Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Æмæ азæлыд хъæд



 

Тазрет Урусбиевич Бесаев. Там, где резвятся олени (Рассказы для старшего школьного возраста).

Северо-Осетинское книжное издательство Орджоникидзе, 1966 г.

 

Бесаты Тазе. Сагхъазæ ны (Радзырдтæ хистæ р кары скъоладзаутæ н).

Цæ гат Ирыстоны чингуыты рауагъдад, 1966 аз.

 

 

Бесаты Тазе

САГХЪАЗÆ НЫ

Æ мæ азæ лыд хъæ д.. 2

Лымæ ндзинады тых.. 5

Сыхæ гтæ... 7

Чи йæ фылдæ р уарзта.. 8

Тугхæ стæ г. 9

Хъуынтыз. 11

Хойы мысинæ гтæ... 12

Хуын.. 14

Иу бон.. 15

Æ хсæ в цырагъдарæ й.. 17

Ницы нын бавæ ййыс.. 20

Сæ рибары уынг. 22

Мæ сæ р æ ркъул кодтон йæ цуры.. 25

Хæ хты астæ у.. 28

ХÆ ДДЗУРГÆ ЧИНЫГ. 28

ЗЫД ЛÆ ДЖЫ МÆ ЛÆ Т. 29

АРС Æ МÆ АЛХАЗ. 30

ТАР Æ ХСÆ В ФÆ ДИСЫ.. 31

ХЪУЫДДАГ ТА АФТÆ УЫД... 32

НАФ-НАФ.. 32

«СЫЗМÆ ЛОН, АЛХАЗ? ». 33

«АЛХАЗЫ РИВÆ ДДОН». 34

ИУ ХАТТ УАЛДЗÆ ДЖЫ.. 34

Æ З ДÆ Р ТА УÆ М ЗЫНДЗЫНÆ Н.. 35

 

Æ мæ азæ лыд хъæ д

1942-æ м аз у йæ фæ уыныл. Уазалгомау рагизæ р. Сау мигътæ ауындзæ гæ й лæ ууынц Былауы сæ рмæ. Саузым рахаста райдиантæ й. Мит кæ д хæ хты раджы рауарыд, уæ ддæ р быдыры хъæ утæ м нæ ма æ рхæ ццæ. Æ вæ ццæ гæ н, уый тыххæ й фæ стиат кæ нынц мигътæ хъæ дгæ рæ тты хъæ уты сæ рмæ. Фæ лæ ацы изæ р куыддæ р зивæ ггæ нгæ базмæ лыдысты, сæ хи айвæ зтой. Бындзыггай араст сты кæ дæ мдæ р. Ранæ й-рæ тты сын сæ фæ ндæ гтæ бацахста сармадзанты фæ здæ г. Уый зилдухгæ нгæ къуыбылæ йттæ й цæ уы, цыма сау мигътимæ ерыс кæ ны, цыма сыл æ нæ мæ нг фæ уæ лахиз уæ вынмæ хъавы.

Цалдæ р боны æ нæ рынцойæ нæ ры, азæ лы хъæ д хæ сты змæ лдæ й. Хæ стæ г у стыр тар хъæ дмæ Былауы хъæ у. Чи кæ цæ й æ хсы, чи кæ дæ м хъавы, уый дзæ бæ х не ’мбары Сæ удæ т. Алы гæ рахæ й дæ р ус хæ рдмæ фæ хауы, йæ хъустæ дыууæ къухæ й ахгæ ны. Чи зоны, йæ хи мæ т æ й уыйбæ рц нæ й, фæ лæ йæ лæ ппу!.. Йæ лæ ппу Фидар... Цалдæ р боны сæ хæ дзармæ нæ ма фæ зынд. Кæ м цы агуры? Ай бæ стæ судзгæ куы кæ ны! Гъе йæ кар куы нæ ма æ ййафы, гъе йæ фадæ ттæ куы нæ амонынц.

