Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Сæрибары уынг



Æ цæ г хабар

Зæ ронд лæ г Къолойты Гæ буди йе ’ртæ фыртæ й сæ рæ стыр кæ й уыд, уый æ ргомæ й никуы равдыста. Мадзурайæ куыстуарзаг, чысыл тызмæ гхуыз, фæ лæ фидар уæ нгты хицау. Уæ ззау цард æ й къулбадæ г ахуыр не скодта. Лæ гæ й лæ гдзинад домдта. Лæ джы ном стыр кæ й у, уый хатыдта Гæ буди æ мæ -иу арæ х хъуыды кодта: «Лæ джы ном зын хæ ссæ н у. Æ мæ иугæ р цардмæ куы рацæ уай, уæ д æ й кадджынæ й хæ сс, уæ д ын аргъ кæ нын фæ раз! » Исчи йын-иу, йæ цæ уæ тæ н æ гæ р карз кæ й уыд, уый йæ цæ стмæ куы бадардта, уæ д-иу Гæ буди æ нæ исты сдзургæ йæ дæ лиауæ й ныуулæ фыд.

Нæ, йæ хъæ булты чи нæ уарзы, ахæ м адæ ймаг хъуамæ зæ ххыл ма цæ уа! Фæ лæ йæ м фау чи хаста, уыдон хорз не ’мбæ рстой зæ ронд лæ джы зæ рдæ йы уаг. Ирон æ гъдæ уттæ, æ нæ фыст закъонтæ тыхджын уыдысты. Æ рыгон фыдæ н хистæ рты цур не ’мбæ лд йæ сабийыл цин кæ нын.

Гæ будийы зæ рдыл-иу арæ х æ рлæ ууыд иухатт йæ чысыл лæ ппу Куыдзи бæ хы къæ хты бынмæ куыд фæ цæ йбырыд, уый. Фæ лæ йæ м уæ ддæ р фыд не ’рæ внæ лдта: кæ рты хистæ ртæ бадтысты, æ мæ уыдонæ й æ фсæ рмы кодта.

Азтæ бонтау ауадысты Гæ будийыл. Цæ ргæ сы лæ ппынтау уайтагъд рахъомыл сты йе ’ртæ фырты: бæ зæ рхыг, чысыл мæ стыгæ ргомау Георги, æ хсарджын Куыдзи, фæ лмæ нзæ рдæ Барис... Цæ й фырт у, — йæ фыдæ й фылдæ р базонынмæ чи нæ бæ лла, йæ фыдæ й фылдæ р сгуыхтдзинæ дтæ чи нæ равдиса?!

Афтæ уыдысты Къолойты зæ ронд Гæ будийы хъуыдытæ. Æ мæ нæ фæ фыдæ нхъæ л, зæ рдæ йы фæ ндиаг фырттæ йын рахъомыл.

Гæ буди царди Чырыстонхъæ уы. Уæ рæ сейæ ардæ м революцийы зынджы цæ хæ ртæ хаудысты, уæ лдайдæ р та 1905–1906 азты. Сæ рды мæ йты-иу горæ ттæ й сæ фæ ллад уадзынмæ æ рцыдысты студенттæ. Уалдзæ гхæ ссæ г зæ рватыччытау-иу семæ æ рхастой ног хъуыдытæ. Рæ сугъд сæ рдыгон æ хсæ вты-иу Къолойты дыууæ æ фсымæ ры арæ х цыдысты сусæ г æ мбырдмæ, хъуыстой-иу сусæ г хабæ рттæ м. Куыдзи æ рыгонæ й фæ цис дард бæ стæ Амуры. Æ рæ джы ссыдис уырдыгæ й. Уым базыдта кусджыты цард, зыдта сын сæ зондахаст. Загарены станцæ йы цæ ргæ йæ, лæ ппу фæ лымæ н революционер Адам Каменскийимæ.

