Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Ницы нын бавæййыс



Уæ ззау бонтæ кæ уыл не скæ ны! Царды бирæ арф, уынгæ г рацæ уæ нтæ, зын схизæ нтæ æ мæ фæ зилæ нтæ ис. Дæ алы къахдзæ фмæ дæ р дæ цæ ст дзæ бæ х куы нæ дарай, уæ д нæ базондзынæ, бæ рзонд былæ й куыд фæ цуддзынæ, уый. Æ вæ ццæ гæ н, рæ сугъд цардмæ цы фæ ндаг ис, ууыл афтæ зын цæ уæ н куы нæ уаид, æ рвылбон ыл тох æ мæ хъуыды куы нæ хъæ уид, уæ д, чи зоны, цæ рын дæ р уыйбæ рц диссаг никæ мæ кæ сид... О, фæ лæ уæ ддæ р иуæ й-иутыл æ рмæ ст сæ хи аххосæ й скæ ны зын рæ стæ г. Æ гъатыр маст сын судзины фындзæ й ныхилæ гау фæ агайы сæ зæ рдæ тæ. Цард сын æ виппайды ад нал фæ кæ ны. Æ мæ сæ м, срастгæ нæ н кæ мæ н нал вæ ййы, сæ уыцы рæ дыдты фæ дыл æ рæ джиау стыр фæ смон æ рцæ уы.

Гъе, ахæ м хъуыдытыл æ фтауы мæ н мæ сыхаг Саухалаты Саукуыдзы уавæ р. Йæ чысыл хæ дзар ис уæ ртæ мæ тæ ккæ бакомкоммæ. Къаннæ г тыргъы лыстæ г цæ джындзыл лæ г сæ ргуыбыр æ мæ уæ нтæ хъилæ й йæ хи бауагъта. Æ дзынæ г кæ сы зæ хмæ. Афтæ фæ лæ ууы æ рмæ стдæ р, исты стыр бæ ллæ хæ й йе уæ нгтæ кæ мæ н азгъæ лынц, судзгæ маст йæ риу кæ мæ н феууилы...

Саукуыдз мæ сонты бонты бухъзæ рдæ æ мгар у, — бæ рзонд, хæ рзконд æ мæ домбай арæ зтытæ, сырхуадул. Мæ н уырнгæ дæ р нæ кæ ны — кæ ддæ ры цæ хæ рцæ ст лæ ппу, хъазын æ мæ худын кæ уыл фидыдтой, царды бирæ дзæ бæ хдзинæ дтæ й йæ хай исын чи зыдта, чызджыты хуыздæ ртæ кæ рæ дзийы сæ рты кæ мæ кастысты, уый ныр афтæ тынг фæ зæ ронд, афтæ тынг æ й æ рæ лхъывтой азтæ... Йæ хи адæ мæ й иуварс ласы. Ныр дæ р афтæ ’нхъæ лы æ мæ йæ ничы уыны.

Нæ! Мæ нмæ ардæ м, бæ рзонд хæ дзары сæ рмæ, дзæ бæ х зыны Саукуыдз. Хатгай йæ м фæ кæ сын. Мæ миднымæ ры ныхæ стæ та куыддæ рæ й мæ дæ лæ взагæ й схауынц: «О, ай-гъай, æ нæ ууылд къæ бæ р кæ ддæ риддæ р хъуыры бады, фарсыл дзæ бæ х нæ хæ цы». Цыма æ нæ мæ т, хъæ лдзæ г фæ ндаггон барæ джы æ нæ нхъæ лæ джы багæ рах чындæ уыд, йæ саулох йæ быны фæ калд, йæ хæ дæ г та саргъæ й фæ свæ ндагмæ асхъиудта, æ мæ йæ зæ рдæ фыртарстæ й ауазал, йæ дзæ бæ х хъуыдытæ сæ ры фæ хæ ццæ сты...

