Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





4 УАЦ Фæсыкк космосы. 4 страница



Артур фырцинæ й сгæ ппытæ кодта æ мæ алыгъд Гертрудмæ.

XXIII

Базелы рахиз дзæ мбы уæ раджы фæ къæ дзгæ нæ нæ й дæ лæ мæ кæ мдæ р ахауд. Хæ лафы фадыг дæ р ма йæ цы хъыг дардтаид. Алыг æ й кодта æ мæ йæ голладжы комау бахуыдта. Йæ иу дзæ мбыйыл дыууæ лæ дзæ джы æ нцой хæ рз зынæ й æ рхызт рог машинæ йæ. Йæ размæ бауадысты Зиба æ мæ Байри. Заза сугты цагъдыл бады æ мæ сæ м йæ цæ ст дары. А, къах ма, фæ лæ уыцы стыр гæ лдæ р кæ м ныууагъта, уый диссаг у. Йæ сатæ г сау хæ мхудтæ æ мæ йе стыр хъилхъустæ куы нæ уыдаиккой, уæ д йæ базонын дæ р фæ зын уыдаид. Заза фыццаг хатт федта маймули кастилтимæ. Цыдæ р худæ г æ м фæ мидæ г æ мæ йæ цæ мæ й мачи фæ хатыдтаид, уый тыххæ й бацыд мидæ мæ. Къæ сæ ры бахизæ ны Боро йæ фарсыл хуыссы. Заза йæ йæ къахæ й сриуыгъта æ мæ йын дуары ’рдæ м ацамыдта.

— Дæ господин æ рцыд æ мæ йæ м ауай. Йе ’фцæ джы атыхс. — Боро йæ м уыцы æ нæ мбаргæ каст скодта, стæ й иннæ рдæ м азылд. Йæ рахиз дзæ мбыйæ йæ гуыбын ныхы. Заза фырхудæ гæ й йæ хи нал урæ дта, йæ клеткæ йы бамидæ г æ мæ хъæ мпыл ныддæ лгом. Куы ’рсабыр, уæ д йе ’мбæ лттæ м адзырдта:

— Алчи дæ р уæ йæ бынатмæ бацæ уæ т. Ныртæ ккæ уæ м ахæ м орангутанг æ рбагæ пп-гæ пп кæ ндзæ н йæ иу дзæ мбыйыл æ мæ -иу уæ удтыл фидар хæ цут. — Худы Заза ноджы. Адæ м бацыдысты сæ клеткæ тæ м. Хуынчъытæ й сæ цæ стытæ ныццавтой дуары ’рдæ м. Æ нхъæ лмæ кæ сынц, чи ’рбацæ удзæ н, уымæ. Уынгæ й хъуысы ахæ м ныхас:

Базел: — Кæ дæ й нырмæ нал уыдтæ н мæ лабораторийы. Фенон, цы ивындзинæ дтæ дзы æ рцыд.

Зиба: — Æ мбал Базел, дардвæ ндаджы фæ стæ фæ ллад уыдзынæ. Хуыздæ р нæ уаид, куы уал баулæ фис?

Базел: — Фæ ллады койгæ нæ н нал ис. Стæ й дæ р мын улæ фыны рæ стæ г тагъд фæ уыдзæ н, уæ зæ рдæ мыл мауал тыхсæ т. Мæ уд ма тыхæ й лæ ууы буары. Тагъд афардæ г уыдзæ нис, кæ цæ й æ рцыдис, уырдæ м.

Зиба: — Уæ дта уал уæ лæ мæ, операцион хатæ нмæ схизæ м.

Базел: — Уый ницы уæ лдай у. Зæ ронд, æ рдæ гмард маймули ма дæ н æ мæ мæ м хæ стæ гдæ р цы ис, уый уал фенон. Цы бæ рæ г ис, мæ уд кæ д фæ балц уыдзæ н, уымæ н. Уыцы бæ рзонд асинтыл ма фæ разгæ дæ р скæ ндзынæ н?

Заза нырма йеныр фæ хатыдта, цæ мæ н нæ уадзы Базелы ардæ м, уый. Боройы ахæ м хуызы куы фена, уæ д йæ зæ рдæ куы атона.