Уый фæ дзæ хстытæ й бирæ цыдæ ртæ бадардта йæ зæ рдыл Куыдзи. Æ мæ сыл ныр, сæ хъæ умæ куы сыздæ хт, уæ д ногæ й хъуыды кодта. Куыдзимæ диссагау кастис: Адам Каменский уыд стыр ахуыргонд, йæ хицæ н хорз цард æ нæ уи дæ р ссардтаид. Æ мæ уæ дæ цæ мæ н райдыдта мæ гуыр адæ мы сæ рыл дзурын?

Уыцы хъуыддагæ й студентты куы фарста Куыдзи, уæ д ын уыдон дзуапп радтой:

— Де ’мбал ахуыргонд, зондджын уыд, царды рæ стдзинад агурджытæ й. Рæ стдзинад та афтæ амоны: кусгæ чи нæ кæ на, уый хъуамæ хæ ргæ дæ р ма кæ на. Махмæ та: фæ ллой чи нæ кæ ны, хъæ здыгдзинæ дтæ уыдоны къухы сты, хæ ргæ дæ р, даргæ дæ р уыдон кæ нынц.

Иу ахæ м сусæ г æ мбырды ныхас рауадис хъæ уыхицау Бæ тмæ нты Дрисы тыххæ й. Студентты къорды разамонджытæ й чидæ р дзырдта:

— Нæ хъæ уыхицау бадилатимæ æ мдзæ хдон у. Иу хæ дон сын уæ рæ х у. Мæ гуыр адæ мыл нæ ауæ рды. Йæ хи адæ ймаг чи хоны, хъуамæ уыдоны зæ рдæ тæ риссой адæ мы тæ ригъæ дæ й, хъуамæ сдзурой сæ сæ рыл. Нæ й нын хуымзæ хх, нæ й нын хъæ д, нæ й нын сæ рибар...

Æ хсæ вы æ рæ гмæ æ рбацыдис Куыдзи сæ химæ. Нæ басусæ г кодта йæ хъуыдытæ йе ’фсымæ рæ й:

— Райсом хъæ уы стыр хъуыддæ гтæ уыдзæ н. Макæ дæ м ацу! Хъæ уыхицау кæ д йæ хæ дæ г дзæ бæ хæ й ныууадза йæ бынат, уæ д хорз, науæ д нæ йемæ тох кæ нын бахъæ удзæ н!

Лæ ппуйы ныхæ стæ фыд дæ р фехъуыста. Йæ мидбылты бахудти: æ хсызгон ын уыдис, йæ фырт адæ мы рæ нхъы кæ й цæ уы, уый.

Райсомæ й раджы адæ м аргъуаны кæ ртмæ æ мбырд кæ нын райдыдтой. Аргъуыд куы фæ ци, уæ д Бæ тманы-фырт йе ’мбæ лттимæ рацыдис аргъуанæ й. Хистæ ртæ й йæ иу баурæ дта æ мæ йын загъта:

— Мæ нæ ацы адæ мы фæ нды, цæ мæ й ды дæ хицауы рæ хыс сисай, дæ бынатæ й ацæ уай æ нæ фыдбылызæ й.

Фæ лæ Бæ тманы-фырт йæ хи æ нцонтæ й раттынмæ нæ хъавыд. Æ мæ адæ ммæ бартхъирæ н кодта.

Гæ буди уыцы сахат адæ мы æ хсæ н агуырдта йæ лæ ппуйы: «Кæ м ис Куыдзи? Куыд уромы йæ хи! Æ ви йæ фыды туг не ’хсиды йæ буары! »

Æ виппайды чидæ р фæ лæ бурдта хъæ уыхицауы риумæ. Фæ цыд дамбацайы гæ рæ хтæ. Уый Бæ дманы-фырт фехста. Чидæ р æ рхаудта. Адæ мæ н сæ фылдæ р цавддуртау фесты. Хъæ уыхицау се ’хсæ нты фæ цæ йлыгъд сыхæ гтæ й кæ йдæ р кæ ртмæ. Фæ лæ йæ ацахстой Куыдзийы домбай къухтæ. Арæ мыгъта йын йæ рæ хыс, йæ дамбаца. Амарын æ й сæ зæ рды уыд. Фæ лæ сæ зæ ронд лæ гтæ й чидæ р баурæ дта. Бæ дманы-фырты кæ йдæ р скъæ тмæ баппæ рстой æ мæ йыл дуæ рттæ фидар сæ хгæ дтой.

