Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Æхсæв цырагъдарæй



Хуын

Æ гъдауджын, хæ лар зæ рдæ йы хицау æ мæ адæ муарзонæ й зыдтой чысыл хæ ххон хъæ уы цæ рджытæ Тохтиаты Аттойы. Æ нæ маст, æ нæ уæ лдай ныхас. Бахъуаджы сахат дын йæ уд дæ р нæ бавгъау кодтаид. Æ мæ йын адæ м дæ р æ взæ р нæ уыдысты, уарзтой йæ, хионы зæ рдæ йæ м дардтой.

Уæ ддæ р, кæ рцæ й хæ дон хæ стæ гдæ р у, зæ гъгæ, Атто уæ лдай æ нувыддæ р уыдис йæ хæ стæ джытæ, йе ’рвадæ лтæ, йæ мыггагыл. Суанг ма дзы дард быдыры хъæ уты чи цардис, уыдон дæ р рох нæ уыдысты. Æ мæ -иу арæ х йæ бинонтæ н афтæ загъта:

— Æ нæ хæ стæ г, æ нæ къабаз хуыцау адæ ймаджы макуы скæ нæ д. Æ нæ базыртæ маргъæ н тæ хæ н нæ й, мæ хуртæ. Уыцы æ мбисонд нын фыдæ лтæ й баззад æ мæ йæ зæ рдыл дарын хъæ уы.

Æ мæ иуахæ мы... Иуæ й-иутæ куыд дзурынц, афтæ мæ й уыцы хабар æ рцыдис колхозтæ саразыны агъоммæ. Аттойæ н йæ химæ, стæ й йæ бинонтæ м та афтæ кæ сы, цыма уыцы хъуыддагыл бынтон æ рæ джы цыдис ныхас сæ хæ дзары... Уæ вгæ, цы уæ лдай у — кæ дфæ нды æ рцæ уæ д, уæ ддæ р уыди...

Цыбыр ныхасæ й, иуахæ мы Аттойы зæ рды æ рæ фтыд сæ быдираг æ рвадæ лтæ й иуы бабæ рæ г кæ нын. Афтид къухæ й кæ м ацыдаид æ мæ хæ ххон хъæ бæ рхорæ й сау бæ гæ ны бахсыста, кусæ рттаг, чъирийæ -æ ндæ рæ й — æ цæ г ирон хуын сарæ зта. Райсом ацæ удзæ ни, зæ гъгæ, уыцы æ хсæ в йæ сыхæ гты æ рхуыдта: «Иумæ абадæ м, фæ ндараст мын зæ гъут». Гаджидаутæ дзы куыд нæ уыдаид! Хорз арфæ тæ йын фæ кодтой. Сæ умæ райсом дæ р ма сæ м чидæ ртæ бауадис. Бæ хыл ын саргъ бавæ рдтой, хæ ргæ фсыл — уæ ргътæ æ мæ йын фæ ндараст загътой.

Нæ дзурдзыстæ м, хохæ й быдырмæ дард фæ ндагыл цал æ мæ цал бæ лццоны сæ мбæ лдис Аттойыл, цалæ н дзы загъта уæ здан ныхас йæ фæ ндаггагæ й. Аттойæ н рагагъоммæ йæ цæ стытыл уадысты йæ хъæ здыг хæ стæ джытæ: сæ бацæ уæ нтæ, сæ кæ рт, сæ хæ дзар. Куыд цинтæ йыл кæ ндзысты, куыд æ хсызгон сын уыдзæ н йæ фенд. Хъуамæ йын хорз салам раттой. Бирæ арфæ тæ йын æ рбарвитдзысты йæ бинонтæ æ мæ ма суанг йæ хъæ убæ стæ н дæ р...

***

Фæ лæ, æ вæ дза, цард уæ ддæ р куыд хъулон у!

Хаттæ й-хатт уый адæ ймагмæ йæ зыгъуыммæ кæ рц фелвасы. Йæ сыгъдæ г фæ ндтæ йæ хъуыры фæ бадынц... Хъæ ддых æ м куы нæ фæ лæ ууай — уазал ихы цæ мы дын сыппардзæ н æ нæ нхъæ лæ джы дæ хъарм æ мæ фæ лмæ н зæ рдæ... Цы рæ сугъд, фидар æ ууæ нк дæ м уыдис, зынаргъ дæ м цы каст, уыдон дын фæ мæ нг уыдзысты... Кæ лæ ддзагæ й дæ цуры фестдзысты дæ амад мæ сгуытæ...

Афтæ ауазал и æ виппайды нæ хæ ххон бæ лццон Аттойы зæ рдæ дæ р. Ау, уый та куыд!? Йæ бæ ллицтæ афтæ мæ нгæ фсон уыдысты?! Нæ! Нæ! Уымæ н уæ вæ н нæ й! Йæ хъустæ йæ фæ сайдтой, æ вæ ццæ гæ н!.. Фæ сайдтой? Нæ! Нæ! Кæ д æ рыгон нал у, уæ ддæ р ма хъусæ й, цæ стæ й дзæ бæ х у.

Йе ’рвадæ лты кæ ртæ й йæ м хъуысы æ нахуыр дæ рзæ г ныхæ стæ. Атто йæ бæ хæ й æ рхызти, бæ хбæ ттæ ныл æ й абаста. Дуары хуынкъæ й аивæ й бакасти. Цæ лгæ нæ ны федта хæ дзары хицауы. Ехсæ й дуар бахоста. Ус рацæ йуади, æ вæ ццæ гæ н, дуар гом кæ нынмæ. Фæ лæ йæ лæ г фæ урæ дта, загъды бын æ й фæ кодта: «Чи у! Дуæ ртты сæ ттын уымæ кæ сы, æ ви! Ам нæ дæ н ын зæ гъ! »

Ус уæ ддæ р нæ фæ лæ ууыд, хуынкъæ й ракастис, федта хæ ргæ фсы æ д уаргъ. Чидæ риддæ р у — афтид къухæ й сæ м не ’рбацыд! Фездæ хти йæ моймæ, цæ мæ йдæ р æ й фæ рсы. Ныхæ стæ æ рдæ гдзæ фæ й уайынц уазæ джы хъустыл:

— Нæ лæ г! Уазджытæ!.. Хохæ й!..

