Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ИУ ХАТТ УАЛДЗÆДЖЫ



Нæ ног æ мбал Дзæ мбегимæ мах хъæ бысæ й арæ х фæ хæ цæ м. Йæ уæ збын ныхæ стæ нæ м худæ г фæ кæ сынц. Йе ’внæ лд дæ р цыдæ р æ нарæ хст. Уый-иу йæ хи ницы æ мбарæ гау дардта. Æ рмæ ст-иу æ гæ р-æ гæ р куы худтыстæ м, уæ д-иу нæ кæ рæ дзиуыл самадта.

Иу æ хсæ в таухæ рæ ны хъæ ды нæ фосыл арс æ рбамбæ лд. Бæ стæ хъæ р, куыйты рæ йд æ мæ топпадзагъд сси. Фыййæ уттæ æ мхуызонæ й сæ къæ хтыл слæ ууыдысты. Фосыл зиан не ’руагътой. Дзæ мбег нæ райхъал уыцы хъæ лæ бамæ. Фæ ллад уæ йыгау, фынæ й кодта арты фарсмæ. Уый фæ стæ йын хабар куы радзырдтам, уæ д нын цымыдисæ й загъта:

— Ау, æ мæ йæ топпæ й цæ уылнæ фехстат? Марын æ й хъуыди!..

Ам æ нæ худгæ чи фæ лæ ууыдаид.

Кæ нæ мæ нæ ахæ м хабар: нæ бынæ ттæ м æ ввахс картоф сагъд уыдис колхозтæ н. Уырдæ м фæ цахуыр сты хъæ ддаг хуытæ. Тар æ хсæ вты йæ м цыдысты, къахтой йæ. Уыцы рæ стæ джы нæ цуанон æ мбал Дзасарбег хъæ умæ ацыд. Чи бахъахъхъæ дтаид картоф? Иу æ хсæ в, мах куы бафынæ й стæ м, уæ д Дзæ мбег сусæ гæ й ацыд дыууæ хстонимæ. Æ вæ ццæ гæ н йæ зæ рдæ мæ бахаста нæ хистæ ры ныхæ стæ: уыцы хуытæ й чи амарид, уый нын Чермены ном скæ нид: Йæ кæ стæ ртæ й-иу исчи истæ мæ й куы фесгуыхтис, уæ д сын ахæ м фæ лмæ н ныхæ стæ й æ лхæ наг уыд Алхаз сæ зæ рдæ.

Æ мæ мах фиппайдтам — нæ ног æ мбалы бирæ цæ мæ йдæ рты фæ ндыд Чермены хуызæ н хъæ батыр уæ вын. Дыууæ хстон йе ’фцæ джы, хъамайы бæ сты цыргъ фæ рæ т йæ сины сагъд, рон æ нгом æ лвæ ст, афтæ мæ й фæ раст и Дзæ мбег цыппæ ркъахыг знаггадгæ нджыты размæ. Йæ зонгуытыл бахъуызыд картофы хуыммæ. Хуыты сæ тæ ккæ къахгæ йæ баййæ фта. Бахъавыд сæ м, æ мæ гæ рæ хтæ й æ гомыг хъæ д ныййазæ лыд. Бацыд, кæ дæ м хъавыд, уырдæ м. Дзыппыдаргæ цырагъæ й срухс кодта. Дынджыр хуы æ нæ змæ лгæ хуыссыд, йæ хæ дæ г цы къæ хтытæ скодта, уыдонæ й иуы. Бавнæ лдта йæ м æ нафоны цуанон, йæ цæ фтæ йын асгæ рста. Йæ туг куы рацыд, уæ д æ й йе ’ккой скодта. Цал путы уыдаид, чи зоны? Йæ асмæ гæ сгæ — фондзæ й къаддæ р нæ! Фæ лæ йæ уæ ддæ р Дзæ мбег уыцы иу хастæ й нæ мусонджы æ рбалæ ууын кодта. Никæ мæ н ницы загъта, афтæ мæ й схуыссыд йæ хуыссæ ны. Райсомæ й æ мбæ лттæ дисы куыннæ бацыдаиккой:

— Черменау нын ном чи скодта?

Дзæ мбег ницы æ мбарæ гау касти куы йе ’мбæ лттæ м, куы та хуымæ. Цыма уый дæ р исты бафæ рсын фæ ндыд. Куы ничи ницы дзырдта, уæ д Солтан йæ цæ ст йæ химæ æ рныкъуылдта.

— Æ з мæ хæ дæ г!.. Дысон фестадтæ н, бахъуызыдтæ н картофы хуыммæ æ мæ сæ сечкæ йæ ныггæ рах ластон!..

