Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФЫЦЦАГ СÆР. Чиполлино фæлæууыд Лимоны къахыл



Чиполлино уыди Чиполлонейы фырт. Уыдон уыдысты авд æ фсымæ ры: Чиполлетто, Чиполлотто, Чиполлочча, Чиполлучча æ мæ афтæ дарддæ р. Цыбыр ныхасæ й, хъæ дындзы бинонтæ н цавæ р нæ мттæ æ мбæ лы, ахæ м нæ мттæ сын уыди. Æ нæ уи та уыдысты хорз адæ м, кæ д сæ хъуыддæ гтæ рæ стмæ нæ цыдысты, уæ ддæ р.

Уæ вгæ, хорз дæ р куыд хъуамæ цыдаиккой, кæ д æ мæ, хъæ дындз кæ м фæ зына, уым цæ ссыгæ н æ нæ уæ вгæ нæ й, уæ д?!

Чиполлоне, йæ ус æ мæ йæ фырттæ цардысты, халсары æ взартæ кæ м разайын кæ нынц, ахæ м асыккæ й чысыл стырдæ р хъæ дын къæ сы. Хъæ здыг адæ мæ й-иу исчи сæ рæ зты куы фæ цæ йцыд, уæ д-иу, цыма æ хсынцъы ахордта, уый хуызæ н-иу йæ цæ сгом анцъылдтæ кæ нгæ йæ, сдзырдта: «Æ нæ рай фæ кæ нут уæ хъæ дындзы тæ фæ й! » Æ мæ -иу йæ бæ хтæ рæ джы басхуыста, рæ вдздæ р скъæ р, зæ гъгæ.

Иуахæ мы, мæ гуыртæ кæ м цардысты, уыцы уынг бабæ рæ г кæ нын сфæ нд кодта ацы бæ стæ йы хицау, йæ иууылбæ рзонддзинад Лимон. Йæ дæ лдæ ртæ катайы бацыдысты, се ’лдары фындзыхуынчъыты хъæ дындзы тæ ф куы смидæ г уа, уымæ й.

— Йе ’мбудæ нтæ мæ гуыры тæ ф куы банкъарой, уæ д æ лдар цы зæ гъдзæ ни? — фарстой иутæ.

— Мæ гуыр адæ мыл духи бапырх кæ нын хъæ уы! — скарстой æ ппынфæ стаг фæ сдзæ уинтæ.

Æ мæ, мæ гуыртæ кæ м цардысты, уырдæ м Лимоныхъо-салдæ ттæ й æ нæ хъæ н къорд арвыстой. Салдæ ттæ къазармайы се ’хсаргæ рдтæ æ мæ сармадзантæ ныууагътой, се уæ хсчытыл, одеколонтæ, фиалкæ йы эссенци æ мæ уардийы дон кæ м уыд, ахæ м пырхгæ нæ нтæ æ рцауыгътой æ мæ балцы араст сты.

Сæ командир Чиполлоне йæ фырттæ æ мæ хæ стæ джытæ н бардзырд радта, цæ мæ й иууылдæ р сæ хæ дзæ рттæ й рацæ уой. Салдæ ттæ сæ рæ нхъ æ рлæ ууын кодтой æ мæ сæ сæ рæ й бынмæ хæ рздæ фгæ наг тæ нгъæ дтæ й бапырх кодтой. Чиполлино одеколоны тæ фыл ахуыр нæ уыд, æ мæ йыл æ хснырсæ г бахæ цыд. Афтæ хъæ рæ й æ хснырста, æ мæ дард кæ цæ йдæ р балцмæ сидæ г хæ тæ лы уасын кæ й æ рбайхъуыст, уый дæ р нæ фехъуыста.

Уый æ лдар йæ хæ дæ г æ рбацæ йцыд. Йемæ уыдысты Лимонтæ, Лимоныхъотæ æ мæ Лимонгæ ндтæ. Лимон къахæ й сæ рмæ уыд бур дарæ сы, йæ бур худыл гоппы бæ сты уыдис чысыл сызгъæ рин хъуытаз. Хуымæ тæ джы лимонты хъуытазтæ уыдысты æ взистæ й, салдæ тты хъуытазтæ та — бронзæ йæ. Хъуытазтæ зæ ланг кодтой æ мхуызонæ й æ мæ дзы рауад æ нахуыр диссаджы музыкæ. Байхъусынмæ йæ м æ рæ мбырд æ ппæ т сых дæ р. Адæ м банхъæ лдтой, хæ тæ гхуаг оркестр æ рбацыд, зæ гъгæ.

