Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆВДÆМ СÆР. Гыццыл Бал Басгæрдæджы хъусынгæнинаг ницæмæ ’рдардта



Æ ХСÆ ЗÆ М СÆ Р. Ныхас дзы цæ уы, дыууæ æ хсинæ н сæ хæ стæ джытæ барон Апельсин æ мæ герцог Мандарин цы бирæ хъизæ мæ рттæ бавзарын кодтой, уыдоны тыххæ й

Ныр та дыууæ æ хсины — дыууæ Балы галуаны къæ сæ рæ й бакæ сæ м. Куыд бамбæ рстат, афтæ мæ й, æ нæ хъæ н хъæ у, йе ’ппæ т хæ дзæ рттæ, зæ ххытæ, суанг дзæ нгæ рæ гджын аргъуан дæ р уыдысты ацы дыууæ сылгоймаджы къухы.

Чиполлино Куысыфтæ джы хæ дзар хъæ дмæ куы аласта, уыцы бон дыууæ æ хсины хæ дзар змæ лæ гæ й байдзаг: уазæ гуаты сæ м æ рцыдысты сæ хæ стæ джытæ.

Уыдон уыдысты барон Апельсин æ мæ герцог Мандарин.

Барон Апельсин уыд Хистæ р синьорæ йы мард лæ джы фыды ’фсымæ ры лæ ппу, герцог Мандарин та — Кæ стæ р синьорæ йы мард лæ джы мады ’фсымæ ры лæ ппу. Барон Апельсинæ н уыд æ вирхъау дынджыр гуыбын. Уæ вгæ уым диссагæ й ницы уыд, уымæ н æ мæ уый æ дзухдæ р хæ рыны куыст кодта. Кæ д-иу дыууæ -æ ртæ сахаты афынæ й, æ ндæ р ын йе ’фсæ ртæ æ ддæ гуæ лæ æ рæ вæ рыны хъомыс нæ уыд.

Барон Апельсин ма æ рыгон куы уыд, уæ д-иу изæ рæ й раджы схуыссыд æ мæ -иу суанг хуры скастмæ йæ къах дæ р нæ атылдта. Хъуамæ -иу, бонæ й цы бахордта, уыдон йæ ахсæ н дзæ бæ х скуыстаид. Фæ лæ иуахæ мы йæ хицæ н загъта: «Хуыссын рæ стæ гсафæ н у, уымæ н æ мæ фынæ й кæ нгæ йæ мæ бон хæ рын нæ вæ ййы! »

Æ мæ æ хсæ выгон дæ р хæ рын райдыдта. Цы бахордта, уый батайын кæ нынмæ ма-иу суткæ ныууагъта æ рмæ стдæ р дыууæ -æ ртæ сахаты. Цæ мæ й барон Апельсин бафсæ стаид, уый тыххæ й йын йæ бирæ зæ ххытæ й уæ рдæ тты хæ ринæ гтæ ластой æ мæ ластой. Мæ гуыр зæ хкусджытæ н-иу сæ сæ р сæ кой сси, цы ма йын арвитæ м, зæ гъгæ.

Уый хордта æ йчытæ, кæ рчытæ, хуытæ, сæ гътæ, хæ дзарон тæ рхъустæ, дыргътæ, халсартæ, дзул, хус къæ бæ ртæ, чъиритæ... Цы ластой, уый йын йæ дыууæ æ ххуырсты йæ дзыхы æ вгæ дтой æ мæ æ вгæ дтой. Уыдон-иу куы бафæ лладысты, уæ д та-иу сæ æ ндæ ртæ раивтой.

Зæ хкусджытæ дзы куы сфæ лмæ цыдысты, уæ д æ м фæ хабар кодтой, цы дын арвитæ м, уый нæ м нал ис, зæ гъгæ. Фос иууылдæ р хæ рд фесты, бæ лæ стыл дыргъы гага нал баззад.

— Гъемæ дзы кæ д дыргъ нал и, уæ д мын бæ лæ стæ рарвитæ нт! — бардзырд радта барон.

Зæ хкусджытæ йын бæ лæ стæ арвыстой, æ мæ барон уыдон дæ р бахордта. Сæ къалиутæ -иу сын зетийы атылдта, цæ хх-иу сыл айзæ рста æ мæ сæ адджынæ н хордта.

Бæ лæ стæ хæ рд куы фесты, уæ д барон йæ зæ ххытæ уæ й кæ нынмæ бавнæ лдта æ мæ дзы — хæ ринаг æ лхæ нгæ. Зæ ххытæ уæ йгонд куы фесты, уæ д Хистæ р æ хсинмæ писмо ныффыста, уазæ гуаты дæ м фæ цæ уын, зæ гъгæ.

Уыцы хъуыддаг Кæ стæ р æ хсины зæ рдæ мæ нæ фæ цыд:

— Барон нын нæ бынтæ бахæ рдзæ н. Нæ галуан нын хæ нкъæ лы тæ бæ гъы хуызæ н фæ дæ ле кæ ндзæ н!

Хистæ р синьорæ йæ цæ ссыг нал баурæ дта:

— Мæ хæ стæ г нæ м æ рбацæ уа, уый дæ нæ фæ нды, нæ? Ды мæ тыппыр, мæ гуыр баронæ й кæ ддæ риддæ р дæ цæ сты сындз уыдтай!

— Хорз, — загъта Кæ стæ р æ хсин, — æ рбахон дæ бароны. Фæ лæ уæ д æ з дæ р мæ мард лæ джы мады æ фсымæ ры лæ ппуйы æ рбахондзынæ н.