Нæ бакоммæ каст Базел. Йæ фæ йнæ фæ рсты тарстхуызæ й цæ уынц Зиба æ мæ Байри. Бахызт фыццаг хатæ нмæ, фæ цæ уы дыккагмæ. Хæ рзаг йæ иунæ г ныфсы мæ сыджы, æ ххормаг куыдзы хуызæ н, хаудæ й куы фена къæ сæ ргæ рон, уæ д куыд фæ уыдзæ н. Æ ниу уый дæ р цы йæ фыдбылызы къæ хтæ ’рбахастой? Йæ сæ ры магъз ын куы бацалцæ джытæ чынд, уæ дæ й фæ стæ мæ хуыссыд операцион хатæ ны. Уырдæ м цыдысты профессортæ, доценттæ, академиктæ. Ничи йын ницы рахатыдта йæ низы хаттæ н. Фæ стагмæ ныллæ ууыдысты ахæ м хъуыдыйыл, зæ гъгæ туг фæ хъæ стæ цавæ рдæ р æ взæ р нозтæ й. Йæ цыд фæ уæ ззаудæ р ис уæ нгты. Сæ ры магъзмæ нал хæ ссы фаг туаггуыр æ мæ нындзыг. (Уыдæ ттæ Зирæ фæ дзырдта Зазайæ н). О, æ мæ уæ дæ й фæ стæ мæ æ ддæ мæ нал цыд, фæ лæ абон цы фыдбылызæ н æ рцыд. Æ рбацыд къæ сæ ргæ ронмæ. Уым ныххауд æ мæ хуыссы. Базел ма йæ фыццаджы уагыл куы уыдаид, уæ д æ й чи зоны афтæ тагъд нæ фæ хатыдтаид. Маймулийы йæ гæ лир чъылдымы стæ г цас уадзы, уыйбæ рц йæ хи схъæ л дардта. Фæ лæ ныр иуæ й гуыбыр ныцци, иннæ мæ й та кастилтимæ хорз нæ ма арæ хст æ мæ иууыл йæ къæ хты бынмæ каст.

Куыддæ р къæ сæ рæ н мидæ гæ й йæ лæ дзджыты æ рывæ рдта æ мæ йæ иунæ г дзæ мбыйы æ рбайсынмæ хъавыд, афтæ Боро дæ р базмæ лыд. Йæ цъæ х цæ стытæ й йæ м цыдæ р æ нæ мбаргæ каст скодта.

— Ай... — Йæ хъæ лæ с фехгæ дта. — Бо... Боро! — иу хъихъхъ ма фæ кодта, стæ й, уæ рдонæ й рахауæ г йедзаг голлагау, зæ ххыл адæ ргъ.

— Байри, — йæ зонгуытыл æ рхауд Зиба, Базелы риуы ’гънæ джытæ уадзы. Йæ хæ мхудтæ йын æ ууæ рды. — Байри, дон! — Байри дон раскъæ фта.

— Ауай ныр, уæ лæ уæ лейæ цы сыл адæ ймæ гтæ ис, уыдонмæ фæ дзур. Уырдæ м æ й ахæ ссæ м. Уый фæ стæ телефонæ й тагъд æ ххуысмæ адзур. Тагъд куыд рарвитой профессоры. Мæ нæ н нæ й йæ цурæ й фезмæ лæ н.

Базелы куы ахастой, уæ д Боро дæ р сыстад. Сæ фæ дыл араст цудтытæ гæ нгæ, расыгау.

— Уæ бындур хорз куы базмæ лыд, нæ цытджын фысымтæ. — Сæ фæ дыл ахъæ р кодта Заза.

Байри телефоны хæ тæ л систа. Зилы аппараты цæ лхыг. Æ взары номертæ, фæ лæ та йæ м райхъуысы хъипп-хъиппы цыбыр скъуыдтæ. Æ ппынфæ стаг ын йæ хъусы æ лгътæ фелхынцъ кодта кæ йдæ р бæ зджын хъæ лæ с.

— Хиллауу! —Уыцы бæ зджын хъæ лæ с, ризæ гау, адаргъ кодта йæ дзырд.

— Тагъд æ ххуысæ й дæ? — Афарста йæ Байри.

— Уæ дæ кæ цæ й мæ рдтæ й дæ н? — тызмæ г дзуапп райхъуыст хæ тæ лæ й.

— Чи дæ, бахатыр кæ н, фæ лæ?

