Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Лымæндзинады тых



Æ з уæ д цардтæ н Дзæ уджыхъæ уы, Терчы тæ ккæ былыл, ног хæ дзары. Стæ м хатт вæ ййы адæ ймаг разы йæ ног цæ рæ н бынатæ й, алы фаутæ йæ м фæ хæ ссы... Мæ нмæ хъæ стагæ й ницы уыд. Уый нæ, фæ лæ ма арæ х, кæ м æ ргом ныхасæ й, кæ м та хинымæ р, арфæ тæ кодтон, ам, æ нусон Терчы был, алыхуызон бæ лæ стæ æ мæ дидинджытæ й фæ лыст паркгæ рон æ мбисонды рæ сугъд галуан чи сарæ зта, уыдонæ н.

Мæ фатер уыд æ ртыккæ гæ м уæ ладзыджы. Уалдзыгон æ мæ сæ рдыгон райсомты-иу уарзтон уырдыгæ й кæ сын. Науæ д-иу Терчы былмæ рацыдтæ н.

Утæ ппæ т адæ мы æ хсæ н-иу æ з арæ х сæ мбæ лдтæ н иу æ рыгон лæ ппуйыл. Йæ фенд-иу мын æ хсызгон уыд. Мæ цæ стыты раз схъомыл. Авдæ ны сывæ ллон ма куы уыдис, уæ д-иу æ й йæ мад æ мæ йæ хо зынаргъ цыппæ рдзæ лхыг уæ рдоны ардæ м арæ х раластой. Æ нæ фæ кæ сгæ, æ нæ бахудгæ йæ м-иу чи фæ лæ ууыдаид: уыди йын æ рвгъуыз цæ стытæ, йæ фæ лмæ н нард гуккытæ -иу кæ мæ фæ нды дæ р батылдтаид, худæ ндзаст æ мæ дзурынмондаг уыд кæ ддæ риддæ р.

Йæ мад уыд дохтыр, йæ фыд та — æ фсæ ддон, булкъон. Уый дæ р хъусæ ггагæ й зыдтон. Лæ ппумæ -иу куыннæ сдзырдтаиккой æ мæ йын йæ ном мæ зæ рдыл бадардтон — Олег... Айрæ зти сывæ ллон. Сси æ хсæ рдæ саздзыд цæ хæ рцæ ст лæ ппу. Терчы былмæ цæ уаг уыд, йæ фæ дыл-иу згъордта йæ куыдз Узден. Куыд дзырдтой, афтæ мæ й уыцы куыдзы æ фсадæ й лæ ппуйы фыд сласта æ мæ йын æ й балæ вар кодта. Лæ ппу æ мæ куыдз кæ рæ дзиуыл æ рхъæ цмæ дæ р нæ хъæ цыдысты. Узден уыд арæ нхъахъхъæ нæ г æ фсæ ддонты куыйтæ й. Рæ сугъд, æ мбаргæ æ мæ къæ рцхъус, бирæ гъхуыз, сагартæ н.

Лæ ппуйæ нæ рох кæ нынц фыды ныхæ стæ. Куыдз ын куы лæ вар кодта, уæ д ын фыд загъта:

— Цæ рæ гойты æ хсæ н адæ ймагæ н куыдз æ мæ бæ хæ й лымæ ндæ р ницы ис. Уыдон сæ хицауыл гадзрахатæ й никуы рацæ уынц... Макуы сæ гад кæ н Уздены. Куы йæ бафхæ рай, уæ д дын æ й, нæ фехъуыстон ма зæ гъ, байсдзынæ н.

— Нæ, баба! Никуы йæ бафхæ рдзынæ н... Зилдзынæ н æ м, хъахъхъæ ндзынæ н æ й, — ардхæ рæ гау загъта фырт йæ фыдæ н.

Фыд лæ ппуйæ н радта иу чиныг æ мæ йын бафæ дзæ хста:

— Лæ мбынæ г æ й бакæ с æ мæ базондзынæ Уздены, кæ рæ дзи æ мбардзыстут...

Зæ рдæ ргъæ вд вæ ййы уыцы кары лæ ппу, сыгъдæ г вæ ййынц йæ фæ ндтæ æ мæ хъуыдытæ...

Адæ м уынаг сты, бафиппайдтой, Олег æ мæ Уздены æ хсæ н стыр хæ лардзинад кæ й райгуырд. Лæ ппуйы æ мгæ рттæ -иу сыл амбырд сты, диссагмæ кæ сæ гау-иу сын кастысты сæ хъазынмæ. Олег-иу арæ х йæ цæ стытæ бабаста, Уздены хъуырыл-иу рон бафтыдта, йæ хæ ссинæ гтæ -иу æ м радта, уый та-иу æ й раст фæ ндæ гтыл ахуыдта сæ химæ. Машинæ йæ тас-иу кæ м уыдаид, уым-иу хъуамæ æ рлæ ууыдаид.

