Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Тугхæстæг



Дард цæ гатаг æ дзæ рæ г хæ хты астæ у цуаны уæ вгæ йæ, мах иухатт æ хсæ виуат æ ркодтам донгæ рон стыр айнæ джы рæ бын, кæ ддæ р æ ртуат кæ м уыд, ахæ м ран.

Уыдис рагвæ ззæ г. Фæ лæ сæ рды комытæ ф бынтон нæ ма фæ хицæ н æ рдзæ й. Хъарм æ мæ ма ирд хаста.

Хур аныгъуылд хæ хты фæ стæ, йемæ бамбæ хста йæ рухс тынты. Ирд арвæ й дзæ бæ х худтысты стъалытæ. Мæ й нын йæ цалхыдзаг цырагъ дардта. Уыдон хъазæ нтау æ рттывтой Цæ угæ доны чысыл уылæ нты.

Ацы бон нæ цуан æ взæ р нæ рауадис: сырды мæ рдтæ й дзаг уыдысты нæ хордзентæ. Цуанонæ н та йæ зæ рдæ йы конд афтæ у: йæ изæ р æ й афтид къухæ й куы не ’рæ ййафы, уæ д хъæ лдзæ г вæ ййы.

Къæ дзæ хрæ бын стыр арт скодтам, не ’ртæ хæ йдзаг дарæ стæ йæ м схус кодтам, нæ цурты арф комы сырсыргæ нгæ цы хæ ххон дон згъордта, уым нæ хи цæ хсадтам. Гъе стæ й уæ д кæ стæ ртæ физонджытæ кæ нынмæ февнæ лдтой, хистæ ртæ та арты фарсмæ таурæ гътыл фесты.

Æ фсæ ст æ мæ фæ лладæ й нæ цуры сæ хи æ руагътой нæ куыйтæ дæ р. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, уым уæ тæ р куы уыдаид, фысты дзугтæ, хъомрæ гъæ уттæ дзы куы ривæ д кодтаиккой, уæ д куыйты фынæ й кæ нынмæ нæ равдæ лдаид. Уымæ н æ мæ фыййаукуыдз хъуамæ æ дзухдæ р фосы алыварс зилдух кæ на, дардмæ æ мбуда сырды тæ ф, æ мæ хъуамæ йæ рæ йынæ й хæ хтæ ризой.

Фæ лæ нæ куыйты ницы хъахъхъæ нын хъуыди. Æ мæ æ нцад хуыссыдысты фæ йнæ ран.

Æ хсæ вæ й дзæ вгар рауади. Стыр артыл хус сугтæ æ рцæ хæ р сты. Арты алыварс сыфтæ ртæ, фæ сæ лттæ й нæ хицæ н хуыссæ нтæ æ рцарæ зтам...

Нæ хистæ р æ мбæ лттæ й иу иуварсмæ ацыди. Уырдыгæ й нæ м æ виппайды йæ ныхæ стæ æ рбайхъуыстысты:

— Акæ сут-ма амæ, уæ хорзæ хæ й! Йе ’мбæ лттæ сæ хицæ н «пыффæ й» хуыссынц, ай та нын хъахъхъæ нæ г слæ ууыд!..

— Кæ мæ й зæ гъыс, Осмæ н, кæ?

— Мæ нæ Мыдхуыз хæ рдмæ цæ мæ ндæ р дзыназы, цыдæ р хъахъхъæ ны айнæ джы хъусмæ бæ ласы сæ рмæ. Исчи ма уæ судзгæ æ хсидав рахæ ссæ д!..

Æ з æ хсидавимæ бацыдтæ н донгæ ронмæ Осмæ ны цурмæ.

Мыдхуыз — нæ куыйты стырдæ р, сæ хуыздæ р. Осмæ ны агуырд уыди æ мæ йæ уый йæ комы комдзæ гтæ й хаста. Æ хсидавы рухсмæ бафиппайдтон: Осмæ ны цæ сгом уыди сагъæ сæ йдзаг. Уый ныхас кодта Мыдхуызимæ:

— Æ дылы къоппа, иннæ тæ й уæ лдай ды ам цы хъахъхъæ ныс?..

