Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





НАФ-НАФ. «СЫЗМÆЛОН, АЛХАЗ?»



НАФ-НАФ

Бонтæ дæ р, цæ рæ гойтау, фæ йнæ хуызы вæ ййынц. Чи дзы йемæ цардамонд æ рхæ ссы, райдзастæ й ралæ ууы, райдзастæ й ацæ уы... Чи та дзы уадтымыгъ фæ хæ ссы, чи тæ рккъæ вдатæ.

Хæ хты астæ у — суанг Таркомæ й Тоборзæ йы онг Саухъæ ды æ рдузты таухæ рæ ны æ мæ зымæ гон дарæ нты ме ’мбæ лттимæ цы бонтæ арвыстон, уыдон дæ р, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, иухуызон нæ уыдысты. Иуæ й-иутæ дзы сæ фæ д бæ рæ гдæ рæ й ныууагътой мæ зæ рдæ йы, иннæ тæ та, фæ ззыгон мигъау, хæ хты цъасты атайдзысты, ферох мæ уыдзысты.

Кæ й никуы ферох кæ ндзынæ н, уыцы бонтæ баст сты нæ куыйты хуыздæ р Наф-нафимæ. Нæ куыйтæ бирæ хæ раг æ мæ хылгæ наг уыдысты, уарын æ хсæ в скодта — сæ хицæ н хус бынæ ттæ агуырдтой, мигътæ м-иу рæ йдтой. Наф-наф та? Æ хсæ в æ нцой нæ зыдта. Хъарм бынат никуы бацагуырдта. Дзæ гъæ лы дын куыннæ срæ йдтаид, зылди æ мæ -иу зылди дзуджы алыварс. Бацыдис-иу мæ лæ тдзаг тохы стонг, æ гъатыр бирæ гътимæ. Иу æ мæ дзы дыууæ йы нæ аууæ рды... Сырдтæ йæ йæ хæ ппæ й зыдтой...

Иу ныхасæ й, Наф-наф, цыма дунемæ æ рмæ стдæ р уый тыххæ й фæ зынди, æ мæ йæ хицау Алхазимæ æ дзух дзугты фæ дыл цæ уа.

Сынты базырау сатæ г сау уыди Наф-наф. Æ рмæ стдæ р йæ раззаг дзæ мбыты уæ лфæ дтæ æ мæ йæ цæ стыты алыварс чысыл мыдхуыз тæ лмытæ бæ рæ г дардтой æ мæ йæ фидауцджындæ р кодтой. Фæ лæ уыцы тæ лмытæ æ виппайды зын бафиппайæ н уыдысты. Урс дзуджы астæ у сау стъæ лфау зынди.

Сагартæ н, риуджын — Наф-наф алкæ ддæ р йæ раззаг æ рдæ г бæ рзæ ндты хаста. Афтæ зынди, цыма йæ хъарутæ, йæ фидар риу, йæ фæ тæ н мæ ргъджыты уыдысты. Сырдты дæ р-иу хъæ бысхæ сты агъоммæ раздæ р йæ сынæ гæ й сцавта, йæ сынæ гдзæ ф та йын уромгæ нæ кодтой.

Кæ цæ й йæ м æ рцыд уыцы стыр хъару? Чи йæ сахуыр кодта? Уый зын зæ гъæ н уыди. Суанг ма сæ Алхаз йæ хæ дæ г дæ р хорз нæ зыдта. Нæ хистæ рмæ -иу йæ кой арæ х рауад.

Наф-нафы мад Æ рсой уыдис кавказаг фыййаукуыйтæ «Парийты» мыггагæ й. Бирæ гъхуыз, стæ вдтæ, тыхджын æ мæ æ мбаргæ. Йæ хицау — мæ гуыр хæ ххон лæ г — куыдзы зæ рдæ худты никуы ницæ мæ й бацыдис. Æ рсойы къæ былатыл-иу фыййæ уттæ хæ лоф кодтой. Уымæ й дзы лæ вар ничи куымдта. Фидгæ цы къæ былайыл нæ бакæ най, уый, дам, хорз куыдзаг нæ вæ ййы — ахæ м уыд адæ мон æ мбисонд.

Гъе, афтæ мæ й балхæ дта Алхаз дæ р кæ ддæ р Наф-нафы. Сæ уæ лхæ дзар ын бынат скодта. Æ хсыр æ мæ йæ дзидзайы муртæ й хаста.