— Фæ тæ рсын мæ кодтай, — былысчъилхуызæ й загъта Хистæ р æ хсин. — Уый гогызы цъиуæ й дæ р къаддæ р хæ ры. Дæ мард лæ джы — рухсаг уæ д! — хæ стæ джытæ иууылдæ р гыццыл æ мæ къæ схуыр сты, зæ ххæ й уæ лæ мæ дæ р нæ зынынц. Фæ лæ мæ мард лæ джы — мæ рдты дзæ нæ ты бадæ д! — хæ стæ джытæ иууылдæ р иухуызон бæ рзонд, нард æ мæ уындджын сты.

Æ мæ æ цæ гæ йдæ р, барон Апельсинæ н йæ хицæ й кондджындæ р зын ссарæ н уыд. Дардæ й кæ сгæ йæ дæ р къæ дзæ хы хуызæ н уыд. Уайтагъд ын, йæ гуыбын чи ластаид, ахæ м лæ г æ ххуырсын бахъуыд, уымæ н æ мæ йæ баронæ н йæ хи бон хæ ссын нал уыд.

Помидор Хохаг Хъæ дурмæ арвыста, цæ мæ й йæ лæ гуæ рдон галуанмæ æ рбатылдтаид. Фæ лæ Хохаг Хъæ дур йæ лæ гуæ рдон не ссардта. Куыд зонут, афтæ мæ й йын æ й йæ фырт раласта. Хохаг Хъæ дур, сисамайджытæ чъыр кæ м фæ ласынц, ахæ м тачкæ æ рбатылдта.

Синьор Помидор барон Апельсинæ н баххуыс кодта йæ гуыбын тачкæ йы сæ вæ рынмæ. Йæ лæ ф-лæ ф куы фæ сабырдæ р, уæ д фæ хъæ р кодта:

— Цæ угæ!

Хохаг Хъæ дур йæ тых, йæ бонæ й тачкæ йыл размæ ахæ цыд, фæ лæ йæ йæ бынатæ й фенкъуысын кæ нын дæ р нæ бафæ рæ зта, уымæ н æ мæ барон уымæ й размæ хорз бахордта.

Дыууæ æ ххуырстмæ ма фæ дзырдтой. Уыдоны æ ххуысæ й баронæ н парчы иучысыл атезгъо кæ нын бантыст. Тачкæ йы цæ лхытæ -иу стыр дуртыл куы батылдысты, уæ д-иу гуыбын афтæ сызмæ лын кодтой, æ мæ -иу баронæ н йæ сур хид акалд.

— Чысыл арæ хстгайдæ р архайут, фæ ндагыл дынджыр дуртæ ис, — хъæ р кодта барон.

Хохаг Хъæ дур æ мæ æ ххуырстытæ стыр дурты иувæ рсты зилын райдыдтой. Ныр та тачкæ дзыхъхъы ныххауд.

— Хæ лиудзыхтæ, фæ ндагыл дзыхъхъытæ ис, уый нæ уынут? Размæ дзæ бæ хдæ р кæ сут, — фæ хъæ р та кодта барон.

Кæ д фæ ндагыл хъизæ мæ рттæ ’взæ рста, уæ ддæ р дзы хæ рын рох нæ уыд. Хистæ р æ хсин ын йемæ цы физонæ ггонд гогыз нывæ рдта, уый æ хсыныныл нæ ауæ рста.

Герцог Мандарин дæ р йæ фысымтæ н къаддæ р фыдæ бæ ттæ не ’взарын кодта. Кæ стæ р æ хсины лæ ггадгæ нæ г мæ гуыр Æ рыскъæ ф Мандарины хæ дæ ттыл иту æ вæ рдта æ мæ æ вæ рдта. Йæ итувæ рд дзаумæ ттæ -иу ын куы ’рбахаста, уæ д-иу герцог йæ хи ныхъхъуынтъыз кодта, футтытæ -иу байдыдта, тъизгæ -иу скъаппы дуар байтыгъта æ мæ -иу æ нæ хъæ н галуаныл йæ хъæ р айхъуыст:

— Мæ лын, баххуыс мын кæ нут!

Æ хсин-иу æ рбатахт æ мæ -иу æ й афарста:

— Мæ зынаргъ Мандарино, цы кодтай?

— Мæ хæ дæ ттыл мын иту афтæ æ взæ р сæ вæ рдтой, æ мæ мын æ нæ амæ лгæ хос нал и. Æ вæ ццæ гæ н, ацы дунейы æ ппындæ р никæ йуал хъæ уын.

Цæ мæ й æ гасæ й баззайа, уый тыххæ й-иу ын Кæ стæ р æ хсин йæ мард лæ джы цыллæ хæ дæ ттæ иугай-дыгай хæ ссын райдыдта.

Герцог-иу скъаппы дуар сæ хгæ дта æ мæ -иу хæ дæ ттæ йæ хиуыл барын райдыдта.

Иуцасдæ ры фæ стæ та-иу йæ уатæ й æ нæ хъола хъæ ртæ райхъуыст:

— Мæ лын, фервæ зын мæ кæ нут!

Кæ стæ р æ хсин та-иу æ м, йæ зæ рдæ йыл хæ цгæ, дугъ кæ нынмæ фæ цагайдта.

— Мæ зынаргъ Мандарино, цы ’рцыди?

