Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Ширмæйы ныстуан зæххон адæммæ



«Цауд, ницæ йаг маймули уæ вгæ йæ уæ м мæ ныхас кæ й хæ ссын, уый тыххæ й уæ, развæ лгъау, хатыр курын.

Æ з чысылæ й фæ стæ мæ хъомыл кодтон орангутангты мæ нг, æ нæ бындур ахуырадыл. Уыдон цæ рæ нбонты, сæ удæ й арт цæ гъдгæ йæ, бæ лвырд кодтой, зæ гъгæ, планетæ Æ нгæ сыл рагæ й фæ стæ мæ иунæ г æ мбаргæ уæ вынадгæ нæ г сты маймулитæ. Уыдонæ н сæ равзæ рдмæ гæ сгæ æ ппындæ р адæ мимæ ницы бастдзинад ис. Æ з уыцы хъуыддагыл дызæ рдыг кæ нын байдыдтон хæ рз æ взонгæ й фæ стæ мæ. Дызæ рдыг та кодтон уымæ н, æ мæ мæ н ницæ й тыххæ й уырныдта, буары кондæ й афтæ хæ рз аив чи у, уыцы адæ м сæ рæ зыны, хъуыддаджы маймулиты фæ стæ баззадаиккой, уыдон размæ дзыд макуы дуджы уыдаиккой, æ мæ, мæ размæ дæ р, бирæ ахуыргонд шимпанзетæ куыд бæ лвырд кодтой, афтæ адæ м маймулиты рагон фыдæ лтæ нæ, фæ лæ маймулитæ адæ мы рагон фыдæ лтæ кæ й уыдаиккой, уый мæ уырныдта.

Æ мæ æ ппынфæ стаг мæ хъуыдыйæ н фæ цис сбæ лвырд кæ ныны фадат. Уый та уыд афтæ: иу цавæ рдæ р фыййау ссардта, къæ вдайы дон кæ й бахордта, ахæ м ададжы заманайы рæ сугъд, хæ рз аив арæ зт дзаумæ ттæ. Археологтæ куы басгæ рстой уыцы бынат, уæ д сæ зæ рдæ фехсайдта, раджы кæ ддæ р тынг размæ дзыд чи уыд, ахæ м чидæ р — Æ нгæ сыл кæ й цард, уымæ. Маймулиты егъау къордæ й сарæ зтой зонадон экспедици. Æ з археолог нæ дæ н, фæ лæ маймулиты равзæ рды историмæ рагæ й кæ й цымыдис кæ нын, уый зонгæ йæ мæ бахастой экспедицийы хайадисджыты скондмæ.

Археологон куыстытæ ахастой цалдæ р азы æ мæ дзы разынд, кæ ддæ р диссаджы рæ сугъд фæ лыст чи уыд, ахæ м горæ ты хæ лддзаг. Ахуыргæ ндтæ куыд сбæ лвырд кодтой, афтæ мæ й уыцы горæ т раджы кæ ддæ р пырх æ рцыд æ мæ йæ цæ рджытæ бындзагъд фесты цавæ рдæ р æ вирхъау хæ сты рæ стæ джы. Фæ лæ диссаг уый уыд æ мæ уым цы æ нæ нымæ ц стæ гдартæ разынд, уыдонæ й иу дæ р нæ уыд маймулийы. Иууылдæ р уыдысты адæ мы стæ гдартæ. Ахуыргæ ндтæ ма сбæ лвырд кодтой, горæ ты йæ асмæ гæ сгæ, астæ уккаг нымадæ й, цас адæ м хъуамæ цардаид, уый дæ р. Фæ лæ дзы цы стæ гдартæ разынд, уыдон уыдысты, горæ ты цас хъуамæ цардаид, уымæ й дæ с хатты фылдæ р. Уæ дæ зæ гъæ н ис, горæ тмæ кæ й æ рбабырста æ гъатыр тыхгæ нæ джы егъау æ фсад. Сæ уæ лæ дарæ смæ гæ сгæ æ нцон сбæ рæ ггæ нæ н уыдысты æ ддагон æ рбабырсæ г æ фсад, фæ лæ ма диссаг уый уыд æ мæ уыцы æ фсадæ й иу дæ р кардæ й, кæ нæ нæ мыгæ й цæ ф нæ уыд. Уыдон егъау къордтæ й рæ дзæ гъдтæ й лæ ууыдысты иу рæ тты. Уый афтæ нысан кæ ны. Æ мæ фысымтæ м кæ й уыд, адæ мы къордгæ йттæ й æ виппайдæ й чи куынæ г кодта, ахæ м æ вирхъау хæ цæ нгарз.

Горæ тæ н йæ алыварс уыд, цавæ р фæ нды мигæ нæ нæ й дæ р цъæ ррæ мыхст чи нæ кодта, ахæ м æ рмæ гæ й конд бæ рзонд быру. Бацæ уæ н æ м уыд æ рмæ ст иу рæ тты. Уым цъæ лтæ й лæ ууыд тулдзы цъæ хæ й конд дуар. Æ вæ ццæ гæ н æ й тыхæ йисджытæ ныцъцъæ л кодтой.