Чиполлоне æ мæ Чиполлино фыццаг рæ нхъы лæ уд фесты. Сæ фæ стæ чи уыд, уыдонæ й сыл дзæ вгар тъæ ппытæ æ мæ схуыстытæ ауад. Зæ ронд Чиполлоне, мæ гуыр, йæ бон куынæ уал уыд, уæ д йæ хъæ лæ сыдзаг ныццарыдта:

— Курын уæ, æ мæ размæ мауал бырсут!

Уыцы ныхæ стæ æ лдарæ н йæ тъæ нгтæ ацагътой.

Йæ зылын къæ хтæ й барджын къахдзæ фтæ гæ нгæ йæ, Чиполлонемæ бауад æ мæ йæ тызмæ гхуызæ й бафарста:

— Цæ уыл хъæ р кæ ныс? Мæ иузæ рдион адæ м мæ н фенынмæ сæ былыцъæ рттæ хæ рынц æ мæ размæ кæ й бырсынц, уый дæ зæ рдæ мæ нæ цæ уы?

— Дæ иууылбæ рзонддзинад, — йæ хъусы йын бадзырдта Хистæ р Камергер, — мæ нмæ гæ сгæ, ацы лæ г змæ нтджытæ н сæ бынæ йласгæ тæ й у. Йæ рохтыл ын æ рхæ цын хъæ уы.

Уыцы рæ стæ г салдæ ттæ й иу, æ гъдаухалджытæ м цæ ст даргæ йæ кæ мæ й пайда кодтой, уыцы дардмæ кæ сæ н хæ тæ л Чиполлонемæ фæ царæ зта.

Чиполлонейы уæ нгтæ фыртæ ссæ й барызтысты.

— Дæ иууылбæ рзонддзинад, — сдзырдта Чиполлоне. — Исты-ма сын зæ гъ, кæ ннод мæ ’рцахсдзысты.

— Æ мæ дын тынг раст бакæ ндзысты, — фæ хъæ р ыл кодта Лимон-æ лдар. — Хъæ угæ дын афтæ кæ ны.

Уыцы ныхæ стæ айхъусгæ йæ, Хистæ р Камергер адæ ммæ раздæ хт æ мæ, иууылдæ р æ й куыд хъусой, афтæ хъæ рæ й загъта.

— Нæ иузæ рдион уарзон адæ м, йæ иууылбæ рзонддзинад уын арфæ кæ ны, афтæ æ нувыд ыл кæ й стут, уый тыххæ й. Кæ рæ дзийы сæ рты кæ й хаут, уымæ й йын æ рхастат стыр æ хсызгондзинад. Уæ дæ уæ хиуыл ма ауæ рдут, размæ бырсут!

— Цæ мæ н сын афтæ дзурыс? — йæ ныхмæ фæ лæ ууыд Чиполлино. — Уæ хи уын куы фæ бынæ й кæ ной, уæ д та?!

Уыцы ныхæ стæ айхъусгæ йæ, æ ндæ р салдат йæ дардмæ кæ сæ н хæ тæ л Чиполлиномæ фæ царæ зта. Лæ ппу йæ куы ауыдта, уæ д лидзынмæ фæ ци.

Раздæ р фæ стæ гтæ размæ тынг нæ бырстой, фæ лæ Хистæ р Камергеры тызмæ г цæ стæ нгас куы ауыдтой, уæ д сæ тыхтæ æ рбамбырд кодтой æ мæ пыхс сæ сæ рыл ахастой. Чиполлоне фæ цудыдта æ мæ æ нæ нхъæ лæ джы ныллæ ууыд Лимон-æ лдары къахыл. Уый ауынгæ йæ, салдæ ттæ иудæ сы бæ рцæ й алырдыгæ й æ рбагæ ппытæ кодтой æ мæ йыл къуххъадамантæ бакодтой.

— Чиполлино! Чиполлино! Мæ хъæ бул! — фæ хъæ р ма кодта мæ гуыр зæ ронд, салдæ ттæ йæ куы фæ цæ йкодтой, уæ д.

Фæ лæ уыцы рæ стæ г Чиполлинойæ н уым йæ кой дæ р нал уыд, æ мæ, йæ фыд цы уавæ ры бахауд, уымæ н ницы зыдта. Уыйхыгъд, уым чи уыд, уыдон зыдтой, цы ’рцыди, уымæ й бирæ дзæ вгар фылдæ р хабæ рттæ.