Герцог кæ сæ ны сæ рæ й ныхъхъæ р кодта:

— Мæ хæ доны æ рттивагдæ р цæ ппæ р фесæ фти. Ныр мын ацы зæ ххыл фæ цæ рæ н нал ис. Ахæ м уæ ззау хабар зын бауромæ н у.

Герцоджы æ рсабыр кæ ныны тыххæ й йын Кæ стæ р æ хсин йæ лæ джы хæ дæ тты цæ ппæ ртæ иууылдæ р балæ вар кодта. Уыцы цæ ппæ ртæ та уыдысты сызгъæ рин, æ взист æ мæ зынаргъ дуртæ й конд.

Иу дзырдæ й, хур нæ ма аныгуылд, афтæ Хистæ р æ хсинмæ йæ зынаргъ хæ знатæ й ницыуал баззад. Герцог Мандарин йæ чумæ дантæ амæ й-ай хуыздæ р дзаумайæ байдзаг кодта æ мæ йæ армытъæ пæ нтæ й йæ уæ лкъухтæ райгондæ й сæ рфта.

Дыууæ æ хсины сæ хæ стæ джыты зыд æ мæ кæ рæ фæ й афтæ стыхстысты, æ мæ -иу сæ маст сæ хæ рæ фыртыл акалдтой. Мæ гуыр Гыццыл Балæ н мад дæ р нæ уыд æ мæ фыд дæ р.

— Æ ввонгхор! — фæ хъæ р ыл-иу кодта Хистæ р æ хсин. — Ныртæ ккæ цæ угæ æ мæ дæ хынцинæ гтæ скæ н!

— Æ з сæ скодтон...

— Иннæ тæ дæ р скæ н! — тызмæ гдæ р хъæ лæ сæ й-иу ыл схъæ р кодта Кæ стæ р æ хсин.

Гыццыл Бал-иу, мæ гуырæ г, иннæ хынцинæ гтæ кæ нынмæ араст. Алы бон дæ р уыйбæ рц хынцинæ гтæ кодта, æ мæ -иу ын цалдæ р тетрады баисты. Къуыримæ -иу сæ æ нæ хъæ н рæ дзæ гъд рауад.

Уазджытæ куы ’рцыдысты, уыцы бон дæ р та æ хсинтæ Гыццыл Балмæ фесты:

— Кæ дæ м дæ хи рарæ вдз кодтай, зивæ ггæ наг?

— Парчы иучысыл атезгъо кæ нын мæ зæ рды уыд...

— Парчы барон Апельсин тезгъо кæ ны. Дæ хуызæ н магусатæ н дзы бынат нæ й. Ныртæ ккæ ацу æ мæ дæ уроктæ сахуыр кæ н!

— Æ з сæ иууылдæ р сахуыр кодтон.

— Райсомыуæ ттæ дæ р сахуыр кæ н!

Коммæ гæ с Гыццыл Бал-иу райсомы уроктæ ахуыр кæ ныныл дæ р сбадти. Алы бон дæ р уыйбæ рц уроктæ ахуыр кодта, æ мæ æ ппæ т æ рмæ г дæ р æ нæ чиныгмæ кæ сгæ йæ йæ бон радзурын уыд. Уымæ й уæ лдай галуаны библиотекæ йы цы чингуытæ уыд, уыдон дæ р ын каст фесты. Æ хсинтæ -иу ын йæ къухы чиныг куы ауыдтой, уæ д-иу диссаг фесты:

— Ныртæ ккæ чиныг йæ бынаты сæ вæ р, къулбадæ г чи у, уый! Аскъуындзынæ йæ.

— Æ нæ чиныгæ й мæ уроктæ куыд сахуыр кæ нон?

— Æ нæ чиныгмæ кæ сгæ йæ сæ ахуыр кæ н.

Гыццыл Бал-иу йæ уатмæ ацыд æ мæ ахуыр кодта, ахуыр кодта, ахуыр кодта. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, æ нæ чиныгæ й. Фырахуырæ й-иу йæ сæ р риссын райдыдта, æ мæ та-иу ыл уæ д æ хсинтæ хъæ р кæ нын райдыдтой:

— Ды æ дзухдæ р рынчын вæ ййыс, уымæ н æ мæ æ гæ р бирæ хъуыды кæ ныс. Дæ хъуыды кæ нын ныууадз, кæ ннод дæ хостыл æ гæ р бирæ æ хца хардз кæ нын хъæ уы.

Иу ныхасæ й, Гыццыл Балы митæ й æ хсинты зæ рдæ мæ æ ппындæ р ницы цыд.

Гыццыл Бал цы кодтаид, уый нал зыдта æ мæ йæ химæ каст тынг æ намонд.

Æ нæ хъæ н галуаны йын уыдис иунæ г æ рдхорд — лæ ггадгæ нæ г Æ рыскъæ ф. Æ рмæ стдæ р уый тæ ригъæ д кодта гыццыл кæ сæ нцæ стджын лæ ппуйæ н. Схуыссыны размæ йын-иу сусæ гæ й исты адджинаг æ рбахаста.

Фæ лæ уыцы бон сихорыл æ ппæ т адджинæ гтæ дæ р барон Апельсин бахордта. Герцог Мандарины зæ рдæ дæ р адджинаг æ рцагуырдта. Зæ хмæ къухтæ сæ рфæ н æ рæ ппæ рста, буфетмæ схызт æ мæ йæ хъæ лæ сыдзаг ныхъхъæ р кодта:

— Хæ цут мыл, кæ ннод мæ хи ардыгæ й æ ппарын!