— Дæ уæ н цы уæ лдай у? Æ з æ мæ мæ цъæ х гæ дыйæ фылдæ р иу удгоймаг дæ р нæ й ам. Ралæ хур, чи дæ æ мæ цæ уыл фæ тыхстæ, уый. Кæ д дын исты баххуыс кæ нын мæ бон бауа, науæ д дын цы кæ нон.

— Æ з дзурын, уæ лдæ р физиологийы институты директор орангутанг Базелы хæ дзарæ й. Профессор Базел ныртæ ккæ æ рхæ ццæ хæ стæ й. Йæ зæ рдæ сæ взæ р æ мæ ис йæ царды фæ стаг минутты. Курæ г уæ дæ н, цæ мæ й йæ м рарвитат иу профессор искæ й. — Бардзырды хуызы загъта Байри. Уымæ афтæ кæ сы, цыма Базел уыдонмæ куыд нымад у, æ нæ хъæ н Сиберы дæ р æ й афтæ нымайынц.

— Æ мæ кæ д уæ профессор хæ стæ й æ рцыд, уæ д цымæ йæ цæ стытæ кæ м уыдысты? Куыд нæ фембæ лд уым мах профессортыл? — Тызмæ гæ й дзуры уыцы бæ зджын хъæ лæ с. — Уæ вгæ й йын ахсæ в ницы мæ бон у. Бафæ дзæ хсут æ й æ мæ ардыгæ й райсоммæ йæ удыл фидар хæ цæ д. Ам ма цæ йдæ р сыл маймулитæ вæ ййы. Профессортæ сты æ ви цы хæ йрæ джы сыкъатæ сты, æ з сын ницы æ мбарын. Райсом куы ’рбацæ уой, уæ д сæ иууылдæ р арвитдзынæ н. — Ацы ныхæ сты фæ стæ хæ тæ лы гуыпп фæ цыд.

Базелæ н йæ зæ рдæ йе ’муд куы ’рцыд, уæ д ын радзырдтой, Боройыл цы фыдбылыз сæ мбæ лд, уый. Йæ химæ йæ ракæ нын кодта. Фæ рауын-бауын æ й кодта. Уайтагъд йæ зæ рдæ фехсайдта, чидæ р ын цыдæ р кæ й сарæ зта, уымæ. Фæ лæ азымы кæ й бадара, кæ й бафхæ ра, уымæ н ницы зоны. Зиба æ мæ иуцалдæ р санитары ма институты ис, кæ цытæ иучысыл уæ ддæ р зонгæ сты медицинæ имæ, фæ лæ уыдонæ й исчи ахæ м вазыгджын операци сараза, уый йæ нæ уырныдта. Зонадон кусæ г та дзы Боройæ н йæ хицæ й дарддæ р ничи уал уыд... Нымбæ хста, кæ й фæ дызæ рдыг, уый.

Зирæ æ ппæ т ацы хъуыддæ гты аххосджын дæ р йæ хæ дæ г уыд æ мæ та сын æ вдисæ н дæ р йæ хæ дæ г фæ цис. Æ цæ г æ й фæ рсгæ ничи ницæ мæ й бакодта. Уыцы вазыгджын операци уæ лдæ р медицинæ йы кусджыты къухы дæ р зынæ й æ фты, стæ й адæ ймагыл ахæ м хъуыддаджы фæ дызæ рдыг у, уый Базел йæ сæ рмæ дæ р нæ бахастаид.

XXIV

Базелы фæ зынд Барбисæ н хурбоны арвы æ рцавдау уыд. Зындзырд, хивæ нд маймули у. Йæ адæ м иууылдæ р уæ ййаг куы уой, уæ ддæ р æ м ахæ м хуызы бахатыдæ уыд, зæ гъгæ, уæ д хъуамæ райдайа дардыл таурæ гътæ хæ ссын... Цы хорз уыдаид. Боро ма дзæ бæ х куы уыдаид, уæ ддæ р æ й фæ рсгæ дæ р нæ бакодтаид, афтæ мæ й ракодтаид Зазайы. Ныр цас æ мбæ лы, уыйас нæ, фæ лæ дæ с хатты тынгдæ р ныввазыгджын кæ ндзæ н Базел хъуыддаджы. Исдуг афæ нд кодта, зæ гъгæ, йæ бынтондæ р ныууадзон, фæ лæ уый гæ нæ н нæ уыд. Ам хиуарзондзинады фæ дыл ацæ уын нысан кодта институт бынтондæ р сыхгæ нын. Уæ дæ йæ кæ дмæ дардзысты æ нæ лекторæ й? Иуцалдæ р сыл, зæ ронд маймулийы ма дзы ис æ мæ хуымæ тæ джы рард ракæ нын дæ р нæ фæ разынц. Цы хъуамæ бацамоной студенттæ н.