Катайты хай баци Сæ удæ т, бады сæ дурæ й амад ныккæ нды, хуыцаумæ кувы, куры, цæ мæ й æ нæ фыдбылызæ й баззайа йæ хъæ бул. Ацæ ргæ у Сæ удæ т, саулагъз, тæ нтъихæ гарæ зт. Æ дзух хъуыддагхуыз. Алцыдæ р ын хыгъд æ мæ хъуыдыгонд вæ ййы. Ныййарæ г та йæ цоты зæ рдæ йы хатт куыннæ фæ зоны! Зыдта йын йæ рохтыл хæ цын, рæ ствæ ндагыл æ й арæ зта. Фырт æ м фæ стæ мæ никуы сдзырдта, йæ ныхасыл ын дыууæ никуы загъта. Ныр ыл цыдæ р æ рцыд, схивæ нд, мады æ вастæ й кæ дæ мдæ р ацыд!..

Изæ ры уазал æ ндавы адæ ймаджы. Нæ рынц сармадзантæ, сæ фæ здæ г сæ мхæ ццæ сау мигътимæ. Сæ удæ т бацыдис ныккæ нды чысыл рудзынджы цурмæ. Иу ран йæ авг асаст, æ мæ йыл гæ ххæ тт ныхæ ст. Гæ ххæ тт аскъуыд æ мæ дзы уадымс хъазы, карчы саст базырау ауыгъдæ й аззайы. Сылгоймаг афæ лгæ сыд, сæ хъæ уæ й йæ м цы хай зынди, ууыл, æ виппайды йæ цæ стытæ цæ хæ ртæ акалдтой. Се ’рвадæ лты даргъ уæ рдондæ ттæ, стыр хæ дзæ рттæ сыгъдысты, сæ сырх пиллон фæ йнæ рдæ м лæ бурдта. Хæ дзæ рттæ сыгъдысты, æ ви сæ фарсмæ немыцæ гты скълад, уый сылгоймаджы сæ р нæ ахста. Арты пиллон куыд цырен кодта, афтæ тыхджындæ рæ й азæ лыд бæ стæ. Исчи æ хста, æ ви уыцы артæ й сармадзаны нæ мгуытæ рæ мыгътой, уый дæ р нæ хатыдта Сæ удæ т. Æ вирхъау нывмæ кæ сын йæ бон нæ баци. Ацы хатт бамбæ рзта йæ цæ сгом, куыддæ р фæ уадзыгау...

Стæ й уæ д бæ стæ загъд æ мæ хъæ лæ ба сси. Немыцæ гтæ н сæ сæ р сæ кой сси, згъордтой фæ йнæ рдæ м. Цыдæ ртæ дыгъал-дыгъул кодтой сæ хирдыгонау, ницы сын æ мбæ рста Сæ удæ т. Ауыдта йе ’фсымæ р Тарбеджы. Уый кæ дæ мдæ р хъуыддагхуызæ й тырныдта. Немыцмæ комендантæ й куыста. Цымæ сыл цы ’рцыдис? Мæ лдзыджыты губаккау куы базмæ лыдысты.

Йе ’фсымæ рмæ дзы куы ницы маст æ рхауид!.. Сæ удæ т касти рудзынджы састæ й æ мæ фиппайдта: тыхджын дымгæ æ гъатырæ й пырдта фæ здæ г æ мæ сау мигъты. Ранæ й-рæ тты сæ арв бынтондæ р асыгъдæ г, æ мæ изæ рон хур, рынчынау, æ нæ бары бахудти. Иучысыл фæ рухс Сæ удæ ты зæ рдæ. Фæ лæ циу уый? Сыхаг устытæ й сæ м чидæ р æ рбазгъоры. Уайгæ -уайын кæ мæ дæ р дзуры:

— Мæ фæ рстæ йын айхæ лой Сæ удæ тæ н... Йæ лæ ппуйы йын фæ кæ нынц... Фидары æ рцахстой!..

Мадæ н атар сты йæ цæ стытæ, фæ тасыдысты йæ уæ рджытæ... Куыд æ рхаудта, уый дæ р нал бамбæ рста...