— Гъомæ сыл судзгæ мæ рдтæ æ рцæ уæ д!..

— С-с-с... Не ’рвадæ лтæ й у, æ нхъæ лдæ н!..

— Æ нæ байрайгæ сæ скæ н ме ’рвадæ лтæ й!

Гъе уыцы ныхæ стæ ныххаудтой ихы къæ рттау Аттойы зæ рдæ йы. Уый кæ сгæ йæ баззади йæ хæ ргæ фсмæ. Мæ гуыр хайуан уæ ззау уæ ргъты бын тыхулæ фт кодта, куы йæ иу къах фæ тасы йæ быны, куы иннæ. Аздæ хид фæ стæ мæ, фæ лæ хуын фæ стæ мæ куыд ахæ сса йæ фысымты дуарæ й?.. Уазæ г аджих, басабыр сты мидæ гæ й дæ р. Нал та фæ лæ ууыд Атто, бахоста, стæ й байхъуыста:

— Цæ й, байгом ын кæ нон... — дзуры та ус! — Нæ хæ стæ джытæ сты дын зæ гъын!.. Хуын сæ м ис, хуын! Гукк!

— Хуын зæ гъыс?

— Уæ дæ! Хæ ргæ фсыл ахæ м уæ ргътæ ис, ахæ м лалым!..

— Лалым зæ гъыс! Тагъддæ р!.. Æ дылы къоппа, дуар бакæ! Худинаг у. Кæ дæ й лæ ууынц!.. — лæ г усы разæ й фæ ци.

Уазæ гыл ныццинтæ кодтой. Хæ дзары хицау йæ лæ ппутæ м фæ дзырдта:

— Марадзут, мачи уæ баззайа, хайуан тæ ригъæ д у! Йæ уæ ргътæ йын арæ хстгай æ рисут!..

— О, о! Арæ хстгай, — загъта Атто. — Бирæ хорздзинæ дтæ кæ й бон у, фæ лæ, зæ гъын, не ’рвадæ лты иу хатт бабæ рæ г кæ нон...

— Уæ дæ! Уæ дæ! Бузныг, Атто, иу туг, иу стæ г кæ й стæ м, уый нæ рох кæ нын нæ хъæ уы! Бузныг! Æ ниу сæ цæ мæ н хастай! Æ нæ уый дæ р кæ рæ дзиуыл сек нæ хæ ссæ м[3].

Арфæ тæ йын кодтой. Зæ рдæ лхæ нæ н ныхæ стæ сарæ х сты. Цæ мæ й зыдтой, Аттойы зæ рдæ кæ й уыдис уазал æ мæ æ рхæ ндæ г, тагъддæ р æ й алидзын кæ й фæ ндыд сæ разæ й...

***

Абон дæ р ма Атто арæ х ракæ ны йæ хуыздæ р лымæ нтæ й бирæ тæ н йæ хуынхасты хабар. Йæ хæ дæ г дæ р уыдон æ мхуызон фæ худы æ мæ фæ зæ гъы:

— Афтæ мæ ма бамбарут, æ мæ мæ хардзыл фæ смон кæ нын. Нæ! Мулк ницы у, зæ гъгæ, нæ зæ гъын. Фæ лæ уæ ддæ р æ з кад æ мæ амонд ууыл никуы сбæ тдзынæ н! Хъыг мын æ ндæ р хъуыддаг уыд!..

Æ мæ та дæ рдтыл ахæ ссы йæ ныхас Атто. Æ мбæ лттæ йæ æ нæ уый дæ р фембарынц æ мæ йæ иуахæ мы сæ иу хъазгæ йæ бафарста:

— Дæ маст дын æ мбарæ м, Атто, фæ лæ уæ д йед та... æ нæ базыртæ маргъы хабар та? Уый ныр искæ дæ м атæ хдзæ н?

Атто йæ мидбылты бахудти æ мæ дзуапп радта:

— Нæ, мæ хур, æ нæ базыртæ маргъæ н атæ хæ н нæ й. Фæ лæ уый ныр æ з æ ндæ р хуызы æ мбарын: лæ гæ н йæ базыртæ, йæ къабæ зтæ канд йæ хæ стæ джытæ æ мæ йе ’фсымæ ртæ не сты — адæ м се ’ппæ т дæ р; чи йæ фæ уарзы, кæ й уарзы, хорзæ й кæ й фæ нымайы, æ мæ йæ чи фæ нымайы!.. Уарзон æ мæ хæ ларæ й кæ имæ цæ рай, уыдон дын тугхæ стæ г, æ фсымæ р дæ р æ мæ лымæ н дæ р.

Иу бон

Йæ фыды ном, йæ мыггагæ й йæ м арæ х нæ дзырдтой. Хуыдтой йæ Верæ. Ацæ ргæ сылгоймагмæ уый хъыг ницæ мæ й касти.

Хæ д-зонд, хæ рзæ гъдау, фæ лмæ нзæ рдæ Верæ. Цы адæ мы ’хсæ н куыста, уыдонæ й се ’гасæ й дæ р хистæ р уыд. Хи хъæ булты хуызæ н æ м кастысты. Хистæ рæ й кæ стæ ры онг дзы кæ стæ риуæ г кæ мæ н нæ бакодта. Уый куыста ахуыр-иртасæ г институты æ фснайæ гæ й. Верæ маст никуы никæ мæ н скодта, искæ й зын, искæ й зиан æ й никуы бафæ ндыдаид, тызмæ г ныхас никуы никæ мæ н загъта. Йæ удыхъæ ды цы хорз миниуджытæ уыдис, уыдонæ н сæ фылдæ ры æ нæ мæ нг æ рдзæ й рахаста, иннæ ты та, царды гуыргъахъхъ фæ ндагыл цæ угæ йæ, фембырд кодта.