Афтæ дæ р-иу уыдис, æ мæ Узденæ н йæ хи цæ стытæ бабастой, Олег-иу хъуамæ искуы арф ран амбæ хстаид. Куыдз-иу йæ хи æ цæ гæ лоны къухтæ й арæ мыгъта, баст цæ стытæ -иу æ д бæ ндæ н азгъордта, уайтагъд-иу æ й ссардта. Йе ’мбæ хсæ н бынатæ й-иу æ й æ мбæ лтты æ хсæ нмæ ракодта йæ фæ дджийæ...

Лæ ппу Терчы йæ хи арæ х надта. Доны арфмæ -иу йæ фæ дыл бацыдис Узден дæ р. Уылæ нтимæ -иу хъæ бысæ й хæ цыдысты, хъазыдысты. Адæ м сæ м-иу былгæ ронæ й цымыдисæ й кастысты.

Бонæ й-бонмæ фидардæ р кодта сæ хæ лардзинад. Кæ рæ дзи æ мбæ рстой цæ стæ нгасæ й, ныхасæ й, уæ нгты чысыл фезмæ лдæ й... Æ з сыл куыддæ р фæ цахуыр дæ н, мæ цæ ст сæ м дардтон. Æ мæ -иу мæ м афтæ касти, цыма æ нæ сæ кæ рæ дзи не сфидауиккой.

Фæ лæ, æ вæ ццæ гæ н, царды æ намонд цаутæ н дæ р æ нæ рцæ угæ нæ вæ ййы. Иухатт, сæ рдыгон сæ умæ райсом горæ ты бульвары киоскы балхæ дтон газет. Æ ркæ стытæ йæ м кодтон.

Æ виппайды йæ фæ стаг фарсыл бафиппайдтон сау рамкæ йы сауфыст хабар: Оледжы ныййарджытæ н се ’мкусджытæ хъыгзæ рдæ йæ тæ фæ рфæ с кодтой, сæ зынаргъ лæ ппу цæ рынхъуагæ й кæ й фæ зиан, уый фæ дыл. Цалдæ р хатты йæ бакастæ н. Мæ зæ рдæ срысти судзаджы зианыл...

Куыд дзырдтой, афтæ мæ й уыйразмæ бон лæ ппу йæ хи надта Терчы, æ дзухау йемæ уыд Узден. Цалдæ р хатты лæ ппу йæ хи баппæ рста доны арфмæ. Фæ лæ иуахæ мы фæ стæ мæ рахизын йæ бон нал баци: йæ хи истæ уыл ныццавта, æ ви йæ хæ ххон доны æ ндзыггæ наг уазал æ рцахста, уый ничи базыдта бæ лвырдæ й... Йæ мард ын æ рмæ стдæ р дыккаг бон ссардтой.

Лæ ппуйы сыгъдæ г сурæ т нæ цух кодта мæ хъуыдытæ й, йæ хуыз-иу мæ цæ стытыл ауад, фæ стаг хатт ма йæ цы дарæ сты федтон, уыдоны.

Фæ лæ диссаг: уыцы сахат мæ цæ мæ дæ р гæ сгæ айрох Узден... Мæ зæ рдыл куы æ рлæ ууыд, уæ д сагъæ сты бацыдтæ н: «Цымæ уый та цытæ кæ ны, мæ гуырæ г? Йæ хи куыд дардзæ н?.. Æ ви цыппæ ркъахыг цæ рæ гойтæ ницы фембарынц, нæ фæ зонынц цин æ мæ хъыгдзинад?.. »

Искæ й зианæ н адæ ймаг фидар у, фæ зæ гъынц, ферох дзы вæ ййы тагъд. Лæ ппуйы сурæ т мæ цæ стытыл афтæ арæ х нал уад, фæ стагмæ мæ ферох ис. Чи зоны, никуыуал æ й æ рымысыдаин, фæ лæ Узденмæ гæ сгæ мæ зæ рдыл æ рлæ ууыд.

Лæ ппуйы фæ зианы фæ стæ цасдæ р рæ стæ г Узден Терчы былмæ нал фæ зынд. Искæ дæ м æ й акодтой, æ ви йæ æ ддæ мæ нал уагътой, нæ зонын...

