Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆСТÆМ СÆР. Дохтыр Сабæлут галуанæй куыд асырдтой



Гыццыл Бал æ нæ хъæ н изæ р йæ кæ уынæ й нæ банцад. Герцог Мандарин æ й мæ стæ й мардта æ мæ мардта:

— Не ’рыгон графы зæ рдæ мæ кæ уын афтæ тынг фæ цыд, æ мæ Балæ й рæ хджы апп йеддæ мæ ницыуал баззайдзæ н!

Хæ рзхуыз адæ мæ н сæ фылдæ р фæ лмæ нзæ рдæ вæ ййынц. Уыцы миниуæ гæ й чысыл хай фæ ци барон Апельсины дæ р. Цæ мæ й йæ кæ уынæ й банцадаид, уый тыххæ й йын йæ тъортæ й иу карст авæ рдта. Раст зæ гъын хъæ уы, тынг нарæ г карст. Фæ лæ, барон хæ рдæ й æ фсис кæ й нæ зыдта, уый нæ зæ рдыл куы ’рлæ ууын кæ нæ м, уæ д йæ хай нæ цæ сты фæ кадджындæ р уыдзæ н. Уыйхыгъд ын, басабыр кæ ныны бæ сты, дыууæ æ хсины худтысты йæ цæ ссыгтыл.

— Нæ хæ рæ фырт нын нæ саст цыхцырæ г баивдзæ н, — загъта Хистæ р синьорæ.

— Цæ ссыгты цыхцырæ г! — худти Кæ стæ р синьорæ.

— Райсом дын æ з, — Гыццыл Балмæ бартхъирæ н кодта синьор Басгæ рдæ г, — æ ртæ мин хатты ныффыссын кæ ндзынæ н ахæ м хъуыдыйад: «Æ з хъуамæ фынджы уæ лхъус ма кæ уон, кæ ннод хистæ ртæ н сæ хæ рд сæ фарсыл нæ бахæ цдзæ н».

Гыццыл Бал йæ кæ уынæ й нæ банцайдзæ н, уый куы бамбæ рстой, уæ д æ й хуыссынмæ арвыстой.

Æ рыскъæ ф æ й басабыр кæ ныныл архайдта, фæ лæ ницы йæ бон баци, æ мæ уæ д чызг йæ хæ дæ г дæ р кæ уын райдыдта.

— Ныртæ ккæ дæ кæ уынæ й банцай, къулбадæ джы сæ ныкк, — фæ хъæ р ыл кодта Хистæ р æ хсин, — кæ ннод дæ феддæ дуар кæ ндзынæ н!

Гыццыл Бал фырмæ стæ й рынчыны хуызæ н фæ ци. Ризæ г ыл афтæ стыхджын, æ мæ сынтæ г йæ быны сдыууæ рдæ м. Йæ хуыфынмæ та рудзгуыты æ вгты зыр-зыр цыд.

Сæ нттæ цæ гъдгæ йæ, дзырдта æ мæ дзырдта:

— Чиполлино! Чиполлино! Мæ ймæ булкъ! Мæ ймæ булкъ!

Синьор Помидор куыд загъта, афтæ мæ й сывæ ллоны фæ тæ рсын кодта, галуаны алыварс чи рацу-бацу кæ ны, уыцы фыдгæ нæ г, æ мæ, дам, рынчын дæ р уый тыххæ й фæ ци.

— Тæ ккæ райсом æ й æ з æ рцахсын кæ ндзынæ н, — загъта синьор Помидор.

Уыцы ныхæ стæ й хъавыди рынчыны уавæ р фæ хуыздæ р кæ нынмæ.

— Нæ хъæ уы, афтæ ма бакæ н! — йæ кæ уын тыххæ й уромгæ йæ, загъта Гыццыл Бал. — Уый бæ сты фæ лтау мæ н æ рцахсут, æ ппæ ты талынгдæ р æ мæ арфдæ р ныккæ нды мæ ныппарут, уæ ддæ р Чиполлиномæ ма бавналут. Чиполлино тынг хорз лæ ппу у. Чиполлино йеддæ мæ мæ нæ н æ рдхорд нæ й, æ цæ г æ рдхорд!