Рацыд цалдæ р боны. Изæ рыгон та Сæ удæ т бадтис йæ хъæ бул Фидаримæ сæ ныккæ нды. Йæ цæ стытæ цины цæ хæ ртæ калдтой. Йæ хъæ бул ма немыцæ гты дзæ мбытæ й фервæ здзæ н, йæ хæ дзар ма сæ рæ гасæ й ссардзæ н, уый æ нхъæ л та ма чи уыд!..

Æ рмæ ст лæ ппу циндзаст нæ уыди, йе уæ нгтæ куыддæ р æ рызгъæ лдысты. Дзурæ гмæ нæ дзырдта, кæ сæ гмæ нæ кастис.

Цы кæ ны Фидар, йæ уарзон хъæ бул? Æ ви йæ м нæ хъары, ингæ ны къæ сæ рæ й фæ стæ мæ кæ й раздæ хтис, уый? Йæ риумæ йæ æ рбалхъывта мад, цыма йын фæ стæ мæ ацæ уынæ й тарсти. «Нæ, нæ! Ныр дæ дзыцца никæ дæ муал ауадздзæ н! Мемæ дæ, мемæ уыдзынæ », — дзырдта хинымæ р мад.

Лæ ппу йын йæ къухтæ йæ хицæ й аиуварс кодта: «Сывæ ллон æ нхъæ л ма мын у!.. Куыд нæ мæ ’мбары? » Бацыдис, йæ мад уынгмæ кæ цæ й касти, уыцы саст рудзынджы цурмæ. Афтæ зынди, цыма сæ хъæ у иучысыл йæ цæ стæ й ракастис. Уынгты змæ лыдысты иугай адæ ймæ гтæ, цыдæ ртæ архайдтой. Изæ рон тар тæ лмытæ сæ хи хæ стæ гæ й-хæ стæ гдæ р ластой хъæ угæ рæ ттæ м æ мæ цыдæ р æ нахуыр æ нæ бæ рæ гдзинад хастой семæ.

Хъæ угæ рæ тты фæ ндæ гтæ æ мæ пыхсбынты йæ цæ ст ахаста лæ ппу, фæ кастис хæ хтæ æ мæ тар хъæ дмæ. «Хъуамæ цыфæ ндыйæ дæ р ахсæ в ацæ уон уырдæ м! » — йæ хинымæ р сфæ нд кодта, йе ’ргом азылдта мады ’рдæ м æ мæ йын лæ гъстæ хуызæ й загъта:

— Дзыцца, зæ гъ Тарбегæ н. Баххуыс кæ нæ д Ладемырæ н. Ницы гæ нæ г у. Дзæ гъæ лы йæ æ рцахстой! Фехсдзысты йæ!

Никуыма федта мад йæ хъæ булы афтæ тыхстхуызæ й. Йæ ныхæ стæ -иу йæ хъуыры фæ бадтысты. Цыма йæ тынг не ’вдæ лд, цыма йæ кæ дæ мдæ р тагъд хъуыд, афтæ йæ м кастис.

— Иумæ бадтыстæ м ахæ стоны. Ныр æ з — сæ рибар, уый та... Куы йæ амарой, уымæ й тынг тæ ссаг у! Нæ мæ уырны, Тарбеджы бон ницы у, уый! Фæ лтау мæ куынæ рауадзын кодтаид. Æ мбарыс, дзыцца, æ з хъуамæ йемæ уон!.. Куынæ суæ гъд уа, уæ д фæ стæ мæ йæ цурмæ бацæ удзынæ н... Зæ гъ Тарбегæ н, балæ гъстæ йын кæ н...