«Цы уа, уый уæ д! » — ныллыг кодта. Иу «сиберскийы» авг (афтæ хуыйны Сиберийы иууыл кадджындæ р нуазинаджы ном) йæ дзыппы нывæ рдта, къалбас, адджын гуылтæ балхæ дта æ мæ араст. Уынджы Байрийы баййæ фта сугтæ сæ тгæ.

— Кæ м ис уæ хистæ р? — бафарста йæ салам радтыны фæ стæ.

— Операцион хатæ ны ис, — загъта Байри æ мæ дарддæ р кодта йæ куыст. Барбис афтæ æ нхъæ лдта, зæ гъгæ, кусгæ кæ ны æ мæ йæ ницæ мæ йуал бафарста, (Уый нæ ма фехъуыста Базелы рынчын). Комкоммæ араст асинтыл. Куыд хæ стæ гдæ р кодта, афтæ йæ зæ рдæ йы цавд тынгæ й тынгдæ р кодта. Никуы йæ бахъуыд, æ гæ рыстæ мæ й, йæ хицæ й уæ лдæ р чи лæ ууыд, ахæ м маймулитæ м дæ р исты хъуыддаджы фæ дыл лæ гъзтæ мæ цæ уын. Ныр йæ хи æ мсæ р маймулимæ æ руырдыг уа æ мæ йын лæ гъзтæ кæ на, уый дæ р ма хорз исты куы уаид, фæ лæ адæ ймаджы тыххæ й. Бынтондæ р æ й йæ сæ рмæ нæ хаста. Йæ хинымæ ры æ лгъыста хæ ст райдайæ н бон.

Палатæ йы къæ сæ рæ й куы бахызт, уæ д ыл хæ рхæ мбæ лд фесты æ ртæ цъæ х халатджын сылгоймаджы. Уый сæ исдуг ницæ мæ æ рдардта, фæ лæ йæ æ мхуызон куы афарстой, кæ й агурыс, зæ гъгæ, уæ д фæ джих. Бæ стон сæ м ныккаст. Адæ ймæ гтæ сты æ ви маймулитæ, уый рафæ лгъауын йæ бон нæ уыд.

— Кæ й агурыс, дæ куы фæ рсын? — цавддурау, куы лæ ууыд, уæ д ыл сбуцтæ кодта Зазайы хæ лар Зирæ.

— Фæ лæ у-ма, сымах маймулитæ стут, æ ви адæ ймæ гтæ?

— Нæ хæ мхудтæ м маймулийы хуызæ й исты ис, мыййаг? — йæ цæ стытæ м ын ныккаст Зирæ.

— Мæ н Базел хъæ уы, — дарддæ р ныхас кæ нынæ й кæ й ницы рамбулдзæ н, уый бамбæ рста æ мæ бацархайдта ныхас фæ цыбырдæ р кæ ныныл.

— Базелæ н тынг мæ гуырау у йе ’нæ низдзинад. Развæ лгъау æ й хъуамæ афæ рсон, исы дæ йæ химæ, æ ви нæ, уымæ й. Цы йын зæ гъон?

— Демæ, зæ гъ, аныхас кæ нын фæ нды орангутанг профессор Барбисы. — Зирæ ацыд. Барбис хъуыдыты адзæ гъæ л. Диссаг нæ у адæ ймаг маймулийы фæ ндагыл æ рлæ ууа?

Базелы æ нæ низдзинад æ цæ г тынг мæ гуырау уыд. Уый хуыссыд æ фсæ йнаг цъæ тджын сынтæ джы. Хуыссыд дзыхъхъынног, сыгъдæ г хуыссæ нты. Йæ цæ стæ нгас уыд тынг æ рхæ ндæ г. Базелы уавæ р нæ зыдта Барбис æ мæ куыддæ р фæ тыхст. Уæ ддæ р рæ стæ гыл фæ рæ вдз, æ нæ низ у, зæ гъгæ, зæ гъынмæ.