Ацы горæ ты фæ рцы археологтæ бæ лвырд кодтой, раджы кæ ддæ р Æ нгæ сыл кæ й цард тынг размæ дзыд адæ м. Уый тыххæ й цыбыр рæ стæ гмæ фæ зынд бирæ зонадон куыстытæ, уыцы нымæ цы мæ хи егъау куыст дæ р. Орангутангтæ исдуг сæ хъус не ’рдардтой ацы хъуыддагмæ, фæ лæ сæ зонады мæ нг бындур змæ лын кæ й райдыдта, уый куы федтой, уæ д фидарæ й ныллæ ууыдысти уыцы куыстытæ скуынæ г кæ ныныл. Æ мæ сæ скуынæ г кодтой фæ стаг дамгъæ йы онг. Горæ тæ н йæ хи та ныссастой хъомысджын техникæ йы цæ лхыты бын æ мæ йын йæ бынаты сарæ зтой ног горæ т.

Фæ лæ мæ н уæ ддæ р фидарæ й уырныдта Æ нгæ сы рагон æ мæ иунæ г хицæ уттæ адæ м кæ й уыдысты, уый. Æ мæ кæ д мæ хæ дæ г маймули дæ н, уæ ддæ р мын æ хсызгон у, ныртæ ккæ дæ р та йæ хицæ уттæ адæ м сæ хæ дæ г кæ й систы, уый. Уыдон иуцасдæ р бæ рцæ й бамбæ рстой маймулиты æ дзæ м сæ фты аххосаг. Уый фæ лтæ рæ й-фæ лтæ рмæ дæ тдзысты æ мæ мæ ныфс ис, Æ нгæ сы адæ м сæ раг фыдæ лты рæ дыд кæ й никуыуал æ руадздзысты, уымæ й.

Мæ ныстуаны кæ рон уæ м сидын, зæ ххон Адæ м. Сымах дæ р макуы æ руадзут ахæ м рæ дыд, зонд-зонæ н уын уæ д Æ нгæ сы адæ мы раг фыдæ лты æ вирхъау хъысмæ т.

Уæ хорзмæ бæ ллæ г Ширмæ ».

XII

Зиптуны системæ йæ куы рахызт уæ лдæ фон нау æ мæ фæ рссагæ й хуры тынтæ куы ’рбакастысты, уæ д афтæ фæ каст Зазамæ, цыма йыл йæ зæ ронд мады уайдзæ фы цæ сты сыгтæ сæ мбæ лдысты. Йæ зæ рдæ бауынгæ г. Цæ мæ й йæ Генриеттæ ма фæ хатыдаид, уый тыххæ й æ ддæ мæ рацыд хатæ нæ й æ мæ цæ хæ радоны хъæ дындзтæ рувыныл йæ хи ирхæ фсын райдыдта. Хуры системæ йы стъалыты астæ умæ куы ’рбахæ ццæ сæ нау, уæ д æ нæ нхъæ лæ джы дардмæ суыдта цавæ рдæ р змæ лæ г буар, уый тынг егъау тагъдæ й цыд комкоммæ Зазаиты ’рдæ м. Заза йæ æ рæ джиау базыдта, уый дæ р уæ лдæ фон нау кæ й у. Сындæ ггай йæ науы тагъдад дæ лæ мæ æ ппарын байдыдта. Йæ худ тилы йæ ныхмæ чи æ рбацæ уы, уыдонмæ, зæ гъгæ, æ рлæ уут. Йæ цурмæ куы ’рбахæ ццæ нау, уæ д цæ хгæ р фæ зылд æ мæ Зазаиты науыл æ рбаныхæ ст. Йæ бортæ й рахызт иу лæ ппулæ г æ мæ Зазайы наумæ бахызт хæ дæ хгæ нгæ фæ рссагыл.

— Уæ фæ ндæ гтæ раст, — салам радта, ног æ рбацæ уæ г Заза бынтон хорз кæ й не ’мбæ рста, ахæ м рæ сугъд æ взагыл.

— Арфæ гонд у, фæ лæ дын дæ дзырдты иууыл куынæ ’мбарын? — Бацархайдта Заза ног æ рбацæ уæ г æ м цы ’взагыл дзырдта, уымæ хæ стæ г дзурыныл.

— Уый та куыд у? — бадис кодта. — Ныртæ ккæ зæ ххон адæ м уыцы иу æ взагыл дзурынц æ мæ йæ ды куыд нæ зоныс?

— Ныххатыр кæ н, — йæ хи растгæ нæ гау дзуры Заза. — Æ з зæ ххæ й раджы фæ хицæ н дæ н. Чи зоны искуы дæ фыдæ лтæ й фехъуыстай лæ джы ном «Заза», профессор Зазайы кой. Мах раджы кæ ддæ р æ ртæ æ мбалæ й сарæ зтам космикон балц. Бахаудыстæ м адæ м нæ, фæ лæ маймулитæ хицау кæ мæ н уыдысты, ахæ м планетæ мæ...

— Фæ лæ у, фæ лæ у? — йæ дзырд ын фескъуыдта лæ ппулæ г. — Заза зæ гъыс?

— О, Заза.