Фæ лæ йын ацы хатт йæ хъæ ртæ ницы баххуыс кодтой: барон адджинæ гтæ иууылдæ р хæ рд фæ ци. Мандарины хъæ р æ м хъуысгæ дæ р никæ цæ й фæ кодта.

Кæ стæ р æ хсин буфеты раз йæ зонгуытыл æ рлæ ууыд æ мæ, йæ цæ ссыг тыххæ й уромгæ йæ, йæ уарзон хæ стæ гæ н лæ гъстæ кодта, цæ мæ й афтæ æ рыгонæ й йæ хи ма бабын кæ на. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, исты лæ варæ й йын зæ рдæ бавæ рын дæ р æ мбæ лди, цæ мæ й æ рхизыныл сразы уыдаид, уый тыххæ й, фæ лæ æ хсины рæ быны ахæ мæ й ницыуал баззад.

Герцог Мандарин, ницыуал расайдзæ н, уый куы бамбæ рста, уæ д бирæ лæ гъстæ ты фæ стæ синьор Помидоры æ ххуысæ й æ рхизыныл сразы.

Уыцы тæ ккæ уысм синьор Помидорæ н фехъусын кодтой, Куысыфтæ джы хæ дзар, дам, фесæ фт.

Кавалерæ н бирæ хъуыды кæ нынæ н рæ стæ г нæ уыд: уайтагъд хъаст арвыста принц Лимонмæ, куырдта дзы, цæ мæ й йын рарвита ссæ дз пъæ лицæ йаджы.

***

Лимоныхъотæ фæ зындысты дыккаг бон æ мæ хъæ уы æ гъдау æ рæ вæ рдтой: хæ дзæ рттыл æ рзылдысты æ мæ æ рцахстой, кæ уылдæ риддæ р хæ ст кодтой, уыдоны.

Фыццæ гтимæ ахст æ рцыд Сæ нæ фсир. Цырыхъгæ нæ г йемæ йæ туас рахаста, цæ мæ й-иу дзы, фадат ын фæ уæ вгæ йæ, йæ къæ бут аныхтаид. Фæ лæ йын æ й Лимоныхъотæ байстой.

— Ахæ стонмæ хæ цæ нгарз хæ ссыны бар нæ й! — бамбарын кодтой Сæ нæ фсирæ н.

— Уæ дæ мæ бæ рзæ й цæ мæ й ныхдзынæ н?

— Дæ бæ рзæ й аныхын дæ куы бафæ нда, уæ д хицауадæ й искæ мæ н зæ гъдзынæ æ мæ дын æ й мах аныхдзыстæ м.

Æ мæ йын Лимоныхъо йæ цыргъ æ хсаргардæ й йæ бæ рзæ й ахъыдзы кодта.

Профессор Кæ рдойы дæ р æ рцахстой.

Уый та сæ м йæ хъисфæ ндыр æ мæ сойын цырагъы тыххæ й æ рхатыд, мемæ хæ ссын, дам, мын сæ бауадзут.

— Сойын цырагъæ й та цы аразыс?

— Мæ бинойнаг мын афтæ, ныккæ нды, дам, талынг у, мæ н та ног нотæ тæ ахуыр кæ нын хъæ уы.

Цыбыр ныхасæ й, хъæ уы æ ппæ т цæ рджытæ дæ р ахст æ рцыдысты.

Сæ рибарæ й ма баззадысты æ рмæ стдæ р дыууæ йæ: Хохаг Хъæ дур, уымæ н æ мæ уый æ вдакат уыд æ мæ Хъæ дындз Порей, уымæ н æ мæ йæ не ссардтой.

Афтæ мæ й та Хъæ дындз Порей сæ химæ уыд: йæ балкъоны æ нцад, æ нæ мæ тæ й бадт. Йæ рихитæ й та йын бæ ттæ н сарæ зтой æ мæ йыл дзаумæ ттæ хусмæ сауыгътой. Лимоныхъотæ гобанæ мбæ рзæ нтæ, хæ дæ ттæ æ мæ цъындатæ ауыдтой æ мæ сæ рæ зты ахызтысты, хæ дзары хицауыл та дзы иуы цæ ст дæ р не ’рхæ цыд.

Куысыфтæ г цыди Лимоныхъойы фæ стæ, æ дзух-иу куыд кодта, афтæ арф улæ фтытæ кæ нгæ йæ.

— Афтæ арæ х цæ мæ н улæ фыс? — тызмæ г фарст æ й бакодта афицер.

— Куыннæ улæ фон арæ х, цæ ргæ -цæ рæ нбонты кусгæ йæ улæ фтытæ куы ’мбырд кодтон, уæ д? Алы бон дæ р иу улæ фт... Цалдæ р мины мын баисты. Ныр сæ хъуыддаджы фæ дыл хардз кæ нын нæ хъæ уы?!

Сылгоймæ гтæ й æ рцахстой æ рмæ ст сылгоймаг Куысыфтæ джы. Ахæ стонмæ цæ уын сын куы нæ куымдта, уæ д æ й пъæ лицæ йæ гтæ зæ ххыл æ рфæ лдæ хтой æ мæ йæ гæ нахы дуары онг сыфцæ й фæ ластой.

Кæ д Лимоныхъотæ цыфæ нды хинæ йдзаг уыдысты, уæ ддæ р Чиполлинойы æ рцахсын сæ къухы нæ бафтыд, афтæ мæ й та уый быруйы сæ р, Мæ ймæ булкъ кæ й хуыдтой, уыцы чызджы фарсмæ бадт æ мæ пъæ лицæ йæ гты митæ м мæ стджынæ й каст.

