Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 4 страница



— Нæ й, — цыдæ р фæ смонгъуызæ й йæ сæ р батылдта Артур. — Мæ тых бафæ лварыны фаг дзы не ’рбахауд мæ къухтæ м.

— Ницы кæ ны. Цæ мæ й чысыл фæ ныфсджындæ р уат, уый фаг уыдысты.

... Амфитеатры бандæ тты бæ сты — пæ лæ хсар бæ лæ стæ. Сæ лыстæ г хихтæ иууылдæ р æ хсæ ст. Æ вæ ццæ гæ н цæ мæ й сценæ мæ кæ сынæ н ма хъыг дарой. Бæ лæ сты къалиутыл кæ мдæ рты бады иугай маймулитæ. Зазаитæ куы бацыдысты, уæ д ноджы уæ лдæ р сбырыдысты. Æ вæ ццæ гæ н сын сæ къухты ахаст кæ нæ йæ хиуыл чи бавзæ рста, кæ нæ йæ м фæ рсæ рдыгæ й чи бакаст, ахæ йтæ уыдысты, Заза акæ стытæ кодта. Бандæ ттæ дзы куы нæ уыд, уæ д бæ лæ сты бындзæ фхæ дтыл банцойтæ кодтой.

Æ ртыккаг дзæ нгæ рæ джы фæ стæ ма залмæ æ рбацыд цалдæ р адæ ймаджы айдагъ цыбыр хæ лæ фты. Уыдон дæ р Зазаитау банцой кодтой бæ лæ стыл. Зазайы фæ ндыд семæ аныхас кæ нын, фæ лæ уæ дмæ залы рухсытæ ахуыссыдысты. Райхъуыстысты цавæ рдæ р хæ ццæ музыкæ йы уæ ззау зæ лтæ. Сценæ йы æ мбæ рзæ н сындæ ггай афардæ г цары ’рдæ м. Сценæ йыл разындысты бæ лæ сты ’хсæ нтæ й гæ зæ мæ чи зыны, ахæ м ныллæ г хæ дзæ рттæ. Иуы гом фæ рссагæ й дзы йæ хæ мхудтæ радардта сыл маймули. Йæ бæ рзæ й раздух-баздух кæ ны. Ракæ с-бакæ с кæ ны алырдæ м. Уалынмæ бæ ласы цъуппыл фæ зынд иу æ взонг нæ л маймули. Райдыдта æ хситтæ й цавæ рдæ р мелоди зарын. Сыл маймули уый куы айхъуыста, уæ д фæ рссаг уæ рæ хдæ р байгом кодта. Уыцы иу схъиуд фæ кодта æ мæ, фæ рссаггæ рон цы бæ лас уыд, уый цонгыл абадт тымбылцъæ гæ й. Йе тарæ й фелвæ ста уадындзгонд цыдæ р. Йæ дзыхы йæ фæ цавта æ мæ райдыдта зарын. Нæ л маймули йæ ауыдта. Цæ ргæ сы скъæ рд ракодта йæ хи бæ ласы сæ рæ й. Сыл артисты сæ рмæ цы лыстæ г цонг уыд, ууыл йæ хи ацауындзæ г кодта йæ иу фæ стаг дзæ мбыйæ, йæ раздаг дзæ мбытæ й уадындзы нымайæ нтыл райдыдта хъазын, æ мæ сын æ мбисонды хъæ лдзæ г музыкæ рауад.

Оперæ йы кæ ронмæ сæ йраг архайджытæ й баззадысты уыцы дыууæ. Бæ лæ стыл гæ ппытæ гæ нгæ йæ зарыдысты, хъæ быстæ æ мæ пъатæ кодтой, кафыдысты.

Иу антракты рæ стæ джы Заза бацыд, цы адæ ймæ гтæ ма дзы уыд, уыдонмæ. Уыдон разындысты машинæ тæ аразæ н заводы раззагон кусджытæ.

— Заводæ н йæ хицау чи у? — бафарста сæ Заза.

— Иу зæ ронд орангутанг. Цæ уын дæ р нал фæ разы, фæ лæ уæ ддæ р фидар хæ цы заводыл. — Рæ сугъд, бæ зджын хъæ лæ сæ й дзырдта иу-фондз æ мæ ссæ дз азы кæ уыл цыдаид, ахæ м лæ ппу.