Мах — йæ сыхæ гтæ цалдæ рæ й абон зиууæ ттæ стæ м Саукуыдзы фырттæ н. Фондз лæ ппуйæ дыууæ æ фсады сты. Иннæ тæ й иу горæ ты ахуыр кæ ны, иннæ тракторыл кусы. Хæ дзары ма сты хистæ р фырт Амырхан, йæ мад Дунетхан æ мæ йæ чысыл дыууæ хойы. Æ фсымæ ртæ й ус ничима æ рхаста. Мад сæ рыстыр у йæ цотæ й. Бындзытæ кæ м уа, мыд дæ р уым вæ ййы — алчи дæ р дзы йæ куысты хай æ ххæ ст кæ ны. Бирæ кæ мæ ндæ рты фæ зминаг сты ацы бинонты хорз хъуыддæ гтæ — сæ лымæ н цард, сæ хорз фæ ллой. Хъæ убæ сты фæ сивæ ды æ хсæ н сæ хæ дæ г куыд бæ рæ г дарынц, афтæ бæ рæ г дарынц сæ уынджы хæ дзæ ртты рæ нхъы сæ ног арæ зт агъуыстытæ. Агуыридурæ й амад цалдæ р уаты. Диссаджы тыргътæ æ мæ сын аив бацæ уæ нтæ. Рæ сугъд нæ зы силофкæ тæ й сæ цартæ, филонкæ джын — сæ дуæ рттæ æ мæ рудзгуытæ. Гъе æ рмæ ст хæ дзары сæ р æ ххæ ст æ мбæ рзт нæ ма фæ ци.

Абон сæ м зиу ракодтой. Фæ лæ сæ фыдæ н зиууон уæ выны бар нæ радтой. Саукуыдз хицæ нæ й цæ ры æ мæ хонæ гмæ æ нхъæ лмæ касти. Знон иннæ сыхæ гтыл зиууонгуртæ зылдысты. Хъуамæ йæ м æ рбадзырдтаиккой. Нæ, йæ дуæ ртты ацыдысты. Хъыг ын уыди. Фæ лæ уæ ддæ р, туг тугæ й не ’хсадæ уы, зæ гъгæ, абон сæ умæ райсом фæ зынди йæ кусæ н дарæ сы. Æ нхъæ л уыд, зæ гъгæ, бацинтæ йыл кæ ндзысты. Фæ лæ ницы. Йæ ус æ мæ йын йæ чызджытæ «æ гас цу» нæ загътой. Йæ фырт та ма йын уайдзæ ф дæ р бакодта: «Ницы нын бавæ ййыс! Зиууон дæ р дæ нæ хуыдтам! Ацу дæ фæ ндагыл, иу хатт ыл куыд ацыдтæ, афтæ!.. »

Æ з раст уыцы сахат бахызтæ н Амырханы кулдуарыл. Фехъуыстон лæ ппуйы ныхæ стæ. Федтон: лæ г сæ ргуыбырæ й, джихæ й фездæ хтис йæ фæ д-фæ д. Æ з, цыма ницы бамбæ рстон, афтæ дардтон мæ хи.

Ныр мæ нæ хæ дзары сæ рыл лæ ууын. Æ мбæ рзæ н дуртæ æ вæ рын даргъ цыппæ рдигъон рейкæ тыл. Мæ алыварс — иннæ зиууæ ттæ. Чи хæ дзары фисынтæ ныхасы, чи нæ м дуртæ æ мæ чъырæ змæ ст бынæ й уæ лæ мæ дæ тты.

Кæ д æ нувыдæ й кусын, уæ ддæ р арæ х ахæ ссын мæ цæ стæ нгас хæ хтæ, хъæ д æ мæ быдыртыл. Ардæ м мæ м дзæ бæ х зынынц нæ хъомхизæ нтæ, уыгæ рдæ нтæ, хуымтæ, хъæ убæ стæ. Мæ зæ рдæ бахъазы. Хъæ здыг æ рдз æ мæ мæ хъæ уы царды нывтæ кæ дæ мдæ р акæ нынц сæ фæ дыл.

Ахæ м æ мбисонды хурбонтæ цал æ мæ цал хатты скæ ны махмæ фæ ззæ джы! Тæ ккæ знон дæ р ма арв æ мæ хгæ д уыд сау мигътæ й. Хæ хты мит уарыд. Хъæ д æ мæ быдыртыл бæ зджын сæ лфынæ г хъуынтъызæ й лæ дæ рсыд. Уазал æ мæ уымæ л буары иннæ рдæ м хызтысты. Нæ хъæ у йæ зымæ гон сагъæ сты ныгъуылыд. Ныр æ м мæ нæ æ рбакæ с! Цыма дзыхъхъынногæ й райгуырди. Райсомæ й сæ уæ хсид арвыл тыбар-тыбур кодта, афтæ йæ цардмондаг æ мæ куыстуарзаг адæ м æ мхуызонæ й райхъал сты.