Уыцы изæ р адæ м сæ хицæ й равзæ рстой хъæ уыхицауы... Цыдысты сырх тырысатимæ, æ д гæ рзтæ, хæ лдтой æ лдариуæ ггæ нджыты хæ дзæ рттæ, сæ зæ ххытæ сын истой.

Фæ лæ уыцы рæ стæ г бирæ нæ ахаста. Паддзахы æ фсæ дтæ сæ ныхмæ рацыдысты, сæ разæ й — булкъон Ляхов. Уый хъæ уы хæ дзæ рттыл æ рæ вæ рдта стыр фиддон. Адæ мы раздзæ уджыты хæ дзæ рттæ сармадзанæ й æ хста.

Куыдзи хорз зыдта, йе знæ гты дзæ мбытæ м куы бахауа, уæ д дзы æ нцонтæ й кæ й нал аирвæ здзæ н. Иу æ хсæ в фæ сидтис йæ фыд Гæ буди æ мæ йæ хистæ р æ фсымæ р Георгимæ, сæ хæ дзарæ й сæ ракодта Урсдоны былмæ, аууон ранмæ.

— Ныххатыр кæ, дада, мæ хицæ й дын зондамонæ г кæ й аразын, уый тыххæ й. Æ ндæ р гæ нæ н нæ й. Хъуыддæ гтæ уæ хæ дæ г зонут, хъæ уæ й мæ хи хъуамæ айсон. Цæ уын дард бæ стæ Амурмæ. Чи зоны, фæ ндагыл мæ зонгæ тæ й искæ уылтыл сæ мбæ лон. Мæ нмæ уæ зæ рдæ ма ’хсайæ д. Мæ хи бафснайын бафæ раздзынæ н. Фæ лæ мæ нæ Георги... Мæ бæ сты йæ куы æ рцахсой, уымæ й тæ рсын. Йæ хи уал рæ стæ гмæ бафæ свæ д кæ нæ д!

Фыд æ мæ æ фсымæ р Куыдзийы ныхæ стæ м хъуыстой æ нкъардæ й, æ мбæ рстой лæ ппуйы уавæ р.

Булкъон Ляховы афицертæ й иу — Кулеш, айразмæ бавдæ лыд æ мæ сæ дæ æ фсæ ддонимæ сбырста Дыгуры уæ здæ тты хъæ дмæ. Уым адæ мæ й суг чи кодта, уыдоны æ рцахста, æ д бæ хтæ, æ д уæ рдæ ттæ сæ ратардтой. Хъуамæ сæ станцæ мæ акодтаид. Фæ лæ хабар æ рбайхъуыст хъæ умæ. Чидæ р аргъуаны дзæ нгæ рджытæ фæ дисы цагъд ныккодта...

Адæ м амбырд сты фæ дисмæ. Фæ сидтысты сæ м раздзæ уджытæ. Гæ будийы хъустыл ма ныр дæ р уадысты йæ фырт Куыдзийы ныхæ стæ: «Худинаг нын фæ уæ д, нæ хъæ ддзауты, нæ хъæ уккæ гты афицеры чысыл къорды дзæ мбытæ й куынæ суæ гъд кæ нæ м, уæ д! »

Адæ мы разæ й йæ саулохыл тахти Куыдзи. Кулешы отряды ныхмæ хъæ батырæ й схæ цыдысты, ахст адæ мы суæ гъд кодтой. Афицер Кулешы та фистæ гæ й семæ æ рбатардтой хъæ умæ.

