл нæ баууæ ндыдысты. Райсомæ й сæ цалдæ рæ й йемæ ахуыдта «Галы уæ зæ гмæ ». Федтой, арсимæ кæ м фæ хъæ бысæ й-хъæ бысмæ сты, уыцы бынат. Стæ й йæ дыккаг сычъийы мард сæ ккой кодтой, æ мæ фæ стæ мæ æ рбацыдысты...

— Афтæ у, мæ хур, — кæ ронбæ ттæ н кæ ны йæ таурæ гъæ н Алхаз. — Тыхст рæ стæ г дæ чи бамбара, ууыл гадзрахатæ й макуы цу... Датуйæ н йæ бон уыд нæ фыццаг фембæ лды мæ н ныцъцъист кæ нын, фæ лæ йæ м бахъардтой мæ лæ гъз ныхæ стæ... Цæ рæ гойтæ дæ р, мæ хæ дзар, æ мбарынд фæ лмæ н ныхас, æ мбарынц.

Ацыди мæ цурæ й фысты иннæ кæ ронмæ Алхаз. Йæ химæ фæ сидти Наф-нафмæ. Цыдæ р лæ гъз ныхæ стæ та йын кодта, мæ нæ дзы цыма хатыр куырдта.

Куыдз-иу йæ къæ хтæ йæ хицауы риуыл авæ рдта, куы-иу зæ хмæ æ ргæ пп кодта фæ стæ мæ, йæ хи йыл-иу ахафта.

Æ з сæ м кæ сынæ й не ’фсæ стæ н.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.