Ныййарæ джы зæ рдæ ихы къæ рттау ауазал уыцы ныхæ стæ й. Зæ рдæ йын цæ мæ й бавæ рдтаид, уымæ н ницы зыдта. «Уый та куыд! Фæ стæ мæ сæ м йæ хи къахæ й цæ уы? Æ рра сси? » — Æ мæ мад фæ лмæ н хъæ лæ сæ й загъта:

— Тарбеджы бон дзы ницы у, дæ фæ хъхъау фæ уон. Уый немыц афтæ цæ стфæ лдахæ нæ н сæ вæ рдтой хъæ уыхицауы бынаты. Уæ вгæ сæ хи фæ ндтæ тæ рынц. Чи йæ м хъусы?

— Уæ дæ мæ н куы суæ гъд кæ нын кодта.

— Ды ма сывæ ллон дæ, мæ хур. Дæ у, æ вæ ццæ гæ н, уыйас ницæ мæ й аххосджын кодтой немыц. Ладемыры та партизан хонынц. Чидæ р, дам æ й банымыгъта... Йæ хи аххос дæ р уыд. Æ гæ р æ ргомæ й ардыдта адæ мы сæ ныхмæ. Нал, æ выдæ й нал баззайдзæ н. Цы йын нæ бон у? Иу æ мæ дыууæ йы куы нæ фесæ фтой немыц... Дæ хæ дæ г ма мын кæ й аирвæ зтæ, дæ хæ дæ г! Тарбеджы фæ рцы, мæ уд ын царды хос фæ уа. Никуы мæ ферох уыдзæ н уыцы хорздзинад. Дæ зæ рдыл æ й бадар ды дæ р. Мацыуал дзы дом...

Мады фæ стаг ныхæ стæ бынтондæ р асастой лæ ппуйы ныфс. Иуцасдæ р зæ хмæ æ дзынæ г кæ сгæ йæ алæ ууыд. Стæ й йæ цæ стыты ногæ й ссыгъдысты карз маст æ мæ стыр æ нæ уынондзинад æ вдисæ г зынджы стъæ лфæ нтæ. Цыдæ р уæ ззау ныхæ стæ зæ гъынмæ хъавыд, фæ лæ, мадæ н тæ ригъæ д кæ нгæ йæ, йæ хи ныуурæ дта, дæ лиауæ й ныуулæ фыд:

— Ныххатыр мын кæ н, дзыцца, фæ лæ... Кæ д Ладемырæ н ницы у мæ бон баххуыс кæ нын, уæ д хъуамæ æ з ардыгæ й ацæ уон. Нæ й мын ам æ нцад бадæ н. Цы цæ сгом ма равдисдзынæ н ме ’мбæ лттæ м. Нæ хæ дзарæ й мæ хи искæ дæ м куы айсон, уæ д хуыздæ р у.

— Ма дзур афтæ, лæ ппу! Уый тыххæ й дæ нæ рауагътой ахæ стонæ й. Тарбег сын дзырд радта, кæ й никæ дæ м ацæ удзынæ, ууыл. Стæ й мæ н та кæ мæ н уадзыс? — мадæ н йæ кæ уындзæ г йæ хъуырмæ схæ ццæ.

Раст уыцы сахат хæ дзармæ бахызти Тарбег. Уый, æ вæ ццæ гæ н, раздæ р æ рбацыди, дуарæ й сын сæ ныхæ стæ м йæ хъус дардта. Сæ удæ т куыддæ р фæ къæ мдзæ стыг. Йе ’фсымæ рæ н «æ гас цу» загъта, бандон ын йæ цуры авæ рдта.

Тарбег сæ рыстырæ й ныккастис Фидармæ, стæ й йын уайдзæ фы хуызы загъта:

— Мæ хур, æ з дын лæ гдæ р æ нхъæ л уыдтæ н. Ды та... Уымæ н дæ рауадзын кодтон, æ мæ æ нæ сæ рфат митæ кæ най? Кæ д ахæ м хæ рзгæ нæ г басгуыхтæ, уæ д, табуафси, дæ лæ джыхъæ д æ мæ дæ хæ дæ г! Дæ къухтыл дын куы ничи хæ цы... Фæ лæ дæ мады сæ рыл дæ р ахъуыды кæ н... Бæ стæ сызмæ нтдзынæ...

