Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





«АЛХАЗЫ РИВÆДДОН»



Урсдоны сæ рмæ Соппæ ры æ рдузыл куы бацæ уай, «Куыройфыдты» мæ скъ кæ й хонынц, уымæ й Саухъæ ды тъæ пæ ныл Сæ гъгæ сы доны ’рдæ м куы ахизай, уæ д дзы иу бынат хонынц «Алхазы ривæ ддон! » Афтæ цæ мæ н хуыйны уыцы зæ ххы хай, уый, æ вæ ццæ гæ н, бирæ тæ нæ зонынц. Нæ мттæ й фылдæ р та цы ис! Се ’ппæ тыл чи у хъуыдыгæ нæ г. Фæ лæ мах æ нæ афæ рсгæ куыд хъуамæ фæ лæ ууыдаиккам. Алхаз нæ хи Алхаз у. Æ мæ йын хъуамæ йæ хабæ рттæ зонæ м. Бæ ргæ йæ афæ рсæ м, фæ лæ уый йæ хи æ ндæ р ныхæ стыл фæ кæ ны.

Иубон нæ м сыхаг уæ тæ рæ й иу фыййау уазæ гуаты æ рбацыд. Ныхас ныхасы къахы, æ мæ цæ мæ дæ р гæ сгæ «Алхазы ривæ ддоны» кой рауад. Сæ бынат уырдæ м аивынмæ хъавыдысты, æ ви уырдыгæ й æ рæ джы аивтой, афтæ куыддæ р уыди. Мах уазæ джы фæ рстыты бын фæ кодтам:

— Цæ мæ н хуыйны афтæ? Чи у уыцы Алхаз?

Уый йæ мидбылты бахудти æ мæ нын радзырдта:

— Уыцы бынат мæ нæ уæ хи Алхазы ном куы хæ ссы... Йæ тæ ккæ фыдуагæ й ма уыд, дард хъуыдытæ м æ й нæ ма æ вдæ лд. Ницæ уыл ахъуыды кодта цæ хæ рцæ ст дæ саздзыд Алхаз дæ р, сæ хъæ уккаг хъæ здыг Никъолозмæ æ ххуырсты бацæ уын фæ нд куы скодта, уæ д дæ р. Никъолозтæ -иу уалдзæ г сæ фысвос мæ нæ Къулæ рдуз кæ й хонынц, уым дардтой. Фыййæ уттæ н та-иу фылдæ р хатт æ рыгон лæ ппуты æ ххуырстой: «Кус, фæ лæ сар дæ къона, фос ривæ д кæ нын афон куы бафынæ й уай, уæ д! Фосыл исты зиан куы æ рцæ уа, уæ д та — фидгæ! »

Уалдзæ г, хæ ххон хизæ нтæ м скъæ рыны агъоммæ ма дзæ вгар рæ стæ г фыстæ Саухъæ ды æ рдузты фæ хизынц. Æ ххуырст лæ ппу хуыссæ гæ й кæ м бафсæ ды. Бон йæ тæ ккæ даргъыл вæ ййы, æ хсæ в йæ цыбырыл.

Никъолозы æ ххуырстытæ й дæ р никуы ничи бафсæ сти хуыссæ гæ й... Бонрæ фты ривæ дафон-иу сæ хуыссæ г куыннæ ахстаид. Фæ лæ афынæ й у æ мæ дæ хæ дзар сарæ зтай!

Чысыл Алхаз-иу райсомæ й раджы аскъæ рдта йæ фысты дзуг æ мæ -иу сæ изæ рæ й афойнадыл сæ уæ тæ рмæ фæ хæ ццæ кодта. Нæ зыдта кæ рæ ф хицау, йæ æ ххуырст лæ ппу цы мадзал æ рхъуыды кодта, уый. Æ мæ -иу ыл хинымæ р дисты бацыдис, уæ дæ йæ хуыссæ г куыд никуы æ рцахсы, зæ гъгæ.

Лæ ппу та цы мадзал ссардта? Фос-иу бонрæ фты æ фсæ стæ й аууæ тты куы абырыдысты, уæ д-иу стыр нæ л сæ гъы нымæ тын ронæ й йæ цонджыхъулмæ фидар бабаста æ мæ -иу йæ зæ рдæ йы дзæ бæ хæ н бафынæ й. Фыстæ фестадысты, сæ бынатæ й цæ уынц, зæ гъгæ, уæ д-иу нæ л сæ гъ дæ р фестади, лæ ппуйы цонг-иу айвæ зта. Фехъал-иу чысыл Алхаз æ мæ -иу йæ дзуджы фæ дыл араст и...

Цас фæ куыста афтæ мæ й хъæ здыг Никъолозмæ, чи зоны, фæ лæ йыл иу хатт уæ ддæ р бæ ллæ х сæ мбæ лди. Йæ нымæ тын рон сæ цæ рæ нбынаты ферох æ мæ ривæ дафон нæ л сæ гъы йæ цонджыхъулмæ цæ мæ й бабастаид, уый нæ уыд. Уæ д Алхаз бавдæ лд æ мæ сывылдз бæ ласы цъарæ й дзæ бæ х гæ рзытæ рауагъта. Уыдонæ й бабаста йæ цонгмæ нæ л сæ гъы. Цас фæ хуыссыд, чи зоны, фæ лæ куы райхъал, уæ д кæ сы æ мæ нал фысты дзуг, нал сæ гъ. Бамбæ рста йæ рæ дыд: йæ сывылдзы цъарæ й быд бæ ндæ н ын бахордта нæ л сæ гъ æ мæ афардæ г фысты фæ дыл. Фос кæ й фæ дзæ гъæ л сты, уый базыдта Никъолоз. Æ мæ сæ кæ д ницы фæ хъуыд, уæ ддæ р æ ххуырсты фæ тардта... Гъе уæ д схуыдтой фыййæ уттæ уыцы бынат «Алхазы ривæ ддон».

Фæ цис йæ таурæ гъ нæ уазæ г. Худæ нбылæ й бакастис Алхазмæ æ мæ ма йæ ныхасыл бафтыдта:

— Мæ нæ уын йæ хæ дæ г цардæ вдисæ н — зæ гъæ д, раст нæ радзырдтай, зæ гъгæ!

Фæ лæ та нæ хистæ р ацы хатт дæ р ныхас æ ндæ рæ рдæ м фездæ хта, дард кæ дæ мдæ р йæ цæ стæ нгас сарæ зта.

Чи зоны, кæ д йæ сонты бонтæ йæ цæ стытыл уадысты, йæ фысты дзуг, йæ сау нæ л сæ гъ æ мæ сывылдзы цъар...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.