Фæ лæ уыцы хъарм хуры тынтæ нæ тавынц Саукуыдзы. Уымæ цæ мæ ндæ р афтæ кæ сы, цыма дунейыл мастæ й дарддæ р ницы ис... Цæ мæ н æ й баййардта афтæ карзæ й æ нæ райы маст? Йæ риуы йын цы ныссагъта йæ дзæ мбытæ?

Нæ й йын дзуапдæ ттæ г...

Бухъзæ рдæ, хъал лæ ппу уыд йæ заманы Саухалаты Саукуыдз. Арæ х-иу ацыди æ ндæ р хъæ утæ м уазæ гуаты. Къуыригæ йттæ -иу ахастой йæ балцытæ. Гал дæ р æ фсонæ й æ ргæ встæ уы. Æ фсæ нттæ та йын куыннæ уыдис: чызгуынæ г, чындзхон, искæ мæ н минæ вар. Науæ д та-иу афтæ æ нæ уи абæ рæ г кодта сæ хæ стæ джыты, сæ лымæ нты... Йæ хорз фыды номæ й йæ синысæ ртыл хæ цыди, тырныдта кад æ мæ намысмæ. Кæ ддæ риддæ р уыдис нымады. Йæ цардæ й разы уыд йæ хæ дæ г дæ р.

Хаттæ й-хатт-иу Саукуыдз йæ фæ ндаг адардта æ ндæ р горæ ттæ м дæ р. Куы ахуыр кæ ныны æ фсонæ й, куы æ ндæ р истæ й фæ дыл. Куы-иу йæ хи хуыдта юридикон институты студент, куы-иу хъуамæ загътаид: æ з кæ сын, фæ сарæ йнаг æ взæ гтæ кæ м ахуыр кæ нынц, зынгæ дипломаттæ кæ цæ й рацæ уынц, уыцы стыр скъолайы. Æ взæ гтæ хорз кæ й зоны, уый тыххæ й дæ р арæ х æ ппæ лыд йæ хицæ й. Хъуамæ -иу немыцагау загътаид: «Битте, геноссе, гебен зи мир дас вассер», — æ мæ дын æ й иронау бамбарын кодтаид: «Дæ хорзæ хæ й, æ мбал, дон-ма мын рахæ сс! » Науæ д-иу гуырдзиагау загътаид: «Сени чъириме, цхъали мойтъани» — «Мæ уды гага, дон-ма мын æ ри». Æ мæ -иу æ м чи байхъуыста, уыдоны уырныдта, Саукуыдз ахуыргонд æ мæ фендджын лæ г кæ й у. Дард горæ ты балæ ууын æ мæ уырдыгæ й фæ стæ мæ фездæ хын уымæ дуарæ й къæ сæ рмæ рахизынæ й уæ лдай нæ каст. Æ мæ -иу сæ рыстырæ й дзырдтаид: «Дæ лæ Мæ скуыйæ суадтæ н». «Уæ ртæ Душанбейæ хæ дтæ хæ джы æ рбатахтæ н!.. »

Гъе, æ вæ ццæ гæ н, ахæ м хъуыддæ гты фæ рцы бафтыд йæ къухы нæ хъæ уы чызджыты хуыздæ р Дунетхан дæ р.

Æ д зонд, æ д æ гъдау сылгоймаг уыди Дунетхан. Ног чындз уайтагъд бамбæ рста йæ мойы. Йæ хъару цы амыдта, уымæ й архайдта Саукуыдзæ н феххуыс кæ ныныл, цæ мæ й дзы ферох уыдаид йæ рауай-бауай, æ мæ йæ чындзæ хсæ вы фæ стæ Саукуыдз цасдæ р рæ стæ г æ рхæ дзарон. Цыдæ ртæ дæ р-иу акуыста. Фæ лæ ахуыр, ахуыр! Уый зын аппарæ н вæ ййы адæ ймагæ н æ рæ джиау. Дон йæ зæ ронд донуат фæ агуры. Саукуыдзæ н йæ хæ тæ нтæ йæ зæ рдыл æ рлæ ууыдысты, уайтагъд та йæ зæ ронд фæ ндæ гтыл цæ уын райдыдта: «Мæ нæ Варанцов, уæ ртæ Бухар... »

