Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЦЫППÆРÆМ СÆР. Базонгæ дзы уыдзыстут, дойныйæ чи мард, уыцы куыдз Мастинойыл Чиполлино хинæй куыд рацыд, уыимæ



Сымах, æ вæ ццæ гæ н, бафæ рсдзыстут, Куысыфтæ джы хæ дзар цы баци, зæ гъгæ, æ мæ уын уый дæ р радзурдзынæ н. Цæ виттоны хъуыддагæ й, ацы кавалер Помидор чи уыд, уый та дын иуахæ мы, цыппар джитърийы ифтыгъд кæ м уыд, ахæ м къареты куы фæ зынид. Æ рмæ ст ацы хатт æ нæ хъæ н рæ гъау Лимоныхъотимæ. Иу ныхас дæ р сæ дзыхæ й не схауд, афтæ мæ й Куысыфтæ джы йæ хæ дзарæ й расырдтой æ мæ дзы бакодтой, йæ ном Мастино кæ мæ н хуынд, уыцы богъы йас куыдзы.

— Ныр мын уæ къулбадæ г лæ ппутæ фылдæ р аргъ кæ нын райдайдзысты, — загъта кавалер Помидор æ мæ, йæ алыварс цы адæ м æ рæ мбырд, уыдоныл йæ цæ ст ахаста. — Уæ лдайдæ р, Сæ нæ фсир кæ й бауазæ г кодта, уыцы æ нæ хæ дзар сæ мпæ рчъи.

— Раст зæ гъыс, раст! — йæ бæ зджын хъæ лæ сæ й срæ йæ гау кодта Мастино.

— Зæ ронд сæ рхъæ н Куысыфтæ джы тыххæ й куы дзурæ м, уæ д уый дæ р мæ бардзырдтæ æ ххæ ст кæ ныныл сахуыр кæ ндзæ н, — дзырдта дарддæ р Помидор. — Кæ д, кæ м цæ ра, ахæ м бынат æ й бахъæ уа, уæ д ын ахæ стоны дуæ рттæ кæ ддæ риддæ р гом сты. Уым бынæ ттæ алкæ й фаг дæ р разындзæ н.

— Раст зæ гъыс, раст! — ногæ й та йæ ныхæ стыл разыйы рæ йд скодта Мастино.

Сæ нæ фсир æ мæ Чиполлино лæ ууыдысты æ рмадзы къæ сæ рыл. Уыдтой æ мæ хъуыстой, сæ цæ стыты раз цытæ цæ уы, уый, фæ лæ зæ ронд лæ гæ н сæ бон баххуыс кæ нын ницæ мæ й уыд.

Мæ гуыр Куысыфтæ г хъæ ды лыггагыл бадт æ мæ фыртыхстæ й йæ боцъойы кæ рæ ттæ тонæ гау кодта. Алы хатт дæ р-иу дзы йæ къухы цалдæ р æ рдуйы аззад. Йæ боцъо бынтондæ р куы ныллæ гуын уа, уымæ й куы фæ тарст, уæ д уыцы куыст ныууагъта æ мæ арф улæ фын райдыдта. Кæ д ма йæ хъуыды кæ нут, уæ д, Куысыфтæ г арф улæ фынмæ куыд дæ сны у, уый тыххæ й ма раздæ р дзырдтам.

Æ рæ джиау Помидор йæ къареты сбадт. Мастино йæ фæ стæ гтыл алæ ууыд æ мæ йæ къæ дзилы фæ тылдæ й йæ хицауæ н фæ ндараст загъта.

— Хъусыс, куыд æ мбæ лы, афтæ хъахъхъæ н, — иу хатт ма йын карзæ й ныффæ дзæ хста кавалер æ мæ, йæ джитъритæ й алкæ мæ н дæ р ехсæ й фæ йнæ цъыччы фæ кæ нгæ йæ, рыджы къуыбылæ йттæ йæ фæ дыл уадзгæ, атындзыдта.

Уыди диссаджы сæ рдыгон хъарм бон. Хицауы ацыды фæ стæ Мастино хæ дзары цур дыууæ рдæ м цалдæ р цыды æ ркодта. Тæ вд ын уыд, æ мæ йæ дынджыр æ взаг раппаргæ йæ, йæ къæ дзил тылдта, фæ лæ йын уый дæ р ницы ’ххуыс кодта. Æ нтæ фæ й афтæ стыхст, æ мæ сфæ нд кодта искуы уазал бæ гæ ныйы агуывзæ баназын.