— Æ нæ низ дæ дунейы фарн уадзæ д. — Хъæ ццулы бынæ й раласта йæ хиталæ джы хуызæ н мæ ллæ г дзæ мбы æ мæ йæ Барбисмæ бадардта. Уый йын æ й райста, фæ лæ йæ зæ рдиаг æ лхъывд æ ркодтаид, уый йæ ныфс нæ бахаста.

— Куыд у де ’нæ низдзинад, Базел? — кæ д æ й уадиссаг ницы ’ндæ вта Базелы æ нæ низдзинад, уæ ддæ р æ й афарста фæ ччыгъæ дæ н.

— Ех, мæ зынаргъ Барбис. Уымæ й фæ рсын нал хъæ уы мæ н. Дыууæ къахимæ дæ р ницы уадиссаг уыдтæ н, ныр кæ сыс. — Хъæ ццул иуæ рдæ м аппæ рста æ мæ равдыста йæ, хъæ ды лыггаджы хуызæ н, къах.

— Куыд дыл æ рцыд уый, дæ хорзæ хæ й, Базел? Науæ д улæ фыны дзырдæ й куы ацыдтæ ардыгæ й? — Йæ хи йыл цæ стмæ хъус мæ тгæ нæ г скодта Барбис.

— Æ гæ р улæ фт дæ р ма мын фæ цис, æ гæ р, — хъæ рзгæ дзуры Базел. — Чи дæ уадзы улæ фынмæ? Куыддæ р поездæ й æ рхызтыстæ м курортон горæ ты, афтæ нæ уæ лхъус февзæ рд иу инæ лар Еникæ цалдæ р хотыхджын æ фсæ ддонимæ. Нæ л маймулитæ цыдæ риддæ р уыдыстæ м, æ рбамбырд нæ кодта æ мæ нын хъæ рæ й бакаст хъахъхъæ нынады министр шимпанзейы бардзырд. Уым дзырдæ уыд, зæ гъгæ, Æ нгæ сты маймулитæ бахаудтой æ вирхъау зын уавæ ры. Бамбиры гориллæ тæ сæ цæ гъдынц æ науæ рдонæ й. Йæ хи, дам, сыгъдæ г маймулитæ й чи хоны, уый хъуамæ æ ххуысмæ ацæ уа йе ’фсымæ ртæ м, Цы дæ зæ рды ис? Иу маймулитæ ласæ н дынджыр науыл нæ бакалдтой фондзæ ссæ дзæ й, сыгъдæ г профессортæ. Æ ртæ бонмæ бахæ ццæ стæ м Бамбирмæ. Иу мæ йы бæ рц нæ ацахуыр кодтой хæ стон хъуыддагыл, стæ й — комкоммæ фронты раззаг хахмæ. Æ мæ афтæ æ нхъæ лыс Бамбиры гориллæ тæ не ’фсады ныхмæ афтæ фидар фæ лæ ууыдаиккой? Иу фæ цæ фы фаг дæ р сын нæ уыдысты, фæ лæ нæ хи сæ финаг гориллæ тæ. Иннæ ахæ м Ширмæ. Хицæ н полк сарæ зта Æ нгæ сы гориллæ тæ й. Кæ м фæ зыны, уым бынсæ фт ныккæ ны орангутангты æ фсады. Нæ ауæ рды шимпанзетыл дæ р. Иуахæ мы не ’фсæ ддон хай боны стыр тохы фæ стæ рацæ й здæ хт штабмæ. Æ нæ нхъæ лæ джы иу хъæ дгæ рон нæ разы фæ цис Ширмæ йы къорд. Æ з уайтагъд мæ хуыцауы цæ ф базыдтон. Куыддæ р фыццаг гориллæ тæ мæ рдтæ й æ рхаудтой, афтæ æ з дæ р мæ хи аппæ рстон æ мæ мæ рдты бын фæ дæ н. Æ нхъæ лдтон, зæ гъын, ныр аирвæ здзынæ н, фæ лæ уалынмæ мæ цуры сæ мбæ лд цавæ рдæ р хæ лæ н нæ мыг. Ницыуал базыдтон, Дыккаг бон æ рчъицыдтон госпиталы æ нæ къахæ й. Уым иуцасдæ р фæ садтæ н, стæ й хæ цынæ н куы нал бæ ззыдтæ н, уæ д мæ иуцалдæ р мæ хи хуызæ н æ нæ къах, кæ нæ æ нæ цонг маймулиимæ науы баппæ рстой æ мæ нæ рарвыстой. — Ныхъхъус Базел. Ныхъхъус, цыма хæ сты цаутæ й цы ферох кодта, уыдон йæ зæ рдыл æ рлæ ууын кæ нынмæ хъавыд, уыйау.

