Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФАРÆСТÆМ СÆР. Мыстыты сæйраг командыгæнæг йæ фæнд аивта



Сымах, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, бафæ нддзæ н, ахст адæ м цы баисты, уый базонын. Кавалер Помидор кæ й æ рцахсын кодта æ мæ ныккæ нды кæ й ныппæ рстой, уыдон та уыдысты Куысыфтæ г, профессор Кæ рдо, мастер Сæ нæ фсир, Чысыл Куысыфтæ г æ мæ хъæ уы иннæ цæ рджытæ.

Профессор Кæ рдо зыдта, ныккæ ндты тынг талынг æ мæ бирæ мыстытæ кæ й вæ ййы, уый æ мæ йемæ æ рдæ гсыгъд сойын цырагъ рахаста. Цæ мæ й мыстыты фæ тæ рсын кæ на æ мæ сæ хуынчъыты абырой, уый тыххæ й хъисфæ ндырæ й цæ гъдын райдыдта. Мыстытæ н хъисфæ ндыры цагъд сæ уæ нгæ л у. Куыддæ р профессоры æ нгуылдзтæ фæ ндыры хъистæ фæ цагайдтой, афтæ мыстытæ сæ рбихъуырæ йттæ гæ нгæ пыхс сæ сæ рыл ахастой, уымæ н æ мæ сын уыцы цагъд сæ зæ рдыл лæ ууын кодта гæ дыйы уаст.

Фæ лæ уыцы музыкæ удаист канд мыстыты нæ фæ кодта, фæ лæ ма йæ хурхынарæ гмæ скодта мастер Сæ нæ фсиры. Профессор Кæ рдойæ н æ нкъард зæ рдæ йыуаг уыд, æ мæ -иу æ дзухдæ р æ рхæ ндæ г цæ гъдтытæ кодта. Чи-иу æ м хъуыста, уыдонæ н-иу сæ кæ уын сæ былалгъмæ схæ ццæ.

Уымæ гæ сгæ йæ м ахст адæ м æ рхатыдысты, цæ мæ й йæ цæ гъдын ныууадза.

Куыддæ р профессор йæ цæ гъдын фæ уагъта, афтæ мыстытæ сæ хуынчъытæ й рагæ ппытæ кодтой æ мæ æ ртæ рдыгæ й лæ бурын райдыдтой. Разамынд сын лæ вæ рдта инæ лар Даргъкъæ дзилджын Мыст. Йæ фыццаг бардзырд уыд ахæ м:

— Фыццаг колоннæ æ рбацæ удзæ н галиуæ рдыгæ й æ мæ байсдзæ н сойын цырагъ. Æ рмæ ст æ й хæ рынвæ нд чи скæ на, уымæ н додой йæ къона! Æ з уæ инæ лар дæ н, æ мæ йыл хъуамæ мæ дæ ндæ гтæ андзæ вой. Дыккаг колоннæ æ рбалæ бурдзæ н рахизæ рдыгæ й æ мæ йæ хи ныццæ вдзæ н хъисфæ ндырыл. Уымæ н йæ фылдæ р хай адджын кæ рдойæ конд у æ мæ хæ рынмæ хорз уыдзæ н. Æ ртыккаг колоннæ лæ гæ й-лæ гмæ бацæ удзæ н знагмæ.

Колоннæ ты командиртæ хуымæ тæ джы мыстытæ й алкæ мæ н дæ р йæ хæ с бамбарын кодтой. Инæ лар Даргъкъæ дзилджын Мыст æ рбабырста танкыл. Уæ вгæ уый танк нæ уыд, фæ лæ гæ бæ рбогъ мыстыты къæ дзилтæ м баст дурыны саст. Хæ тæ лæ йцæ гъдджыты хъæ р райхъуыст, æ мæ цалдæ р минутмæ тох ахицæ н.