Йæ хицауы ныхæ стæ м куыдз базмæ лыд, ныззæ мбыдта æ мæ йæ каст скодта чысыл æ ддæ дæ р, къæ дзæ хрæ бын стыр бæ ласы сæ рмæ.

Мыдхуызы не ’ппæ т дæ р зыдтам: дзæ гъæ л цыд, дзæ гъæ л рæ йд никуы скодтаид. Йæ уæ рæ хгом бурбын цæ стытæ зондджынхуыз æ мæ фæ лмæ ндзаст зындысты кæ ддæ риддæ р.

Кæ мæ каст, уыцы бæ лас цы уыдис, уымæ й егъаудæ р зындис талынджы: бынæ й йе ставд къалиутæ парахатæ й фæ йнæ рдæ м фæ цыдысты, йæ цъупп арвы талынджы ныгъуылди.

Мах фæ ндыди базонын, куыдз афтæ æ нувыдæ й цæ мæ кæ сы, цы хъахъхъæ ны? Фæ кастыстæ м, дзæ вгар фæ хъахъхъæ дтам, фæ лæ цæ ст ницæ уыл æ рхæ цыд.

— Арæ би, Мыдхуыз, ды дзы цы ссардтай? Цом фæ лтау, схуысс дæ бынаты! — дзырдта йæ куыдзмæ Осмæ н. Фæ лæ уый нæ фезмæ лыди.

Не ’хсидав ахуыссыд. Фæ стæ мæ талынджы аздæ хтыстæ м арты цурмæ. Мыдхуыз нæ фæ стæ не ’рбацыди. Не ’мбæ лттæ й фынæ й ничима уыдис. Куыдзы хабар сын куы ракодтам, уæ д фæ йнæ -фæ йнæ ныхасы кодтой:

— Кæ д дзы, мыййаг, цæ ргæ с бады.

— Нæ, Мыдхуыз йæ хъус мæ ргътæ м никуы фæ дары.

— Уæ дæ кæ д сæ лавыр, гъе хъæ ддаг гæ ды у?..

— Кæ д уæ ле, хохы рæ бын арс, мыййаг, йæ хи ныхъхъус кодта!

Арсы коймæ, Осмæ н хъæ рæ й ныххудтис æ мæ загъта:

— Худæ гæ й марут: ам хæ стæ г сырды мыггагæ й исты куы уаид, уæ д куыйтæ афтæ æ нцад хуыссиккой! Мыдхуыз сæ разæ й, æ фтæ мæ й сæ рæ йдæ й хæ хтæ арауиккой!

— Уæ дæ дæ умæ гæ сгæ цы хъахъхъæ ны дæ Мыдхуыз? — афарста та æ мбæ лттæ й чидæ р.

— Сырды мыггагæ й ницы, уый бæ лвырд у...

— Ныууадзут-ма, хуыцауы тыххæ й, уæ ныхæ стæ! — райхъуыстис æ мбæ лттæ й кæ йдæ р хъæ лæ с.

Фæ лмæ ст адæ мы сæ фæ ллад суадзын хъуыди. Æ мæ чысыл фæ стæ дæ р арты фарсæ й хъыпп-сыпп дæ р нал хъуыстис.

Мæ н хуыссæ г нал ахста. Цæ стыл уадис Мыдхуыз: «Цымæ цæ уыл ныббæ лцхъус, цæ уылнæ æ рбацыдис йæ хицауы фæ дыл? » — фарстон мæ мидзæ рдæ мæ хи.

