|
|||
4 УАЦ Фæсыкк космосы. 6 страница— Алы ран дæ р кадрты хъуыддаг мæ гуырау кæ й у, уый дын æ нæ зынд нæ у. Институт æ нæ лекторæ й æ нæ æ ртаг машинæ йæ уæ лдай нæ у. Æ з ацы нæ л адæ ймагимæ базонгæ дæ н хæ рз æ нæ нхъæ лæ джы. Тынг рæ вдз у математикæ мæ. — Барбис лыстæ ггай радзырдта, Заза Къозойы тыххæ й цытæ æ рымысыд, уый. Йæ ныхас фæ цис афтæ: — Мæ н ныфс ис кæ й сарæ хсдзæ н кусынмæ. Мæ хæ дæ г æ й алы хуызты дæ р бафæ лвæ рдтон, — ам иуцасдæ р бæ рцæ й мæ нг кæ й дзырдта Барбис, уый худæ г фæ каст Зазамæ æ мæ иннæ рдæ м азылд. Йæ бæ рзонддзинад иудзæ вгар фæ хъуыды кодта, стæ й сдзырдта: — Нæ уæ здан маймули мыггагæ н стыр æ фхæ рд уыдзæ н бæ стыл иууыл æ лгъагдæ р сырды нæ институты лектор скæ нын, фæ лæ цы гæ нæ н ис. Бирæ гъыл дам уынгæ джы бон куы ’ркæ ны, уæ д куыдзы бын дæ р атулы. Бафæ лвар æ й. Мæ гуырау нæ уаид маймулийы маскæ йыл бакæ нын æ мæ йæ бæ рзæ й чысыл размæ гуыбыр куы дарид, уæ д, фæ лæ йын йæ фыдуынд къухтæ н та цы бачындæ уыдзæ н? Æ дзух сыл æ рмкъухтæ куыд дардзæ н? — Æ нхъæ л дæ н æ мæ йыл куы фæ цайдагъ уой студенттæ, уæ д сæ м æ ппындæ р ницыуал диссаг кæ сдзæ н. — Йæ хъуыды балхынцъ кодта Барбис. — Цæ й хорз, — сразы йæ бæ рзонддзинад, стæ й афарста: — ныртæ ккæ кæ м вæ ййы? — Базелы лабараторийы ис клеткæ йы. — Æ мæ клеткæ йы уæ вгæ йæ дæ бон кусын суыдзæ н? — фыццаг хатт баздæ хт Зазайæ н йæ химæ. — Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы нæ. Лекцитæ м цæ ттæ кæ нын хъæ уы. Уым та фезмæ лæ н дæ р нæ й. — Уæ д æ й ракæ нын бахъæ удзæ н иу хæ дзармæ. Æ рмæ ст Базелимæ баныхас кодтай? — бафарста Барбисы. — Уыимæ дзырд дæ н. — Загъта Барбис æ мæ ма бафтыдта. — Базелы уавæ р тынг мæ гуырау у. Уый разы у йæ хæ дзар æ д фæ ллой, æ д адæ м радтыныл, æ рмæ ст дам исты фæ пайда уæ нт, бирæ тых цы зонадыл бахардз кодтон, уымæ н. — Гъе, æ мæ дзы уæ д ацы адæ ймагæ н рахицæ н кæ н иу хатæ н. Уым цæ рæ д. Йæ куыст дæ зæ рдæ мæ куы нæ фæ цæ уа истæ мæ й, уæ д æ й фæ стæ мæ бакæ н йæ клеткæ йы. Ныр ын йæ хи дæ р афæ рсæ м, разы у афтæ? — Зæ гъ, Заза, — баздæ хт æ м Барбис. Зазайæ н цыма уæ лдай нæ у, акæ ной йæ институтмæ, æ ви нæ, уыйау сыстад æ мæ йæ домындзинæ дтæ райдыдта фидарæ й нымайын. Дзуры: — Мæ нæ н ис бинонтæ, ома клеткæ йы кæ имæ цæ рын, уыдон: дыууæ усы; иу дзы мæ бинойнаг, иннæ мемæ хъомыл кодта чысылæ й фæ стæ мæ, æ мæ дыууæ сывæ ллоны. Адонæ й фæ хицæ н уæ вгæ йæ никæ мæ н ницы фæ пайда уыдзынæ н. Уый тыххæ й мæ хъæ уы дыууæ хатæ ны: иу кусæ н уат, иннæ — цæ рæ н. — Клеткæ йæ дын дæ хи кæ й сæ рибар кæ нæ м, уый дын æ гъгъæ д нæ у, ноджы ма искæ й мæ т кæ ныс? — фæ тызмæ г йæ бæ рзонддзинад. — Цы гæ нæ н ис? Уæ д мын мæ хи дæ р уадзут. Уæ хæ дæ г æ ппæ т дæ р зонут: лектормæ зилын дæ р хъæ уы, цæ мæ й сыгъдæ гæ й цæ уа студентты размæ. — Куыд дæ м кæ сы, Барбис? — Мæ нмæ гæ сгæ йæ Базел уыцы лабораторийæ ницыуал сараздзæ н. Уæ ддæ р ныкъаппа-къуппа уыдзысты æ мæ нæ цæ мæ й ацы лæ гæ н уæ лдай кусджытæ æ ххуырсын мауал хъæ уа, уый тыххæ й уадз йæ бинонтæ уæ нт йемæ. Æ рмæ ст кæ д сæ бон хæ дзары куыстытæ суыдзæ н æ мæ уый фæ стæ хæ ринаггæ нджытæ, æ хсджытæ -йеддæ нал дардзæ н, уæ д. — Не ’рдомдзынæ н. Кæ д дæ фæ нды ныртæ ккæ дын къухфыст ратдзынæ н уый тыххæ й. — Æ ндæ р ма дæ м исты ис? — Бафарста йæ йæ бæ рзонддзинад! — Мызд райсыны агъоммæ уал мæ хæ сæ й сфæ лындзæ нт, хæ дзары цы хъæ уы, уыдонæ й: хæ ринаг, дзаума, мигæ нæ нтæ. — Уыдон бирæ дзырдтаг не сты, — дзуапмæ фæ разæ й Барбис. — Цæ й ныр фæ уæ м. Кæ сут мæ маймулитæ æ мбырд кæ нын байдыдтой, — дæ лæ мæ хъæ ды ’рдæ м ацамыдта йæ бæ рзонддзинад. Æ цæ г бæ лæ сты цæ нгтыл фæ зындысты иугай маймулитæ. Заза фæ стæ мæ здæ хт хъæ лдзæ гæ й. Уыцы уæ лахизы бон чысыл истæ мæ й банысан кæ ныны тыххæ й Барбисæ н балхæ нын кодта магазины иу кило шоколадтæ. Залмæ куы бацыд, уæ д ыл тыгуыртæ кодтой, канд йæ хи «бинонтæ » нæ, фæ лæ клеткæ ты уæ вæ г æ ппæ т адæ м дæ р. Уый йæ дзыппæ й систа конфеттæ æ мæ дзы алкæ мæ н дæ р лæ вæ рдта: стыртæ н иугæ йттæ, чысылтæ н дыгæ йттæ.
|
|||
|