— Сæ цæ рæ нбон бирæ, афоныл æ й æ рцахстой. Не ’лдары нын хъамайæ барæ хойынмæ хъавыд! — фæ хъæ р кодта дамдумгæ нджытæ й иу.

— Ды хъуыддаджы бæ лвырддзинадæ н ницы зоныс. Фыдгæ нæ гæ н йæ дзыппы сармадзан уыд, — сраст æ й кодта иннæ.

— Цытæ дзурыс? — йæ хъуыры абадт æ ртыккаг. — Сармадзан? Йæ дзыппы? Уымæ н уæ вæ н нæ й!

— Топпы гæ рæ хтæ хъусут? — æ рбадзырдæ уыд фæ стæ рдыгæ й.

Уыдон топпы гæ рæ хтæ нæ уыдысты, фæ лæ, Æ лдар кæ й æ рбацыд, уый кадæ н ракетæ ты уынæ р. Фæ лæ адæ м уый цæ мæ й зыдтой æ мæ удаистæ й фæ йнæ рдæ м лидзынмæ фесты.

Чиполлино ныхъхъæ р кæ нынмæ хъавыд, йæ фыды дзыппы сармадзан нæ, фæ лæ сигарæ кæ й ис, фæ лæ йæ бамбарæ г кæ й нæ фæ уыдзæ н, ууыл куы ахъуыды кодта, уæ д ницыуал загъта.

Мæ гуыр йæ бон Чиполлинойæ н! Цæ мæ дæ р гæ сгæ йæ м афтæ фæ каст, цыма æ взæ р уынын райдыдта. Уæ вгæ, æ взæ р дæ р куыннæ уыдтаид, йæ цæ стытæ донæ й куы айдзаг сты?!

— Иу цæ ссыг дæ р æ рхауынвæ нд ма скæ нæ д, — цæ мæ й ма скæ уа, уый тыххæ й йæ хи фæ хъæ ддыхгæ нгæ йæ, фæ хъæ р кодта Чиполлино.

Цæ ссыгтæ фæ тарстысты æ мæ, кæ м уыдысты, уым æ мбæ хсынмæ фесты.

***

Цыбыр дзырдæ й, Чиполлонейы ахæ стоны бакодтой: цалынмæ цæ ра, уæ дмæ нæ, фæ лæ ма бирæ -бирæ азты дæ ргъы ахст уыдзæ н, куы амæ ла, уый фæ стæ дæ р, уымæ н æ мæ Лимон-æ лдары ахæ стæ тты уыди уæ лмæ рдтæ дæ р.

Чиполлинойы бон баци йæ фыдимæ фембæ лын. Кæ д ахæ м бар райсын æ нцон нæ уыд, уæ ддæ р йæ къухы бафтыд. Кæ рæ дзийæ н адджын хъæ быс ныккодтой.

— Мæ мæ гуыр фыд! Фыдгæ нæ джы хуызæ н дæ къæ рныхтæ æ мæ сæ ркъуыртимæ иу ран дарынц, нæ?..

— Цытæ дзурыс, мæ хъæ бул, — дарддæ р æ й дзурын нал бауагъта фыд, — ам æ рмæ стдæ р сыгъдæ гзæ рдæ адæ м бадынц.

— Уæ дæ ахст цæ мæ н сты? Æ взæ рæ й цы сарæ зтой?

— Æ ппындæ р ницы, мæ хъæ бул. Æ взæ рæ й кæ й ницы сарæ зтой, ам дæ р уый тыххæ й бадынц. Лимон-æ лдары сыгъдæ гзæ рдæ адæ м нæ хъæ уы.

Чиполлино хъуыдыты аныгъуылд.

Куыд бамбæ рстон, афтæ мæ й ахæ стонмæ бахауын кады хъуыддаг у.

— Куыд уыныс, афтæ мæ й — о. Ахæ стæ ттæ сарæ зтой, давгæ æ мæ маргæ чи кæ ны, уыдонæ н. Лимон-æ лдармæ та бынтон æ ндæ рхуызон у: давджытæ æ мæ марджытæ йæ алыварс сты, ахæ стæ тты та сыгъдæ гзæ рдæ адæ м бадынц.