Азтæ тагъд ауайынц. Бабирæ сты Саукуыдзы сывæ ллæ ттæ дæ р. Хæ ссын æ мæ сæ хъомыл кæ нын хъуыди. Мад дзы алкæ мæ н дæ р авгау æ рхауынæ й тарсти. Рæ вдыдта сæ, хаста сæ. Фæ лæ сæ фыд йæ хи дæ рдты ласын райдыдта. Иу уалдзыгон бон кæ дæ мдæ р афардæ г æ мæ дзы цалдæ р азы хабар никуыцæ йуал хъуысти... Амардысты йæ зæ ронд мад æ мæ фыд. Адæ м хорз сты ахæ м сахат. Сыхæ гтæ, хæ стæ джытæ, зонгæ тæ æ рбалæ ууыдысты Дунетханы уæ лхъус. Кадимæ йын бавæ рдтой иу хатт йе ’фсины, иннæ хатт та — йæ хицауы. Зæ рæ дтæ мæ рдтæ м арфæ йагæ й бацыдысты сæ чындзæ й, сæ фыртæ й та — мæ стæ лгъæ дæ й.

Уалынмæ фæ зынди сæ хъæ умæ Саукуыдз. Иунæ г нæ уыд. Йемæ сласта йæ дыккаг ус Даринкайы. Уый дæ р сæ хи хъæ уккаг сылгоймаг уыд. Æ вæ ццæ гæ н, раздæ р лымæ н уыдысты. Æ мæ кæ рæ дзийы æ рцагуырдтой æ ндæ р горæ ты. Цы куыстой уым, чи зоны. Фæ лæ сæ уæ лæ бæ рæ г уыдис, афтид къухæ й кæ й не ссыдысты. Дунетхантæ м хæ стæ г сæ хицæ н хæ дзар балхæ дтой: дыууæ уаты æ мæ цæ лгæ нæ н. Уыдис сæ м дыргъ бæ лæ стæ дæ р. Зæ нæ г сын нал рацыд. Гъемæ, ахæ м лæ г æ мæ ус куыд фæ цæ рынц, афтæ, кæ рæ дзимæ кæ сгæ йæ, цардысты. Адæ мæ й сын чи сæ цард мыдыкъусджы хуызæ н хуыдта, чи сæ м æ нæ уынон цæ стæ й касти. Цæ й хæ дзар у уый, сывæ ллоны кæ уын, сабийы хъæ лдзæ г худын кæ цæ й никуы райхъуысы, цæ й лæ г у уый, йæ хи къухтæ й йæ бинонты цард чи фехалы, йæ цотæ н æ цæ гæ лон чи свæ ййы.

Раст зæ гъын хъæ уы, абоны онг никуы ницæ мæ й бафхæ рдтой йæ раздæ ры бинонтæ сæ фыд Саукуыдзы, ницы дзы домдтой.

Саукуыдзмæ та фæ стаджырдæ м, æ вæ ццæ гæ н, стыр фæ смон æ рцыдис. Тынг æ й фæ ндыд, йæ фырттæ йæ м дзæ бæ хдæ р цæ стæ й куы кастаиккой, куы йæ м цыдаиккой. Фыдмæ фыды номæ й куыд фæ дзурынц, афтæ йæ м исчи куы сдзырдтаид. Æ ппын нæ, фæ лæ йын уайдзæ фтæ уæ д та куы бакодтаиккой. Фæ лæ лæ ппутæ æ мæ чызджытæ, цыма иумæ сомы бакодтой, афтæ дардтой сæ хи.

Саукуыдз-иу хаттæ й-хатт сæ рæ зты дæ р æ руадис. Дунетхан-иу иунæ г куы уыдис, уæ д-иу æ й хабæ рттæ й афæ рсынмæ дæ р хъавыд: цы фыссынц кæ стæ ртæ æ фсадæ й? Цæ йбæ рц у хистæ ртæ н сæ мызд?.. Фæ лæ -иу æ м ус йæ хъус не ’рдардта.

О, фæ лæ уæ ддæ р ацы райсомау никуыма бархæ ндæ г Саукуыдзы зæ рдæ, ахæ м уæ ззау рыстæ й никуы ма рыстис. «Ницы нын бавæ ййыс!.. Нæ дæ хуыдтам зиууон дæ р! » Уыцы ныхæ стæ уайынц йæ хъустыл. Цæ хæ рау ын судзынц йæ цæ сгом.

Зиууæ ттæ й ничи фехъуыста, сæ умæ райсом фыд æ мæ фырты æ хсæ н цы ныхас рауадис, уый. Уыдонæ й, чи зоны, уыйбæ рц ничи хъуыды кæ ны ныртæ ккæ Саукуыдзы хъысмæ тыл. Фæ лæ мæ нмæ тынг хъары йæ зын уавæ р. Фæ нды мæ мæ зиууон æ мбæ лттæ н мæ ныхæ стæ фæ кæ нын.

