|
|||
Чи йæ фылдæр уарзтаЗондджын лæ г бирæ дзураг нæ вæ ййы. Бирæ дзурын никуы уарзта Сихаты Сахан дæ р. Хорз куырдыл нымад уыд. Йæ къухты конд дзаума кæ мæ нæ уыди, ахæ м хæ дзар бирæ нæ разындаид æ гас хъæ убæ сты. Сæ умæ цъæ хæ й-иу йæ уæ ззау дзæ буджы æ мæ йе ’ндон хъæ сдарæ джы зæ лланг райхъуыстис куырдадзæ й, суанг изæ рмæ -иу нæ банцад. Фæ ллад, фæ лæ зæ рдæ рухсæ й-иу æ рбацыдис сæ хæ дзармæ. Йæ ус Мурион ын цыфæ нды хæ ринаг куы æ рæ вæ рдтаид, уæ ддæ р ыл не сбустæ тæ кодтаид. Гуыбыныл уæ здан уыд. Йæ къай æ мæ йе ’ртæ фырты та куыннæ уарзта! Бинонты амонды уыдта йæ хи амонд, уыдоны сæ раппонд фæ ллой кæ нынæ й нæ фæ лмæ цыд. Гъе, æ рмæ ст-иу йæ фырттæ м искуы иу хатт куы æ рбамæ сты, уæ д-иу дзы сирвæ зти ахæ м ныхæ стæ: — Лæ г куыстæ й никуыма амардис, гормæ ттæ! Лæ г цалынмæ йæ цæ стытæ й кæ са, йæ къæ хтыл лæ ууынхъом уа, уæ дмæ хъуамæ кусгæ кæ на. Æ нæ куыстæ й цард нæ й. Йæ мойы уыцы ныхæ стæ м-иу ус арæ х сбустæ кодта: — Лæ ппутæ нырма æ рыгон сты! Ды арахъхъ æ мæ бæ гæ ныйæ кæ й банызтай, уый уыдон донæ й дæ р нæ ма банызтой. Уадз, æ мæ уал аирхæ фсой сæ хи. Куыст дæ р сын никæ дæ м аирвæ здзæ н. — Уымæ й сæ ма уарз! Куыстæ й сын ницы уыдзæ н! Йæ зæ нæ джы чи нæ уарзы, уый амæ лæ д, зæ гъгæ, ралгъыстæ уыд, уæ д цымæ исчи амæ лид? Ничи. Æ ртæ фырты-иу сæ ныййарджыты ныхæ стæ м арæ х сæ хъус æ рдардтой æ мæ, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, сæ мады фарс тынгдæ р хæ цыдысты. Усмæ афтæ кастис, цыма йыл хъæ бултæ æ нувыддæ р сты, цыма сæ м сæ фыд æ цæ гæ лоны цæ стæ й кæ сы. Æ мæ -иу хаттæ й-хатт йæ ныхæ стыл афтыдта: — Нæ, нæ! Мæ н мæ лæ ппуты бæ рц ничи уарзы. Лæ гæ н цы у! Мæ цæ ст куы фæ цъынд уа, раст уыцы бон æ ндæ р ус æ рдавдзæ н. Зæ нæ г та уæ ддæ р мады хур сты!.. Сахан афтæ хъуыды кодта: мады зæ рдæ та уæ ддæ р фæ лмæ ндæ р у, зæ нæ джы хъæ нтæ дзæ бæ х никуы фæ иртасы. Уадз, æ мæ дзура сæ сæ рыл. Искуы бамбардзæ н йæ рæ дыд. Мад та уæ ддæ р фыртты фарс хæ цыд: — Мах зæ рæ дтæ стæ м!.. Уыдон мын ахæ рой! Уыдон мын адарой! Царды хос сын феста мæ уд!.. Гъе афтæ мæ й цардысты Сихаты Саханы бинонтæ. Фæ лæ иубон куы уыд, уæ д ус æ нæ нхъæ лæ джы цыдæ р арф хъуыдыты аныгъуылд. Бавдæ лд æ мæ диссаджы хæ бизджынтæ скодта. Сыхæ гты лæ ппутæ й кæ мæ дæ р йæ кæ рчыты хуыздæ ры аргæ вдынмæ бадавта. Сцæ ттæ кодта минас æ мæ сæ хæ дзары иу къуымы урс хæ цъилтæ й бамбæ рзта. Йæ хæ дæ г хуыссæ ны схуыссыд æ мæ уæ ззау рынчынау хъæ рзын райдыдта. Уалынмæ фæ зынди хистæ р фырт. Мады хъæ рзгæ йæ баййæ фта, фæ лæ дзы цы риссы, уымæ й йæ нæ бафарста. Йæ уазал