Сæ умæ райсом æ мбæ лтты разæ й фестадтæ н. Донмæ бацыдтæ н. Дысонау йæ уылæ нтæ нал æ рттывтой, йæ зарæ г аскъуыд. Афтæ мæ м касти, цыма мæ й æ мæ стъалытимæ хъазынæ й ныффæ ллади. Дуне райхъал, æ мæ, цыма дон та фынæ й кæ нынмæ фæ ци — æ нцад-æ нцойæ згъордта.

Нæ куыйтыл мæ цæ ст ахастон: Мыдхуыз уым нæ уыд. Уæ д æ з райстон мæ хъыримаг æ мæ бацыдтæ н, дысон æ й цы бæ ласы цур ныууагътам, уырдæ м.

Бæ лас, дысонимæ абаргæ йæ, зындис бæ гънæ гдæ р æ мæ æ гуыдзæ гдæ р. Йæ сыфтæ ртæ згъæ лыдысты. Зæ ронд тæ гæ рæ н йæ иу цонг галиуæ рдæ м тæ ссармæ бафаста хохы фарс, тæ рхæ гау рон кæ м фæ цис, ууыл скъубал. Уыцы ронмæ уыдис æ рмæ стдæ р галиуæ рдыгæ й иунæ г бацæ уæ н.

Мыдхуыз уым нæ разынд. Фæ сидон æ м, зæ гъгæ, куыд афæ нд кодтон, афтæ мæ цуры фегуырди Осмæ н. Бамбæ рста мын мæ цыды сæ р, йæ мидбылты бахудгæ йæ, бафарста:

— Нæ зыны?

— Нæ й.

— Ам хъуамæ æ ввахс уа. Дысон уæ лæ уыцы хохы ронмæ кастис, — загъта Осмæ н æ мæ æ хситтæ й фæ сидтис йæ куыдзмæ.

Æ хситмæ куыйтæ срæ йдтой нæ бынатæ й. Рæ йын райхъуысти хохы ронæ й дæ р. Мыдхуыз!.. Мах æ й нæ уыдтам, йæ хæ дæ г нæ, æ вæ ццæ гæ н, уыдта.

— Уым ис. Цымæ кæ уылты ссыдис уырдæ м? Фæ стæ мæ цæ уылнæ цæ уы? Фæ лæ уу-ма, æ з æ м фалæ ты ссæ уон!

— Æ мæ дæ рдты цæ мæ н зилыс! Мæ нæ бæ ласыл сбыр, — хохы тигъмæ дзы цы цонг цæ уы, ууыл бахиздзынæ! — баурæ дта мæ Осмæ н.

Æ з тыхамæ лттæ й схызтæ н бæ ласы цонгыл хохы дагъмæ. Сабыргай бакастæ н тæ рхæ гауы байбынмæ. Æ мæ куыннæ ныддис кодтаин: Мыдхуызы фарсмæ хуыссыд чысыл бирæ гъы лæ ппын, тарст цæ стытæ й мæ м æ нахуыр каст кодта. Йæ хи нылхъывта.

— Мæ нæ диссаг, Осмæ н, бирæ гъы лæ ппын ис йæ фарсмæ, — фæ хъæ р кодтон æ з. Мæ хъæ рмæ чысыл сырд фæ гæ пп ласта, хохы нарæ г роны рындзыл лидзынмæ фæ цис. Æ хсынмæ йæ хъавыдтæ н, фæ лæ Осмæ н фæ фæ дис:

— Ма йæ фехс! Ма йæ фехс!

Æ з мæ хъыримаг æ руагътон: ме ’мбал, æ вæ ццæ гæ н, йæ куыдзæ н фæ тарст. Мыдхуыз æ мæ бирæ гъы лæ ппын уайтагъд фæ аууон сты. Сæ размæ рындзы ’рдæ м фæ цæ йуади Осмæ н дæ р...