О, ахæ м æ фхæ рд нæ ферох кæ ндзæ н булкъон Ляхов. Чысылдæ р йæ зæ рдæ кæ мæ фехсайа, уыдонæ й никæ мæ н ныббардзæ н!..

Ахæ м сагъæ стæ агайдтой зæ ронд лæ джы зæ рдæ уыцы сахат.

— Раст зæ гъыс, лæ ппу, — тыххæ й схаудтой фыды ныхæ стæ, йæ зæ рдæ æ нахуыр гуыпп-гуыпп кодта.

«О, ай-гъай, — хъуыды кæ ны зæ ронд, — лæ гæ н иу афон вæ ййы — йæ хъару æ мæ йæ йе ’хсар размæ куы фæ хæ ссынц. Фæ лæ йыл зæ ронды ном куы сбады, уæ д йæ кæ стæ ртæ м ратты уынаффæ кæ ныны бар. Уыдон дзы тыхджындæ р, арæ хстджындæ р æ мæ дзырддзæ угæ дæ р свæ ййынц».

Гæ будийы сагъæ сæ йдзаг хъуыдыты аскъуыдтой йæ фыртты ныхæ стæ:

— Мæ нмæ уæ зæ рдæ ма ’хсайæ д. Дада, дæ у хъуамæ ма бахъыгдарой. Ацæ ргæ дæ. Нæ кæ стæ р æ фсымæ р Барис æ рыгон у, уымæ бавналын дæ р не суыдзæ н сæ бон. Фæ лæ Георгийæ н тас у, æ мæ куыд загътон, афтæ бакæ нæ д...

Иуцасдæ р та сæ ныхас нал хъуыст. Талынджы æ дзæ мæ й лæ ууыдысты.

Бирæ цыдæ ртæ дзуринаг уыд зæ ронд, фæ лæ дзы схаудта æ рмæ стдæ р цалдæ р ныхасы:

— Хæ дзары чи баззайы, уый истæ мæ йты фæ цæ ры. Мæ гуыр фæ ндаггон у. Фæ ндараст у! — йе стыр цæ нгтæ й æ рбахъæ быс кодта Гæ буди йæ уарзон хъæ булы, бафиппайдта йын йæ домбай уæ нгты тых, йæ фидар уæ хсчытыл ын æ рæ нцой кодта. Уыдоныл æ ртагъдысты йе ставд цæ ссыгтæ. — Бахатыр мын кæ н, мæ зæ рдæ куыддæ р æ рбауынгæ г... Бауырнæ д дæ, нырма мæ хъарутæ мæ химæ сты!..

— Уырны мæ, дада, уырны! Хæ рзбон...

Сæ рдыгон æ хсæ вæ й дзæ вгар рацыди. Стъалыты ирдæ й талынг æ хсæ в рухс дардта. Урсдон æ вæ лмæ цгæ йæ бырста Теркмæ. Хаттæ й-хатт ын-иу уадымс æ рбахаста йæ сусæ г сыбар-сыбур, йæ сыр-сыр.

Фæ лæ зæ ронд лæ г уыцы сахат ницы хъуыста, йæ цæ стæ нгас сарæ зта æ хсæ вы тармæ — йæ фырттæ й йæ чи фæ иртæ ста, уыцы тармæ. Фæ лæ сын тары дæ р сæ фæ ндаг æ взæ рста. Раст æ м каст уыцы фæ ндаг. Æ мæ йæ м уымæ й иуварс рахизыны фæ нд нæ уыд...

Уæ дæ й цалдæ р азы рацыд. Къолойты Гæ будийы бинонтæ ногæ й æ рæ мбырд сты сæ химæ. Сыбыры иуæ ндæ сæ м фистæ г æ фсæ ддон полкъ кæ й хуыдтой, уырдыгæ й сæ хъæ умæ ссыдис Георги. Уый ралыгъди Корниловы æ фсадæ й. Йæ хи æ мбæ хста Вендены горæ ты. Уырдæ м æ м ныццыди йе ’фсымæ р Куыдзи, иумæ сæ химæ рацыдысты.