Дæ лгоммæ ныхæ стæ кæ нынмæ чи амбылдтаид Тарбеджы! Хорз нæ бамбæ рстой мад æ мæ фырт, йæ ныхæ стæ кæ цырдæ м здæ хт уыдысты, уый.

— Ладемырмæ йæ зæ рдæ ’хсайы. Зæ гъын, Тарбеджы бон ын ницы у, — загъта мад, йæ лæ ппуйы сраст кæ ныныл архайгæ йæ. — Куыд у, куыд, мæ гуыр, йæ хабар! Ладемырæ й зæ гъын.

— Хорзæ й йæ м ницы ис.

— Кæ й дзурынц, уый æ цæ г у?

— Ома?

— Марыны тæ рхон ын æ цæ гæ й рахастой?

— Се ’гъдау афтæ у. Хъуамæ йæ æ ргомæ й фехсой.

— Уый та куыд æ ргомæ й, мæ фæ рстæ йын айхæ лой?

— Афтæ æ ргомæ й! — тызмæ гæ й дзуапп радта Тарбег æ мæ ма йæ ныхæ стыл бафтыдта: — Сæ ныхмæ чидæ риддæ р лæ ууа, уыдон æ хсгæ дæ р, ауындзгæ дæ р æ ргомæ й кæ нынц. Уый сæ хъаруйы бæ рæ ггæ нæ н у. Уæ д сæ æ мризæ джы риздзысты. Уæ д сæ м мæ нæ Фидар æ мæ Ладемыры хуызæ ттæ фæ стæ мæ фæ кæ сын дæ р нæ уæ нддзысты... Ныр сæ м кæ сыс? — Тарбеджы фæ ндыд, немыцы хæ цæ нгæ рзты авар дыууæ лæ ппуйы кæ й басыгътой, уыцы хабар бæ лвырддæ рæ й радзурын. Фæ лæ цæ уылдæ р ахъуыды кодта, иучысыл аджихау, стæ й загъта:

— Фидар, мæ хуры чысыл, исчи мын нæ дæ. Адæ м хæ рæ фырты астæ уккаг цæ джындз хонынц. Æ мбаргæ дæ, чи зоны, мæ хæ с дæ р у феххуыс кæ нын. Фæ лæ ницы у мæ бон. Дæ у суæ гъд кæ нын дæ р мæ къухы зынтæ й бафтыд. Дзырд сын радтон: искæ дæ м куы алидзай, уæ д мæ Ладемыры фарсмæ сбадын кæ ндзысты... Фехсдзысты мæ... Гъемæ дæ куыд фæ нды, афтæ. Æ з дын æ ндæ р ницы зæ гъын...

— Цытæ дзурыс, Тарбег! Мæ лæ ппу ахæ м æ нæ мбаргæ у! Стыр хуыцау æ й бахизæ д ахæ м зондæ й! — кæ уынхъæ лæ сæ й загъта Сæ удæ т æ мæ йæ цæ ссыгтæ тымбыл къухæ й асæ рфта.

Тарбег хиндзастæ й бакастис йæ хойы лæ ппумæ, мидбылты бахудти æ мæ та йæ ныхæ стыл бафтыдта:

— Фидар, дæ ныфсы уазæ г у. Кæ д дæ искæ дæ м ацæ уын, гъе та искæ мæ н феххуыс кæ нын фæ нды — дæ хи зæ рдæ дын тæ рхонгæ нæ г. Мæ мæ т дæ ма уæ д!..

Иуцасдæ р рæ стæ г хо æ мæ æ фсымæ р æ нцад кастысты лæ ппумæ. Уый йæ цæ стæ нгас нал иста зæ ххæ й, цыма дзы исты агуырдта... Афтæ йæ м касти, цыма кæ йдæ р ныхæ стæ йæ хъустыл уадысты: «Нæ, нæ, Фидар, нæ дын æ мбæ лы дæ хæ дзары æ нцад бадын! Ладемыр дæ м æ ххуысмæ æ нхъæ лмæ куы кæ сы! »

— Цæ й, æ з цæ уын. Хæ рзизæ р, — загъта Тарбег æ мæ ахызти дуармæ.