Синьор Басгæ рдæ г фыртæ ссæ й йæ фындз мæ рзынмæ фæ ци.

— Сывæ ллон сæ нттæ цæ гъды, — загъта уый. — Тынг рынчын у.

Æ мæ æ ппæ ты хуыздæ р дохтыртæ м арвыстой.

Фыццаг æ рбацыд зокъо Бындзмар æ мæ йын радта хусгонд бындзытæ й хос, фæ лæ йын ницы феххуыс. Уый фæ стæ фæ зынд Къæ бырттæ г æ мæ загъта, ахæ м рынчынæ н, дам, хусгонд бындзытæ й конд хосæ й тынг тæ ссаг у. Цæ мæ й адзæ бæ х уа, уый тыххæ й, дам, æ й батухын хъæ уы, япойнаг къæ бырттæ джы доны кæ й стылд, ахæ м гобанæ мбæ рзæ ны.

Цалдæ р ахæ м гобанæ мбæ рзæ ны йæ батыхтой, фæ лæ уый Гыццыл Балы æ нæ низдзинадыл никæ цырдыгæ й фæ зынд.

— Мæ нмæ гæ сгæ йын, — загъта Дæ ргъæ ццон Нас, — йæ алыварс æ рæ вæ рын хъæ уы хом дæ ргъæ ццон настæ.

— Сындзытимæ? — тарстхуызæ й бафарста Æ рыскъæ ф.

— Æ нæ мæ нг, кæ ннод ын ницы феххуыс уыдзысты.

Æ мæ Гыццыл Балы дзæ бæ х кæ нын райдыдтой, цæ хæ радонæ й цы дæ ргъæ ццон настæ хастой, уыдонæ й. Мæ гуыр лæ ппуйы буарыл-иу сындзджын настæ куы андзæ выдысты, уæ д-иу хæ рдмæ фæ хауд. Цыма йын йæ царм стыгъдæ уыд, уый хуызæ н-иу ныцъцъæ хахст ласта.

— Кæ сут-ма, кæ сут, куыд ын æ ххуыс кæ нынц! — фæ хъæ р кодта дохтыр Дæ ргъæ ццон Нас. — Сындзытæ йæ йæ низæ й фервæ зын кæ ндзысты.

— Уыдонæ й иу дæ р ницы у! — фæ тъæ лланг ласта зындгонд дохтыр Салато-Шпинато. — Дæ ргъæ ццон настæ й йæ чи дзæ бæ х кæ нынмæ хъавы, уый каркæ й зондджындæ р нæ у. Гыццыл Балы дзæ бæ х кæ нын хъæ уы ногтынд салатæ й.

Æ рыскъæ ф, никæ мæ н ницы загъта, афтæ мæ й арвыста, дынджыр сабæ лут бæ ласы бын чи цард, уыцы дохтыр Сабæ лутмæ. Уый канд хорз дохтыр нæ уыди, фæ лæ ма уыди хорз адæ ймаг дæ р: рынчынтæ н бирæ хостæ кæ й нæ лæ вæ рдта, стæ й хостæ н æ хца йæ хæ дæ г кæ й фыста, уый тыххæ й йæ схуыдтой мæ гуырты дохтыр.

Дохтыр Сабæ лут галуанмæ куы ’рбацыд, уæ д æ й дуаргæ стæ мидæ мæ нæ уагътой, уымæ н æ мæ, къареты нæ, фæ лæ фистæ гæ й æ рбацыд.

— Къареты цы дохтыр не ’рбацыд, уый исты дзæ гъæ лхæ тæ г уыдзæ н, æ ндæ р цы! — загътой æ ххуырстытæ æ мæ йыл дуар рассонынмæ хъавыдысты, фæ лæ уыцы рæ стæ г кæ цæ йдæ р фæ зынд синьор Басгæ рдæ г.

Кæ д ма йæ хъуыды кæ нут, уæ д-иу Басгæ рдæ г æ дзухдæ р фæ зынд, æ нхъæ лмæ -иу æ м кæ м нæ кастысты, уым. Фæ лæ ацы хатт йæ фæ зынд хорзæ рдæ м фæ ци, уымæ н æ мæ дохтыры мидæ мæ бауадзын кодта.