— Æ ндæ р ма дзы бирæ маймулитæ ис?

— Бирæ бæ ргæ не сты. Уымæ й дæ р къуылыхтæ, сохъхъыртæ. Æ мбаргæ ницы кæ нынц, афтæ мæ й ныл къухдариуæ г кæ нынц. Нæ мынæ й ныл нæ ауæ рдынц. Бынтон ницæ й тыххæ й дæ р нæ бирæ хатт афтæ фæ нæ мынц æ мæ нæ тугтæ фæ кæ лынц.

— Фæ лæ у-ма ды сæ куыд рахуыдтай, афтæ мæ й ницæ йæ гтæ сты. Æ мæ уæ м куыд уæ ндынц? — уайдзæ фгъуызæ й сын бакодта.

— Чи сæ м уæ нды? Уыдон маймулитæ сты. — Йæ хи бакъултæ кодта уыцы лæ ппу.

— Йæ мардæ рцыд дæ р уый мидæ г ис. Цыдæ р къуылых маймули бацыд æ мæ дæ хуызæ н уæ йыджы ’нгæ с лæ джы нæ мы. Уæ д æ м хъуамæ дæ бæ рзæ й бадарай?

— Уæ дæ цы бакæ нæ м?.. — фæ стаг дзæ нгæ рæ г ныццагъта. Заза сын йæ адрес загъта æ мæ сæ бафæ дзæ хста, цæ мæ й йæ м æ рбацæ уой-иу фæ скуыст. Бафæ дзæ хста сын, цæ мæ й рацæ уой, рæ стæ г кæ мæ н уа, уыдон иууылдæ р.

VIII

Хæ йрæ джыты хай фæ уæ нт маймулитæ н сæ институт дæ р æ мæ сæ хæ дæ г дæ р. Заза стыр æ хсызгонæ й саразид иу атомон бомбæ æ мæ Æ нгæ сы йæ маймулитимæ фæ нык фестын кæ нид, фæ лæ адæ м? Æ ппынфæ стаг йæ рæ зты фæ ндагыл чи слæ ууыд, уыцы адæ мæ н истæ мæ й феххуыс хъæ уы, цæ мæ й йын уыдон дæ р йæ къух саразой.

Институтмæ йæ м телефоны æ рбадзырдта, заводы хистæ р мастеры ном чи райста, уыцы лæ ппу. Фехъусын ын кодта, зæ гъгæ, Сиберийы цыдæ риддæ р фабриктæ, заводтæ æ мæ æ ндæ р куыстуæ тты адæ м ис, уыдон фæ нды иумиагæ й стыр æ мбырд ауадзын. Æ мбырды уыдзысты раззагон кусджытæ. Тынг сæ фæ нды, зæ гъгæ, цæ мæ й ды уай уыцы æ мбырды æ мæ дзы раныхас кæ най.

— Æ мбырд кæ м ауадзынмæ хъавут? — афарста йæ Заза.

— Алы заводæ н дæ р ис егъау æ мбырдгæ нæ н зал. Нырма йæ бæ стон нæ аскъуыддзаг кодтам, фæ лæ уæ лдай нæ у. Кæ дæ мфæ нды дæ р нæ бон у бацæ уын.

— Гъе æ мæ уæ дæ кæ д уæ лдай нæ у, уæ д мæ м хъус. Æ з кæ м цæ рын, уыцы хæ дзары ис егъау зал. Раздæ р дзы уыд клеткæ тæ адæ мæ н. Ныр иугæ р уыцы адæ м хицæ н хæ дзæ рттæ м рацыдысты, уæ д зал ссис уыцы адæ мæ н сихор хæ рæ н. Ис дзы стъолтæ æ мæ бандæ ттæ. Дæ гъæ л мæ нмæ вæ ййы. Йæ хицау дæ р, раст куы зæ гъæ м, уæ д æ з дæ н. Рацыд мæ нмæ.

— Уый гæ нæ н дæ р ис, — сразы мастер æ мæ йын бамбарын кодта, кæ цы бон æ мæ цал сахатыл æ рбацæ удзысты, уый.

