|
|||
СыхæгтæБæ рзонд хæ хты рæ бынæ й гуырыдис Сæ гъгæ сы дон æ мæ, йæ урс фынк калгæ, арф комы бырста размæ. Æ хсæ вæ й-бонæ й тырныдта быдыртæ м, Теркмæ, денджызмæ. Бирæ цыдæ ртæ фенын æ й фæ ндыд. Фæ ззæ г-иу йæ тызмæ г уылæ нтæ фенцаддæ р сты, рæ сугъддæ рæ й-иу згъордта. Зымæ г ыл-иу их-фæ йнæ джытæ й хидтæ сарæ зта, хи конд зæ гæ лтæ й-иу сæ фидар бахудта кæ рæ дзимæ. Фæ лæ уæ ддæ р йæ цæ уынæ й никуы бафæ ллад, никуы банцади. Йæ сыхаг та уыди уыгæ рдæ ны чысыл суадон. Суадон æ мбæ рста Сæ гъгæ сы доны зарæ джы ныхæ стæ. Сæ гъгæ сы дон æ м зæ рдæ бынæ й сидти, хуыдта йæ йемæ. Куырдта дзы, цæ мæ й йыл бафтауа йæ хи, цæ мæ й сиу кæ ной сæ цыд, сæ хъару æ мæ афтæ мæ й згъорой сæ дард балцы. Стыр сыхаг мæ т кодта, иу туг, иу стæ г кæ имæ уыд, уыцы чысыл суадоныл: тæ вд бонты зын æ мæ дард фæ ндагыл иунæ гæ й куы никæ дæ м фæ хæ ццæ уа, хур æ м йæ зынг цæ ст куы ныддара æ мæ куы айсыса, науæ д искуы хус змисы куы ’рбайсæ фа... Гъе уымæ н æ м сидти æ ппынæ дзух. Фæ лæ чысыл суадон разынд æ нæ рвæ ссон, хиппæ лой. Уый згъордта дидинæ г фæ лыст уыгæ рдæ нты æ хсæ нты, сæ адджын тæ фæ й буц уыди æ мæ йæ химæ касти бæ сты бикъ — комы дæ гъæ л. Йе стыр сыхагыл-иу кæ л-кæ лæ й худти, дзуапп-иу ын лæ вæ рдта былысчъилæ й: — «С-с-с, ма-а-ссид, ма-а-а-м! » Ома сабыр у дæ хицæ н! Ма мæ м сид! Æ з рæ сугъд дæ н!.. Æ з рæ суг дæ н!.. Æ з сыгъдæ г дæ н! Æ з æ нæ дæ у дæ р Теркмæ, денджызмæ ссардзынæ н фæ ндаг!.. Не сразы æ нæ рвæ ссон суадон йе стыр сыхагимæ. Æ мæ йæ цæ сты кæ ронæ й дæ р нæ федта нæ дæ р быдыр, нæ дæ р Терк, нæ дæ р денджыз. Йæ фæ ндагыл зæ рдæ зæ гъгæ быдырмæ нæ ма азгъордта, афтæ мæ й дзы иу сæ рдыгон тæ вд боны хур иучысыл йæ дойны басаста, цы цъыртт ма дзы калд, уый та йын саумæ р анызта. Суадонæ н йæ донвæ д хусæ й баззад... Сæ гъгæ сы дон та ма абон дæ р згъоры, размæ бырсы быдыртæ, Терк æ мæ денджызмæ. Æ фсады зæ хх æ мæ хуры дойны дæ р.
|
|||
|