— Мæ н дæ р сыгъдæ гзæ рдæ адæ ймаг уæ вын фæ нды, — загъта Чиполлино, — фæ лæ ахæ стоны бадгæ йæ нæ. Иучысыл-ма бафæ раз. Æ з уæ м фæ стæ дæ р фæ зындзынæ н æ мæ уе ’ппæ ты дæ р суæ гъд кæ ндзынæ н!

— Цыма дæ химæ æ гæ р бирæ тæ исыс, афтæ мæ м кæ сы, — загъта фыд, йæ мидбылты бахудгæ йæ. — Уый, дæ умæ куыд кæ сы, афтæ æ нцон хъуыддаг нæ у.

— Уый фендзынæ. Æ з мæ фæ нд æ нæ мæ нг сæ ххæ ст кæ ндзынæ н.

Уæ дмæ хъахъхъæ нæ г Лимоныхъо фæ зынд æ мæ бамбарын кодта, сæ фембæ лды рæ стæ г кæ й фæ ци.

— Чиполлино, — загъта фыд сæ фæ хицæ ны размæ, — ды ныр дынджыр дæ æ мæ дæ дарддæ ры цардыл ахъуыды кæ н. Дæ мад æ мæ де ’фсымæ ртæ м дæ мады ’фсымæ р Чиполла кæ сдзæ н. Ды та дунейыл азил. Бæ стæ тæ фен æ мæ, куыд цæ рын хъæ уы, ууыл сахуыр уай.

— Куыд хъуамæ сахуыр уон? Чингуытæ мæ м куы нæ ис, куы нæ мæ м ис, цæ мæ й сæ балхæ нон, уый дæ р.

— Ууыл ма мæ т кæ н. Цард дæ сахуыр кæ ндзæ н. Æ рмæ ст къæ рцхъус уæ вын хъæ уы. Хинæ йдзаг æ мæ фæ литойтæ й дæ хи хъахъхъæ н. Уæ лдай тæ ссагдæ р сты, хицауы бынаты чи ис, уыдон.

— Хорз. Уый фæ стæ та цы хъуамæ кусон?

— Рæ стæ г æ рцæ удзæ н, æ мæ бамбардзынæ, дарддæ р цы кæ нын хъæ уы, уый.

— Æ гъгъæ д у дзæ нгæ да цæ гъдынæ н! — фæ хъæ р ыл кодта салдат. — Уæ рæ стæ г ахицæ н, зæ гъгæ, нæ фехъуыстат? Ды та, сæ мпæ рчъи, дæ хи ардыгæ й, цас гæ нæ н ис, уыйбæ рц дарддæ р лас, кæ ннод дæ хæ дæ г дæ р ам скуыси уыдзынæ.

Чиполлино салдатыл зарæ гæ й ахудынмæ хъавыд, фæ лæ, цалынмæ, цы сфæ нд кодта, уый райдыдтаид, уæ дмæ йæ ахæ стоны бадын нæ фæ ндыд.

Йæ фыдæ н адджын хъæ быс ныккодта æ мæ лидзынмæ фæ ци.

Дыккаг бон йæ мад æ мæ йæ авд æ фсымæ ры йæ мады ’фсымæ р Чиполлайы æ вджид бакодта, уымæ н æ мæ уый иуцасдæ р хуыздæ р цард: кæ мдæ р хъахъхъæ нæ гæ й куыста.

Йæ дзаумæ ттæ дзæ къулгонды нывæ рдта, лæ дзæ джы кæ рон æ й бакодта, йæ мады ’фсымæ р, йæ мад æ мæ йе ’фсымæ ртæ н хæ рзбон загъта æ мæ балцы араст. Кæ дæ м, уый йæ хæ дæ г дæ р нæ зыдта, æ мæ, æ вæ ццæ гæ н, уый хуыздæ р уыд.

Цалдæ р сахаты фæ стæ бахæ ццæ иу чысыл хъæ умæ. Ахæ м чысыл уыди, æ мæ йæ ном телыхъæ д нæ, фæ лæ кæ ройнаг хæ дзары къулыл фыст дæ р нæ уыд. Уæ вгæ, фыццаг хæ дзар хæ дзар рахонын зынæ й уыд, уымæ н æ мæ куыдздоны йасæ й стырдæ р нæ уыд.

Рудзынджы цур бадт бурзачъе зæ ронд лæ г æ мæ æ нкъардæ й уынгмæ каст. Цыма йæ цыдæ р сагъæ стæ æ вдæ рзтой, ахæ м хуыз ын уыд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.