Йæ алыварс ахъахъхъæ дта, æ мæ, хæ стæ гдæ р трактирмæ кæ й арвыстаид, иу ахæ м лæ ппуйыл йæ цæ ст не ’рхæ цыд.

Цырыхъгæ нæ джы æ рмадзы дуармæ Чиполлино дзабыр хуыдта, фæ лæ йæ хъæ дындзы тæ фæ й йæ цурмæ бацæ уæ н нæ уыд, æ мæ йæ м Мастино сдзурын йæ ныфс нæ бахаста. Чиполлино йын йæ уавæ р бамбæ рста æ мæ йæ хинымæ р фидарæ й скарста: «Æ з Чиполлино ма фæ хуыйнон, Мастинойæ н, цы хъæ уы, уый куы нæ бакæ нон! »

Ныр хур арвыл уæ лдæ рæ й-уæ лдæ р цыд æ мæ тæ вдæ й-тæ вддæ р кодта. Мастинойы ком дæ р хусдæ рæ й-хусдæ ргæ нгæ цыд.

«Уагæ ры абон райсомæ й цы бахордтон? — йæ хиимæ ныхæ стæ кæ ныныл фæ ци Мастино. — Уыцы хъæ рмхуыпп æ гæ р цæ хджын уыдаид? Мæ дзых судзæ гау кæ ны. Ме ’взаг фезмæ лын кæ нынхъом нал дæ н».

Уыцы рæ стæ г Чиполлино уырдыг алæ ууыд.

— Гъей! Гъей! — сабыр хъæ лæ сæ й йæ м фæ дзырдта Мастино.

— Мæ нмæ дзурыс, синьор?

— Дæ умæ, дæ умæ. Дæ хорзæ хæ й, дуканийæ -ма мын адджын дон æ рбадав.

— Дæ курдиат дын зæ рдиагæ й бæ ргæ сæ ххæ ст кæ нин, синьор Мастино, фæ лæ ацы дзабыр тагъд куы нæ ампъузон, уæ д мæ м мæ хицау хæ цдзæ н.

Æ мæ Чиполлино дарддæ р йæ куыст кодта.

— Дзæ гъæ лхæ тæ г! Æ нæ четар! — бахъуыр-хъуыр кодта куыдз æ мæ йæ хинымæ р йæ рæ хысмæ хæ цыныл фæ ци, ацæ уын æ й кæ й нæ уадзы, уый тыххæ й.

Иу заман та Чиполлино йæ астæ у сраст кодта, æ вæ ццæ гæ н, гуыбырæ й кусгæ йæ бафæ ллад.

— Синьорино, — баниуæ гау кодта куыдз. — Уæ д та мын иу агуывзæ хуымæ тæ джы дон æ рбахæ сс.

— Бæ ргæ дын æ рбахæ ссин, фæ лæ мæ ничердæ м æ вдæ лы. Ныр та мæ м мæ хицау сауджыны цырыхъхъ æ рбахаста, тагъд, дам, æ й ампъузын хъæ уы.

Æ ргом куы дзурæ м, уæ д Чиполлино дойныйæ мæ лæ гæ н тæ ригъæ д дæ р кодта, фæ лæ куыдзы куыст йæ зæ рдæ мæ кæ й нæ цыд, стæ й ма йæ синьор Помидоры дæ р иу хатт æ рцахуыр кæ нын кæ й фæ ндыд, уый урæ дта.

Боны æ ртæ сахатмæ афтæ стæ вд, æ мæ ма суанг дуртæ дæ р рахид кодтой. Мастинойы дойныйæ сæ рра уæ вынмæ бирæ нал хъуыд. Æ рæ джиау Чиполлино йæ куыст фæ уагъта, авджы дон ныккодта, стæ й дзы фынæ йы хос ныккалдта. Сæ нæ фсиры ус-иу æ й йæ лæ гæ н хуыздæ р фынæ й кæ ныны тыххæ й лæ вæ рдта.

Авджы йе ’нгуылдз нытътъыста æ мæ дзы цыма нуазгæ кæ ны, уыйау æ й йæ хъуырыл сдардта.

— Диссаджы уазал дон, — загъта Чиполлино æ мæ йæ армытъæ пæ нæ й йæ гуыбын æ рлæ гъз кодта.

Мастинойæ н йæ комыдæ ттæ æ руадысты. Суанг ма йæ м, цыма йын чысыл фенцондæ р, афтæ дæ р фæ каст.

— Синьор Чиполлино, — дзуры йæ м куыдз, — уыцы дон сыгъдæ г у?