Ралæ ууыдысты августы фæ стаг бонтæ. Хурджын рæ стæ г ахаста, Терк афтæ змæ стæ й нал цыди, йæ уылæ нтæ афтæ знæ т нал уыдысты. Стыр дуртæ æ мбисæ й уæ лæ мæ сзындысты. Иубон Терчы былмæ фæ зынд Узден. Йæ цæ стытæ кæ ддæ рау ныр цинæ рттывд нал кодтой, нал æ м уыд раздæ ры къæ рцхъусдзинад. Фæ хъуынтъызтæ, фæ мæ ллæ гдæ р. Дзурæ гмæ нал касти... Терчы был-иу бæ рæ г ран схуыссыд, йæ раззаг къæ хтыл-иу йæ сæ р æ рæ вæ рдта æ мæ -иу æ дзынæ г касти доны уылæ нтæ м. Хаттæ й-хатт-иу фестадис, бахызтис-иу донмæ, æ вæ ццæ гæ н ма фæ стагдæ р хатт йæ хицауы кæ м федта, уырдæ м. Цыдæ р агуырдта, ленк кæ нын æ взæ рста. Стæ й-иу рахызт донæ й фæ стæ мæ. Афтæ мæ й-иу ыл æ рталынг. Лæ ппутæ йæ м сидтысты йæ номæ й, йемæ -иу сæ ахъазын фæ ндыд. Æ вæ ццæ гæ н ын уыдон дæ р мæ нау тæ ригъæ д кодтой, хæ ринæ гтæ йын æ ппæ рстой. Фæ лæ уый йæ хъус ницæ мæ дардта, Цыма дзы йæ ном дæ р ферох и...

Чи нæ йæ зыдта, уыдон ыл-иу хъæ ртæ дæ р скодтой, истытæ дæ р-иу ыл фехстой. Доны былæ й йæ асурынмæ хъавыдысты... Узден-иу цавддур фестад, Терчы уылæ нтæ м-иу æ дзынæ г касти. Чи зоны, йæ хи мидæ г дис кодта, йæ зæ рдыл-иу æ рлæ ууыд, Олегимæ æ мбæ хсынты куыд хъазыдысты, уый... Уайтагъд-иу æ й куы ссардта цæ стытæ бастæ й дæ р! Уæ дæ ныр афтæ арф кæ м бамбæ хсти? Донæ й бынтондæ р рахизинаг нал у æ ви йæ мæ стæ й мары? Æ мæ уæ д Узден цыфæ нды зынтæ й дæ р бацагурдзæ н йæ хæ лары!.. Кæ м фæ нды бамбæ хсæ д, уæ ддæ р æ й ссардзæ н!..

Цыдæ р тых-иу размæ, Терчы уылæ нтæ м, арæ зта Уздены... Знæ т уылæ нтæ та йæ æ гъатырæ й хостой, былмæ -иу æ й фæ стæ мæ ратардтой.

Фæ лæ иухатт донæ й фæ стæ мæ нал рахызти. Уый уыдис бонрæ фты. Æ з кастæ н мæ балкъонæ й. Терчы был адæ м æ рæ мбырд сты, цæ уылдæ р тыхстысты. Сывæ ллæ ттæ хъæ р кодтой, згъордтой доны былтыл. Мæ зæ рдæ куыддæ р фæ къæ пп кодта: «Цыдæ р бæ ллæ х æ рцыди! » Тагъд-тагъд ацыдтæ н адæ мы цурмæ...

Иу ран, доны астæ у, арф уылæ нтимæ хъуырдухæ ны бацыд Узден. Фæ стæ мæ раленк кæ нын йæ бон нал у, зæ гъгæ, афтæ ахъуыды кæ нæ н нæ уыд: йæ сæ р бæ рзонд хаста. Уылæ нтимæ æ мзылды бафтыд... Хаттæ й-хатт-иу былгæ ронмæ дæ р рахæ ццæ, мæ нæ ныр хусмæ [1] рахиздзæ н, зæ гъгæ -иу сцин кодтам. Алырдыгæ й йæ м сывæ ллæ ттæ сæ къухтæ тылдтой, хъæ р кодтой:

— Узден! Узден!.. Гъа! Гъа! Узден! Раздæ х! Узден! Узден!..

Фæ лæ Узден ницы хъуыста, никæ й уыдта. Фæ стагмæ бынтондæ р карз гуылфæ нтæ м бахаудта, æ мæ йæ уыдон сæ хъæ лæ сы ахастой...

Æ з æ м рыстзæ рдæ йæ кастæ н. Бæ лвырд хъуыды кæ нын: цалынмæ йæ мæ цæ ст ахста, уæ дмæ йæ сæ р не ’руагъта... Чи зоны, искуы рахызти былмæ. Фæ лæ йæ æ з уыцы бонæ й фæ стæ мæ никуыуал федтон...

Ныр дæ р ма арæ х æ рымысын дыууæ хæ лары, куыддæ р æ нæ нхъæ лæ джы схауынц уæ д мæ ныхæ стæ, химæ дзурæ гау: о, цæ й диссаг дæ ды, хæ лардзинады тых!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.