Æ фсымæ ртæ фæ ндагыл сæ хабæ рттæ кæ рæ дзийæ н фæ дзырдтой. Хистæ р радзырдта: Корниловы æ фсадмæ йæ тыххæ й акодтой, уым сусæ г революцион куыстгæ нæ г æ мбæ лттимæ балымæ н. Корниловы æ фсæ ддон хæ йтты æ гъдау дæ лæ мæ хаудта, иугай лидзын байдыдтой. Иуахæ м сæ чидæ р банымыгъта. Кæ уыл фæ дызæ рдыг сты, уыдонæ й, Корниловы приказмæ гæ сгæ, дыууадæ сы се ’мбæ лтты раз фехстой. Салдæ тты маст тынгдæ р сфыхтис. Чи дзы Сырх Æ фсадмæ лыгъд, чи йæ хæ дзармæ.

Афтæ мæ й ралыгъдис Георги дæ р.

Куыдзийы хабæ рттæ ноджы бæ лвырддæ р уыдысты. Уый радзырдта Ирыстоны, сæ хъæ уы кæ й фæ зынд «Кермены» парти. Уыцы парти хæ ссы ирон адæ мон хъæ батыр хъæ бул Чермены ном. Уый у большевикты партийæ н æ ххуысгæ нæ г...

— Æ мæ, Куыдзи, ды нæ бацыдтæ «Кермены» партимæ? — бафарста йæ Георги.

— Бацыдтæ н. Æ мæ йæ м хъуамæ ды дæ р бацæ уай! Лæ г иу бон гуыргæ кæ ны, иннæ бон — мæ лгæ. Æ мæ уыцы мæ лæ т лæ г кадимæ куы ссары, уæ д йæ ном кадджынæ й баззайы адæ мы æ хсæ н...

Гæ будийы фырттæ æ ртæ йæ дæ р ныр хæ дзармæ нал æ фтыдысты. Æ хсæ вæ й-бонæ й сæ хæ цæ нгæ рзтæ се ’ккойæ нал истой...

Цалдæ р азы размæ, талынг æ хсæ в Гæ буди йæ фыртты Урсдоны былæ й дард балцы куы фæ ндараст кодта, уæ ддæ р зæ рондыл нымад уыд. Ныр æ м афтæ каст, цыма йæ м йæ фыртты ссыдимæ раздæ ры тыхтæ æ рыздæ хтысты æ мæ дзы ныфс бауагътой, цыма йæ цæ стытæ ноджы карздæ рæ й сæ рттывтой æ хсар æ мæ æ нæ уынондзинадæ й. Цыма йæ фыртты фарсмæ æ рлæ ууынмæ цæ ттæ уыди.

Иухатт та Куыдзи цыдæ р ахсджиаг хъуыддаджы фæ дыл сæ хæ дзармæ æ рбауад. Фæ стæ мæ куы фездæ хт, уæ д æ й дуармæ фыд фæ урæ дта, хъазæ гау æ й афарста:

— Лæ ппу, дæ разы уыдонæ й сымахмæ дыгæ йттæ, æ ртыгæ йттæ куы ис, уæ д дзы иу мæ нмæ нæ хауы? Æ ви афтæ ’нхъæ лут æ мæ сæ æ з нæ сарæ хсдзынæ н...

Лæ ппу фембæ рста йæ фыды: уый хæ цæ нгæ рзтæ м амыдта.

— Мах сæ æ ртæ йæ кæ й хæ ссæ м, уый æ гъгъæ д у, дада! Дæ у ницæ мæ н хъæ уынц. Стæ й дзы, раст дын куы зæ гъон, уæ д арæ хсгæ дæ р не скæ ндзынæ. Фыдæ лтыккон иуæ хстæ ттæ не сты.