— Æ з фехъуыстон иу Зазайы кой, — дзуры дарддæ р, — уый иу мин азы размæ мæ фыд Баронимæ бахауд Æ нгæ смæ, фæ лæ уый маймулиты уæ лдæ р физиологийы институты лабораторийы баззад.

— Уæ дæ ды мæ хæ лар Бароны фырт дæ? — дисгъуызæ й йæ афарста Заза.

— О, мæ ном хуыйны Морис. Гуыргæ æ з дæ р Æ нгæ сы ракодтон.

— Уæ д дæ мад та у Нагъуæ. Æ нгæ сы фыццаг ууыл сæ мбæ лдыстæ м.

— Ныр мæ уырны ды æ цæ г уыцы Заза кæ й дæ. — Баууæ ндыд ыл Морис. — Дæ хорзæ хæ й куыд у уым цард, æ мæ цы амалæ й раирвæ зтæ?

— Уый дын радзурдзынæ н, фæ лæ ма уал мын зæ гъ: Зæ ххыл куыд цæ рынц адæ м?

— Мах куы ’рцыдыстæ м, уæ д зæ ххыл дæ р царды хицау уыдысты Æ нгæ сы маймулитау кæ рæ ф адæ м. Æ рмæ ст зæ ххы æ цæ г адæ м Æ нгæ сы адæ мау æ нæ зонд, бынтон фæ стæ зад нæ уыдысты. Уыдон растадысты. Ныссæ рфтой се знæ гты æ мæ сæ хæ дæ г зæ ххы хицæ уттæ систы. Ныр зæ ххыл адæ м цæ рынц æ муд, æ мзондæ й. Дзурынц иу æ взагыл, нæ й дзы хицæ ндзинад адæ мы ’хсæ н. Чи цæ мæ арæ хсы æ мæ кæ м йæ бон у, уым кусы. Хæ лц, дзаума кæ й цас хъæ уы, уыйбæ рц исы.

— Уæ дæ Æ нгæ сы адæ м дæ р систы сæ планетæ йы хицау. Маймулитæ бирæ азты тугкалæ н хæ стыты скуынæ г сты æ мæ адæ м хицауад райстой. Кæ ддæ рау æ нæ мбаргæ нал сты. Фæ зынд сæ м ахуырдзинад.

— Уый хорз. — Æ хсызгон уыд Морисæ н. — Уæ д рæ хджы мæ бон бауыдзæ н мæ мады æ рвадæ лтæ м уазæ гуаты ацæ уын. Æ нæ уи сæ цардимæ иуцъус зонгæ сты зæ ххон адæ м, фæ лæ... культурон бастдзинад æ ндæ р у.

— Æ нæ мæ нг. Мах хъуамæ саразæ м культурон бастдзинад. Кæ м ис мæ хæ лар Барон? —Уыцы фарстæ н лæ ппу фенкъард, йæ худ систа æ мæ уæ ззау сдзырдта:

— Мæ фыд нал ис, хæ рз зæ рондæ й амард мæ мад дæ р.

—Нæ й гæ нæ н! Ныр дæ хæ дæ г лæ г дæ. Уæ ддæ р ма нæ дыууæ дæ р нæ райгуырæ н бæ стæ тæ й бæ рæ г кæ й фехъуыстам, уый цины цау у. Уæ дæ ахæ м фембæ лды тыххæ й фæ йнæ агуывзæ йы баназын аипп нæ уыдзæ н. Махмæ ис Æ нгæ саг сæ н... Генриеттæ, фынг нын ацæ ттæ кæ н.

— Мæ нмæ дæ р ис цыдæ ртæ: шампайнаг сæ н, хæ ринæ гтæ, фæ лæ фынг æ вæ рыны хæ с Генриеттæ мæ цæ мæ н хауы? — цыдæ р дисгъуызæ й йæ м бакаст Морис.

— Фынг рагæ й фæ стæ мæ дæ р сылгоймаджы хъуыддаг у. Куы нын алæ ггад кæ на, уæ д ын мурдæ р нæ у. Æ мбæ лгæ дæ р ыл кæ ны: дæ мады хо у. — Бахудт Заза.

— Мæ мады хо кæ й у, уый æ мбарын, фæ лæ фынг æ вæ рын уымæ хауы, зæ гъгæ, кæ й зæ гъыс, уый æ ххæ ст раст нæ у, — загъта ма Морис æ мæ чысыл æ ддæ мæ ахызт, фæ лæ уайтагъд фæ стæ мæ фездæ хт. Йæ фæ дыл æ рбахызт, йæ рæ сугъддзинадæ й цæ стытæ кæ мæ н тарытæ кодтой, ахæ м æ взонг чызг, йæ мидбылты уæ здан худт бакодта. Æ нгæ саг уазджытæ н йæ сæ рæ й акуывта, стæ й Морисмæ фæ зылд æ мæ сдзырдта цахæ мдæ р зæ лланггæ наг хъæ лæ сæ й.

— Табуафси, цæ ттæ дæ н сымахæ н балæ ггад кæ нынмæ.

— Дæ уазджытæ стæ м иууылдæ р. Истæ мæ йты нæ хорз фен.

