Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆРТЫККАГ СÆР. Ныхас дзы цæуы профессор Кæрдо, Хъæдындз Порей æмæ Æрдзæкъахджынты тыххæй



Уыцы бонæ й фæ стæ мæ Чиполлино кусын райдыдта Сæ нæ фсиры æ рмадзы æ мæ цыбыр рæ стæ гмæ цырыхъхъытæ хуыйыны хъуыддаджы йæ къухы бафтыд стыр сгуыхтдзинæ дтæ: мыдадзæ й сæ рста бæ хсныгтæ, ивта, чи нал бæ ззыд, цырыхъхъыты уыцы зæ вæ ттæ, хуыдта сыл цæ фхæ дтæ, æ мпъызта уæ лфæ дтæ. Уыцы иу рæ стæ г дзы хъазæ н ныхæ стæ дæ р рох нæ уыдысты.

Сæ нæ фсир дзы уыди тынг разы. Сæ хъуыддæ гтæ хорз кæ й цыдысты, канд уый тыххæ й нæ, фæ лæ сæ м уазджытæ арæ х кæ й цыди, уый тыххæ й дæ р. Алкæ й дæ р фæ ндыди, Помидоры чи скæ уын кодта, уыцы хъæ батыр лæ ппуйы фенын. Цыбыр рæ стæ гмæ Чиполлинойæ н фæ зынди бирæ ног зонгæ тæ.

Æ ппæ ты фыццаг сæ м æ рбацыди профессор Кæ рдо, музыкæ йы ахуыргæ нæ г, йæ хъисфæ ндыр йæ дæ ларм, афтæ мæ й. Йемæ æ рбатахти бирæ бындзытæ æ мæ дыдынбындзытæ, уымæ н æ мæ профессор Кæ рдойы хъисфæ ндыр арæ зт уыд адджын кæ рдойы æ мбисæ й. Зындгонд куыд у, афтæ мæ й бындзытæ адджинагæ й фылдæ р ницы уарзынц.

Профессор Кæ рдо-иу концерт куы лæ вæ рдта, уæ д-иу æ м залæ й хъусджытæ арæ х хъæ р кодтой:

— Профессор, дæ хъисфæ ндырыл дынджыр бындз абадт æ мæ дæ цагъд йæ уагыл нал у!

Ахæ м заман-иу профессор йæ цæ гъдын фæ уагъта æ мæ -иу бындзы расур-басур кæ нын байдыдта, æ мæ -иу æ й нæ ныууагъта, цалынмæ -иу æ й йе ’рдынæ й нæ амардта, уæ дмæ.

Иуæ й-иу хатт-иу йæ хъисфæ ндыры хуылфмæ уаллон бабырыд æ мæ -иу ын уый дæ р йæ арæ хстдзинад æ ххæ стæ й æ вдисын нæ уагъта. Æ ппынфæ стаг-иу æ й ног хъисфæ ндыр æ лхæ нын бахъуыд, уымæ н æ мæ профессор куыдфæ нды цæ гъдтытæ й йе сæ фт уыдта.

Профессоры фæ стæ æ рбацыд цæ хæ радоныкуыстгæ нæ г Хъæ дындз Порей. Уымæ н уыдис бæ зджын сæ рыхъуынтæ æ мæ тынг даргъ рихитæ.

— Ацы рихитæ мæ бирæ рæ тты фыдæ бойнаг фæ кæ нынц, — хъаст кодта Хъæ дындз Порей Чиполлинойæ н. — Мæ бинойнаг дзаумæ ттæ куы ныхсы, уæ д мæ рихиты кæ рæ ттæ зæ гæ лтæ м бабæ тты æ мæ гобанæ мбæ рзæ нтæ, хæ дæ ттæ æ мæ цъындатæ уыдоныл сауындзы. Æ мæ мæ, цалынмæ дзаумæ ттæ хус фæ кæ нынц, уæ дмæ хурмæ лæ ууын бахъæ уы. Мæ рихитыл цы фæ дтæ баззад, уымæ кæ сыс!

Æ цæ гæ йдæ р, Хъæ дындз Порейы рихитыл бæ рæ г дардтой дзаумæ ттæ бæ ттæ ныл фидаргæ нæ нты фæ дтæ.