Зæ хбын ныккæ нд. Талынг æ мæ уазал. Цыма сæ м зымæ гон тар æ хсæ в саст рудзынгыл æ рбахызт æ мæ ныр семæ йæ фæ ллад уагъта. Лæ ппу дзæ вгар фенхъæ лмæ касти, мад кæ д бафынæ й уыдзæ н, уымæ. Нæ йæ фæ ндыд, йæ зæ рдæ йын фæ риссын кæ на, уый. Фæ лæ йын ацы æ хсæ в сæ химæ фæ лæ ууæ н нал ис. Æ мæ йæ рыст зæ рдæ саджилтæ кодта. Иуæ й йæ мад Сæ удæ т æ мæ йæ мады æ фсымæ р Тарбег уыдысты йæ мæ т: куыд сæ фæ сайа? Куыд сæ баппара фыдбылызы? Иннæ мæ й та йæ хæ с уыд йæ хистæ р æ мбал Ладемырæ н феххуыс кæ нын. Фæ лæ куыд, цæ мæ й? Тарбеджы бон ын куы ницы у, уæ д ын Фидары бон цы хъуамæ уа? Æ мæ уæ вгæ Тарбег цæ мæ н хъуамæ баххуыс кæ на партизанæ н? Уый тыххæ й, мыййаг, немыцæ гтæ м куысты куынæ ныллæ ууыд... Цымæ, Фидары бынаты уæ вгæ йæ, æ ндæ р лæ ппу цы æ рхъуыды кæ нид? Уæ д та ма йын æ мбал куы уаид. Афæ рсид æ й... Æ мæ йын «ма ацу» куы зæ гъид, уæ д та? Байхъусид æ м цымæ? Нæ! Фидар ныртæ ккæ никæ имæ сразы уаид. Фæ лæ мæ нæ дзыцца... Цал æ нæ хуыссæ г æ хсæ вы арвыста, мæ нæ ныр арæ дзæ -мæ дзæ кодта.

Сæ ныккæ нды иу къуымы — хæ сгæ далыс. Мад æ й Уастырджийæ н снывонд кодта. Немыцæ й йæ æ мбæ хсы. Йæ фырт ахæ стонæ й кæ й фервæ зти, уый стыр амондджын хабар у... — Сæ удæ т ахæ м хъуыдыимæ бафынæ й æ мæ ныр йæ мидфыны цæ мæ йдæ р тыхсы. Хатгай тарф рынчынау схъæ рзы. Фидар æ й æ мбары, тæ ригъæ д ын кæ ны. Æ васт куы райхъал уа æ мæ йæ куы нал ауына, уæ д... Далысæ н цы у, æ нæ мæ тæ й сынæ р цæ гъды. Хатгай арф ныуулæ фы, æ мæ йæ комытæ фы хъарм Фидары буарыл сæ мбæ лы.

Лæ ппуйы фæ нды йæ хи æ руадзын, афынæ й кæ нын. Фæ лæ йæ цæ уын хъæ уы.

Дуарæ й рахизыны агъоммæ ма Фидар иучысыл алæ ууыд рудзынджы цур. Æ дзынæ г байхъуыста. Кæ мдæ р сæ кæ рæ дзи тыдтой дзæ гъæ лдзу гæ дытæ. Дымгæ хъазыд авгыл ныхæ ст скъуыд гæ ххæ тты гæ базæ й. Цавæ рдæ р æ нахуыр нывтæ ногæ й февзæ рдысты лæ ппуйы сæ ры.