Къæ схуыртæ арæ зт, фæ ллойуарзаг, хъæ лдзæ г, хъазаг сылгоймаг ардæ м, кавказаг горæ тмæ, куыстагур кæ д æ мæ кæ цæ й æ рбахауд, уыдæ ттæ ныр дзæ бæ х ничиуал хъуыды кæ ны. Раджы уыд уый. Уæ дæ й нырмæ дыууиссæ дз азæ й фылдæ р цæ уы. Уæ д ма Верæ йæ тæ ккæ хъаруйыл уыд. Йæ тыхст æ мæ йæ зыны сахат æ нæ хъуаджы хъынцъым никуы зыдта. Никуы фæ цудыдта, йæ ныфс никуы асаст.

Æ мæ йæ мой Адот Ивановичæ н дæ р æ фсæ н цæ джындзау фидар æ нцой уыд.

«Лæ г æ мæ ус фæ рæ тхъæ дæ й барст сты», — фæ зæ гъынц. Фæ лæ Верæ æ мæ Адот Ивановичмæ уыйас æ мхуызонæ й ницы уыд. Лæ г чысыл ницæ уыл дæ р тыхсаг уыди. Алцæ уылдæ р фаутæ æ вæ рдта. Йæ цардæ й-иу хъаст кæ ныныл куы фæ ци, уæ д ын-иу банцайæ н нал уыди, куы та-иу æ гас бон уддзæ ф йæ дзыхæ й нал схауд, адæ мæ й йæ хи иуварс ластаид, зулмæ -иу сæ м кастаид. Нозтыл дæ р-иу фæ ци...

Мидхæ сты рæ стæ г Адот Иванович уыди хуымæ тæ джы салдат. Чысыл æ м ахуыргонддзинад уыд, уæ ддæ р æ фсæ ддон цинмæ нæ бабæ ллыд. Суанг кæ ронмæ хæ сты фæ ци. Уырдыгæ й рацыд фæ ллад æ мæ æ рхæ ндæ гæ й, йæ хæ дзар нал æ рæ ййæ фта. Сæ хъæ у карз хæ сты басыгъд. Фыццаг æ ххормаг аз. Цы фæ уыдаиккой? Æ мæ йæ йæ къай Верæ, Кавказмæ ацæ уыныл сразы кодта. «Кæ дæ м?.. » «Цæ мæ н?.. » «Цы дзы агурæ м?! » «Чи нын цы ратдзæ н? » — йæ къухтæ -иу сцагъта Адот. Фæ лæ йæ ус нæ ныууагъта. Сæ чысыл лæ ппу семæ, афтæ мæ й ссыдысты ацы горæ тмæ.

Уыдонæ н — се ссыд, ног институтæ н — йæ байгом. Уырдæ м сæ райстой куыстмæ: Адот Ивановичы — комендантæ й, Верæ йы та — æ фснайæ гæ й. Институты кæ рты сын пъадвалгонды иу уат радтой. Кусын райдыдтой, хъомыл кодта сæ фырт дæ р.

Бирæ азтæ рацыдис уæ дæ й нырмæ. Цал æ мæ цал хицауы уыдис сæ рæ стæ джы ацы институтæ н!

Базæ ронд сты, ам райдианты чи ахуыр кодта, уыцы аспиранттæ. Чи дзы доцент сси, чи профессор, сæ сæ ртæ фæ халас сты, сæ æ фснайæ гæ й фæ хистæ рхуыз сты. Раджы амардис Адот Иванович. Фæ кардзыд сæ лæ ппу дæ р. Ус æ рхаста. Ацыд ацы горæ тæ й. Нал æ й хъæ уы мады æ ххуыс. Уый хъуаг нæ у мад йæ хæ дæ г дæ р. Йæ куыст нæ ма ныууагъта. Стæ й ма йын уый уæ лæ мхасæ н иучысыл пенси дæ р фидынц.

Ахуыр-иртасæ г институт стыр нæ у, бирæ адæ м дзы нæ кусы. Æ мæ Верæ кусджытæ н тынг хорз зоны сæ бинонты дæ р. Æ мæ дзы искуы искæ мæ куы бауайы, уæ д дзы алкæ мæ дæ р йæ номæ й фæ дзуры, уæ лдайдар та сывæ ллæ тты фæ рæ вдауы йæ хъæ лдзæ г фæ лмæ н ныхасæ й. Гъемæ йын йæ хиуыл дæ р æ нувыд сты.

Уымæ афтæ касти, цыма сæ коллектив иу хæ дзары бинонтæ сты. Йæ хи иунæ г нæ хуыдта, кæ ддæ риддæ р уыцы иу хуызы худæ ндзаст уыд, цавæ рдæ р æ хсызгондзинад ардта æ мæ уыдта адæ мы фенд æ мæ иудзинады.

Фæ лæ иубон æ виппайды Верæ йы зæ рдæ æ нахуыр уазал рыст скодта. Йæ риу куыддæ р æ рбахгæ дта, æ рбауынгæ г. Хъуырмæ схæ ццæ йæ кæ уындзæ г. Мæ цæ ссыгтæ куы фемæ хсой, зæ гъгæ, сæ химæ бауади. Йæ хиуыл дзæ бæ х дæ р нæ ма æ ууæ ндыд, нæ йæ уырныдта. Чысыл раздæ р директоры кабинетмæ цæ йдæ р тыххæ й бауайынмæ хъавыд æ мæ йæ хъустыл æ рцыди:

— Верæ йæ н мацы-ма зæ гъут. Куыд нæ йæ бамбара, афтæ! Кусын дæ р ын мауал бакæ нут, цалынмæ йæ хъуыддаг бæ рæ ггонд не ’рцæ уа... Дæ хæ дæ г фæ кæ с номхыгъдмæ дæ р, чи цы зæ гъынмæ хъавы... кæ мæ цы фæ нд ис... Верæ йы тыххæ й сын нæ уынаффæ бамбарын кæ н!..

Уыцы ныхæ стæ директор дзырдта йæ секретарь-машинисткæ Тамарæ Андреевнæ йæ н.

Цæ мæ н, цæ й тыххæ й сæ м рауадысты уыцы ныхæ стæ? Абон уæ лдай раздæ р цæ мæ н æ рбацыдысты сæ куыстмæ? Уыцы хуызы йын цæ мæ н ракодтой йæ кой? Скатай сылгоймаг. Куыд хъуамæ дара ныр йæ хи?.. Кæ дæ мдæ рты цыдæ р гæ ххæ ттытæ ахæ ссын куы хъуыди... Кабинеттæ й дæ р ма йын цалдæ р æ рдæ гæ фснайдæ й куы аззадис!..