Цалынмæ хохы тæ рхæ гæ й фæ стæ мæ зæ хмæ хызтæ н, уæ дмæ Осмæ н бацыдис æ мбæ лтты цурмæ, йæ хъæ бысы бахаста сырды лæ ппыны, йæ фарсмæ лæ ууыд Мыдхуыз дæ р. Цуанæ ттæ цымыдисæ й æ рæ мбырд сты. Сæ цурмæ бацыдтæ н æ з дæ р. Осмæ нмæ сæ къухтæ ивæ зтой, бирæ гъы лæ ппынмæ æ внæ лдтой.

— Фæ лæ уут-ма. Ныртæ ккæ йæ æ рæ вæ рдзынæ н, цымæ Мыдхуызæ й искæ дæ м алидзид!..

Осмæ н зæ ххы æ рæ вæ рдта бирæ гъы лæ ппыны. Уый йæ мидбынат фæ тъæ пæ н. Æ нахуыр æ нкъард æ мæ тарстхуыз цæ стытæ й ахъахъхъæ дта, ныхъхъус, цыма кæ дæ м алидза, уый агуырдта.

— Искуыдæ м ма акæ нут ныр Мыдхуызы!

Æ з куыдзмæ фæ сидтæ н иуварсмæ. Уæ д фæ гæ пп ласта бирæ гъы лæ ппын æ мæ Мыдхуызы фæ дыл азгъордта. Иннæ куыйтæ дæ р ыл амбырд сты, — куы йæ м сæ иу, куы сæ иннæ басмуды. Бирæ гъы лæ ппын Мыдхуызмæ йæ хи ласта, уымæ й фæ хицæ н нæ куымдта. Куыдзыл йæ хæ дæ г дæ р æ нувыд уыди, æ мгæ рон æ м никæ й уагъта.

— Кæ м бадти, уый федтай? — афарста мæ Осмæ н.

— Федтон.

— Æ мæ дзы цы уыди?

— Пакъуытæ, æ ндæ р ницы, — дзуапп радтон æ з.

— Ау, мæ ргъты ахсын йæ бон уыдаид...

— Уæ дæ цæ мæ й хъуамæ цардаид?

— Уый истæ мæ йты цардаид. Фæ лæ ардæ м куыд æ рæ фтыди, диссаг уый у! — Афтæ та фæ йнæ -фæ йнæ ныхасы кодтой цуанæ ттæ. Чидæ р дзы дзидзайы мур радта лæ ппынæ н. Уый йæ м дисгæ нæ гау бакасти, стæ й зыдæ й февнæ лдта.

— Мæ нмæ уæ дæ уыдæ ттæ уадиссаг нæ кæ сынц, — загътон æ з, — чи зоны, йæ мад махæ й фæ тарст, алыгъди, уый фынæ йæ аззади. Кæ д æ й, мыййаг, уæ ллаг цæ гатæ й дон раласта... Æ з дис Мыдхуызыл кæ нын. Цæ мæ й йæ ссардта, стæ й кæ рæ дзиуыл куыд æ нувыд сты?!

— Уым та уæ дæ æ ппындæ р ницы ис диссагæ й, — загъта Осмæ н. — Куыдз æ мæ бирæ гъы лæ ппын тугхæ стæ г сты. Хион хионы зæ рдæ йæ æ мбары. Стæ й уыдонæ й иу хъомыл у, иннæ чысыл, чысыл та кæ ддæ риддæ р рæ вдауинаг вæ ййы. Уынут, ныр дæ р куыд цæ стуарзонæ й кæ сы Мыдхуыз йæ чысыл æ мцегмæ!..

Мах не ’ппæ тдæ р ноджы лæ мбынæ гдæ р æ ркастыстæ м бирæ гъы лæ ппынмæ: чысыл донгъуыз сырд ныр уыди æ дас ран æ мæ зыдæ й хордта, цы йын лæ вæ рдтой, уыдон. Иу сахаты фæ стæ нæ фысымуатæ й араст стæ м. Æ з ме ’нгас дардтон сырды лæ ппынмæ. Уый цух нæ уагъта Мыдхуызы. Згъордта йæ фæ дыл.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.