Къæ была бастæ й куы схъомыл вæ ййы, къухæ вдылд куы нæ баййафы, уæ д тынг хъæ хъхъаг кæ ны. Наф-наф афæ дзмæ гъæ йттæ й стыр куыйтыл уæ лахиз кодта, барæ джы-иу йæ нымæ ты фæ дджитæ й баурæ дта.

Уалынмæ йæ фыййæ уттæ м акодтой. Уым ноджы тынгдæ р рабæ рæ г сты йæ миниуджытæ. Тар æ хсæ вты дæ р-иу уæ тæ рæ й дард ацыдис бирæ гъты фæ дыл. Иухатт ыл хæ цгæ дæ р фæ кодтой. Ныр дæ р ма сæ дæ ндагдзæ фты ностæ бæ рæ г сты йæ агъдыл.

Чи зоны, кæ д сын уыцы маст йæ зæ рдыл бадардта Наф-наф, уымæ н афтæ къæ рцхъус уыди.

Æ рмæ ст ыл иунæ г хатт æ рцыдис сайд. Сайд æ рцыдис канд Наф-нафыл нæ, фæ лæ йæ хицау Алхазыл дæ р, махыл не ’ппæ тыл. Уый та афтæ рауади.

Фæ ззæ джы дæ ргъы, суанг зымæ джы фыццаг мæ йты дæ р нын нæ фосы бирæ гътæ никуы бахъыгдардтой. Цыма сæ рысæ фты фесты. Нæ куыйтæ куыддæ р фестырзæ рдæ сты. Нæ хæ дæ г дæ р-иу æ дасæ й фынæ й кодтам. Æ ртхъирæ ны мæ й уыд йæ фæ уыныл. Фæ лæ ма нæ фос уыдысты зымæ гон дарæ нты. «Сæ гъзайæ ны» рæ стæ г, зæ гъгæ, фыййæ уттæ уыцы афонæ й загътой. Уæ д нæ м-иу уæ рыччытæ нæ ма уыдис. Ныр суанг тъæ нджы мæ й дæ р сæ гътæ нæ, фæ лæ фыстæ дæ р ныззайынц. Бирæ уæ рыччытæ æ мæ зæ ддаг фос нæ м уыдис. Хицæ н бынæ тты сæ дардтам. Иу æ хсæ в та, нæ фос куы бафснайдтам, уæ д таурæ гътыл фестæ м. Сослан æ мæ Сахан хъæ умæ ацыдысты. Баззадыстæ м ма цыппарæ й: Алхаз, Дзасарбег, æ з æ мæ Солтан. Мусонг уыд хъарм. Арты ма иугай æ хсидæ втæ ныллæ г пиллон уагътой. Æ рæ джиау, æ вæ ццæ гæ н, æ нæ нхъæ лæ джы тарф фынæ й аистæ м.

Æ виппайды куыйтæ срæ йдтой. Хуыскъаг фос кæ м уыдысты, уырдæ м каутæ æ рбатыдтой. Не ’ппæ тæ й раздæ р фæ гæ пп ласта Алхаз. Хъыримагмæ фæ лæ бурдта æ мæ дзы цалдæ р æ хсты фæ кодта. Бæ стæ сæ мхæ ццæ... Скъæ ты фæ мидæ г стæ м. Дæ фыдгулыл ахæ м бæ ллæ х сæ мбæ лæ д. Фыстæ й цалдæ р дæ ргъæ й лæ ууыдысты, — кæ мæ н дзы йæ къæ дзил тынд, кæ мæ н йæ хурх æ ууылд.

Цалынмæ мах фосимæ архайдтам, уæ дмæ нæ куыйты ниуын кæ уæ гау хъуысти. Рæ йдтой иннæ фыййæ утты куыйтæ дæ р. Æ вæ ццæ гæ н, сырды æ ппæ ты разæ й базыдта Наф-наф. Уыцы иу æ хст фæ кодта йæ хи фосы астæ умæ. Йæ хъæ лæ сы ахаста сырды. Арф комы йæ рацахста æ мæ сын мæ лæ тдзаг тох бацайдагъ. Топпы гæ рах куы айхъуыста, уæ д æ й фæ уагъта. Стахти, фосыл æ рзылди, стæ й фæ стæ мæ мæ счъы балæ ууыд. Бирæ гъæ н афтæ дард алидзын йæ бон нæ ма баци. Æ вæ ццæ гæ н æ й раздæ р дзæ бæ х атонæ гау кодта. Ногæ й та йæ йæ быны анорста...