Фæ лæ мыстыты бон хъисфæ ндыр бахæ рын нæ бацис, уымæ н æ мæ йæ профессор йæ сæ рмæ бæ рзонд систа, æ мæ йæ м сæ бон сæ ххæ ссын нæ уыдис. Сойын цырагъы уавæ р бирæ æ взæ рдæ р рауад: цыма йæ уаддымгæ ахаста, уый хуызæ н фæ цыдæ р, æ мæ нæ хæ лæ рттæ хуыдалынджы аныгъуылдысты.

Стæ й ма фæ цыдæ р ноджыдæ р иу дзаума. Цавæ р, уый та фæ стæ дæ р базондзыстут.

Куысыфтæ г фырадæ ргæ й, йæ хи цы фæ кодтаид, уый нал зыдта.

— Мæ н аххосæ й æ взарут ацы хъизæ мæ рттæ!

— Цæ мæ н дæ у аххосæ й? — сбустæ гæ нæ гау ыл кодта мастер Сæ нæ фсир.

— Ног хæ дзар аразын куы нæ сфæ нд кодтаин, уæ д ахæ м уавæ ры нæ бахаудаиккат.

— Æ рсабыр у, дæ хорзæ хæ й! — фæ хъæ р ыл кодта Сæ нæ фсиры бинойнаг. — Дæ ныхæ стæ м гæ сгæ афтæ уайы, цыма нæ ахæ стоны ды бакодтай.

— Æ з зæ ронд дæ н. Мæ иу къахæ й ингæ ны къæ сæ рыл лæ ууын, уæ д ма мæ цæ й хæ дзар хъуыд?! — йæ хи æ фхæ рынæ й не ’нцад Куысыфтæ г. — Æ ппындæ р никæ й хъыгдардтаин, афтæ мæ й мæ бон уыд парчы бандоны бын æ хсæ виуат кæ нын. Курын уæ, хæ лæ рттæ, ахæ стоны кусджытæ м фæ дзурут æ мæ сын зæ гъут, æ з мæ хæ дзар кавалер Помидорæ н кæ й лæ вар кæ нын. Кæ м æ й бамбæ хстам, уый дæ р ын бацамондзынæ н.

— Уæ дæ ма иу ныхас дæ р дæ дзыхæ й схауæ д! — рамæ сты йæ м мастер Сæ нæ фсир.

Профессор Кæ рдо, йе ’нгуылдзтæ хъисфæ ндыры тæ нтыл æ руадзгæ йæ, тыхстхуызæ й бафиппайдта:

— Дæ хæ дзар кæ м æ мбæ хст и, уый ахæ стоны кусджытæ н куы зæ гъай, уæ д дзы Саунæ мыгмæ дæ р æ рхаудзæ н, стæ й...

— Сабыр дæ хос. Курын уæ, æ мæ нæ мттæ ма дзурут, — йæ хи сыл сцагъта Насы бинойнаг, — ам къултыл дæ р хъустæ ис!

Иууылдæ р ныссабыр сты, сæ алыварс тарстхуызæ й ахъахъхъæ дтой, фæ лæ æ нæ сойын цырагъæ й афтæ талынг уыд, æ мæ, къултыл хъустæ ис æ ви нæ й, уый фенын сæ бон нæ уыд.

Уæ вгæ та къултыл хъустæ уыдис. Растдæ р зæ гъгæ йæ та — иу хъус: тымбыл хуынкъ. Уырдыгæ й æ ддæ мæ цыд сусæ г телефонæ нгæ с хæ тæ л. Кавалер Помидор кæ м бадт, уыцы уаты, ныккæ нды цы дзырдтой, уыдон иууылдæ р фехъусæ н уыдис. Хуыцау хорз, æ мæ уыцы рæ стæ г синьор Помидор уым нæ уыд, уымæ н æ мæ рынчын Гыццыл Балы алыварс дыууæ рдæ м кодта.