— Уæ дæ! Цæ ссыджы хуызæ н!

— Микробтæ дзы нæ й?

— Цытæ дзурыс? Ацы дон сыгъдæ г кодтой æ мæ ныффæ рсыгътой дыууæ зындгонд профессоры. Микробтæ сæ хицæ н ныууагътой, дон та мæ нæ н радтой, уымæ н æ мæ сын æ з сæ дзабыртæ бампъызтон.

Чиполлино та авг, цыма дзы нуазгæ кæ ны, уый хуызæ н ногæ й йæ дзыхыл сдардта.

— Синьор Чиполлино, авгæ й цалдæ р хатты куы банызтай, уæ д йæ дон къаддæ р цæ уылнæ кæ ны? — бафарста Мастино.

— Ацы авг мæ нæ н мæ фыды фыды фыдæ й баззад, — дзуапп радта Чиполлино. — Ис æ м диссаджы миниуæ г: цасфæ нды дзы куы нуазай, уæ ддæ р афтид нæ кæ ны.

— Иугыццыл ануазыны бар мын дзы нæ ратдзынæ? Иунæ г хуыпп дæ р уæ д.

— Иу хуыпп, зæ гъыс? Цасдæ риддæ р дæ фæ нды, уый бæ рц дзы нуаз. Куы дын загътон, мæ авгæ н равдæ лонгæ нæ н нæ й.

Мастинойæ н уыцы ныхæ стæ фехъусын куыд æ хсызгон уыдаид, уый цæ стытыл æ нцон ауайынгæ нæ н у. Синьор Чиполлинойы арфæ ты бын фæ кодта. Йæ хи йыл рахаф-бахаф систа, сдæ рдта йын йæ къæ хтæ, йæ къæ дзил йæ тилынæ й нал æ нцад. Йæ дыууæ æ хсиныл, дыууæ Балыл дæ р афтæ зæ рдиагæ й никуы бацин кодта.

Чиполлино йæ м авг радта. Куыдз æ м уыцы зыд лæ бурд фæ кодта æ мæ йæ цæ сты фæ ныкъуылдмæ анызта. Авг афтидæ й куы ауыдта, уæ д дисхуызæ й афарста:

— Æ мæ дзы куы ницыуал аззад. Афтæ куы загътай, афтид никуы вæ й...

Йæ ныхас æ рдæ гыл аскъуыд æ мæ фынæ йæ зæ ххыл æ рхауд.

Чиполлино йæ рæ хысæ й суагъта, йе ’ккоймæ йæ сæ ппæ рста æ мæ йæ, дыууæ æ хсины æ мæ синьор Помидор кæ м цардысты, уыцы галуанмæ ахаста. Фæ стæ мæ куы ракаст, уæ д федта, Куысыфтæ г та йæ хæ дзармæ куыд бацыд, уый. Зæ ронд лæ г рудзынгæ й йæ пыхцыл бур зачъетæ радардта æ мæ зæ рдæ хъæ лдзæ гæ й йæ мидбылты худти.

«Тæ ригъæ д бæ ргæ дæ, — ахъуыды кодта йæ хинымæ р Чиполлино, — фæ лæ мын æ ндæ р гæ нæ н нæ уыд. Нæ зонын, куы райхъал уай, уæ д мын мæ диссаджы доны тыххæ й куыд арфæ тæ кæ ндзынæ, уый».

Галуаны кулдуар гом разынд. Чиполлино куыдзы кæ рдæ гыл æ рæ вæ рдта, йæ армытъæ пæ нæ й йæ лæ гъз æ рфасгæ йæ, загъта:

— Мæ номæ й-иу синьор кавалерæ н стыр салæ мттæ ратт. Стæ й дыууæ æ хсинæ н дæ р.

Мастино арфæ гæ нæ гау бахъырныдта. Уыдта диссаджы хорз фын. Цыма йæ хи надта, зæ рдæ йæ н æ хсызгондзинаддæ ттæ г хæ ххон уазал цады. Ленк кæ нгæ йæ, дон нызта æ мæ сабыргай-сабыргай йæ хицæ й дæ р дон рауад. Дон фестадысты йæ хъустæ, йæ къæ дзил, йæ цыппар къахы та цыма цыхцырджытæ уыдысты, афтæ йæ м каст.

— Хуысс дæ зæ рдæ йы дзæ бæ хæ н! — загъта ма Чиполлино æ мæ фæ стæ мæ хъæ умæ араст.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.