— Гъа, иннæ куыйтæ цыфæ нды фæ уæ нт, фæ лæ Наф-нафыл та сайд куыд æ рцыдис? — тыхстхуызæ й фарста Солтан.

— Худинаг!.. Худинаг мæ зæ ронд сæ рæ н! Куыд мæ рдхуыссæ г мыл бафтыди. Цы цæ сгомæ й зæ гъдзынæ н ацы хабар адæ мæ н? Дзуджы нымæ ц нæ хиуæ ттæ й баххæ ст кæ ндзыстæ м. Фæ лæ йæ худинаг... — уынгæ г хъæ лæ сæ й дзырдта Алхаз.

— Тыхсынæ й ницыуал ис, Алхаз. Стырзæ рдæ йæ ныл сайд æ рцыдис, — зæ рдæ тæ æ вæ рдта Дзасарбег нæ хистæ рæ н.

Фос æ рсабыр сты. Цырæ гъты рухсмæ -иу ферттывтой сæ тарст цæ стытæ.

Бирæ гъ кæ й аргæ вста, уыдон скъæ тæ й æ ддæ мæ ахастам. Бафснайдтам зæ ддаг æ мæ хуыскъаг фосы.

Иу ныхас никæ й дзыхæ й хаудта. Хъуыдытыл фестæ м. Æ виппайды арф комæ й сыхъуыст Наф-нафы рæ йын.

Исдугмæ не ’ппæ т дæ р аджих стæ м. Арф мæ счъы куыйты æ нахуыр хъуырдухæ н тынгæ й-тынгдæ р кодта.

— Æ хсидав ма радав. Мах сæ м ныккæ сæ м! — нæ цурæ й фæ аууони Дзасарбег.

Æ з æ мæ Солтан фæ йнæ судзгæ æ хсидавы радавтам мусонгæ й, æ мæ не ’мбалы фæ дыл азгъордтам. Куыйтæ фæ йнæ рдыгæ й рæ йгæ уадысты, фæ лæ Наф-наф нæ фæ зынд. Мæ н пыхсытæ баурæ дтой, ме ’мбæ лтты фæ стæ аззадтæ н.

— Æ рцахста йæ!.. Ныххуыдуг æ й кодта! — сыхъуыстысты мæ м Солтаны цымыдис ныхæ стæ.

Уалынмæ сæ м æ з дæ р фæ хæ ццæ дæ н.

Наф-наф, йæ цæ стытæ туджы зылдысты, афтæ мæ й йæ быны сæ ууæ рста дынджыр нæ л бирæ гъы.

— Цæ в æ й топпæ й, Дзасарбег! — сдзырдта Солтан.

— Уадз æ мæ дзы йæ маст райса, — мæ ныхас баппæ рстон æ з дæ р...

Дыууæ боны дæ ргъы хæ ргæ дæ р нал бакодта Наф-наф. Мæ рдджынау æ нкъардæ й бадти. Бирæ гъ кæ й аргæ вста, уыцы фысты дзидзайæ не сахуыста, цыма йæ аххос æ мбæ рста.

Иннæ куыйтæ -иу холытæ й куы хордтой, уæ д-иу Наф-наф иуварс рацыд, йæ раззаг дзæ мбытыл-иу йæ сæ р æ рæ вæ рдта. Йæ æ хгæ д цæ стытæ й дондзаст фæ рдгуытæ хъардта. Æ вæ ццæ гæ н, сайд ыл кæ й æ рцыдис, уый маст æ й агайдта...

Æ з хъуыды кодтон Наф-нафыл: «Цымæ цавæ р æ рдзы закъонтæ м гæ сгæ афтæ дардта йæ хи уыцы æ гомыг цæ рæ гой? » Алхазы ныхæ стæ -иу мæ зæ рдыл æ рлæ ууыдысты. Мæ цæ стытыл-иу ахъазыд иухатты ныв: Наф-нафы цинтæ йæ хицауыл, стæ й дзы тæ ригъæ дхуызæ й йæ хи иуварс куыд айста, уый.

Нырма уæ тæ ры стæ м. Фæ лæ мæ уырны: искуы бон куы фæ хицæ н уæ м кæ рæ дзийæ, нæ куыйты хуыздæ р Наф-наф уæ лæ уыл куы нал уа, уæ ддæ р æ й мæ зæ рдыл дардзынæ н. Нæ мæ ферох уыдзæ н йæ ном дæ р — Наф-наф. Мæ хъустыл уайдзæ н йæ бæ зджын хъæ лæ с, хæ хты дыдзы хъæ р та йæ фæ змдзæ ни, æ мризæ джы дзы риздзысты сырдтæ...