Ныккæ нды сабырдзинад фехæ лдта хæ тæ лы уынæ р. Мыстытæ сæ хи æ рцæ ттæ кодтой ног ныббырстмæ. Цыфæ ндыйæ дæ р сæ зæ рды уыд профессор Кæ рдойы хъисфæ ндыр байсын.

Цæ мæ й сæ фæ тæ рсын кæ на, уый тыххæ й профессор йæ хи æ рцæ ттæ кодта концерт раттынмæ. Йæ хъисфæ ндыр йæ роцъомæ фæ быцæ у кодта æ мæ, æ рдын хъистыл æ руадзгæ йæ, йæ улæ фт ныуурæ дта.

Æ нхъæ лмæ кæ сын бахъуыд дзæ вгар. Ахст адæ м фенхъæ лмæ кастысты, фæ лæ музыкæ йы иу зæ л дæ р нæ райхъуыст.

— Ницы дзы уайы? — бафарста мастер Сæ нæ фсир.

— Мыстытæ мын ме ’рдыны ’мбис бахсыдтой! — райхъуыст Кæ рдойы кæ уын хъæ лæ с.

Æ цæ гæ йдæ р, æ рдын æ хсыд разынд. Æ нæ хъæ нæ й ма дзы баззад æ рмæ стдæ р цалдæ р сантиметры. Æ нæ æ рдынæ й та, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, цæ гъдæ н нæ уыд. Уыцы рæ стæ г мыстытæ уыдысты сæ тæ ккæ бырсгæ йæ. Хъуыстысты сæ тызмæ г æ ртхъирæ нтæ.

— Мæ н тыххæ й сты ацы хъизæ мæ рттæ иууылдæ р! — ногæ й та йæ хи ’фхæ рынмæ фæ ци Куысыфтæ г.

— Ныууадз-ма дæ тъизын, уый бæ сты истæ мæ й феххуыс кæ н, — сбустæ йыл кодта мастер Сæ нæ фсир. — Тъизын чи зоны, уый гæ дыйы уаст кæ нын дæ р зондзæ н.

— Гæ дыйы уаст кæ нын? — тæ ргайхуызæ й бафарста Куысыфтæ г. — Дæ ныхæ стæ мæ дисы бафтыдтой. Ахæ м уавæ ры бахаудыстæ м, дæ уæ н та дæ зæ рдæ хъазын æ рцагуырдта.

Мастер Сæ нæ фсир исты дзуапп раттыны бæ сты гæ дыйау ныууасыд, æ мæ мыстыты æ фсад дзыхълæ уд фæ кодта.

— Миау! Ми-ау! — даргъгомау айвæ зта цырыхъгæ нæ г.

— Миау! Ми-ау! — сфæ змыдта йæ профессор. Йæ зæ рдыл та йæ хъисфæ ндыры æ рдын æ рбалæ ууыд, æ мæ йæ кæ уын йæ былалгъмæ схæ ццæ.

— Мæ мард фыды фыд Мыст Æ ртыккæ гæ м уыди æ ппæ т уæ рмытæ æ мæ къæ бицты къарол, æ мæ уын уымæ й сомы кæ нын, уыдон семæ æ рбахастой гæ ды! — фæ хъæ р кодта инæ лар Даргъкъæ дзилджын Мыст æ мæ йæ танк æ васт фæ урæ дта.

— Инæ лар, гадзрахатæ й ныл рацыдысты! — йæ цурмæ батæ хгæ йæ, фæ хъæ р кодта колоннæ ты командиртæ й иу. — Мæ колоннæ хæ рхæ мбæ лд фæ ци цары цæ рæ г гæ рзифтонг гæ дыты дивизиимæ.

Уæ вгæ та йе ’фсæ дтæ иу гæ дыйыл дæ р нæ фембæ лдысты, тæ рсгæ та, уæ вæ н куыд нæ й, афтæ тынг фæ кодтой. Тасæ н та, зындгонд куыд у, афтæ мæ й уыджы цæ стытæ й стырдæ р цæ стытæ ис.