цæ стæ нгас ахаста хæ дзары къуымтыл æ мæ загъта: — Хæ ринаг нæ м ницы ис, гыцци? — Нæ фæ разын, мæ ахсджиаг!.. Дæ разы хæ цъилты бын рыгтæ бамбырд кодтон! Акал-ма сæ, мæ хур, марадз! Худинаг у! Хæ дзармæ уазæ г дæ р цæ уы!.. — Æ ндæ р исчи сæ акалæ д! — лæ ппу йæ хи азылдта фæ стæ мæ æ мæ ацыд уынгмæ... Уымæ й чысыл фæ стæ дæ р æ рбацыд дыккаг фырт. Мады хуыссæ ны хъæ рзгæ йæ федта. Уымæ н дæ р йæ фарст йæ разæ й фæ ци: — Ницы нæ м ис, гыцци? Сыдæ й мæ лын! — Ницы нæ м ис, гыцци дæ фæ хъхъау фæ уа, дæ лæ бырæ ттæ акалын мæ бон нал сси! Акал-ма сæ, мæ хур... Худинаг у... Лæ ппу йæ былтæ фесчъил кодта, зулаивæ й бакасти къуыммæ æ мæ æ нæ дзургæ йæ дуары æ дде фæ цис. Уалынмæ фæ зынд кæ стæ р лæ ппу дæ р. Уый иннæ тæ й æ нувыддæ р уыди мадыл. Йæ комы комдзагæ й йæ хаста. Ау, уый дæ р ма йын ахæ м дзуапп ратдзæ н? Иннæ тау дурзæ рдæ разындзæ н? Нæ! Ницæ мæ й бафарста мады йæ кæ стæ р фырт. Уый ма йыл бустæ тæ дæ р скодта: — Нæ зоныс, мæ нæ н æ ххормагæ й мæ бон хъазын кæ й нæ у, уый? Иннæ тæ н сæ мадæ лтæ ахæ м хорз хæ ринæ гтæ сцæ ттæ кæ нынц... — Цæ мæ н афтæ зæ гъыс, гыццийы чысыл хур! Æ з дæ у бирæ куы уарзын!.. Тынг нæ фæ разгæ дæ н! Мæ зæ рдæ йæ мæ лын! Фен-ма уæ ртæ хæ цъилты бын рыгтæ. Сæ ракалын дæ р мæ бон нал сси... Исчи нæ м, мыййаг, куы фæ зына, мæ цæ сты гагуы! Акал сæ... — Гъо! Ныр дын бырæ ттæ калдзынæ н! Фæ стæ мæ та ацыд уый дæ р. Уалынмæ йæ мойы къæ хты хъæ р æ рбайхъуысти Мурионмæ. Ус та тынгдæ р схъæ рзыдта. Куырдæ н йæ хуыз фæ цыд: «Не ’фсин цыдæ р кæ ны! Хуыцау бахизæ д фыдбылызæ й». Батырныдта рынчыны цурмæ. Йæ ныхыл ын фæ ллад къухтæ æ рæ вæ рдта... — Не ’фсин!.. Уый цы кодтай? Куыд æ рбарынчын дæ?.. — Афтæ æ виппайды... мæ сæ рæ й, мæ зæ рдæ йæ, уæ ртæ уыдон акалын дæ р мæ къухы нал бафтыди... Хæ цъилтæ й сæ бамбæ рзтон. Кæ д дын зын нæ у, уæ д... Худинаг у!.. Уæ вгæ сæ уадз... мæ хæ дæ г сæ акалдзынæ н. Цыма мын иучысыл фенцондæ р и!.. — Цытæ дзурыс, не ’фсин! Ды мын адзæ бæ х у, æ ндæ р... æ з ныртæ ккæ... Куырд йе стыр къухтæ й фæ хæ цыд тæ бæ гъыл... Хæ бизджынтæ æ мæ фых карчы тæ ф йæ фындзыл ауад. Бинтыл схæ цыд æ мæ цымыдисæ й бакаст йæ къаймæ. Фæ лæ ус уæ дмæ тагъд-тагъд рахызтис йæ сынтæ гæ й. — Ныр æ з базыдтон, кæ мæ н зынаргъдæ р дæ н, уый. Сомы дын кæ нын: сæ сæ рыл зул ныхас никуал скæ ндзынæ н... Мидбылты худти Мурион. Хиндзаст æ мæ йын хъæ лдзæ гхуызæ й радзырдта, йæ фыртты куыд ракъахта æ мæ йын уыдон цы дзуаппытæ радтой, уыдæ ттæ, стæ й фæ рсæ й-фæ рстæ м æ рбадтысты æ мæ се ’рыгон бонтæ æ рымысыдысты. Рагæ й сыл нал скодта ахæ м цины сахат.
|
|||
|