Лимоныхъотæ сæ рæ зты куы ’рбацæ йцыдысты, уæ д ма сæ фæ рсгæ дæ р бакодтой, тæ ссаг фыдгæ нæ г Чиполлинойы уæ ничи федта, зæ гъгæ.

— Федтам, федтам! — æ мхъæ р фæ кодтой дыууæ йæ дæ р. — Чысыл раздæ р уæ афицертæ й иуы худы счъилы амбæ хст.

Чиполлино æ мæ Мæ ймæ булкъ сæ худын нал баурæ дтой æ мæ лидзынмæ фесты.

Уыцы бон Чиполлино æ мæ Мæ ймæ булкъ хъуыддæ гтæ бæ лвырд базоныны тыххæ й гæ нахмæ ацыдысты. Чиполлино сфæ нд кодта цыфæ нды зынæ й дæ р уацайрæ гты суæ гъд кæ нын. Мæ ймæ булкъ ын зæ рдæ бавæ рдта алцæ мæ й дæ р æ ххуыс кæ нынæ й.

Æ ВДÆ М СÆ Р. Гыццыл Бал Басгæ рдæ джы хъусынгæ нинаг ницæ мæ ’рдардта

Æ хсинтæ Балты галуан уыдис уæ лкъуыппыл. Йæ алыварс цы ахаста, уый иууылдæ р уыди парк. Паркмæ бацæ уæ ны æ рцауыгъдæ уыд хъусынгæ нинаг. Йæ иуæ рдыгæ й фарс уыд ахæ м фыст: «Мидæ мæ цæ уæ н нæ й», йæ иннæ рдыгæ й фарс та — «Æ ддæ мæ цæ уæ н нæ й».

Æ ддæ рдыгæ й фарсыл цы фыст уыд, уый гыццыл лæ ппуты зæ рдыл лæ ууын кодта: æ фсæ йнаг быруйы сæ рты хизæ н нæ й. Мидæ джырдыгæ й фыст комкоммæ хаудис Гыццыл Балмæ: хъуамæ паркæ й ма рацыдаид æ мæ хъæ уккаг лæ ппутимæ ма баиу уыдаид.

Гыццыл Бал, мæ гуыр, парчы иунæ гæ й рацу-бацу кодта. Тарсти нарæ г къахвæ ндагæ й фæ иуварс уæ вын æ мæ хуымтæ й искæ цыйыл ныллæ ууынæ й. Синьор Басгæ рдæ г — йæ хицау — парчы алы рæ тты хъусынгæ нинæ гтæ æ рцауыгъта. Алкæ цы дæ р дзы Гыццыл Балæ н амыдта, йæ бон кæ нын цы у æ мæ цы нæ у, уыдæ ттæ. Зæ гъæ м, сызгъæ рин кæ сæ гтæ цы доны малы ленк кодтой, уый былгæ рон уыд ахæ м фыст:

«Гыццыл Балæ н доны йæ къух тъыссæ н нæ й! »

Уым ма уыди ахæ м фыст дæ р:

«Кæ сæ гтимæ ныхасгæ нæ н нæ й! »

Дидинджыты хуымы астæ у та бакæ сæ н уыд ахæ м фыст:

«Дидинджытæ м æ вналæ н нæ й! Уагæ вæ рд чи фехала, уый адджинагæ й æ нæ хай фæ уыдзæ н».

Ам ма фембæ лæ н уыд ахæ м фыстыл дæ р:

«Кæ рдæ г чи ныссæ нда, уый дыууæ мин хатты фыссын бахъæ удзæ н ахæ м дзырдтæ: «Æ з дæ н æ нæ джелбетт лæ ппу».

Ацы фыстытæ æ рхъуыды кодта синьор Басгæ рдæ г, Гыццыл Балы хæ дзарон ахуыргæ нæ г æ мæ хъомылгæ нæ г.

Иу хатт лæ ппу йæ хъæ здыг сылгоймаг хæ стæ джытæ н бамбарын кодта, цæ мæ й йын, сæ рæ зты сæ хызынтæ тилгæ цы хъæ уккаг лæ ппутæ фæ цæ уы, уыдонимæ иу скъолайы ахуыр кæ ныны бар раттой, фæ лæ йæ Хистæ р хо хъæ ры бын фæ кодта:

— Куыд хъуамæ æ рбада граф Бал цавæ рдæ р зæ хкусджыты цотимæ иу къласы?! Уымæ н уæ вæ н нæ й!

Кæ стæ р графиня дæ р йæ фарс фæ ци:

— Балтæ хъæ бæ р партæ йыл никуыма бадтысты. Уый никуы уыд, стæ й йын уæ вæ н дæ р нæ й!