«СЫЗМÆ ЛОН, АЛХАЗ? »

Июны æ мбисы æ з æ мæ Дзасарбег горæ тмæ сесситæ м ацыдыстæ м. Мах бæ сты Алхазæ н колхозæ й рæ стæ гмæ сæ рвыстой æ ндæ р фыййау æ мбæ лттæ. Уыдонæ й иу уыд Дзæ мбег: сабыр, æ нæ уæ лдайми, коммæ гæ с лæ ппулæ г. Бакастæ й дæ р бæ рæ г уыд, фыййауы дарæ с фыццаг хатт кæ й скодта йæ уæ лæ. Дзæ бæ х ницæ мæ арæ хсти. Чысыл исты акуыста, уæ д та-иу йæ хид акалд. Алхаз алцыдæ р фиппайдта æ мæ йемæ фæ лмæ н, рæ вдаугæ ныхас кодта...

Мах ацыдыстæ м горæ тмæ. Æ з кæ м нал уон, уым бæ стæ фесæ фдзæ н, зæ гъгæ, уæ мачи макуы ахъуыды кæ нæ д. Уæ тæ рæ й нæ химæ куы цыдыстæ м, уæ д махмæ дæ р ахæ м хъуыдытæ уыди. Фæ лæ фæ рæ дыдыстæ м. Мæ й рауади. Иу изæ р нæ уæ тæ рмæ ссыдыстæ м æ мæ нæ хистæ рты æ мбисонды хъæ лдзæ гæ й сæ ййæ фтам. Алхаз, мусонгæ й дæ рддзæ фгомау, фысты дзуджы кæ рон лæ ууыд æ мæ, бауромæ н кæ мæ н нал вæ ййы, ахæ м худтæ й худти. Йæ иу къухæ й хæ цыди йæ гуыбыны цъарыл, иннæ къухæ й та йæ былтыл. «Æ гас цæ ут» зæ гъынмæ дæ р не сарæ хсти.

Алхазы афтæ зæ рдиагæ й худгæ рагæ й никуыуал федтам æ мæ дисы бацыдыстæ м. Бафæ рсынмæ йæ хъавыдыстæ м, фæ лæ йæ худæ г фæ стагмæ махыл дæ р бахæ цыд.

— Ысс!.. Ма нæ фехъусæ д, фефсæ рмы уыдзæ н... — фæ тарстхуыз Алхаз æ мæ нын бамбарын кодта хъуыддаг: абон райсомæ й мын Дзæ мбег загъта, ацы бон, дам, цыдæ р кæ нын! Демæ фыййау ацæ уын мæ бон куынæ суа, уымæ й тæ рсын! Æ з ын загътон: мах нæ хæ дæ г аскъæ рдзыстæ м фос. Ды дæ хи хъарм ныннорд æ мæ изæ рмæ змæ лгæ дæ р мауал скæ! Æ з ын афтæ хуымæ тæ джы, цæ мæ й йæ хи уазалæ й бахъахъхъæ на, уый тыххæ й загътон. Уый та фенхъæ лдта: кæ д ын æ цæ гæ й не ’мбæ лы сызмæ лын. Æ мæ сæ умæ райсомæ й изæ рмæ æ нæ змæ лгæ йæ фæ хуыссыд...

— Фос куы æ рыскъæ рдтам, уæ д йæ цурмæ бауадтæ н. Куыд дæ, зæ гъгæ, йæ фæ рсын. Æ мæ дын мæ Дзæ мбег афарста: сызмæ лон, Алхаз?

Гъе ууыл худти зæ ронд фыййау, афтæ мæ й йæ баййæ фтам мах дæ р.

— Ахæ м раст адæ ймаг ма дзы фендæ уыдзæ н! — дис кодта Алхаз. — Иучысыл хиндзинад та кæ мæ нæ вæ ййы!.. Ма нæ бамбарæ д...

Уый фæ стæ дæ р ма хъазгæ йæ бирæ хæ ттыты дзырдтам кæ рæ дзимæ: «Сызмæ лон, Алхаз? » зæ гъгæ, фæ лæ нæ м æ нæ маст Дзæ мбег никуы фæ хæ рам.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.