— Табуафси, — фæ кодта чызг æ мæ фæ стæ мæ фæ зылд:

— Кæ сыс, ды Генриеттæ йæ н, æ вæ ццæ гæ н, тæ ригъæ д фæ кодтай, науæ д та æ нхъæ лыс, цыма уый дæ гыкъынайы хуызæ н нæ сарæ хсдзæ н балæ ггад кæ нынмæ. — Хъазæ н хуызы йын бауайдзæ ф кодта Заза, стæ й лæ афарста: — Уый де ’фсин уыдзæ н, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы?

— Ме ’фсин цæ мæ н? — ноджы та йæ м дисгъуызæ й бакаст Морис. — Сылгоймаджы лæ ггад кæ нынмæ кæ м æ вдæ лы? Уымæ н стырдæ р хъуыддæ гтæ кæ нинаг ис. Кæ сыс мæ нæ дæ космикон уæ рдонмæ? Уый хуызæ ттæ махмæ дæ р уыд цалдæ р сæ дæ азы размæ. Ныр ма сæ кæ д музейы фенай, æ ндæ р космосмæ. ахæ мтыл ничиуал цæ уы.

— Цыдæ р æ нахуыр ныхæ стæ кæ ныс, лæ ппу, æ мæ дын ницы æ мбарын? — æ нæ ууæ нчы каст æ м бакодта Заза, фæ лæ уæ дмæ чызг фæ зынд æ мæ йæ фарстæ н дзуапп нал райста.

Чызг къуымты йæ цæ ст ахаста, цыма исты агуырдта, уыйау, стæ й Морисмæ фæ зылд æ мæ йе уæ хсчытæ æ нæ мбарæ джы æ лхъывд фæ кодта.

— Кæ сыс, мæ фыды хæ лар? Дæ нау дын уæ рдон кæ й схуыдтон, уый тыххæ й мæ м, чи зоны, хъыг дæ р фæ дæ, фæ лæ федтай, мæ гыкъына цыдæ р кæ й агуры, уый? — хинæ йдзаг каст æ м кæ ны Морис. Зазайæ н, æ цæ г, хъыг уыдысты ацы фæ стаг ныхæ стæ æ мæ йæ хи цал баурæ дта.

— Æ мæ кæ д дæ космикон галуаны, мыст йæ къæ дзил цæ уыл ракъуыра, уый дæ р нæ й, уæ д цы дæ цæ сгом нæ хъæ цы? Чызгæ н дæ р ма цы фыдæ бон кæ ныс? Сбад, мæ хур, — чызгæ н ацамыдта бандонмæ æ мæ Генриеттæ мæ фездæ хт: — Адон дæ ницы æ нхъæ л сты, фæ лæ ма сын равдис дæ арæ хстдзинад.

Генриеттæ сыстад. Морис ныххудт æ мæ йын йæ цонгыл æ рхæ цыд.

— Бадгæ кæ н, мæ мады хо. Мæ фыды хæ лар цасфæ нды куы мæ сты кæ на, уæ ддæ р йæ космикон уæ рдоны нæ разындзæ н, мæ гыкъына кæ й æ рцæ ттæ кодта, уыцы фынг ардæ м æ рбадавыны фæ рæ з.

— Æ мæ кæ д исты æ рцæ ттæ кодта, уæ д ма сæ м цы боны хорзмæ кæ сы? рахæ ссæ д сæ, æ мæ фæ цис. — Нæ та йæ м фæ лæ ууыд Заза.

— Фæ лтау цомут махмæ. Къустæ æ мæ агуывзæ тæ раскъæ ф-баскъæ фыл рæ стæ г куы хардз кодтой, уыцы дуг адымдта, — Сыстад Морис. Иннæ тæ дæ р уæ лдай ницыуал загътой.

Кæ дæ м бацыдысты, уый уыд къаннæ г афтид хатæ н. Йæ къултæ æ мæ йæ астæ рд конд уыдысты цавæ рдæ р нывæ фтыдтытæ авджынгæ с æ рмæ гæ й. Заза цымыдисæ й кæ й ракæ с-бакæ с кодта, уымæ й Морис бамбæ рста, цыдæ р та йæ м диссаг кæ й кæ сы, уый æ мæ къулыл иу джыбынгæ с кнопкæ фелхъывта. Уайтагъд хатæ ны астæ у февзæ рд цыппар бандоны. Морис уазджытæ м бахатыд.

— Сбадут, уæ хорзæ хæ й. Ныртæ ккæ нын Лушæ фынг дæ р авæ рдзæ н.

Уазджытæ ’рбадтысты. Морис фæ зылд чызгмæ.

— Лушæ, ныр дæ хъуыддаг кæ н.