Инæ лар Даргъкъæ дзилджын Мыст йæ къахæ й йæ къæ дзил æ рфасæ гау кодта. Зын уавæ ры-иу куы бахауд, уæ д-иу æ дзухдæ р йæ къахæ й йæ къæ дзил сæ рфта. Афтæ æ гæ р арæ х кæ й кодта, уый къæ дзилыл дæ р фæ зынд: кæ м æ й хафта, уым сгæ мæ х, æ мæ салдат-мыстытæ сæ командиры фæ саууонмæ Æ нæ къæ дзил инæ лар хуыдтой.

— Æ ппæ т амбарты император мæ мард фыдæ л Даргъкъæ дзилджын Мыст Дыккæ гæ мæ й уын сомы кæ нын, гадзрахатæ й рацæ уджытæ сæ фыдраконддзинады тыххæ й карз æ фхæ рд кæ й баййафдзысты, уый тыххæ й. Ныр та æ фсæ дтæ н фехъусын кæ нут, æ мæ фæ стæ мæ раздæ хой.

Командиртæ рæ вдз февнæ лдтой бардзырд æ ххæ ст кæ нынмæ. Хæ тæ лтæ ныууасыдысты, æ мæ æ фсад иугуырæ й дæ р, сæ сæ ргъы Даргъкъæ дзилджын инæ лар, афтæ мæ й фæ стæ мæ фефсæ рстой. Инæ лар, танк цы мыстытæ ластой, уыдоныл æ науæ рдон цæ фтæ й ралæ ууыд æ мæ æ фсæ дты разæ й алæ гæ рста.

Афтæ мæ й нæ хæ лæ рттæ мыстыты ныббырстæ н радтой аккаг ныхкъуырд.

Сæ уæ лахизы тыххæ й кæ рæ дзийæ н куыд арфæ тæ кодтой, афтæ сæ хъустыл ауад æ нахуыр лыстæ г хъæ лæ с:

— Ус-Куысыфтæ г! Ус-Куысыфтæ г!

— Ды мæ м дзурыс, профессор?

— Нæ -а, — загъта Кæ рдо, — æ з дæ м нæ дзырдтон.

— Мæ нмæ та афтæ фæ каст, цыма мæ м чидæ р дзырдта.

— Ус-Куысыфтæ г! Ус-Куысыфтæ г! — ногæ й та райхъуыст æ рдæ боны хъæ лæ с.

Ус-Куысыфтæ г Сæ нæ фсирмæ фæ стæ мæ ракаст æ мæ йæ бафарста:

— Сæ нæ фсир, уый ды цъыс-цъыс кæ ныс?

— Уый та дын цавæ р ныхас у? Мæ нæ н цъыс-цъыс кæ нын мæ зæ рды кæ рон дæ р нæ й. Æ з мæ къæ бут аных-аных кæ нын, уымæ н æ мæ мæ сæ ры цы æ нахуыр хъуыды сæ взæ рд, уый мæ хъыдзы кæ нынæ й не ’нцайы.

— Ус-Куысыфтæ г, кæ дæ й нырмæ дæ м дзурын, ды та мæ хъуыды дæ р нæ кæ ныс! — ногæ й та райхъуыст æ рдæ боны хъæ лæ с. — Уый æ з дæ н, Æ рыскъæ ф.

— Æ мæ кæ м дæ?

— Кавалер Помидоры уаты. Дзургæ дæ р дæ м уый сусæ г телефонæ й кæ нын. Хъусут мæ?

— Хъусæ м дæ, хъусæ м.

— Æ з дæ р уæ тынг хорз хъусын. Помидор тагъд æ рбацæ удзæ н. Дæ уæ н мæ иу хабар фехъусын кæ нын бафæ дзæ хстой.

— Чи?