Æ ндæ р хатт та Дзæ мбег æ нæ хъæ н калд бæ лас ныффаста, суг самадта мусонджы раз. Изæ рæ й нæ нæ хистæ ртæ фарстой:

— Чи ныффаста уыйбæ рц суг?

— Æ з мæ хæ дæ г! — фæ раздæ р та ис Солтан.

Афтæ -иу мах Солтанимæ Дзæ мбегæ н йæ куыстытæ бирæ хæ ттыты нæ хи ’фсон фæ кодтам. Уæ ддæ р нæ м никуы фæ хæ рам уый. Уымæ н йæ домбай уæ нгты, Чермены хуызæ н, стыр тых уыдис, йæ фæ тæ н риуы сыгъдæ г зæ рдæ уыди.

Иу изæ р та Дзæ мбег нæ химæ нæ уыд, афтæ мæ й нæ м ныхас рауад:

— Бирæ фæ цардтæ н, фæ лæ дзы ацы лæ ппуйау раст æ мæ хуымæ тæ г адæ ймагыл никуыма сæ мбæ лдтæ н! — дзырдта Алхаз. Зæ ронд лæ г фæ саууонмæ йæ кæ стæ ры тыххæ й æ ргомæ й дзырдта. — Ис ахæ м бонзонгæ адæ мтæ. Иннæ тæ й хуыздæ р уыдзæ н, ахсджиагдæ р хъуыддæ гтæ араздзæ н, афтæ мæ й йæ хи аууонмæ ласдзæ н, куыд ничи йæ бафиппайа, ууыл архайдзæ н. Уый у хорзы миниуæ г.

Нæ хистæ ры ныхæ стæ м мæ цæ стытыл ауадысты фæ стаг бонтæ. Бамбæ рстон, нæ хистæ ры зæ рдæ мæ нæ ног фыййау æ мбал Дзæ мбег не ’ппæ тæ й хæ стæ гдæ р кæ й лæ ууы...

Уыдис-иу афтæ. Сæ рдыгон хизæ нты нæ фос ривæ д кæ нынц. Махæ й чи цуаны ацыди, чи хъазыныл фæ ци, чи чиныг кæ сы, йæ фæ саууонмæ йы ахуыры кой кæ ны. Алхаз æ мæ -иу Дзæ мбегæ н та хъуыддаджы ныхас бацайдагъ. Ахуыргæ нæ г æ мæ мæ м скъоладзауы хуызæ н кастысты.

— Алы куыст дæ р уарзын хъæ уы, — дзырдта-иу Алхаз, — фыййауы куыст та уæ лдайдæ р. Зын у, фæ лæ æ фтиаг бирæ у... Æ рмæ ст фарон нæ колхоз йæ фыстæ й пайда райста сыгъдæ г æ хцайæ æ хсæ зыссæ дз мин сомы!

Дзæ мбег æ нæ мбаргæ лæ ппу нæ уыд. Фæ лæ уæ ддæ р исты дзурынæ й истæ мæ хъусын фылдæ р уарзта...

Иу уалдзыгон райсом мах æ ртæ йæ: Дзасарбег, æ з æ мæ Дзæ мбег нæ хуыскъаг фос аскæ рдтам хизынмæ Сырх хæ хты хуссармæ. Сырх хæ хтæ й Тырмоны æ рдузы астæ у та цæ уы Урсдон. Хур рæ стæ джы сыгъдæ г æ мæ тæ нæ гæ й згъоры. Фыстæ дзы æ нцонæ й ахизынц йæ иннæ фарсмæ. Хизæ нтæ уым хуыздæ р сты.

Уарынты рæ стæ г тынг раивылы, æ рбахизæ н ыл нал вæ ййы. Уый амы фыййæ уттæ й чидæ риддæ р зоны. Фæ лæ уыцы бон мах боныхъæ д фæ сайдта: диссаджы уалдзыгон райсом скодта. Арв уыд сыгъдæ г æ мæ райдзаст. Цъиутæ сæ дæ хъæ лæ сæ й зарыдысты. Адæ ймаг сæ м хъусынæ й не ’фсæ сти. Фæ лæ иуафон сау мигътæ ахгæ дтой хуры цæ ст, дымгæ, фæ лварæ гау, æ рбафуттытæ кодта, йемæ ставд æ ртæ хтæ æ рбахаста. Райдыдта къæ вда, лæ дзæ гæ н ыл ныххæ цын æ мбæ лд, зæ гъгæ, кæ мæ й фæ зæ гъынц, ахæ м къæ вда. Нæ фос ма цæ й хизыныл уыдысты. Хæ хтæ м æ ввахс тæ рфы пæ лæ хсар бæ лæ сты бын баныгъуылдысты. Нæ хæ дæ г дæ р аууæ тты слæ ууыдыстæ м. Æ мбæ рстам — цалынмæ тæ рккъæ вда нæ фенцайа, уæ дмæ сын ардыгæ й тæ рæ н кæ й нæ й. Æ мæ уæ дмæ та дон раивылдзæ н. Бæ ллиццаг нæ уыд нæ уавæ р... Уарын нал æ мæ нал æ нцадис æ мæ мæ счъыты æ лыгхуыз сахатæ рацыдис. Урсдон сабузта, гуылфгуылфгæ нгæ бырста размæ, цæ уылдæ риддæ р хæ ст кодта, уыдон йæ хъæ лæ сы хаста... Нæ уæ тæ рмæ фæ стæ мæ куыдæ й баирвæ зæ м, ууыл стыр сагъæ сы бацыдыстæ м.