Рахызтис йæ уатæ й Верæ. Кæ сы, æ мæ Тамарæ гæ ххæ ттытимæ архайы. Верæ йын салам радта. Цæ мæ йдæ р æ й афæ рсинаг уыд, фæ лæ йæ уый хиндзаст æ мæ гæ дывадæ й æ ндæ р ныхæ стыл фæ кодта.

— Æ з мæ хæ дæ г афснайдзынæ н, Верæ. Дæ уæ н ацы бонты уыйбæ рц æ хсызгон куыстагæ й ницы ис... Кæ д дæ фæ нды — горæ ты атезгъо кæ н, дæ фæ ллад суадз. Науæ д дæ зонгæ тæ й искæ й абæ рæ г кæ н!..

— Æ мæ гæ ххæ ттытæ та? Ахæ ссын сæ нал хъæ уы? Знон сын абонмæ куы æ мгъуыд кодтай?

— Нæ, нæ! Мæ хæ дæ г сæ фæ хæ ццæ кæ ндзынæ н!..

Ныссагъæ с кодта Верæ. Уый исты куы нæ куса, куы ницы архайа, уæ д нæ зоны! Катайты хай баци: «Цы дзы сусæ г кæ нынц? Æ ргомæ й йын цæ уылнæ зæ гъынц йæ аххос? » Бафæ рсын æ й фæ ндыд, фæ лæ йæ ныхæ стæ дзыхæ й уæ лæ мæ нæ хаудысты. Кæ й фенкъард и, уый, æ нхъæ лдæ н, Тамарæ фиппайгæ дæ р нæ бакодта...

Аивгъуыдта иу бон, дыккаг, æ ртыккаг... Тамарæ, раст цыма Верæ йæ н исты фыддæ радæ н ми кодта, уыйау-иу æ хсæ выцæ стæ й йæ куысты балæ ууыд. Бафснайдта-иу уæ ттæ. Искæ дæ м æ рвитын цы гæ ххæ ттытæ хъуыдис, уыдон дæ р йæ хæ дæ г хаста. Цавæ рдæ р номхыгъд сарæ зтой, бухгалтермæ йæ раттой. Мызд исæ н рæ стæ г куы æ рцыдис, уæ д æ й Тамарæ йæ химæ райста. Æ ркасти-иу æ м. Куы-иу иуимæ, куы иннæ имæ сусæ гæ й цыдæ ртæ адзырдта. Архайдта, цæ мæ й йæ Верæ ма фехъуса, мацы бамбара. Фæ лæ Верæ æ мбæ рста, цыдæ р дзы кæ й æ мбæ хсынц, сусæ гæ й цыдæ ртæ кæ й аразынц. Чи зоны, тагъд хъуамæ сбæ рæ г уа сæ сусæ гдзинад. Директор зæ гъдзæ н, Верæ цæ мæ й фæ аххосджын, уый, æ мæ йын рахæ сдзысты исты тæ рхон. Фæ лæ кæ д? Цæ уылнæ йын равзарынц тагъддæ р йæ хъуыддаг?..

Ныссаджилтæ ис Верæ йы зæ рдæ. Уæ ддæ р æ нцад, æ нæ мастхуызæ й æ вдыста йæ хи йе ’мкусджыты раз.

Æ мæ мæ нæ уыцы бон ралæ ууыд. Институты стыр залмæ сæ кусджытæ фыццаг хатт æ рæ мбырд сты, Верæ сын нæ фехъусын кодта, афтæ мæ й. Уымæ та, мæ гуыр, афтæ касти, цыма æ нæ уый хуындæ й ардæ м никуы ничи æ рцæ удзæ н... Нырма сæ м акæ с! Иууылдæ р сæ бæ рæ гбоны дарæ сы. Хъæ лдзæ гхуыз. Цæ уынц æ мæ цæ уынц. Залы чидæ р пианинойæ цæ гъды. Рæ сугъд мелодийы зæ лтæ азæ лынц... Уыдон куы банцайынц, уæ д та айхъуысы ирон зарæ ггæ нæ джы хъæ лæ с. Цалдæ рæ й йын дзæ бæ х бахъырнынц. Стъолыл бирæ дидинджыты бæ стытæ. Хæ рд æ мæ нозт. Мæ нæ кæ йдæ р хъæ лдзæ г ныхæ стæ хъуысынц уæ ладзыгæ й бынмæ — Верæ йы цæ рæ н бынатмæ:

— Æ мæ аххосджын йæ хæ дæ г кæ м ис!.. Кæ м ис Верæ? Цæ уылнæ йæ ракæ нут?..

Ныууад æ м Тамарæ, йæ фæ дыл ма æ ндæ р чидæ ртæ. Йæ ног дарæ стæ йыл акодтой. Сæ уæ лныхты йæ рахастой. Адæ м лæ угæ йæ къухæ мдзæ гъд сарæ зтой. Цины хъæ лæ байæ байдзаг зал... Стæ й сбадтысты, сбадтис Верæ йæ хæ дæ г дæ р.

— Æ мбæ лттæ! — загъта институты директор, урссæ р, ацæ ргæ хæ рзконд лæ г. — Абон махæ н нæ цины бонтæ й иу у. Не ’ппæ тæ н мады хуызæ н, уарзон хойы хуызæ н чи у, бирæ азты дæ ргъы не ’хсæ н чи кусы, бирæ тæ нæ кæ й къухы схъомыл сты, уый бæ рæ гбоны фæ дыл æ рæ мбырд стæ м! Верæ йы райгуырæ н бон у... Йæ хицæ й, чи зоны, рох дæ р æ рбаци. Фæ лæ мах афтæ бафæ ндыди: цæ й, æ мæ, зæ гъгæ, нæ зынаргъ Верæ йæ н йæ райгуырæ н бон уæ ддæ р исты салам радтæ м. Зæ рдæ йы фæ ндиаг хъуыддæ гтæ йын нæ сараздзыстæ м, — зæ рдæ бынæ й йын арфæ кæ нæ м... Сидт уадзæ м йæ цæ рæ нбоны тыххæ й...