— Дæ хæ лар Чиполлино. Ма, дам, тыхсут. Мæ ныл, дам, уæ зæ рдæ дарут. Уый бацархайдзæ н сымах ахæ стонæ й рауадзыныл. Æ рмæ ст Куысыфтæ джы хæ дзар кæ м ис, уый синьор Помидорæ н ма зæ гъут. Фидар лæ уут! Чиполлинойыл уæ зæ рдæ дарут.

— Мах никæ мæ н ницы зæ гъдзыстæ м. Æ нхъæ лмæ кæ сдзыстæ м! — се ’ппæ ты тыххæ й дæ р дзуапп радта Сæ нæ фсир. — Чиполлинойæ н бамбарын кæ н, цæ мæ й рæ вдздæ р архайа, кæ ннод нæ м ам мыстытæ лæ бурынц, æ мæ бæ рæ г нæ у, кæ дмæ йы фаг суыдзыстæ м, уый. Дæ бон нын сойын цырагъ æ мæ спичкæ тæ ссарын нæ у? Уыдис нæ м бæ ргæ, фæ лæ нын сæ мыстытæ бахордтой.

— Чысыл мæ м банхъæ лмæ кæ сут, æ з — ныртæ ккæ...

— Фæ лæ удзыстæ м дæ м, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы. Цы хъуамæ фæ уæ м?

Иуцасдæ ры фæ стæ та райхъуыст Æ рыскъæ фы хъæ лæ с:

— Мæ нæ уын сойын цырагъ. Рацахсут æ й!

Уынæ р райхъуыст, æ мæ Куысыфтæ джы фындзыл цыдæ р суад.

— Мæ нæ и, мæ нæ! — фырцинæ й фæ хъæ р кодта зæ ронд.

Тыхтоны уыд сойын цырагъ æ мæ спичкæ ты къопп.

— Бузныг, Æ рыскъæ ф! — арфæ ракодтой æ мхуызонæ й.

— Фенынмæ уал, мæ н лидзын хъæ уы: Помидор æ рбацæ уы!

Æ мæ æ цæ гæ йдæ р, уыцы тæ ккæ уысм синьор Помидор йæ уаты къæ сæ рæ й бахызт. Æ рыскъæ фы йæ сусæ г телефонимæ архайгæ куы ’рбаййæ фта, уæ д йæ маст рафыхт:

— Уым цы кусыс?

— Къæ ппæ г сæ рфын.

— Цавæ р къæ ппæ г?

— Мæ нæ... Ай мыстахсæ н къæ ппæ г нæ у?

Помидор æ хсызгонæ й сулæ фыд. «Хуыцауæ н табу, — ахъуыды кодта йæ хинымæ р, — лæ ггадгæ нæ г ахæ м æ дылы у, æ мæ сусæ г телефонæ й къæ ппæ гæ й чи кæ цы у, уый не ’взары».

Дзæ вгар фæ хъæ лдзæ гдæ р, суанг ма Æ рыскъæ фæ н къафетты цъар дæ р балæ вар кодта.

— Хæ ц, — стыр хорздзинад ракæ нæ гау загъта Помидор: — Ацы гæ ххæ тт дæ бон сдæ рын у. Афæ дзы размæ дзы карамель къафет ромимæ тыхт уыд, æ мæ адджын у.

Æ рыскъæ ф ын йæ сæ рæ й акуывта æ мæ йын раарфæ кодта:

— Авд азы дын лæ ггад кæ нын, æ мæ мын ахæ м гæ ххæ тт æ ртыккаг хатт лæ вар кæ ныс.

— Куыд уыныс, афтæ мæ й æ з хорз хицау дæ н, — загъта Помидор. — Дæ хи хорз куы дарай, уæ д мæ æ дзухдæ р разы уыдзынæ.

— Сæ рибар чи вæ ййы, разы дæ р уый вæ ййы, — дзуапп ын радта Æ рыскъæ ф æ мæ йæ хъуыддæ гтæ кæ нынмæ азгъордта.