Æ ппынфæ стаг Гыццыл Балæ н хæ дзарон ахуыргæ нæ гæ й баххуырстой синьор Басгæ рдæ джы. Уый ахæ м диссаджы адæ ймаг уыд, æ мæ -иу февзæ рд, æ ппындæ р ын-иу æ нхъæ л кæ м нæ уыдаис æ мæ йæ сæ р хъæ угæ дæ р кæ м никуы кодта, ахæ м ран. Зæ гъæ м, Гыццыл Бал-иу йæ уроктæ кæ нгæ йæ, йæ чернилæ доны бындз ныггæ пгæ нгæ куы ауыдта — уый зæ рды дæ р фыссын базонын уыд — уæ д-иу уыцы тæ ккæ уысм ахуыргæ нæ г йæ уæ лхъус алæ ууыд. Йæ гобанæ мбæ рзæ ны йас чырынтæ къухмæ рзæ н-иу фелвæ ста, йæ фындз-иу хъæ рæ й ныххиртт кодта æ мæ -иу мæ гуыр Гыццыл Балыл уайдзæ фтæ й ралæ ууыд:

— Йæ уроктæ ахуыр кæ ныны рæ стæ г бындзытæ м чи кæ сы, уыцы лæ ппутæ н сæ хъуыддæ гтæ раппæ линаг никуыма ничи рахуыдта. Æ ппæ т æ намонддзинæ дтæ н дæ р сæ райдайæ н ахæ м вæ ййы. Фыццаг бындз иу вæ ййы. Йæ фæ стæ фæ зыны дыккаг, æ ртыккаг æ мæ афтæ дарддæ р... Фæ стæ дæ р ахæ м лæ ппутæ се ’ргом аздахынц хæ луарджытæ æ мæ гæ дытæ м. Сæ уроктæ та, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, рохуаты аззайынц. Йæ уроктæ чи нæ фæ ахуыр кæ ны, уыдонæ й та лæ джы хуызæ н лæ г никуыма никæ мæ й рауад. Лæ джы хуызæ н лæ г чи нæ вæ ййы, уымæ н та йæ фæ стаг ахæ стонмæ цæ уы. Уæ дæ дæ зæ рдыл бадар, Гыццыл Бал: кæ д дæ ахæ стонмæ бахауын нæ фæ нды, уæ д ардыгæ й фæ стæ мæ бындзытæ м дæ цæ сты кæ ронæ й дæ р макуыуал бакæ с!

Гыццыл Балæ н йæ зæ рды ныв кæ нын куы ’рæ фты æ мæ уый тыххæ й куыддæ р альбом райсы, афтæ йæ цуры ахуыргæ нæ гæ н æ нæ февзæ ргæ нæ вæ ййы. Сабыргай йæ къухмæ рзæ н халын райдайы æ мæ та Гыццыл Балы ахуыр кæ нынмæ фæ вæ ййы:

— Ницæ йаг хылы-мылытыл йæ рæ стæ г чи хардз кæ ны, уыцы лæ ппуты уавæ р дæ р хуыздæ р нæ у. Цытæ сæ хъуамæ рауайа, куы сдынджыр уой, уæ д? Хуыздæ р-хуыздæ р — ахорджытæ, бон-сауизæ рмæ чъизи дарæ сы агъуысты къултæ чи хъулæ ттæ кæ ны, ахæ м ахорджытæ. Уыдонæ н дæ р сæ царды фæ стаг бонтæ ахæ стоны æ рвитгæ æ рцæ уы, уымæ н æ мæ хуыздæ р аккаг нæ вæ ййынц. Гыццыл Бал, мæ хуры чысыл, зæ гъ-ма, дæ хорзæ хæ й, ахæ стонмæ бахауын дæ фæ нды? Мæ ныхæ стыл хорз ахъуыды кæ н.

Ахæ стонæ й тæ рсгæ йæ Гыццыл Бал, цы кодтаид, уый нал зыдта, уымæ н æ мæ цæ мæ фæ нды куы бавнæ лдтаид, уæ ддæ р тарст, ахуыргæ нæ джы зæ рдæ мæ йын куы нæ фæ цæ уа, уымæ й.

Йæ амондæ н-иу Басгæ рдæ г æ гæ р афынæ й кæ нæ та-иу арахъхъ нуазыныл фæ ци, æ мæ -иу уыцы рæ стæ г Гыццыл Бал йæ риуы дзаг сулæ фыд. Фæ лæ -иу ахæ м заман дæ р йæ хи бынтон сæ рибарыл нæ нымадта, уымæ н æ мæ йæ алыварс фыстытæ й акъахдзæ фгæ нæ н нæ уыд. Уыдонæ й йæ алкæ цыдæ р цæ уылдæ р домдта. Ахуыргæ нæ г-иу уыдоныл йæ зæ рдæ даргæ йæ, иу сахаты бæ рц фынæ й дæ р акодта. Бæ ласы бын-иу йæ фæ ллад куы уагъта, уæ д æ нхъæ л уыд, йæ хъомылгæ нинаг фыстыты домæ нтæ æ ххæ ст кæ ны, зæ гъгæ.

Фæ лæ -иу Гыццыл Бал, цæ мæ й парчы цы фыстытæ уыд, уыдон ма уыдтаид, уый тыххæ й-иу йæ кæ сæ нцæ стытæ систа æ мæ -иу æ ндæ р хъуыдытыл фæ ци.

Мæ нæ та ныр дæ р парчы тезгъо кæ ны æ мæ йæ хи хъуыдыты аныгъуылд. Æ васт йæ хъустыл ауад кæ йдæ р цъæ хснаг хъæ лæ с:

— Синьор Гыццыл Бал! Синьор Гыццыл Бал!

Гыццыл Бал фæ стæ мæ фæ каст æ мæ быруйы æ дде ауыдта, бызгъуыртæ дарæ с кæ уыл уыд, йæ хи карæ н ахæ м хурдзæ сгом лæ ппуйы. Лæ ппуйы фæ дыл уади, иу-дæ с азы кæ уыл цыдаид, ахæ м чызг. Йæ дзыккуйы быд уыди мæ ймæ булчъы къæ дзилы хуызæ н.