Чызг дæ р та цавæ рдæ р кнопкæ фелхъывта æ мæ уайтагъд сæ разы февзæ рд цæ ттæ фынг. Фæ лæ Зазамæ диссаг уый фæ каст, æ мæ фынгыл кæ й уыд нæ уæ г конд уæ ливыхтæ, нырма йæ хъарм тæ ф йæ сæ рмæ кæ мæ н рæ дзæ -мæ дзæ кодта, ахæ м цурынфых карк, уыцы тæ ккæ уысм цæ хæ радоны кæ й ратындæ уыд, ахæ м цъæ хыгтæ, дурыны дзаг сæ н, стуры фыд къуыдырвыхæ й, уымæ н дæ р йæ фæ здæ г калд йæ сæ рмæ. Уазджытæ м ма ноджы цымыдисон фæ каст иу хъуыддаг: фынгыл мигæ нæ нтæ уыд æ рмæ стдæ р æ ртæ удгоймаджы фаг. Фынгыл сæ æ рбадинаг чи нæ у: лæ г æ ви ус? — Ацы фарстыл сæ хинымæ ры хъуыды кодтой Заза дæ р æ мæ Генриеттæ дæ р.

Морис йæ амонæ н æ нгуылдзæ й дурыны фарсмæ февнæ лдта. Уый йæ хигъæ дæ й сындæ ггай ракъул. Агуывзæ тæ йæ м радгай сæ дзыхтæ бадардтой. Куыд едзаг кодтой сæ нæ й, афтæ сындæ ггай бырыдысты фынгыл бадджыты размæ. Æ ртæ агуывзæ йы дæ р сæ бынæ ттæ куы ’рцахстой, уæ д тæ бæ гътæ дæ р фезмæ лыдысты æ мæ агуывзæ ты фарсмæ сæ хи баластой. Ныр уазджытæ бамбæ рстой фынгыл хайад кæ й нæ исдзæ н Лутæ. Сæ дыууæ йæ н дæ р хъыг уыд, фæ лæ исдуг ницы дзырдтой, стæ й Генриеттæ йæ хи нал баурæ дта.

— Лушæ, дæ хицæ н цæ уылнæ æ рæ вæ рдтай мигæ нæ нтæ? Аив нæ у, фынгыл иутæ хæ ргæ кæ ной, иннæ та сæ м кæ сгæ кæ на, уый.

Лушæ йæ мидбылты бахудт. Бахудт Морис дæ р, стæ й Лушæ йæ н цæ стæ й ацамыдта.

— Фынг æ нæ хъæ лдзæ гдзинад нæ фидауы, Лушæ. Уый сыстад. Ахызт иннæ хатæ нмæ. Чысыл фæ стæ дæ р хатæ ны къултæ й иуæ й райхъуыст цавæ рдæ р уынæ р. Заза æ мæ Генриеттæ уыцырдæ м фæ зылдысты. Къулæ й къаннæ г цыппæ рдигъон хай ныррухс. Фæ зынд ыл, Лушæ йы халдих чи уыд, ахæ м сылгоймаг. Кæ рæ дзийæ хицæ н кодтой æ рмæ стдæ р иу хъуыддагæ й. Лушæ йæ н йæ ныхыл уыдис нымæ ц иуы ’нгæ с нысан, экраныл цы чызг фæ зынд, уымæ н та йæ ныхыл уыд дыууæ йы хуызæ н нысан. Уазджытæ уыцы нысанмæ раздæ р сæ хъус уадиссаг не ’рдардтой, æ рдзон стъæ лфыл æ й банымадтой. Ныр сæ м дызæ рдыгдзинад æ взæ рын, байдыдта.

Сценæ йыл цы чызг ралæ ууыд, уый радзырдта:

— Байхъусут нæ концертмæ.

Уый фæ стæ экраныл ралæ ууыд уыцы æ мхуызон чызджытæ æ мæ æ мхуызон лæ ппуты къорд. Кæ рæ дзийæ хицæ н кодтой, æ рмæ стдæ р, сæ ныхтыл цы нымæ цæ нгæ с нысæ нттæ уыд, уыдонæ й, уайтагъд райхъуыст диссаджы зæ рдæ хцон зарæ г. Зазайæ н йæ цæ стытæ донæ й айдзаг сты. Æ вæ ццæ гæ н йæ зæ рдыл æ рлæ ууыд. кæ ддæ р, бирæ азты размæ -иу концертон залты куыд бадт йæ хæ лæ рттимæ æ мæ зарджытæ м куыд хъуыста, кафджытæ м куыд каст, уыцы хъуыддаг.

Морис агуывзæ систа. Сисын кодта уазджытæ н дæ р агуывзæ тæ æ мæ сдзырдта:

— Мæ фыд-иу мын арæ х кодта, Заза, дæ кой. Æ з мæ фыны дæ р уый æ нхъæ л никуы уыдтæ н, фæ лæ ныр, иугæ р мын хъысмæ т ахæ м амонд бахæ лар кодта, уæ д дзы райгонд уыдзынæ н. Мæ фыд дæ стыр ахуыргонд лæ г хуыдта. Йæ бон дам уыд æ рымысын æ мæ саразын, дунейы дисы цæ мæ й бафтыдтаид, техникæ йы ахæ м ногдзинæ дтæ. Фæ лæ ныртæ ккæ куыд уынын, афтæ мæ й нæ дуджы техникæ йы алæ мæ тон миниуджытæ нæ хатыс æ мæ дæ м мæ ныхæ стæ уымæ н диссаг кæ сынц. Ды мын Лушæ йы фенхъæ лдтай мæ бинойнаг, афтæ мæ й та уый, дæ лæ мæ дæ р æ мæ уæ лæ мæ дæ р у, мæ космикон науы цы электрон лæ ггадгæ нджытæ ис, уыдонæ й иу — необрот-1-аг. Æ з æ й «Лушæ » фырбуцæ н хонын, æ хсызгон ын вæ ййы. Æ цæ г æ ддаг бакастæ й æ рдзон сылгоймаджы хуызæ н тынг у. Уый та уымæ н афтæ у æ мæ адæ ймагæ н йæ улæ фты, гъе та йæ хæ рды рæ стæ джы иу цавæ рдæ р фыдуынд робот куы лæ ггад кæ на, уæ д уый зæ рдæ йы æ взæ рын кæ ны цыдæ р æ нæ хцондзинад. Ныртæ ккæ техникæ йы æ ппæ т фадгуыты стыр æ рымысынадон куыст кæ нынц сылгоймæ гтæ. Иууыл хъуыдыйыл ифтыгъд кæ й сты, уымæ гæ сгæ сæ не ’вдæ лы æ ндæ р хъуыддæ гтæ м æ мæ æ рымысыдысты, æ ппæ тæ й дæ р сæ хийау рæ сугъд æ мæ уæ здан чи у, ахæ м необрот. Ныртæ ккæ алы куыстуат, алы хæ дзар, стæ й транспорты æ ппæ т хуызты дæ р адæ мæ н лæ ггад кæ нынц необроттæ. Уыдон сты иттæ г зæ ндджын, коммæ гæ с æ мæ арæ хстджын.

Генриеттæ сагъæ сгъуызæ й бакаст Зазамæ æ мæ сдзырдта уæ ззау хъæ лæ сæ й:

— Мах цы бакæ ндзыстæ м ахæ м ран цæ рынæ н? Фæ лтау куы аздæ хиккам фæ стæ мæ.

— Нæ, Генриеттæ. Фæ стæ мæ здæ хæ н дзы нал ис. Кæ д æ ппын ницы, уæ д музейон экспонатæ н уæ ддæ р сбæ здзыстæ м. Адæ м уынынмæ цæ удзысты нæ химæ дæ р æ мæ нæ космикон уæ рдонмæ дæ р. — Фидарæ й загъта Заза æ мæ агуывзæ бæ рзонд систа йæ къухмæ. Дунейыл кæ рæ дзи чи бамбæ рста, иумиаг зондмæ чи ’рцыд æ мæ æ рдзы, техникæ йы æ ппæ т хъомысад адæ мæ н лæ ггад кæ нынмæ чи сарæ зта, уыцы адæ м уæ лахиз уæ нт:

— Уæ лахиз уæ нт! — æ мхъæ лæ сæ й загътой Морис æ мæ Генриеттæ дæ р, стæ й анызтой сæ агуывзæ тæ.

Генриеттæ йæ н, æ вæ ццæ гæ н, нозтæ й йæ зæ рдæ бамæ гуыр ис. Дыууæ ставд цæ ссыджы æ ртылд йæ рæ сугъд уадултыл. Заза йæ фæ хатыдта æ мæ йын фæ тæ ригъæ д кодта.

— Генриеттæ, кæ д дын зын у, уæ д дæ хи иуцъус сыгъдæ г уæ лдæ фмæ аирхæ фс.

— Зын мын уый у, æ мæ тæ рсын, мыййаг та ацы тынг размæ дзыд адæ мы ’хсæ н дæ р, Æ нгæ сыл цы уавæ ры уыдтæ н, уымæ иуы ’рхауон. — Кæ уын хъæ лæ сæ й загъта ус.

— Цæ мæ н афтæ зæ гъыс, Генриеттæ? — Комкоммæ йæ м бакаст Морис. — Афтæ ма ’нхъæ л æ мæ Æ нгæ сыл адæ м цы уавæ ры уыдысты æ мæ дзы цы стыр хъуыддæ гтæ ’рцыд, уыдон зындгонд не сты зæ ххон адæ мæ н... Æ з ма уын зæ гъгæ дæ р куы кодтон.

— Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, дæ мæ гуыр фыд сæ фæ дзырдтаид? — Йæ ныхас ын фескъуыдта Заза.

— Мæ фыд Æ нгæ сы царды тыххæ й чингуытæ дæ р ныффыста, фæ лæ, уæ хæ дæ г куыд зонут, афтæ мæ й мæ фыды цур нырма Æ нгæ сы уавæ р бынтон æ ндæ р уыд. Адæ мы ныры царды тыххæ й уымæ н ницы йæ бон зæ гъын уыд.

—Æ мæ уæ дæ уый тыххæ й ныр сымах цы зонут? — дисгъуызæ й йæ афарста Заза.

— Æ ппæ т дæ р, — фидарæ й загъта Морис. — Зæ ххæ н ныртæ ккæ эфирон бастдзинад ис, дун-дунейы цæ рджытæ кæ м ис, æ ппæ т уыцы планетæ тимæ. Æ нгæ сы цаутæ тынг цымыдис сты зæ ххон адæ мæ н. Уыдон тыххæ й Заза, æ ддаг планетæ ты цард ахуыргæ нæ н академийы лекцитæ куы кæ са, уæ д уымæ й стыр ахъаз фæ уыдзæ н зонады рæ зтæ н.