Кавалер йæ къухтæ аууæ рста æ мæ йæ хинымæ р ахъуыды кодта: «Ныр мæ сусæ г телефоны цур æ рбаддзынæ н æ мæ, ахæ стоны цытæ дзурынц, уымæ хъусдзынæ н. Æ вæ ццæ гæ н, бирæ диссаджы хабæ рттæ базондзынæ н. Чи зоны, уыцы æ нахайыры хæ дзар кæ м æ мбæ хст и, уый дæ р раргом уа».

Фæ лæ ахстытæ Æ рыскъæ фы ныхæ стæ м гæ сгæ зыдтой, синьор Помидор йæ уатмæ кæ й æ рбацыд, уый. Ноджы зыдтой, зыхъхъырæ й сæ м кæ й хъусдзæ н, уый дæ р æ мæ йын сфæ нд кодтой йæ зæ рдæ «барухс» кæ нын æ мæ йæ фыдгой кæ нынмæ бавнæ лдтой.

Помидор афтæ смæ сты æ мæ, чысыл ма бахъæ уа, ма ныхъхъæ р кæ на: «Æ з уын ныртæ ккæ бацамондзынæ н! » Фæ лæ йæ йæ хи раргом кæ нын дæ р нæ фæ ндыди.

Æ мæ, йæ ныхмæ цы дзурынц, уый нал хъусыны тыххæ й афонæ й раздæ р йæ хуыссæ н бацагуырдта. Схуыссыны размæ йæ хиконд телефоны хъуыры дынджыр къæ рмæ г нытътъыста. Телефонæ н хæ тæ лы бæ сты уыд хуымæ тæ джы комæ вгæ нæ н, мæ нæ æ вгты сæ н цы комæ вгæ нæ ны фæ рцы фæ кæ нынц, ахæ м.

Ныккæ нды та Сæ нæ фсир ссыгъта ног сойын цырагъ.

Иууылдæ р хæ рдмæ скастысты æ мæ, цары къуымы сусæ г телефоны хуынкъ куы ауыдтой, уæ д синьор Помидорыл сæ хи худæ гæ й схастой. Уый та, æ вæ ццæ гæ н, уыцы рæ стæ г ахст адæ мы ныхæ стæ хъусгæ йæ, фырмæ стæ й цъæ х арт уагъта.

Фæ лæ ахст адæ мы цин бирæ нæ ахаста. Разысгарæ г Мыст, камерæ йы рухс куы ауыдта, уæ д хъуыддæ гтæ иууылдæ р бамбæ рста æ мæ, рæ стæ г нæ сафгæ йæ, Даргъкъæ дзилджын инæ лармæ фæ цагайдта, цæ мæ й, цы федта, уыдон ын æ вæ стиатæ й радзура.

— Дæ иууылбæ рзонддзинад, — фырцинæ й йæ цæ стытæ цæ хæ ртæ калдтой, афтæ мæ й райдыдта Мыстразысгарæ г. — Гæ дытæ ацыдысты, фæ лæ адæ м ног сойын цырагъ ссыгътой!

— Цы загътай? Сойын цырагъ?

Æ нæ къæ дзилы комыдæ ттæ æ руадысты, фыццаг сойын цырагъы тæ ф æ мæ ад кæ мæ й нæ ма ссыдысты, уыцы рихитæ асдæ рдта.

— Хæ тæ лтæ ныццæ гъдæ нт æ мæ салдæ ттæ рамбырд уой! — уыцы уысм бардзырд радта инæ лар.

Æ фсад рæ нхъ куы ’рлæ ууыд, уæ д Даргъкъæ дзилджын инæ лар, растдæ р зæ гъгæ йæ та, Æ нæ къæ дзил инæ лар ракодта разæ нгардгæ нæ н ныхас:

— Хъæ батыр хæ стонтæ! Нæ ныккæ нд ис тæ ссаг уавæ ры. Ныббырсут знагмæ æ мæ тохы самал кæ нут сойын цырагъ. Хæ ргæ йæ, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, мæ хæ дæ г кæ ндзынæ н, фæ лæ йæ уый размæ уæ алкæ цыйæ н дæ р асдæ рыны бар ратдзынæ н. Размæ, æ хсынджытæ!