— Уæ ддæ р цы уыдзæ н, Базел? — Цымыдисæ й фæ рсы Барбис. Цæ мæ ’рбацыд, уый дæ р дзы айрох. — Ды фылдæ р федтай. Хæ сты уыдтæ æ мæ йæ хатдзынæ.

— Уый ныр алы лæ ппын маймулийæ н дæ р зын рахатæ н нал у. — Фидарæ й загъта Базел. — Орангутангтæ æ мæ шимпанзеты мыггаг быныскъуыд суыдзæ н. Баззайдзысты ма адæ м æ мæ гориллæ тæ, уыдонæ й цардмæ чи рæ вдздæ р разына, — уыдон суыдзысты Æ нгæ сы хицау. Цардмæ та рæ вдздæ р разындзысты, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, æ нæ мбаргæ адæ мы разæ й гориллæ тæ.

— Дæ хи æ гæ р ма ауадз. Ау, лæ ппын орангутангтæ дæ р нал баззайдзысты? — Ныфс æ вæ рæ гау бакодта Барбис.

— Дзæ гъæ лы афтæ хъуыды кæ ныс. Орангутангтæ й хæ сты чи ис, уыдон скуынæ г кæ ныныл нæ ахицæ н уыдзæ н хъуыддаг. Хæ сты фæ стæ Ширмæ йæ н йæ хъавд у ардæ м орангутангты авдæ ны сабитæ й суанг фæ стаг зæ ронды онг скуынæ г кæ нынмæ. — Барбисæ н бынтон йæ ныфс асаст. Йæ хуын дæ р дзы айрох. Ныр, фырадæ ргæ й, йæ цæ стыты цы дон абадт, уый асæ рфыны тыххæ й нывнæ лдта йæ дзыпмæ æ мæ уæ д æ рбаймысыд, уым нуæ зт кæ й ис, уый.

— Рынчын фæ рсæ ггаг хуыздæ р цыдæ ртæ хъæ уы (нырмæ йын йæ рынчын кæ й нæ фехъуыста, уый нал схъæ р кодта), фæ лæ мын æ й ныббар. — Базелы раз цы чысыл стъолгонд уыд, ууыл æ рæ вæ рдта авг, къалбас æ мæ адджинæ гтæ.

— Æ ниу сæ кæ дæ м хастай? Мæ нæ н ацы тыхст рæ стæ джы кæ цыфæ нды орангутангы æ рбауайын дæ р æ хсызгон у, фæ лæ мæ ничи абæ рæ г кæ ны. Æ ниу хъаст дæ р кæ мæ й рачындæ уа? Чи ма дзы ис? Иунæ г Боройы ныфсæ й ма мæ хи æ рæ ппæ рстон ардæ м. Зæ гъын, куыстимæ йæ хуыздæ р базонгæ кæ ндзынæ н. Йæ бæ рныйын бакæ ндзынæ н физиологийы уæ лдæ р институт. Мæ хи лаборатори дæ р ын ныллæ вар кæ ндзынæ н, стæ й æ нæ мæ тæ й амæ лдзынæ н... æ рцыдтæ н æ мæ... — Уыцы рæ стæ джы дуар æ рбайгом æ мæ мады арды хуызæ н бæ гънæ гæ й æ рбахызт Боро. Цыма хатæ ны æ ппындæ р никæ й федта, уыйау Базелы рæ зты ахызт, æ нæ исчердæ м фæ кæ сгæ йæ æ мæ къуымы дæ лгоммæ йæ хи ауагъта.

— Уый йыл цы ’рцыд, дæ хорзæ хæ й? — Æ нæ мбарæ джы каст кæ ны Барбис куы Базелмæ, куы Боромæ.

— Æ мæ йын цы базындæ уыдзæ н? Æ з æ нхъæ л дæ н æ мæ йын чидæ р йæ сæ ры магъзыл операци скодта. Фæ лæ чи? — Ацу æ мæ йæ базон.

— Дзургæ нæ кæ ны?

— Нæ дæ р дзургæ, нæ дæ р æ мбаргæ. Хъæ дæ й фыццаг хатт цы адæ ймæ гты æ ркæ нынц, раст уыдон хуызæ н у.