Фырт ацыдис. Фыд йæ фæ стæ кæ сгæ йæ баззад. Хъуыдыты аныгъуылд: раст ын загъта йæ фырт! Ног хъуыддæ гтæ м нал фæ арæ хсы зæ ронд. Чи зоны, ма сарæ хса ног хæ цæ нгæ рзтæ й фехсын дæ р. Æ ниу æ й сæ хæ дзары зылдтытæ й кæ дæ м равдæ лдзæ н? Хæ дзары сывæ ллæ ттæ. Куыдзи бинонтæ æ рæ джы æ рхаста, йæ сабийыл бирæ нæ ма цæ уы. Уыдæ ттыл мæ т кæ нын хъæ уы Гæ будийы. Стæ й та йæ м фæ зындис æ ндæ р хъуыдытæ: иугæ р хæ сты цæ хæ ртæ хъæ умæ куы схæ ццæ уой, уæ д алы лæ гæ н дæ р йæ хæ с уыдзæ н йæ уынг, йæ хъæ у бахъахъхъæ нын. Бирæ цæ имæ дæ рты ма дзырдта зæ ронды зæ рдæ, æ рмæ ст нæ ахъуыды кодта: уыцы фембæ лд ма сæ фæ стаг фембæ лд кæ й уыд, фыд æ мæ хъæ булы уарзон цæ стæ нгасæ й ма фæ стаг хатт кæ й бакастысты кæ рæ дзимæ...

Куыдзийы хъæ уыл ноджы уæ ззаудæ р рæ стæ г дæ р скодта. Инæ лар Шкуройы бандæ тæ æ гъатырæ й бырсынц уырдæ м. Инæ лары цæ стытæ туджы зилынц. Фæ стаг рæ стæ г цал æ мæ цал хъæ уы, станцæ йы байста. Знон уыди Елхоты. Уым йе ’фсад дыууæ дихы фæ кодта. Иу къордимæ йæ хæ дæ г рацыд, йæ ных сарæ зта Гæ будийы хъæ умæ. Уыцы иу цæ фæ й, сихормæ ныддæ рæ н кæ нынмæ хъавыд ацы хъæ уы керменистты, большевикты.

Æ ртыккаг бон цæ уынц тугкалæ н хæ стытæ хъæ уы алыварс, уæ ддæ р инæ ларæ н йæ бон ницы у. Цымæ сæ м цавæ р тыхтæ ис уагæ р?

Нæ, инæ лар куыд æ нхъæ лдта, ахæ м стыр тыхтæ нæ уыд ацы хъæ уы. Чи дзы баззад, уыдонмæ та фаг нал уыд хæ цæ нгарз. Большевикты-керменистты разамынд фæ стагмæ сфæ нд кодтой хъæ уæ й хъæ дмæ сæ хи айсын.

Куыдзимæ нæ уыд хъæ дмæ ацæ уыны фæ нд. Уый никуы сразы уыдзæ н йæ хъæ у знаджы къæ хты бын ныууадзыныл. Баззадис йе ’мбæ лттæ й иу къордимæ. Æ мæ хъæ уы стырдæ р уынгтæ й иуы пулемет æ рцарæ зта. Æ рмæ стдæ р ын мæ лæ т ратдзæ н бар уыцы уынгты знаджы æ рбауадзынæ н.

Йе ’мбæ лттыл йæ зæ рдæ дары Куыдзи. Уыдонæ н сæ иумæ радта пулемет, йæ хицæ н та йæ топпадзагъд арауы бæ стæ. Цал æ мæ цал хатты баурæ дтой уыдон размæ бырсæ г знаджы æ фсады, цалы дзы барвыстой мæ рдтæ м.

Фæ лæ циу уый? Нал ис бырсæ г уыцы уынгыл.