Адæ м та хъæ лдзæ гæ й базмæ лыдысты. Алчи йæ дзæ бæ х ныхасы кой кодта. Верæ куыддæ р ныфсæ рмдзаст. Фæ лурс рустæ рæ сугъд сырх сæ рттывтой. Уый ныр бамбæ рста æ ппæ т дæ р, агуырдта арфæ йы стырдæ р ныхæ стæ. Фæ лæ сæ нæ ардта. Уæ ддæ р æ й цавæ рдæ р цины уылæ н хæ рдмæ иста йе ’мбæ лтты æ хсæ н æ мæ ма æ рмæ стдæ р разыйæ мидбылты худти. Уый уыд йæ царды амондджындæ р æ мæ рæ сугъддæ р бонтæ й иу...

Æ хсæ в цырагъдарæ й

Ног азмæ ма цалдæ р боны уыд, афтæ иу райсом колхозы фосы дохтыр Алыматы Габола йæ ус Госæ дамæ фæ дзырдта:

— Усай, хурæ й раздæ р лæ г йæ сыхаджы фены. Фехъуыстай ахæ м æ мбисонд?

— Фехъуыстон бирæ хæ ттыты дæ хицæ й.

— Бæ лас куы акæ лы, уæ д йæ сыхагыл банцайы, уый дæ р уæ дæ зондзынæ?

— Зонын...

— Æ гайтма сæ зоныс. Ныр дзæ бæ х æ рбайхъус. Ног аз æ рбалæ ууы.

— Хорзæ й ныл æ рбацæ уæ д!

— Хорзæ й цæ уы, не ’фсин. Гъемæ ногбоны æ хсæ в нæ дзæ бæ х сыхæ гтимæ хъуамæ махмæ абадæ м. Иумæ фæ цин кæ нæ м. Бавдæ л æ мæ дæ хъарутыл ма бацауæ рд. Сыхæ гтæ н раздæ р бамбарын кæ н: Габолайы, зæ гъ, афтæ фæ нды, æ мæ сæ уый фæ стæ «нæ фехъуыстон» куыд ничи зæ гъа...

— Хорз. Æ рмæ ст та-иу дæ хæ дæ г дæ хæ дзармæ ма байрæ джы кæ н.

— Уый фендзыстæ м. Нырма уæ дмæ бирæ рæ стæ г ис, — загъта Габола æ мæ йæ куыстмæ ацыдис.

Госæ да та йæ дзæ бæ х зæ рдæ йыл уыди, йæ фæ стæ кæ сгæ йæ баззадис.

Иуæ й-иу адæ мтæ сæ цардæ н аргъ кæ нын нæ фæ зонынц. Царв æ мæ сæ мыдæ й хæ сс, паплинтæ [4] сын уæ лæ дарæ сæ н дар, уæ ддæ р царды ад нæ фембарынц. Никуы ницæ мæ й бафсæ ды сæ цæ ст, мулк-мулкгæ нгæ амæ лынц. Никуы рачындæ уы сæ хорзы кой, ницы ныууадзынц сæ фæ стæ раппæ линагæ й.

Нæ, ахæ мтимæ иумæ йагæ й ницы уыдис Алыматы бинонтæ н.

— Дæ уæ н циу, Алыматы Габолайы хуызæ н сыхаг кæ мæ н ис! Дæ цин, дæ зианы боны — де стыр æ нцой, дæ мæ сыг. Ахæ м сыхагæ н æ з мæ дæ ндагæ й цырагъ дарин...

Ахæ м ныхæ стæ -иу арæ х фехъуыстой Габолайы сыхæ гтæ сæ хъæ уккæ гтæ й. Ныхæ стæ -иу æ рцыдысты Госæ дайы хъустыл æ мæ -иу йæ мойæ тынг сæ рыстыр уыд...

Госæ да йæ цæ стæ нгас ахаста сæ хæ дзар, се стыр цæ лгæ нæ ны къуымтыл. Ацы рæ стæ джы та ма хæ дзары дзаума хъуаг чи у. Хуыцауæ й бузныг, æ нæ низæ й куы цæ риккой йæ хъæ бултæ, нæ лæ г кæ й уарзы æ мæ йæ чи уарзы, уыдон се ’ппæ т дæ р. Алыхуызон авджын рæ сугъд вазæ тæ, тæ бæ гътæ, агуывзæ тæ, графинтæ, цинкæ къустæ, — айдагъ каструлкæ тæ сæ м цал хуызы ис: стыртæ, рæ стæ мбистæ, къаддæ ртæ, — Госæ да сæ ног æ хсадæ й тæ рхæ гыл куы рарæ нхъ кæ ны, уæ д дзуджы хуызæ н вæ ййынц. Æ мæ æ цæ гдæ р, уыдон фыстæ, далыстæ æ мæ уæ рыччытæ куы фестиккой, уæ д Габолайы фыййау æ ххуырсын бахъæ уид...

Ноджы ма хæ рз æ рæ джы Габола дæ с æ мæ ссæ дз туманæ й балхæ дта æ взист доны тылд сервиз. Раст сæ дæ хъуыры æ гънæ джытæ н бакæ нис, ахæ м диссаджы рæ сугъд цайцымæ нтæ, цайдан, сæ кæ рдон, мыд кæ м æ рæ вæ рай, ахæ м.

Чысыл, хæ рз чысыл ахуыргонддзинад уыдис колхозы фосы дохтыр Алыматы Габоламæ. Революци йæ гъæ йтт, зæ гъгæ, лæ гæ й æ рæ ййæ фта. Уый размæ йын скъолайы бакæ сыны фадат нæ фæ ци. Фæ стæ дæ р та æ гæ р фæ карджын, стæ й йæ хæ дзар дарын хъуыдис. Къухæ й дæ сны. Сæ хъæ уы Габолайы къухæ й амад агуыридур хæ дзарæ й рæ сугъддæ р нæ разындаид. Фæ рæ т, хырх, лæ гъзгæ нæ н аивдæ р никæ й къухты сфидыдтаиккой.