— Æ нæ рцæ угæ диссаг...

— Нырма бирæ диссæ гтæ фендзынæ, мæ хæ лар, фæ лæ ма дæ авг байгом кæ н æ мæ дзы фæ йнæ аназæ м. Афтæ мæ й маст къаддæ р æ вналы маймулийы зæ рдæ мæ.

Фæ йнæ дыууæ агуывзæ йы куы анызтой, уæ д Барбис бафæ нд кодта йæ хъуыддаг ахицæ н кæ нын. Æ нæ уый дæ р æ гæ р бирæ кæ й бафæ стиат, уый йæ м раст нæ кæ сы.

— Базел, дæ хуызæ н хъæ рзгæ йы тыхсын кæ нын аив дæ р нæ у, фæ лæ мах хъуыддаджы маймулитæ кæ й стæ м, уымæ гæ сгæ нæ макуы хъуамæ рох кæ на нæ сæ йраг хæ с.

— Раст дæ, мæ хур, раст. Зæ гъ, кæ д дæ исты хъæ уы мæ нæ й.

— Дæ адæ мы ’хсæ н ис, чысылæ й фæ стæ мæ дард Зиптуны скæ сæ йнаг дынджыр ахуыргонд шимпанзе Къозойы кусæ нуаты чи хъомыл кодта, ахæ м адæ ймаг. Æ з ыл бынтон æ нæ нхъæ лæ джы фембæ лдтæ н. Тынг хорз зоны математикæ. Мæ институты лекторты хуыздæ ртæ хæ сты баззадысты. Фæ нды мæ, цалынмæ бæ стæ æ рсабыр уа æ мæ нæ хи кадртæ фæ зына, уæ дмæ дзы, зæ гъын, куы спайда кæ нин.

— Акæ с дæ хорзæ хæ й, — ныддис кодта Базел. — Уый æ цæ г зæ гъыс?

—Æ цæ г.

— Нырма дæ р мæ нæ уырны. Хатыр, фæ лæ ма мын æ й фенын кæ н. Кæ д æ цæ г разына дæ дзырд, уæ д æ й акæ н. Акæ н дзы, цал дæ фæ нды, уал. Æ з дæ ницы радомдзынæ н сæ ныхмæ. Цы ма сæ кæ нын? Кæ мæ н ма мæ хъæ уынц.

Заза дис кодта, цæ мæ ма йæ кæ ны Базелмæ, ууыл, фæ лæ сразы.

Базел куы федта, Заза рардтæ куыд рæ вдз кæ ны, уый, уæ д йæ дисæ н кæ рон нал уыд.

— Æ мæ дæ хи фæ нды кусын? — бафарста йæ.

— Клеткæ йы бадыны бæ сты кусын кæ й нæ бафæ нддзæ н? — фидарæ й загъта Заза.

— Цы дæ фæ нды, уый араз, — Базел баздæ хт Барбисмæ. Æ вæ ццæ гæ н ыл нозт дæ р фæ тых æ мæ снæ ртон. — Цал дæ дзы хъæ уы, уал дзы акæ н. Рабæ здзысты дын исты куыстыты. Кæ д дæ фæ нды мæ нæ мæ хæ дзар æ д лаборатори, æ д кусджытæ æ мæ адæ м дæ у уæ нт. Æ з дзы бирæ нал ацæ рдзынæ н.

Барбис куы цыд, уæ д Базел йæ цæ ссыгтæ æ ркалдта. Ацы хъуыддаг дис фæ каст ректормæ. Ау, æ хсон дурæ й фидардæ р зæ рдæ йы хицау маймулийы ахæ м уавæ рмæ чи ’ркодта, уый цавæ р хæ ст у?