Мыстытæ н сæ цины цъист-цъист ссыд. Сæ къæ дзилтæ фæ хъил кодтой æ мæ тохмæ абырстой.

Ацы хатт Сæ нæ фсир æ рхъуыдыджындæ р разынд. Сойын цырагъ, цæ мæ й йæ м мачи сæ ххæ сса, уый тыххæ й, къулы цы хуынкъ уыд, уым дыууæ агуыридуры æ хсæ н сæ вæ рдта. Мыстытæ йæ м сбырыныл архайдтой, фæ лæ къул æ гæ р лæ гъз уыд, æ мæ та-иу фæ стæ мæ æ рхаудысты. Тæ ккæ цæ рдæ гдæ ртæ иуцасдæ р профессор Кæ рдойы хъисфæ ндыр ахсыдтой, фæ лæ уыдоны дæ р сæ фæ д-сæ фæ д ацæ уын бахъуыд. Æ нæ къæ дзил инæ лар фыдæ нхъæ л куы фæ ци, уæ д фырмæ стæ й цы акодтаид, уый нал зыдта æ мæ сфæ нд кодта тызмæ гæ й архайын.

Бирæ радзур-бадзуры фæ стæ æ фсады рæ нхъ æ рлæ ууын кодта æ мæ алы дæ сæ ймагæ н дæ р йæ тæ ппуддзинады тыххæ й марыны тæ рхон рахаста.

Уыцы ’хсæ в æ рцыд æ нæ нхъæ лæ джы хабæ рттæ.

Чиполлино, Æ рыскъæ ф æ мæ Мæ ймæ булкъ фембæ лдысты парчы быруйы цур. Хъуамæ æ рныхас кодтаиккой, цы уавæ р сæ взæ рд, ууыл. Уыимæ афтæ хъæ рæ й дзырдтой, æ мæ сæ м исчи куы хъуса, ууыл дæ р нал ахъуыды кодтой.

Нæ бафиппайдтой, паркыл чи зылдис, уыцы куыдз Мастинойы дæ р.

Куыдз сæ куы ауыдта, уæ д сыл æ ррайы хуызæ н йæ хи ныццавта.

Чызджытимæ тохы нæ бацыд, фæ лæ Чиполлинойы йæ быны афсæ рста, йæ риуыл ын йæ къæ хтæ авæ рдта, афтæ мæ й рæ йдта æ мæ рæ йдта, цалынмæ синьор Помидор нæ фæ зынд æ мæ лæ ппуйы не ’рцахста, уæ дмæ.

Кавалер куыд цин кодтаид, уый цæ стыл æ нцон ауайынгæ нæ н у.

— Хорз цæ стæ й дæ м кæ й кæ сын, — хынджылæ г кæ нын дзы райдыдта синьор, — уый тыххæ й дæ æ з бакæ ндзынæ н сæ рмагонд, талынг камерæ йы. Хуымæ тæ джы камерæ дæ хуызæ н цъаммары аккаг нæ у.

— Дæ хорзæ хæ й! — йæ ныхæ стæ йын ницæ мæ ’рдаргæ йæ, дзуапп радта Чиполлино.

Стæ й йын æ ндæ р дзуапп раттын йæ бон уыди? Æ ви дзы, сымахмæ гæ сгæ, кæ угæ йæ хатыртæ курынмæ фæ уыдаид?

Нæ, мæ хуры чысылтæ, Чиполлино ахæ м кадджын хъæ дындзты хæ дзарæ й рацыд, æ мæ кæ йфæ нды дæ р скæ уын кæ ндзæ н, йæ хицæ й та цыфæ нды зын уавæ ры дæ р цæ ссыг не ’рхаудзæ н!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.