Морисы ацы ныхæ стæ æ хсызгон уыдысты Зазайæ н, фæ лæ йæ уырнгæ æ ххæ ст нæ бакодтой.

— Ех, Морис, — арф ныуулæ фыд, — ахæ м амонд ма кæ м æ рхаудзæ н мæ хуызæ н лæ гмæ. Æ гæ рыстæ мæ й мын планетæ Æ нгæ сыл маймулитæ н, адæ мы цыфыддæ р знæ гтæ н лекцитæ кæ сыны фадат куы фæ цис, уæ ддæ р мæ хицæ й амондджындæ р никæ йуал æ нхъæ лдтон. Нырма ме ’мзæ ххон адæ мы, уыдон кæ стæ р фæ лтæ ры раз искуы лекцикæ сæ джы уавæ ры æ рлæ удзынæ н, зæ гъгæ, уый мæ нал уырны.

— Цæ уылнæ? —ныфсæ вæ рæ джы хуызы бакодта Морис. — Махмæ æ ндæ р æ мæ æ ндæ р планетæ тæ й арæ х æ рцæ уынц лекцитæ кæ сынмæ. Уыдон æ хсæ н никуыма уыд, дæ уау кæ ддæ р зæ ххыл чи райгуырд, ахæ м. Уымæ гæ сгæ, сæ куыст куы бакæ нынц, уæ д фæ стæ мæ аздæ хынц. Дæ уæ н æ ндæ р у дæ хъуыддаг. Ды Æ нгæ сы адæ мы цардæ й уæ лдай хорз зоныс зæ ххон адæ мы рагфыдæ лты цард дæ р. Уый та ныртæ ккæ зæ рдиагæ й иртасынц нæ ахуыргæ ндтæ.

Экраныл иу кафт иннæ йы ивы, иу зард иннæ йы ивы. Генриеттæ сæ м ахæ м цымыдисæ й кæ сы æ мæ йæ алыварс ныхас цæ уыл цæ уы, уый дæ р нал хаты. Морис æ нкъары, зæ ххон цардæ й йæ м алцы дæ р тынг цымыдисон кæ й кæ сы, фæ лæ уæ ддæ р Æ нгæ с йæ зæ рдыл æ хсызгонæ й ма лæ ууа, уый йæ нæ уырны æ мæ йæ афарста:

— Генриеттæ, нæ дæ фæ нды ныртæ ккæ экраныл Æ нгæ с куы фæ зынид, уый?

— Ныууадз-ма, цы мæ хынджылæ г кæ ныс, йе уæ хсчытæ ныфссаст æ лхъывд фæ кодта ус.

—Хынджылæ г та цæ мæ н? — комкоммæ йæ м бакаст æ мæ иу кнопкæ фелхъывта. Лушæ æ рбауад. Йæ сæ рæ й ныллæ г акуывта фынгыл бадджытæ н æ мæ сдзырдта.

— Табуафси, цæ ттæ дæ н лæ ггад кæ нынмæ.

— Лушæ, баиу-ма кæ н æ хсæ нпланетæ 0-5-68.

—Табуафси, ныртæ ккæ экраныл уыдзæ н æ хсæ нпланетæ 0-5-68. — загъта æ мæ аздæ хт.

Экраныл фæ зынд тынг рæ сугъд æ рдз. Кæ рæ дзи ивынц уалдзыгон æ рдзы нывтæ. Фæ стæ дæ р фæ зынд æ взонг саулагъз чызг. Иу цъусдуг алæ ууыд, стæ й сдзырдта.

— Уæ бонтæ хорз, зынаргъ телевизормæ кæ сджытæ! Экраныл ис планетæ Æ нгæ сы централон телеуынынад. Ныртæ ккæ планетæ Æ нгæ сыл у рагуалдзæ г. Рæ хджы сæ тæ мæ ны бацæ удзысты уалдзыгон хъæ ууонхæ дзарадон куыстытæ. Трактортæ рджытæ зæ рдиагæ й кусынц техникæ цалцæ г кæ ныныл. Бакæ сут иу цалцæ ггæ нæ н æ рмадзы куыстмæ.

Генриеттæ йы цæ сгом цыдæ ргъуызон ныррухс.

Экраныл разынд егъау æ нæ фснайд æ рмадз. Амыты-уымыты пырхытæ й лæ ууынц трактортæ æ мæ æ ндæ р кусæ нгæ рзты хæ лддзæ гтæ, мазутæ йзмæ ст лæ ппутæ бабырыдысты тракторты бын, архайынц. Фылдæ р архайынц къухæ й.

Морис уыцы нывтæ м кæ сгæ йæ йæ мидбылты кæ й худт, уый Заза фæ хатыдта æ мæ сдзырдта:

— Рæ хджы уыцы хæ лддзæ гтæ фестдзысты æ фсæ н уæ йгуытæ æ мæ Æ нгæ сы быдырты фæ йлаудзысты саумæ р сыджыт.