Бидаркæ йæ н цы хъæ уы, — цалхы дæ ндæ гтæ й райдай æ мæ гуыффæ, рæ тæ нæ гъдты онг, — уыдон-иу йæ хи къухæ й скодта. Бæ х-иу дзы куы баифтыгътой, уæ д æ м-иу адæ м кæ д кæ сгæ йæ нæ баззадысты. Горæ ты иу аз сахуыр кодта æ мæ райдыдта колхозы фосы дохтырæ й кусын. Колхозы правлени йын хъæ угæ рон иу æ взæ ргомау къуындæ г агъуыст радта. Æ мæ уыцы къанторы дуарæ й чи нæ бакастаид!

Габоламæ -иу цал æ мæ цал курдиатимæ æ рбацыдысты! Афон нæ зыдтой. Хи хæ дзары къæ сæ рыл хизæ гау-иу бахызтысты...

Æ мæ Габола фæ ллад нæ зыдта, æ фсон никуы скодта.

Уæ д сæ хъæ уы электрон рухс нæ ма уыд. Фосы дохтыр-иу кæ ддæ риддæ р йемæ хаста æ хгæ д фанар. Уый йын рухс кодта йæ фæ ндаг. Кæ м-иу нæ балæ ууыд!..

Æ мæ -иу зымæ гон уазал даргъ æ хсæ вты стыр хъæ уы уынгты цырагъимæ исчи куы фæ цæ йцыд, уæ д-иу æ й Габола фæ хуыдтой. Чи йæ агуырдта, уый-иу æ й ссардта.

Бирæ æ хсæ вты-иу ын сæ хæ дзары рудзынгæ й йæ цырагъы рухс хъахъхъæ дта йæ фыццаг ус Залихан дæ р. Кæ м цы ми кодта, уыдæ ттæ йын уый æ ппæ тæ й дæ р хуыздæ р зыдта. Йæ фанары рухс ын иртæ ста иннæ рухсыты ’хсæ н дæ р. Йе ’рбацыдмæ йын-иу хъарм дон цæ ттæ дардта, уазал хæ ринаджы æ вджид æ й никуы бауагъта.

Афтæ дæ р-иу рауадис: Габола-иу æ нафоны фæ лладæ й æ рбацыдис йæ куыстæ й. Ус-иу йæ размæ рауад, йæ цырагъ-иу нæ ма æ рæ вæ рдтаид, афтæ йын-иу хъуамæ загътаид:

— Нæ лæ г, мæ хæ дзар, дæ лæ Фаризæ ты хъуг цыдæ р кæ ны. Ууыл ын исты куы ’рцæ уа, уæ д ма, мæ гуыр, цæ мæ й цæ рдзысты. Сывæ ллæ ттæ æ нæ урсагæ й баззайдзысты. Цалдæ р хатты дæ м æ рбацыд...

Æ мæ -иу Габола фæ раст ис.

Райдыдта Фыдыбæ стæ йы Стыр хæ ст. Габолайæ н уæ дмæ йæ сæ р фæ халас. Ацыдис уырдæ м. Йæ кармæ гæ сгæ бахаудта кусæ г батальонмæ. Арвыстой йæ, Каспийы денджызы фæ стæ мæ эвакуацигонд чи æ рцыдис, ахæ м хæ стон заводмæ. Хæ дзары баззадысты йæ ус Залихан æ мæ йæ дыууæ чызджы. Дыууæ азы æ мæ æ рдæ г Габола фæ ци заводы, уый фæ стæ йæ арвыстой цавæ рдæ р хæ стон-медицинон курсытæ м. Уыдоны каст куы фæ цис, уæ д кусын райдыдта Астæ уккаг Азийы госпитæ лтæ й иуы санитарæ й.

Хæ ст йæ кæ ронмæ фæ цæ йхæ ццæ кодта. Габолайы сæ хæ дзармæ арвитынмæ хъавыдысты. Иу райсом йе ’мкусджытæ бафиппайдтой уымæ н йæ сусæ г цæ ссыгтæ. Уыдон базыдтой, ууыл кæ й сæ мбæ лдис æ буалгъ хабар — йæ уарзон къай Залиханы фæ зиан. Æ мæ йын йе стыр зианыл тынг фæ хъыг кодтой...

Сæ фыды ссыдмæ, Залихан дæ р ма æ гас уыдис, хистæ р чызг Уарзет смой кодта. Кæ стæ р, Зоя, ахуыр кодта Дзæ уджыхъæ уы. Хæ дзармæ сæ цæ ст дардтой хæ стæ джытæ.

Хионтæ, уарзон сыхæ гтæ æ рбамбырд сты урссæ р салдатыл. Æ гъдау ын радтой йæ зианы тыххæ й. Зианджынтæ бирæ уыдысты хъæ убæ сты. Фæ сивæ ды дзæ бæ хтæ й хæ сты артæ й бирæ тæ нал сыздæ хтысты. Уыдоны ныййарджытæ м тæ фæ рфæ стæ кæ нынмæ фæ цыдис Габола. Йæ чызг Уарзетимæ ссыди уæ лмæ рдтæ м. Йæ къух бавæ рдта йæ уарзон бинойнаджы ингæ ныл. Ставд цæ ссыгтæ йыл фæ калдта...

Фæ лæ цард уæ ддæ р йæ кæ нонтæ кæ ны. Нæ й хæ дзар æ нæ сылгоймагæ й. Æ нæ бинойнаг лæ г та, дыууæ йы бæ сты уæ рдоны ифтыгъд чи вæ ййы, ахæ м галы хуызæ н у. Чи йын бахъарм кæ ндзæ н хæ ринаг йе ’рбацыдмæ, чи йын дардзæ н сыгъдæ гæ й йæ дарæ с?