Гыццыл Бал сæ м, йæ сæ рæ й уæ здан куывд акæ нгæ йæ, сдзырдта:

— Æ гас цæ ут, синьортæ! Сымахимæ зонгæ нæ дæ н, фæ лæ, куы базонгæ уаиккам, уæ д мын тынг æ хсызгон уаид.

— Æ мæ нæ м уæ д хæ стæ гдæ р цæ уылнæ ’рбацæ уыс?

— Стыр хъыгагæ н, афтæ бакæ нын мæ бон нæ у: мæ цуры, хъусынгæ нинаджы цы фыстытæ ис, уыдон мæ хъæ уккаг сывæ ллæ ттимæ дзурын дæ р нæ уадзынц.

— Мах дæ р хъæ уккаг сывæ ллæ ттæ стæ м, æ мæ немæ куы дзурыс.

— Кæ д æ цæ г стут хъæ уккаг сывæ ллæ ттæ, уæ д уæ м ныртæ ккæ бацæ удзынæ н.

Гыццыл Бал хæ рзæ гъдау æ мæ æ фсæ рмыгæ наг лæ ппу уыд, фæ лæ -иу, кæ м бахъуыд, уым архайдта ныфсджын æ мæ æ нæ фæ стæ мæ кæ сгæ йæ. Кæ рдæ г ссæ ндæ н кæ й нæ й, ууыл дæ р нал ахъуыды кодта, фæ лæ комкоммæ сывæ ллæ ттæ м алæ гæ рста. Быруйы тæ ккæ æ мбуар куы ’рлæ ууыд, уæ д гыццыл чызг загъта:

— Мæ нæ н мæ ном хуыйны Мæ ймæ булкъ, мæ нæ амæ н та — Чиполлино.

— Тынг æ хсызгон мын у, синьоринæ. Æ хсызгон мын у, синьор Чиполлино. Дæ кой ма фехъуыстон.

— Кæ мæ й?

— Кавалер Помидорæ й.

— Уæ дæ дын уый мæ н тыххæ й хорзæ й ницы загътаид.

— Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, ницы. Кæ д дæ фыдгой кодта, уæ ддæ р, мæ нмæ гæ сгæ, хъуамæ ды хорз адæ ймаг уай. Стæ й, куыд уынын, афтæ мæ й нæ рæ дийын.

Чиполлино, йæ мидбылты бахудгæ йæ, сдзырдта:

— Æ гайтма.

— Нæ дын загътон, Чиполлино, — загъта Мæ ймæ булкъ, — Гыццыл Бал хорз лæ ппу у, зæ гъгæ?

— Арфæ дын кæ нын, синьоринæ, — загъта Гыццыл Бал æ мæ йын йæ сæ рæ й акуывта. Цæ мæ дæ р гæ сгæ фæ сырх æ мæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Бузныг, Мæ ймæ булкъ!

Æ ртæ йæ дæ р ныххудтысты. Гыццыл Бал иннæ ты хуызæ н хъæ рæ й нæ ныххудт, уымæ н æ мæ дзы Басгæ рдæ джы ныхæ стæ рох нæ уыдысты. Уый куыд дзырдта, афтæ мæ й, дам, лæ ппуйæ н хъæ рæ й худын аив нæ у. Фæ лæ, Чиполлино æ мæ Мæ ймæ булкъ куыд хъæ рæ й худтысты, уый куы федта, уæ д уый дæ р йæ зæ рдæ йы фæ ндон худын райдыдта.

Ацы галуаны афтæ хъæ рæ й никуыма ничи худт.

Уыцы рæ стæ г дыууæ æ хсины бадтысты верандæ йы æ мæ цымдтой цай.

Хистæ р æ хсин, худын айхъусгæ йæ, сдзырдта:

— Кæ цæ йдæ р мæ хъустыл æ нахуыр уынæ р ауад.

Кæ стæ р æ хсин, йæ сæ р разыйы тылд бакæ нгæ йæ, сдзырдта:

— Мæ нæ н дæ р. Кæ д, мыййаг, къæ вда уарын райдыдта.

— Цы, уый зоныс, мæ хойы хай? Уым къæ вдайæ н йæ кой дæ р нæ й, — загъта Хистæ р æ хсин.

— Нырма нæ ма ис, фæ лæ уыдзæ н! — йæ ныхмæ хъæ ддых фæ лæ ууыд Кæ стæ р æ хсин æ мæ йæ ныхæ сты рæ стдзинад бафидар кæ ныны ныфсæ й арвмæ скаст.

Фæ лæ цыма арв ныртæ ккæ ныхсадæ уыд, уый хуызæ н цъæ х-цъæ хидæ й æ рттывта.

— Мæ нмæ гæ сгæ, уый цыхцырæ джы уынæ р у, — загъта та Хистæ р æ хсин.

— Мах цыхцырæ г уынæ р нæ кæ ны. Хорз æ й куы зоныс, дон дзы кæ й нæ й.

— Æ вæ ццæ гæ н æ й дыргъдонмæ зилæ г сцалцæ г кодта.

Помидоры хъустыл дæ р æ нахуыр уынæ р ауад æ мæ йæ хинымæ р катайы бацыд.

«Галуаны бын ныккæ нды бирæ ахст адæ м ис, æ мæ уыдон ма сызмæ нтæ нт», — ахъуыды кодта йæ хинымæ р æ мæ сфæ нд кодта парчы алыварс æ рзилын. Галуаны чъылдыммæ куы бахæ ццæ, уæ д, хъæ умæ цы фæ ндаг цыд, уым хъæ лдзæ г ныхасгæ нгæ баййæ фта æ ртæ сывæ ллоны.