Иу хатт æ рмадзмæ æ рбацыдысты Æ рдзæ къахджыны бинонтæ: фыд æ мæ йæ дыууæ фырты. Фырттæ н иу уысм æ рбадыны хъомыс нæ уыд.

— Уæ химæ дæ р афтæ тæ лфаг сты? — бафарста Чиполлино.

— Цытæ дзурыс! — арф ныуулæ фгæ йæ, загъта фыд. — Нæ химæ ноджы фыддæ р сты. Ам ма сымахæ й стъæ лфынц, æ ндæ р афонмæ бæ стæ иннæ рдæ м афæ лдæ хтаиккой. Уæ лдай диссагдæ р вæ ййынц, сæ мад сæ найгæ куы фæ кæ ны, уæ д. Сæ раззаг фондзыссæ дз къахы сын цалынмæ фехсы, уæ дмæ фæ стæ гтæ сау гаппарæ й агæ пп ласынц, фæ стæ гтæ куы фехсы, уæ д та — раззæ гтæ. Афтæ алы хатт дæ р. Иу надæ н сын сапоны асыкк нæ фаг кæ ны.

Цырыхъгæ нæ г Сæ нæ фсир, йæ къæ бут аныхгæ йæ, сдзырдта:

— Цæ й куыд? Дзабыртæ сын хуыйдзыстæ м æ ви нæ?

— Цытæ дзурыс, уыйбæ рц къахыдарæ сы фаг æ хца кæ мæ ис! Мин фæ лысты дзабыртæ бахуыйæ ггаг æ хца бафидыны тыххæ й мæ цæ рæ нбонты кусын хъæ уы.

— Уымæ й раст зæ гъыс. Стæ й мæ нмæ уыйбæ рц сæ рак дæ р нæ разындзæ н.

— Батинкæ тæ й скæ нынмæ чи нал бæ ззы, уыдон уæ ддæ р аивæ м, — загъта Æ рдзæ къахджын.

Цалынмæ Сæ нæ фсир æ мæ Чиполлино лæ ппуты къахыдарæ смæ кастысты, уæ дмæ уыдон архайдтой сабыр уæ выныл, кæ д сын тынг зын уыди, уæ ддæ р.

Ацы лæ ппуйæ н аивын хъæ уы фыццаг дыууæ æ мæ æ ртæ фондзыссæ дзæ мы къахыдарæ с.

— Æ ртæ фондзыссæ м ма бæ ззы, — загъта фыд. — Æ рмæ ст йæ зæ вæ ттæ æ гæ р тынг баихсыдысты.

— Иннæ лæ ппуйæ н рахизæ рдыгæ й йæ фыццаг дæ с фæ лысты иууылдæ р ивинаг сты.

— Бæ ргæ сын фæ зæ гъын, уæ къæ хтæ зæ ххыл хафгæ ма цæ ут, зæ гъгæ, фæ лæ сæ м никуы ницы бахъардта. Куыд цæ уын хъæ уы, уый дзы иу дæ р нæ базыдта. Цæ уыны бæ сты сæ м згъоргæ йæ кафын хуыздæ р кæ сы. Æ мæ дзы æ ппынфæ стаг цы рауайы: сæ рахиз къæ хты дзабыртæ галиутæ й раздæ р баихсийынц. Æ рдзæ къахджынты уавæ р дзæ вгар æ взæ рдæ р у.

Сæ нæ фсир, йæ къух ауигъгæ йæ, загъта:

— Сывæ ллæ ттæ иууылдæ р иухуызон сты. Уæ лдай нæ у. Фæ нды сыл иугай къæ хтæ уæ д, фæ нды мингæ йттæ. Мингай фæ лыстытæ сæ иугай къæ хтæ й дæ р батондзысты.

Æ рæ джиау Æ рдзæ къахджыны бинонтæ сæ химæ цæ уыныл ныллæ ууыдысты. Лæ ппутæ, цыма цæ лхытыл бадтысты, уыйау æ васт сæ фæ д æ рбайсæ фт. Фыды бон афтæ тагъд цæ уын нæ уыд — иучысыл къуылых цыди. Æ рмæ стдæ р йæ æ стдæ с æ мæ фондзыссæ дз къахæ й.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.