Йæ фыццаг бынаты кусын райдыдта Габола. Куыддæ р ферхæ ндæ г. Йæ зæ рдыл-иу æ рлæ ууыдысты Залиханы хъазæ н ныхæ стæ: «Нæ лæ г, куы дын æ рбамæ лон, мыййаг, уæ д-иу бирæ рæ стæ г дæ хи æ нæ бинойнагæ й ма ныууадз. Нæ чызджытæ мойтæ скæ ндзысты, æ нæ фсин хæ дзар та — æ нæ фснайд мус, æ нæ хгæ д хосдонæ й хъауджындæ р нæ у, дымгæ йæ м кæ д цы ’рбахсдзæ н, æ мæ дзы кæ д цы ахæ сдзæ н, уый бæ рæ г ын нæ вæ ййы... Æ рмæ ст-иу дæ хицæ н цардæ мбал равзарын базон... »

Залиханы уыцы ныхæ стæ йæ м ныр уæ лдай растдæ р кастысты. Фæ лæ йын сæ баххæ ст кæ нын æ нцон нæ уыд. Дæ фыдгул йæ фыццаг бинойнаджимæ амонд ма ссара! Афтæ хъуыды кодта Габола дæ р, цалынмæ Госæ дайы не ’рхаста, уæ дмæ.

Госæ да бирæ кæ стæ р уыд йæ мойæ. Æ фсæ рмдзаст, мадзура абадгæ чызг. Уый куыста районы сывæ ллæ тты хæ дзары хъомылгæ нæ гæ й. Габола йæ фыццаг хатт куы федта, уæ д ын йæ зæ рдæ цыдæ р стыр тых фелхыскъ кодта. Хæ стæ г нæ уæ вгæ йæ, дыууæ адæ ймаджы кæ рæ дзийæ н мацы æ ййафой, афтæ мæ й тынг æ мхуызон уой, уый зын зæ гъæ н уыдис. Госæ да уыд раст Залиханы кæ ддæ ры сурæ т. Йæ урс цæ сгом, даргъ дзыккутæ, йæ фæ лмæ н цæ стæ нгас, йе ’ппæ т уæ нгты фезмæ лдæ й. Æ нахуыр диссаджы змæ лд бакодтой Габолайы хъуыдытæ. Джихæ й кæ сгæ йæ баззадис чызгмæ. Фефсæ рмы. Фæ лæ йæ м æ нæ кæ сгæ йæ бон нæ уыд.

Лæ джы уыцы цæ стæ нгас бафиппайдта Госæ да йæ хæ дæ г дæ р, фæ сырх æ мæ сывæ ллæ ттимæ иуварс азылд. Ацыди Габола дæ р. Фæ лæ уыцы сылгоймаджы сурæ т йæ цæ стыты разæ й нал хицæ н кодта. Æ виппайды бамбарæ н кæ мæ н нæ й, ахæ м æ хсызгондзинад æ мæ стыр ныфс йæ зæ рдæ йы райгуырд. Æ гæ р кардзыд кастис Габола йæ химæ æ мæ уымæ й къæ мдзæ стыг кодта...

Уæ дæ й ардæ м бирæ азтæ рацыдис. Ныр Госæ дайæ н йæ лæ ппу æ мæ йæ чызг скъоладзаутæ сты. Габолаимæ фыццаг хатт куы ныхас кодтой, уыцы изæ р арæ х æ рымысы. Хинымæ р фæ сырх вæ ййы, мидбылты бахуды.

Ирд фæ ззыгон изæ р уыд. Габола йæ фæ ндаг акодта сывæ ллæ тты хæ дзарыл. Фæ дзырдта Госæ дамæ. Уый сывæ ллæ тты акодта сæ хъазæ н уатмæ, рацыдис тыргъмæ, Габолайы цурмæ...

— Бахатыр кæ н, Госæ да... Хистæ р дæ н. Чи зоны, æ мæ мын не ’мбæ лыд бауæ ндын дæ умæ уыцы хъуыддаджы. Фæ лæ мæ зæ рдæ нæ бакасти мæ коммæ... Кæ д мыл ничи фæ худа... Зонынц мæ адæ м, зоныс мын мæ уавæ ртæ, мæ хи. Иу æ мæ дыууæ хатты нæ ахъуыды кодтон ацы хъуыддагыл...

Йæ ныхы хид асæ рфта.

Госæ да хорз æ мбæ рста Габолайы, цыдæ р дзæ бæ х рæ вдауæ н ныхæ стæ зæ гъын æ й фæ ндыд, фæ лæ йæ ’фсарм æ ххæ стæ й дзурын нæ уагъта.

— Дæ зæ рдæ мыл нæ фæ худт? — тарст хъæ лæ сыуагæ й йæ куы бафарста Габола, æ рмæ ст уæ д схаудтой Госæ дайы æ рдæ г ныхъуырд ныхæ стæ:

— Нæ! Цæ мæ н!.. Æ з дæ уæ н... сымахæ н стыр аргъ кæ нын...

Фæ ззыгон æ хсæ вæ й дзæ вгар ацыдис. Ирд арвæ й худтысты стъалытæ... Уæ ды онг зæ рдæ бынæ й фæ ныхас кодта Габола, стæ й «хæ рзæ хсæ в» загъта Госæ дайæ н.

О, ахæ м хъуыддæ гтæ адæ ймагæ й никуы ферох вæ ййынц. Нæ ферох сты Госæ дайæ дæ р. Æ мæ ацы райсом, ногбон æ хсæ вмæ цæ ттæ тæ кæ нгæ йæ дæ р, йæ зæ рдыл æ рлæ ууыдысты. Ай-гъай, цыдæ риддæ р æ мбæ лы ног азæ н «æ гас æ рцу» зæ гъынмæ, сыхæ гтæ н хорз фынг саразынмæ, уыдон бацæ ттæ кæ ндзæ н Госæ да. Гъе, æ рмæ ст та Габола йæ хæ дæ г уыцы æ хсæ в дæ р афоныл куы не ’рбацæ уа сæ химæ, уымæ й тарстис рагагъоммæ...

Æ мæ мæ нæ ног аз сæ уæ лкъæ сæ р. Хъæ убæ сты цырæ гътæ ма фæ стаг хатт судзынц. Зæ ронд азы уæ лдæ ф цæ лгæ нæ нтæ й фæ йнæ рдæ м хæ ссы нард физонджытæ æ мæ дзаджджын чъириты тæ ф. Цæ ттæ сты Госæ дайы кувинæ гтæ. Йæ чызг æ мæ йæ лæ ппу сæ хиуыл зыгъуыммæ фæ лдæ хт кæ рцытæ скодтой æ мæ се ’мбæ лттимæ зилынц хæ дзæ рттыл. Нæ й сæ химæ Габола дæ р. Фæ ссихор иу уад æ рбакодта, цыдæ ртæ ахордта, зæ рдæ тæ авæ рдта Госæ дайæ н, фæ скуыст æ нæ мæ нг кæ й фæ зындзæ н, уый тыххæ й. Фæ лæ та, æ вæ ццæ гæ н, кæ йдæ р зæ ронд хъуг мæ лы, æ нæ рай сын макуы фæ уа!..