XXV

Заза бæ гънæ гæ й афтæ фæ цайдагъ æ мæ йæ буар дзаума нал уарзта. Барбисмæ йæ фыццаг хатт куы кодта Байри, уæ д ын цы зæ ронд хæ дзары дарæ нтæ ’рбахаста, уыдон мидæ г, цыма йæ буарыл мæ лдзгуытæ рабыр-бабыр кодтой, афтæ йæ м каст. Фæ стæ мæ йын сæ куы ласын кодта, уæ д сæ тынг æ хсызгонæ й феппæ рста. Æ нæ уи дæ р йæ рæ хснæ г гуырыл маймулийы гæ лир уæ нгтыл хуыд дзаума удæ ст кæ рцы суйтæ ныйисты. Уæ д кæ дæ м цыд, цахæ м маймулиимæ йæ базонгæ кæ нын хъæ уы, уый нæ зыдта æ мæ сæ уа зæ рдиагæ й дæ р ницы кодта, фæ лæ ныр æ ндæ р хъуыддаг у. Барбис æ м куы ’рбацыд, уæ д æ й Заза зонгæ дæ р нал бакодта. Йæ хæ мхудтæ булкъдаст. Сау бостон костюмы бынæ й зынд урс нейлон хæ доны æ фцæ ггот. Йæ хъуырыл, калмау, æ рзæ бул лыстæ г, сау галстук. Йæ сæ рыл нарæ г быдырджын цъæ х шляпæ арф æ ркодта суанг ын йæ хъилхъустæ дæ р куыд æ мбæ рзтаид. Нарæ г фадыгджын, цыбыр хæ лаф ахæ м тынг итувæ рд уыд æ мæ йæ цъæ лыл къух алыг уыдаид. Рæ сугъд хъулон цъындатæ, сынты базыры хуызæ н, бæ рзонд зæ вæ т цыргъ бырынкъджын дзабырты аныгъуылдысты. Дзабырты фындзтæ хæ рдмæ скъæ дз сты. Æ вæ ццæ гæ н сæ йæ пæ лæ хсар дзæ мбы разиау нæ ацыд æ мæ уымæ н.

Заза æ нхæ ъл уыд, зæ гъгæ мын исты хæ ррæ гътæ уæ ддæ р æ рбахæ сдзæ н, фæ лæ марадз зæ гъ. Йæ дæ ларм иу цъæ х сæ рак папкæ бакодта, афтæ мæ й æ рбасхъæ л.

— Цæ уæ м? — цыбыр, фæ лæ фидарæ й загъта Барбис.

— Кæ дæ м? — ницы зонæ джы фарст æ й акодта Заза.

— Нæ йæ зоныс кæ дæ м? — фæ тызмæ г ректор æ мæ фæ хъæ р кодта, — Министрадмæ, æ ндæ р кæ дæ м.

— Æ мæ ма дæ химæ ’ркæ с, стæ й уæ д мæ нмæ дæ р. Ахæ м хуызы мæ куы фена паддзахады сæ ргълæ ууæ г, уæ д сразы уыдзæ н мæ н институтмæ кусынмæ ауадзыныл?

— Уæ дæ куыд?

— Фыццаджы дæ р мæ хъæ уы дзаумæ ттæ, стæ й мæ хи æ рдасын æ мæ ныннайын.

— Мæ дзаумæ ттæ й дæ уæ н ницы сбæ здзæ н...

— Куы сбæ ззой, уæ ддæ р сæ не скæ ндзынæ н. — Йæ ныхас ын фескъуыдта Заза. — Министрад никуыдæ м алидздзæ н, æ нхъæ лдæ н. Стæ й уæ институт нырмæ куыд куыста, иу-дыууæ боны ма афтæ бафæ раздзæ н.

— Уый та цæ мæ н зæ гъыс? — фæ дисау Барбис.

— Министрадмæ цæ уыны æ мгъуыд фæ ивæ м. Фæ лтау азилæ м магазинты. Балхæ н хъуымац æ мæ мын иу хорз карцкæ рдæ гæ н бахуыйын кæ н дзаумæ ттæ. Дзабырхуыйджытæ м дæ р бауайæ м. Мæ къахы бынтæ уæ зæ г сæ вæ рдтой. Дзабыры сæ р сæ ницæ мæ н хъæ уы, фæ лæ уе студентты раз бæ гъæ мвад лектор куы лæ ууа, уæ д аив нæ у. Цыбырдзырдæ й ныртæ ккæ дæ уыл цы ис, уыдон мæ иууыл дæ р хъæ уынц, æ рмæ ст мæ хи уæ нгтыл хуыдæ й. Нæ бон у шляпæ уал уадзæ м. Æ нхъæ л дæ н мæ хъустæ æ мбæ рзт куы нæ уой, уæ ддæ р уый бæ рц фыдуынд нæ фæ кæ сдзысты уæ паддзахмæ. — Уымæ й ма, цыма Барбисæ н йæ арм фæ рог кодта, ахæ м хъæ лæ сы уагæ й дзырдта Заза.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.