Мæ йдар æ хсæ в тар хъæ ды... Партизантæ æ хсæ вæ ддæ Ладемыримæ кæ м бадтысты, уыцы ахæ стон... Рæ вдз бабырыдысты мæ йдары немыцæ гты хæ цæ нгæ рзты скъладмæ. Минæ тæ дзы бавæ рдтой... Капитаны цин уыд Ладемырмæ. Уый цæ фæ й æ рæ джы ссыд сæ хъæ умæ... Куыд æ мæ йæ цы кæ нын хъæ уы, уыдæ ттæ зыдта. Гъе фæ лæ кæ м фæ рæ дыдысты, уый хорз нæ бамбæ рста Фидар. Чи зоны, кæ д сæ Тарбег банымыгъта, кæ д сæ фæ дыл касти. Уæ дæ сын куыдтæ й базыдтой се ’мбæ хсæ н бынат? Цæ мæ н æ рцыдис Ладемырыл ахæ м рæ дыд?..

Зæ рдæ риуæ й рацæ йхаудта. Цæ уын хъуыд Фидары. Цымæ искуы йæ ныфс бахастаид ахæ м мæ йдары хъæ дмæ ацæ уын? Ныр йæ бар йæ хи нæ уыд. Хæ с дардта æ мæ йæ уый фидын хъуыд. Кæ ддæ рау бирæ гътæ æ мæ хæ йрæ джытæ й нæ тарсти. Уыдон йæ хъуыдыйы дæ р нал уыдысты. Уый тарсти знаджы хъалагъуртæ й. О, куыд æ нæ уынон ын уыдысты, куыд! Сæ къухтæ м дыккаг хатт куы бахауид, уæ д ын Тарбег дæ р ницыуал феххуыс кæ нид. Цæ мæ н сæ мдзæ хдон йæ мады æ фсымæ р уыдонимæ? Хæ сты размæ Тарбег хъæ дгæ сæ й куыста. Фидары-иу йемæ ахуыдта хъæ дмæ. Цуаны дæ р-иу цыдысты...

Ныккæ нды дуар æ рзилгæ хъæ дын къæ бæ лæ й æ хгæ д уыд. Чидæ р æ й сабыргай байгом кодта. Мидæ мæ æ рбахызт. Фыртæ ссæ й лæ ппуйæ н йæ сур хид акалд.

Сдзурынмæ йæ м хъавыд, фæ лæ йæ ныхæ стæ уæ лæ мæ не схаудтой.

— Æ з дæ н, Фидар, — загъта Тарбег, — ма фæ тæ рс. Æ з дын фынæ й æ нхъæ л уыдтæ н. Дæ хи арæ вдз кæ н, лидзгæ хъæ дмæ. Сæ удæ тæ н мæ хæ дæ г истæ мæ й феххуыс кæ ндзынæ н...

— Æ мæ сын дзырд куы радтай...

— Мацыуал дзур, тагъддæ р!

Дыууæ йæ иумæ рахызтысты дуарыл. Лæ г ахъæ быс кодта лæ ппуйæ н. Йæ къух ын нылхъывта:

— Фæ ндараст. Давонджын мæ рмæ куы бахæ ццæ уай, уæ д-иу стыр сусхъæ ды мæ райы хæ ринæ гтæ фен!

— Цы бауыдзæ н Ладемыр?

— Мауал фæ стиат кæ н... Уый мæ т дæ ма уæ д.

Тар æ хсæ в дыууæ сау æ ндæ рджы кæ рæ дзийæ фæ хицæ н сты...

Талынг æ хсæ в, йæ уд йæ къухы хæ сгæ йæ, лæ ппу тухитæ й фæ хæ ццæ хъæ дмæ, хæ ринæ гты бæ сты бæ ласы мæ райæ райста фондзæ хстон топп; Тарбегæ н зынтæ й бантыст сæ хъæ уккаджы ахæ стонæ й суæ гъд кæ нын, стæ й йæ хойæ н зæ рдæ тæ бавæ рдта Фидары ацыды фæ стæ...