Госæ да ахъахъхъæ ны рудзынгæ й. Фæ нды йæ уынджы цырагъы рухс бафиппайын. Фæ лæ сæ хъæ уы уынгты ныр æ гæ р бирæ цырæ гътæ ссыгъди. Хатгай сæ м Госæ да лыстæ г куы ныккæ сы, уæ д æ м афтæ фæ зыны, цыма уыцы цырæ гътæ се ’ппæ т дæ р иу ран нæ лæ ууынц, цыма цæ угæ кæ нынц. Куыддæ р сæ цæ стытæ ныкъулынц. Мæ стæ й марынц Госæ дайы. Нæ й, никуы зыны Габола. Ахæ м ма дзы цирчы адæ ймаг фендæ уыдзæ н! Ногбон æ хсæ в дæ хæ дзармæ афоныл ма ’рбацу.

Къулыл стыр сахат цъыкк-цъыккæ й нымайы зæ ронд азы фæ стаг минуттæ. Рæ стæ г афтæ тагъд кæ й цæ уы, уый Госæ дайæ н зын у. Фæ лæ йæ куыд баурома...

Уалынмæ сыхæ гтæ иугай-дыгай æ мбырд кæ нын райдыдтой Габолайы хæ дзармæ. Арфæ, хъæ лдзæ г ныхæ стæ сарæ х сты. Хæ рд æ мæ нозтхъуаг ничи у уыдонæ й, фæ лæ уæ ддæ р, æ гъдау куыд амоны, афтæ рагагъоммæ йы нуазæ нтæ исынц Госæ дайы къухтæ й. Чи сæ м æ рбацыди, уыдон се ’ппæ ты нæ зоны æ фсин. Цавæ рдæ р зыгъуыммæ конд кæ рцытæ ис сæ уæ лæ, сæ цæ сгæ мттæ — æ хгæ д. Дынджыр рихитæ æ мæ роцъоджынтæ. Чи сæ дзуры сывæ ллоны хъæ лæ сæ й, чи та дзы кæ ны бынтон зæ ронд лæ джы цыдтытæ.

Госæ да сæ хæ дзаронтæ гæ нæ г сывæ ллæ ттæ фенхъæ лдта. Æ мæ сын хыссæ йæ конд дедатæ авæ рынмæ хъавыд. Фæ лæ уыдонæ й сæ иу йæ хи фæ кæ стæ р кодта æ мæ йæ къухмæ райста цайдан æ мæ иннæ тыл рæ гъ ауагъта. Дыккаг къæ рид кæ рцджын фынджы уæ лхъус рагагъоммæ бадты хистæ ры бынат æ рцахста.

Æ ртыккаг, маймулийы хуызæ н чи уыдис, уый, ныхасы бар ракуырдта æ мæ загъта:

— Цæ й, цалынмæ ног аз нæ къæ сæ рæ й нæ ма æ рбахызт, уæ дмæ уал фæ йнæ баназæ м Алыматы хорз Габолайы рухсаджы тыххæ й, уымæ н йæ хæ дзары, йæ хи фæ ллойæ...

Адæ м ыл схор-хор кодтой. Гаджидауы ныхмæ сыстадис хъуынтъыз кæ рцы боцъоджын, йæ химæ райста ныхасы бар æ мæ загъта:

— Мæ нæ хорз адæ м, маймули раст нæ загъта, фæ лæ йæ зонд уымæ й фылдæ р нæ кæ рды æ мæ йын хатыр кæ нæ м йæ рæ дыд.

— Хатыр ын фод! — загътой се ’ппæ тдæ р.

— Ныр та æ з афтæ зæ гъын, — дарддæ р йæ ныхас хаста стыр боцъоджын, — ацы хæ дзары хицау Алыматы Габола, йæ хи зонынхъом куы фæ цис, уæ дæ й нырмæ нæ адæ мæ н æ хсæ в цырагъдарæ й фæ цыдис... Цæ й, æ мæ йын мах йæ цæ рæ нбонты тыххæ й фæ йнæ баназæ м...

Фæ лæ уыцы минут иннæ фæ цырд. Рог фæ гæ пп ласта йæ бынатæ й æ мæ карзæ й загъта:

— Нæ! Æ з разы нæ дæ н гаджидауыл. Габолайæ хистæ р у нæ уазæ г — ног аз! Кæ сут-ма! Мæ нæ нæ къæ сæ рыл æ рбахызти. Цæ й, æ мæ йын нæ худтæ сисæ м æ мæ йын «æ гас цуай» зæ гъæ м!

Къулыл стыр сахат дыууадæ с хатты ныццагъта. Адæ м æ мхуызонæ й систой сæ худтæ. Хъазгæ æ мæ худгæ йæ банызтой гаджидау.

Уый уыд Габолайы гаджидау. Йæ худ дæ р нæ ма систа, афтæ мæ й йæ йæ хъæ лæ сæ й базыдта Госæ да.

Тыхджын æ хсызгондзинадæ й сног ис сылгоймаджы зæ рдæ. Афтæ йæ м кастис, цыма бирæ, тынг бирæ азты фæ стæ дæ р адæ м ацы хæ дзары ныртæ ккæ йы хуызæ н цинты баддзысты... Йæ мой Габола дæ р æ нустæ м цæ рдзæ н æ мæ цырагъдариуæ г кæ ндзæ н сæ хъæ убæ стæ н...

Ног азы æ хсæ в та йæ цыд кодта дарддæ р. Куывды бадджытæ й чидæ р рудзгуытæ й иу байгом кодта. Хъазæ гау æ рбадымдта зымæ гон сыгъдæ г уæ лдæ ф. Арвæ й та сæ м худтысты стъалытæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.