Дохтыр Сабæ лут рынчыны федта, йе ’взаг ын равдисын кодта, йæ туджы æ лхъывд ын сбарста. Цалдæ р фарсты йæ м радта, уый фæ стæ йæ къухтæ ныхсадта æ мæ æ нкъард, фæ лæ хъуыддагхуызæ й загъта:

 

Æ нæ низ у рынчын, йæ зæ рдæ

Нæ риссы, нæ риссы йæ уырг.

У иунæ г, кæ й нæ кæ сы кæ ртæ й,

Хъыгдарынц æ й уыдæ ттæ тынг.

 

— Уымæ й цы зæ гъынмæ хъавыс? — йæ ныхас ын æ рдæ гыл фескъуыдта Помидор.

— Зæ гъынмæ нæ хъавын, фæ лæ комкоммæ зæ гъын рæ стдзинад. Ацы лæ ппумæ æ ппындæ р ницы низ ис. Æ нкъарддзинад кæ д низыхаттыл банымайæ н ис, уæ д рынчын у уымæ й. Æ ндæ р æ взагыл дзургæ йæ та — хъæ рзы меланхолийæ.

— Уый та цавæ р низ у? — бафарста Хистæ р æ хсин.

Æ хсинмæ йæ хи дзæ бæ х кæ нынæ й хуыздæ р ницы каст. Ног, зындгонд чи нæ уыд, ахæ м низы ном-иу куы фехъуыста, уæ д-иу æ й уайтагъд йæ химæ агурыныл фæ ци. Синьорæ афтæ хъæ здыг уыди, æ мæ хостæ æ мæ дохтыртыл æ хца хардз кæ нынæ й нæ тарст.

— Уый низ нæ у, синьорæ, уый у æ нкъарддзинад, æ рхæ ндæ г, хъынцъым. Сывæ ллон хъуамæ йе ’мгæ ртты, йæ хæ лæ ртты ’хсæ н рæ за. Иннæ сабитимæ йæ хъазынмæ цæ уылнæ арвитут?

Уыцы ныхæ стæ зæ гъын æ й нæ хъуыд, уымæ н æ мæ йыл алырдыгæ й уайдзæ фтæ й ралæ ууыдысты. Мæ гуыр дохтырæ н канд уайдзæ фтæ нæ кодтой, фæ лæ ма йын кодтой æ фхæ рæ н ныхæ стæ дæ р.

— Ныртæ ккæ дæ дымгæ дæ р ам куыннæ уал уа, афтæ! — фæ хъæ р ыл кодта синьор Помидор. — Фехъуыстай? Кæ ннод æ ххуырстытæ м фæ дзурдзынæ н æ мæ дæ де ’фцæ гготæ й уынджы балæ ууын кæ ндзысты!

— Худинаг дын фæ уæ д! — синьор Помидорæ й фæ стæ дæ р баззаинаг нæ уыди Кæ стæ р æ хсин. — Худинаг дын фæ уæ д, нæ уазæ гуарзондзинадæ н нын æ ндæ р аргъ кæ й не скодтай, уый тыххæ й. Цыдæ р хинты фæ рцы дын нæ галуанмæ æ рбацæ уын бантыст æ мæ дæ хи, æ взæ рдæ р уæ вæ н нæ й, афтæ дарыс. Мæ сæ рмæ йæ нæ хæ ссын, æ ндæ р дæ, нæ бæ стыхаймæ фæ лывдæ й кæ й æ рбацыдтæ, уый тыххæ й тæ рхондонмæ дæ р раттин. Раст нæ зæ гъын, синьор æ вдакат? — æ мæ синьор Хохаг Хъæ дурмæ фæ стæ мæ разылд. Уымæ н-иу, йе ’ххуыс кæ м хъуыд, ахæ м ран æ нæ февзæ ргæ нæ уыд.

— Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, синьорæ графиня! Уымæ й æ вирхъаудæ р фыдраконддзинад нæ й!

Æ мæ æ вдакат йæ фыссæ н чиныджы афыста: «Дохтыр Сабæ лут кæ йдæ р галуанмæ кæ й бабырста, уый тыххæ й æ хсинтæ Балтæ н цы кæ нгæ у, уый бацамоныны тыххæ й — дæ с мин лирæ йы».



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.