Хæ стонты зæ рдæ тæ фырмæ стæ й ссыгъдысты. Уыдоныл сæ мбæ лдис æ буалгъ хабар... Хъæ уккæ гтæ й чидæ р гадзрахатæ й рацыдис æ мбæ лттыл. Уыдон урс тырысатимæ ацыдысты знаджы æ фсæ дты размæ æ мæ сæ хи радтой.

Урс бандæ тæ хъæ уы уынгты февзæ рдысты, фыдмитæ кæ нынц адæ мæ н. «Ма кæ » сын чи зæ гъа? Мæ нæ иу уынджы урс æ фсæ ддонтæ сæ разæ й стымбыл кодтой дуне адæ мы æ мæ сæ фæ тæ рынц. Кæ дæ м? Цæ мæ н?

Урс тырысатæ куы кæ м фæ зынынц, куы кæ м. Хатгай ма иу иугай гæ рæ хтæ райхъуысти.

— Цæ й, ныр хæ цæ н нал ис, Афснайут пулемет, бахъахъхъæ нут уæ хи! Æ з уæ лæ адæ мы фæ стæ скæ сон! — Куыдзи æ д гæ рзтæ фæ раст, урсытæ уацары кæ й фæ цæ йкодтой, уыдонмæ. Хъуамæ сын сæ бæ рæ г базона, хъуамæ сын истæ мæ й феххуыс кæ на...

Ницы зыдта Куыдзи, уыцы сахат йæ зæ ронд фыд Гæ будийыл цы ’рцыдис, уымæ н. Урсгвардионтæ цалдæ рæ й фæ мидæ г сты зæ ронд лæ джы кæ рты. Тыхгæ нджытæ йын раластой йæ бæ хтæ... Схуыстытæ йын кодтой йæ хи.

Куыд сын ныббарстаид йе ’фхæ рд зæ ронд лæ г! Хæ цæ нгарзæ й ницæ мæ й рæ вдз уыд, фæ лæ йæ домбай къухтæ й фæ лæ бурдта æ фсæ йнаг сагоймæ. Æ гады цардæ й мæ лæ т хуыздæ р у...

Цалдæ р минуты фæ стæ урсгвардионтæ й дыууæ, сæ туджы мæ цгæ йæ, мардæ й лæ ууыдысты зæ ронд лæ джы кæ рты. Фæ мард Гæ буди йæ хæ дæ г дæ р. Æ нæ хъæ н взвод ыл æ мхуызонæ й радтой залп. Сæ мбæ лд ыл дыууиссæ дз нæ мыджы...

Куыдзи тагъд кодта, урсгвардион афицерты къорд сæ разæ й уацары кæ й фæ цæ йтардтой, уыцы адæ ммæ. Кæ мæ дæ рты сæ радтой урс тырысатæ, афтæ мæ й сæ тардтой хъæ уы астæ у фæ згондмæ. Уырдæ м куы ныххæ ццæ сты æ мæ Урс æ фсады булкъон Гайдашев семæ ныхас кæ нын куы райдыдта, уыцы рæ стæ г сæ цурмæ бацыд æ д гæ рзтæ Куыдзи дæ р.

Йæ фидар уæ хсчытыл аив фидыдтой йæ хæ цæ нгæ рзтæ. Уый æ ввахс бацыди булкъонмæ, лæ мбынæ г æ м хъуыста.

Булкъон домдта адæ мæ й хорз бæ хтæ, æ взист сæ ргътæ. Карз æ ртхъирæ нтæ кодта йæ уацайрæ гтæ м. Стæ й фæ комкоммæ Куыдзимæ. Кондджын, гæ рзифтонг лæ ппулæ джы афицер фæ худта. Æ нхъæ л уыд, кæ д сæ м йæ хи раттынмæ фæ зынд, зæ гъгæ.

— Ды афицер, мыййаг, нæ дæ? — бафарста Гайдашев Куыдзийы.

— Æ з афицер дæ н.

— Æ мæ дæ хи махмæ дæ ттынмæ хъавыс?