Зиууон кадджын уыд нæ фыдæ лтæ м. Буц-иу æ й дардтой. Махмæ дæ р ныртæ ккæ хæ дзары æ фсин фæ дзурдзæ н: сихор скæ нут, уæ фæ ллад суадзут нын зæ гъдзæ н. Æ рхиздзыстæ м хæ дзары сæ рæ й. Нæ къухтæ цæ хсдзыстæ м. Куывды бадæ гау фынджы уæ лхъус сбаддзыстæ м. Худын æ мæ ныл хъазын фидаудзысты.

Фæ лæ уæ д Саукуыдз та, Саукуыдз? Цæ мæ й фенцондæ р уыдзæ н уымæ н йæ уавæ р? Æ ви туг тугæ й æ хсадæ уы?..

Æ виппайды мæ химæ фæ мæ сты дæ н. Цæ уылнæ йæ баурæ дтон абон райсом? Цæ мæ н æ й ауагътон ацæ уын? Уыцы минут ын, æ вæ ццæ гæ н, æ ндæ р исчи йæ цонгыл æ рхæ цыдаид, йемæ йæ хæ дзары сæ рмæ схизын кодтаид, йæ фырт Амырханы зæ рдæ иннæ рдæ м фездахын дæ р базыдтаид. Æ з та?..

Сихор хæ рынмæ нæ м фæ сидтысты. Фынгыл нæ ма сбадтыстæ м, афтæ мæ й Дунетхан æ мæ Амырханæ н загътон:

— Тæ ригъæ д у Саукуыдз... Ахæ м лæ гæ н йæ рæ дыдтытæ ныххатыр кæ нын дæ р намысы хъуыддаг у. Цæ й... Ныббарæ м ын... Фыды ном хæ ссы... Ахъуыды-ма кæ нут, абон æ й куыд бафхæ рдтат, ууыл. Æ з æ м райсомсарæ й кæ сын. Йæ хицæ н бынат нæ ары, тыхст æ мæ хъыгзæ рдæ йæ бады. Бавдæ лут æ мæ йæ æ рбахонут. Абаддзæ н немæ. Фенцондæ р ын уыдзæ н.

— Не ’рбацæ удзæ н, — загъта Дунетхан æ мæ дæ лиауæ й ныуулæ фыд. — Стæ й йын цæ угæ йæ дæ р нæ у!

— Æ з æ й æ рбахондзынæ н.

— Уæ д, лæ ппуйы куыд фæ нды, афтæ.

Æ з лæ гъстæ хуызæ й бакастæ н Саукуыдзы хистæ р лæ ппумæ. Уымæ н йæ рухс цæ сгом куыддæ р фæ тар и. Зæ хмæ ныццавта йæ цæ стытæ. Бæ рæ г уыди, дызæ рдыг сагъæ сты кæ й аныгъуылд. Æ рæ джиау йæ цæ стæ нгас раздæ хта мæ нмæ.

— Бахатыр мын кæ н, мæ зынаргъ хистæ р. Дæ зæ рдæ мыл ма фæ худæ д, фæ лæ... Исчи йын тæ ригъæ д бакæ на, исчи йын æ гъдау ратта, уый аккаг нæ у! Ома хуымæ тæ джы æ цæ гæ лон у, уый тыххæ й нæ, фæ лæ махæ й никæ мæ н ницы бавæ ййы!.. Чи цы агура, уый ссары! Æ з афтæ æ нхъæ л дæ н, æ мæ мæ ды раст бамбардзынæ... Мæ мад... ме ’фсымæ ртæ, мæ хоты ’вастæ й афтæ куыд бакæ нон? Фæ лтау, дæ хорзæ хæ й, — фынгмæ. Сбадæ м. Æ мбæ лттæ махмæ кæ сынц...

Æ з ницуал загътон. Чи нæ растдæ р уыд? Нæ зонын.

Фæ ззыгон хур ма йæ хъарм тынтæ æ лвыста. Райдзаст уыдысты нæ хъæ убæ стæ, ме ’мзиууæ ттæ. Æ рмæ ст иунæ г адæ ймаджы сурæ т уадис мæ цæ стытыл. Уый фыццагау сæ ргуыбырæ й лæ ууыд сæ цæ джындзы æ нцой, йæ химæ хъуыста.

Тæ ригъæ д ын кæ нын. Уæ вгæ кæ д æ цæ гæ й никæ мæ н ницы бавæ ййы ме ’рдхорд Саухалаты Саукуыдз...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.