Хæ стæ г уыд тар хъæ д Былауы хъæ умæ. Бирæ арф кæ мттæ æ мæ цъæ х æ рдузтæ æ мбæ хста. Дæ ттæ дзы алæ гæ рстой сæ хицæ н фæ ндæ гтæ æ мæ, урс фынк калгæ, згъордтой Теркмæ. О, стыр æ мæ диссаджы рæ сугъд уыд Былауы хъæ д! Уарзта йæ Тарбег. Уарзта йын йæ бæ лæ сты сыр-сыр, йæ дæ тты сыбар-сыбур, йæ мæ ргъты зарын. Бирæ дзы фæ хаттис, фæ лæ йын йæ уындæ й никуы бафсæ ст.

Ныр æ й уырдæ м кодтой марынмæ. Хъæ уы рæ гъау кæ дæ м фæ хæ ццæ вæ ййынц, сæ гуыттæ сæ къахвæ дтæ кæ м ныууадзынц, булæ мæ ргъ кæ цæ й фæ зары, уырдæ м... Уый — адæ мы мастисæ г — иунæ г уыд, фæ ллад æ мæ æ фхæ рд. Уыдон — тыхгæ нджытæ — цалдæ рæ й, гæ рзифтонг æ мæ цардхуыз... Сæ иу — йæ разæ й, дыккаг — йæ фæ стæ, иннæ тæ — йæ фæ йнæ фæ рсты... Афтæ зынд, цыма цæ ргæ с карз хæ сты фæ стæ, уæ ззау цæ фæ й бахаудта сау халæ тты дзæ мбытæ м.

Ахст цыдис сæ рыстырæ й, цыма йæ м автоматтæ къæ ппæ ввонгæ й нæ дардтой. Арвы кæ рæ ттыл, хæ хты бæ рзæ ндтыл, хъæ дыл цæ ргæ сау фæ лгæ сыд. Йæ зæ рдæ йы æ хсызгонæ й хаста цъæ х мæ нæ уы хуымты сурæ т, æ хсæ рдзæ нты сæ х-сæ х, мæ ргъты зарджытæ. Йæ цæ сгом сыгъдæ г уыд. Фидар уыдысты йæ къахдзæ фтæ...

Марджытæ та, сау халæ тты къордау, «хъуахъ» хуызæ й цыдысты. Сæ цæ ст дзы нæ истой. Тарстысты, мыййаг, сæ уацайраг цæ ргæ с — сæ астæ уæ й куы стæ ха.

Хæ сты уынæ р знонæ й мынæ гдæ р уыд, сау мигътæ тымыгътæ й нæ бадтысты Былауы хъæ угæ рæ тты. Хур касти æ мæ йæ м зымæ гон бæ гънæ г æ рдз йæ фæ сонтæ тавта...

Цыди уацайраг, фидар — йæ къахист, ныфсхаст — йæ цæ стæ нгас. Фæ лгæ сы размæ, хæ хты сæ рмæ. Цыма та кæ ддæ рау хъæ д бæ рæ ггæ нæ г рацыд.

Фæ лæ циу уый? Хæ стæ г кæ цæ йдæ р куы цæ уы топпы гæ рæ хтæ. Диссаг! Кæ й къухтæ м бахаудта хъæ дгæ сæ н йæ хъыримаг. Хицæ н у уымæ н йæ зыланг, йæ нæ рын. Зоны йæ, йæ хъустæ йæ иртасынц, йæ зæ рдæ йæ хаты... Марджыты къордæ й ничиуал сарæ хсти, иу дзы не сгæ рзхъом се знаджы ныхмæ. Цалдæ р гæ рахæ й æ рхаудтой. Сæ уацайраг йæ фæ ндагыл тагъд кодта размæ... Æ мæ та ногæ й азæ лыд хъæ д...

Сæ удæ тæ н нырхæ ндæ г йæ зæ рдæ. Йе ’нгас сарæ зта тар хъæ дмæ, хæ хтæ м. Нæ зыдта, райсом ын ног бон цы ’рхæ сдзæ н, уый. Йæ далыс-нывондаг та фæ лмæ н сынæ р цагъта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.