— Ай-гъай! Раздæ р уал уæ м мæ гæ рзтæ раттон, стæ й мæ хи.

Адæ м дисты бацыдысты, Куыдзийæ сæ цæ ст нал истой.

— Кæ мæ раттон мæ гæ рзтæ, дæ бæ рзонддзинад?

— Æ ри сæ ардæ м!

— Гъа, айс сæ! — цыма кæ рæ бин йе уæ хскæ й иста, афтæ йæ рæ вдз æ рзылдта размæ. Булкъонæ н æ й йæ тæ ккæ риуыл ныццавта. Уыцы иу нæ мыгæ й фæ мард, Гайдашевæ н йæ фарсмæ чи лæ ууыд, йе ’ххуысгæ нæ гыл кæ й нымадта, уыцы афицер дæ р.

Ноджыдæ р ма цалдæ р æ хсты — цалдæ р марды. Адæ м фæ йнæ рдæ м фæ пырх сты. Афицертæ й ма иу алыгъд æ мæ хиды бын кæ мдæ р амбæ хст. Къолойы-фырт уый нал ауыдта, фæ лæ æ хсарджынæ й сидти адæ ммæ:

— Горæ тæ й нын æ ххуыс æ рхæ ццæ, æ мбæ лттæ, тæ рсгæ ма кæ нут. Цæ вут знæ гты!

Хиды бынæ й рахъуызыд урсгвардион æ мæ фæ стæ рдыгæ й йæ джебогъæ й барæ хуыста Куыдзийы. Куыдзи ма уæ ддæ р фæ цырд йæ марæ гмæ, фæ стæ мæ йыл банымадта кæ рæ бины судзгæ нæ мгуытæ...

Уый фæ стæ йæ адæ м уæ ззау цæ фæ й схастой уæ ллаг сыхмæ, йæ хомæ. Уырдæ м æ м цыдысты, йæ цуры бадтысты.

— Лæ г иу бон гуыргæ ракæ ны, иннæ бон та — мæ лгæ. Уым хъыгагæ й ницы ис. Тæ рсын æ рмæ ст æ гаддзинадæ й хъæ уы, — дзырдта Куыдзи йе ’фсымæ ртæ, йе ’мбæ лттæ н.

Нæ йын ской кодтой йæ фыды марды хабар.

Хо æ мæ сæ кæ стæ р æ фсымæ р Барис сæ кæ уын нæ урæ дтой. Æ мæ уæ д Куыдзи æ фсымæ рæ н карзæ й бауайдзæ ф кодта:

— Лæ гæ н тохы рæ стæ г кæ уын не ’мбæ лы. Гсоргимæ кæ сыс, куыд фидар лæ ууы! О, мæ нмæ Георги алкæ ддæ р нæ фыдау фидарзæ рдæ, хъæ батыр касти. Мæ фыды сымахыл фæ дзæ хсын. Зæ ронд, сывæ ллонау, тæ нзæ рдæ у. Фыдæ бонджын, æ дзард уыд нæ фыд.

Уыцы ныхæ сты фæ стæ йæ усмæ хæ стæ гдæ р басидти:

— Чысыл ацардыстæ м, Нинæ. Хорзæ й дын ницы фæ дæ н. Ныххатыр мын кæ н! Саби де уазæ г, куы бахъомыл уа, уæ д ын-иу ракæ сæ рибар фæ з, сæ рибар, уынджы таурæ гъ...

Сахъгуырды хъуыр ахгæ дта, йæ улæ фт ын баурæ дта æ нæ хатыр рис...

Раджы уыди уый. Дзæ вгар азтæ рацыдис уæ дæ й нырмæ. Фæ лæ ма ис абон дæ р Къолойты Куыдзийы номыл Чырыстонхъæ уы уынг. Уадз æ мæ йæ фæ сивæ д зоной, макуы ферох кæ ной хъæ батыры ном...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.