— Уый раст у, Заза, фæ лæ нырма Æ нгæ сы адæ м дзæ гъæ лы фыдæ бон бирæ кæ нынц. Ныртæ ккæ зæ ххыл у фæ ззæ г, — йæ сахатмæ ’ркаст. — Кæ с-ма, æ з дын фенын кæ нон куысты иу процесс.

Морис фелхъывта иу кнопкæ æ мæ экран фæ талынг. Чысыл фæ стæ дæ р срухс. Фæ зынд необрот-8. Телевизормæ кæ сджытæ н салам радта, стæ й сдзырдта:

— Уынын кæ нæ м фæ ззыгон хъæ ууонхæ дзарадон куыстытæ. — экраныл фæ зынд къæ дзæ х. Къæ дзæ хы рæ бын дæ ргъæ ццон агъуыст. Къæ дзæ хæ й вагоны мидæ г рацыд згъæ р. Бахызт агъуысты иу кæ ронмæ. Уым йæ хигъæ дæ й равдæ лон ис æ ндæ р вагонмæ. Дарддæ р процесстæ афтæ тагъд ивтой кæ рæ дзи æ мæ афтæ зынд, цыма иуæ й иннæ йы ’хсæ н æ ппындæ р рæ стæ г нæ хъуыд. Цалдæ р уысммæ агъуысты иннæ кæ ронæ й ахызт тынг егъау комбайн. Æ ппындæ р лæ угæ не ’ркодта, афтæ мæ й араст быдырмæ. Балæ ууыд иу кæ рдинаг хуымы кæ рон. Чысыл фæ стæ дæ р æ м æ рбацыд цалдæ р машинæ йы. Æ рлæ ууыдысты æ ндæ р æ мæ æ ндæ р кæ хцгæ ндты раз. Комбайн куыд цыд, афтæ машинæ тæ дæ р. Иу гуыффæ мæ уайтагъд кæ лын байдыдта зыгуым, иннæ мæ цъæ мæ л, цалдæ р машинæ мæ та калд æ ндæ р æ мæ æ ндæ ргъуызон ссад.

— Комбайнæ н йæ мидæ г куы ничи зыны, — бадис кодта Заза. — Куыд цæ уы, науæ д кæ дмæ афтæ фæ цæ удзæ н?

— Уымæ н йæ фæ ндаг æ мæ йæ хæ стæ сты дырысæ й хынцыдгонд. Йæ хъуыддаг конд куы фæ уа, уæ д бацæ удзæ н æ ндæ р заводмæ. Уым хынцæ н машинæ тæ зонынц, ахсджиагдæ р цы мигæ нæ н хъæ уы, уый æ мæ йæ уыцы фæ ндагыл бафтаудзысты.

Заза ма хъуамæ истæ мæ йты бафарстаид, фæ лæ экран ахуыссыд. Машинæ цыма, йæ цæ уынæ й æ рæ нцад...

— Æ рхæ ццæ стæ м, — загъта Морис æ мæ сыстад. Космодром уыд уæ лдæ фы. Алырдыгæ й йæ м уæ лдæ фон фæ ндæ гтыл цыдысты æ мæ фæ стæ мæ здæ хтысты, Заза йæ фыны дæ р кæ й никуы федта, ахæ м хæ рзвæ лыст трамвайтæ. Фæ лæ йæ м иууыл диссаг та уый фæ каст æ мæ цыдысты æ нæ хъæ лæ байæ. Уыцы стыр змæ лд афтæ æ нæ сыбырттæ й кæ й цыд, уымæ й Заза исдуг тæ рсгæ дæ р фæ кодта.

— Ау, цавæ р машинæ тæ сты, — фæ рсы Морисы. — Æ ппын уынæ р куы нæ кæ нынц?

— Уынæ р чи кодта æ мæ уæ лдæ ф алыгъуызон хъылма газтæ й чи сæ фта, уыцы машинæ тæ адæ мы æ нæ низдзинадыл æ взæ рæ рдæ м зындысты æ мæ бакуыстгонд æ рцыд, электроны тыхæ й æ нæ сыбырттæ й чи кусы, ахæ м машинæ тæ. Уый бирæ фенцондæ р кодта адæ мы цард æ мæ куысты уавæ ртæ.

Заза каст фæ йнæ рдæ м. Кæ м æ рхызтысты, уый уыд тынг егъау æ мæ æ вæ джиауы рæ сугъд горæ т. Адæ м уыдысты хъæ лдзæ г æ мæ цæ рдхуыз. Уæ лдæ ф уыдис сыгъдæ г. Фындзы хуынчъыты рæ вдыдта дидинджыты ’хцон тæ ф. Заза, сабиау, цин кодта йæ райгуырæ н, Йæ мадæ лон зæ ххы уындæ й. Морис æ й зонгæ кодта алыгъуызон адæ ймæ гтимæ. Уыдонæ н æ хсызгон уыд, æ ндæ р планетæ йыл уал сæ дæ азы чи фæ цард, уыцы адæ ймаджы уынд. Зæ рдиагæ й йæ хуыдтой, цæ мæ й алы куыстуаты дæ р лекци бакæ са Æ нгæ сы царды тыххæ й. Заза æ рмæ ст йæ сæ р тылдта, æ ндæ р йæ бон фырцинæ й дзурын нæ уыд.

1968—1969



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.