Помидор арвы дуар гомæ й куы федтаид, уæ ддæ р æ м афтæ диссаг нæ фæ кастаид. Кæ д æ мæ Гыццыл Бал йæ къæ хты бын ссæ ста кæ рдæ г. Ноджы хъæ лдзæ г ныхас кодта цавæ рдæ р дыууæ сæ мпæ рчъиимæ!.. Стæ й дзы иу куы разынид, æ рæ джы йын йæ цæ стысыгтæ чи фæ калын кодта, уыцы лæ ппу!

Кавалер Помидоры сæ рра уæ вынмæ бирæ нал хъуыд. Йæ цæ сгом афтæ сыгъди, æ мæ йæ цуры сыгъдхуыссынгæ нджытæ куы фæ уыдаиккой, уæ д æ нæ мæ нг фæ дис систаиккой, æ гас дунейыл зынг сирвæ зынæ й тæ ссаг у, зæ гъгæ.

— Синьор граф! — нырдиаг кодта Помидор.

Гыццыл Бал фæ стæ мæ фæ каст, цикъæ йау афæ лурс æ мæ йæ хи бырумæ нылхъывта.

— Мæ хæ лæ рттæ, — ныллæ г хъæ лæ сæ й сдзырдта Гыццыл Бал. — Цалынмæ Помидор нæ ма ’рбахæ ццæ, уæ дмæ лидзгæ ут. Мæ ныл йæ бон нæ цæ уы, фæ лæ сымах бафхæ рдзæ н! Хæ рзбон!

Чиполлино æ мæ Мæ ймæ булкъ лидзынмæ фесты. Дзæ вгар рæ стæ г ма сæ хъусыл кавалеры æ рра хъæ ртæ уади.

— Ацы хатт нæ балц нæ фæ рæ стмæ, — загъта Мæ ймæ булкъ æ мæ арф ныуулæ фыд.

Чиполлино, йæ мидбылты бахудгæ йæ, загъта:

— Мæ нмæ гæ сгæ та — фæ рæ стмæ. Фæ зынди нын ног хæ лар. Уый та гыццыл хъуыддаг нæ у!

Иунæ гæ й чи баззад, уыцы ног хæ лар, ома Гыццыл Бал, æ нхъæ лмæ каст стыр æ фхæ рдмæ. Йе ’фхæ рджытæ та дзæ вгар уыдысты: синьор Помидор, синьор Басгæ рдæ г, Хистæ р синьорæ, Кæ стæ р синьорæ, барон Апельсин æ мæ герцог Мандарин.

Гыццыл Балмæ исчи исты аипп куы ссары, аххосджын кæ м нæ вæ ййы, уым дæ р æ й азымджын куы рахоны, уæ д уымæ й хъæ здыг æ хсинтæ н æ хсызгондзинад æ рхæ ссы. Хистæ р æ мæ йæ Кæ стæ р синьорæ ахæ м заман уайдзæ фты бын фæ кæ нынц. Гыццыл Бал сыл, мæ гуыр, сахуыр æ мæ та рагацау йæ хи æ лхысчъытæ æ мæ рæ хуыстытæ м хъусынмæ æ рцæ ттæ кодта, фæ лæ йæ хиуыл хæ цын нæ бафæ рæ зта. Йæ кæ уын йæ хъуырмæ схæ ццæ, йæ цæ ссыгтæ æ ркæ лынæ ввонг уыдысты. Раст зæ гъын хъæ уы, сæ хъæ ртæ, уайдзæ фтæ æ мæ æ ртхъирæ нтæ й сын ницæ мæ й тарст. Дыууæ æ хсины цъæ хахст, синьор Басгæ рдæ джы æ нкъард зондамындтытæ æ мæ герцог Мандарины къуымых æ лхысчъытæ æ рдумæ дæ р нæ дардта, фæ лæ уæ ддæ р йæ химæ тынг æ намонд каст. Кæ дæ й-уæ дæ й йæ хицæ н æ мбæ лттыл фæ хæ ст, семæ йæ зæ рдæ йы дзæ бæ хæ н фæ ныхæ стæ кодта, цас æ й фæ ндыд, уый бæ рц фæ худт æ мæ та хæ рзиунæ гæ й аззад...

Чиполлино æ мæ Мæ ймæ булкъ къуыбырыл дæ лæ мæ дугъ радтой æ мæ сæ фæ д æ рбайсæ фт. Кæ д ма сæ фендзæ ни — Хуыцау йæ зонæ г. Чи зоны, æ ппындæ р макуыуал фембæ лой. Йæ хинымæ р тæ худы кодта, ногæ й ма, алыхузон хъусынгæ нинæ гтæ кæ м нæ й, цы дæ фæ нды, уый кæ нын кæ м уадзынц, кæ рдæ гыл тæ хæ н æ мæ дидинджытæ тонæ н кæ м ис, ахæ м сæ рибар ран фембæ лынмæ. Гыццыл Бал зæ рдæ йæ банкъардта, йæ ном хъизæ мар кæ мæ н хуыйны, ахæ м низ. Уыцы низæ н уыд тынг зын быхсæ н, æ мæ Гыццыл Бал зæ ххыл дæ лгоммæ бахауд, æ мæ йе ’мыр кæ уын райхъуыст.

Кавалер Помидор æ й систа æ мæ йæ йæ дæ ларм йæ галуанмæ ахаста.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.