Уаргæ ма кодта, афтæ мæ й нæ цурæ й фæ цыдæ р Дзæ мбег. Уалынмæ нæ м дард кæ цæ йдæ р æ рбайхъуыст йæ фæ рæ ты къупп-къупп. Кæ рæ дзимæ бакастыстæ м. Фæ рæ т æ м уыдис, уый дæ р махæ й ничи бафиппайдта.

— Бæ лæ стæ калы! Æ з ын аххуыс кæ нон! — загъта Дзасарбег, æ мæ уый дæ р нæ разæ й фæ аууон. Рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ -иу бæ лæ сты къæ р-къæ рæ й, сæ гуыппытæ й кæ мттæ ныййазæ лыдысты...

Донæ н йæ нарæ гдæ р ран бацагуырдта Дзæ мбег. Дыууæ бæ ласы фæ рсæ й-фæ рстæ м куы æ рлæ ууыдысты доны сæ рмæ, уæ д сыл фаллаг фарсмæ бахызтис. Уыцы былыл дæ р уыдис ахæ м бæ рзонд бæ лæ стæ. Уыдон дæ р та хъавгæ ракалдтой æ мæ иннæ ты æ мбуар æ рхуыссыдысты. Стæ й сын сæ астæ утæ фæ фидар кодта пыхсытæ й. Рауадис дзы хид. Цыма йыл фос баскъæ рæ н уыди, фæ лæ нæ ныфс дзæ бæ х нæ хастам.

Фыстæ ахæ м ран хивæ нд сты. Иу сæ фæ рсæ рдæ м агæ пп кæ нæ д, уый йеддæ мæ се ’ппæ т дæ р йæ фæ стæ акалдзысты сæ хи. Мах архайдтам арæ хстгай: раздæ р сæ гъты фæ къорд кодтам æ мæ сæ баскъæ рдтам хидыл. Стæ й æ з æ мæ Дзасарбег хиды фæ йнæ фæ рсты слæ ууыдыстæ м, цæ мæ й фыстæ нæ астæ уты цыдаиккой, уромæ гау сæ кодтам. Фæ дисы нæ м рацыдысты Алхаз æ мæ Солтан дæ р. Фаллаг фарс лæ ууыдысты æ мæ иу ранмæ скъæ рдтой, чи-иу фæ фалæ, уыцы фысты. Фæ лæ фæ стагмæ фыстæ æ мгуылфæ й ныккалдысты, хид сын скъуындæ г. Уромын сæ нал фæ рæ зтам. Се знæ тдæ ртæ -иу хиды кæ ронмæ æ ххæ ст нæ ма фæ хæ ццæ сты, афтæ -иу агæ пп ластой былмæ, чи дзы-иу хусæ й баирвæ зт, чи та-иу донмæ ныххаудта. Уæ рыччытæ н ласынæ й тæ ссаг уыд. Уæ д Дзæ мбег тагъд-тагъд йæ æ ддаг хæ лаф феппæ рста æ мæ хиды дæ леты ивылд доны бацыдис. Фысты-иу ацахста æ мæ сæ -иу былмæ баппæ рста.

Æ гъатыр уылæ нтæ фыййауы æ рбырсынмæ хъавыдысты. Фаллаг фарсæ й йæ м тарстхуызæ й хъæ р кодта Алхаз:

— Сæ фыс!.. Рахиз донæ й!..

Фæ лæ йæ Дзæ мбег цыма нæ хъуыста. Фидар лæ ууыд йæ тыхджын къæ хтыл.

Дзæ мбег хидыл æ рбахызтис не ’ппæ ты фæ стæ. Æ вæ ццæ гæ н æ й уæ дæ й нырмæ райдыдта фылдæ р уарзын Алхаз дæ р...

Æ мæ ныр нæ хистæ ры ныхæ стæ м хъусгæ йæ, мæ нмæ мæ зæ рдæ сдзырдта: о, цæ й диссаджы миниуæ г у уый — адæ ймаг адæ ймагыл цин куы кæ на, хорзæ й хорз зæ гъын куы фæ раза...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.