Заза, æ мбырд цы бон хъуамæ уыдаид, уыцы райсом куыстмæ куы цыд, уæ д Генриеттæ йæ н бафæ дзæ хста, цæ мæ й залы хорз бафснайой. Бандæ ттæ æ мæ стъолтæ ныссыгъдæ г кæ ной. Уымæ й уæ лдай ма сын бафæ дзæ хста иу фынддæ с лæ гæ н хæ рд æ мæ нозт бацæ ттæ кæ нын. Радта сæ м æ хца. (Ныр дыууæ усæ н дæ р сæ бон уыдис хæ дзары хорз æ фсины хæ стæ æ ххæ ст кæ нын).

... Фæ ссихæ ртты æ мбырд кæ нын байдыдтой адæ м. Бирæ тæ дзы уыдысты бынтон бæ гънæ г. Стæ мтыл дзы уыд айдагъ цыбыр хæ лæ фтæ. Нырма дзаумаджын адæ ймаг чи нæ федта, уыдон цыдæ р тарстгъуызæ й кастысты Заза æ мæ Артурмæ. Сæ бон сыл нæ уыд æ рæ ууæ ндын. Æ мбырдæ н разамынд кæ нын бахæ с кодтой Зазайæ н...

— Æ мбæ лттæ, — райдыдта Заза сабыр, архайдта, цæ мæ й йæ ныхас алкæ мæ н дæ р уыдаид æ мбæ рстгонд. — Æ нгæ сы планетæ йыл фыццаг хатт æ рæ мбырд сты адæ м стыр хъуыддаг аскъуыддзаг кæ нынмæ. Фыццаджы дæ р мæ н зæ гъын фæ нды уый, цæ мæ й сымахæ й алчи дæ р байхъуса хорз. Бамбара, ам дзырд цæ уыл цæ удзæ н, уый. Уый фæ стæ ауадза йæ куыстуаты адæ мæ н, æ рмæ ст адæ мæ н, æ мбырд æ мæ сын æ ппæ т дæ р бамбарын кæ на. Фыццаджы дæ р уæ саразын хъæ уы ахæ м хъуыддаг: аив нæ у бæ гънæ гæ й цæ уын. Адæ м кæ рæ дзийæ хъуамæ кæ ной æ фсæ рмы. Уыцы хъуыддаджы уын маймулитæ никуы баххуыс кæ ндзысты, уæ къух уын никуы сараздзысты. Ууыл хъуамæ уæ хæ дæ г бацархайат. Уынут, маймулитæ н сæ хъуыддаг хорз нал у. Æ нгæ сы хицæ уттæ нырæ й фæ стæ мæ хъуамæ уат уæ хæ дæ г, уый тыххæ й хъæ уы ахуыр кæ нын. Мах хъуамæ ацы æ мбырды сæ вæ рæ м кусджыты комитет. Уыдон кусдзысты, царды æ нæ мæ нгæ й чи хъæ уы, уыцы фарстытыл...

Заза фæ дзырдта бирæ ахсджиаг хъуыддæ гтыл. Уый фæ стæ алы завод æ мæ фабрикæ йæ дæ р раныхас кæ нын кодта иу-дыууæ лæ джы. Алкæ й ныхасмæ дæ р хъуыста лæ мбынæ гæ й. Фæ ндыдис æ й базонын, космикон нау саразыны йын чи баххуыс уыдзæ н æ рмæ г самал кæ нынæ н, уый. Равзæ рстой кусджыты комитет — æ вддæ с лæ гæ й. Уыдон Заза акодта йæ фатермæ. Фынджы уæ лхъус бадгæ йæ сарæ зтой нывæ ст сæ дарддæ ры куыстæ й. Машинæ тæ аразæ н заводы хистæ р мастеры сæ взæ рстой комитеты сæ рдарæ й.

Фæ стаг хатт сын Заза бафæ дзæ хста, зæ гъгæ, мæ н фæ нды иу космикон нау саразын æ мæ мын хъуамæ баххуыс кæ нат æ рмæ г ссарыны хъуыддаджы.

Иууылдæ р ын ныфс бавæ рдтон, зæ гъгæ, нæ цы агурай, уый дын амал кæ мдзыстæ м.

IX

Радиотæ фæ дисы хъæ р систой. Орангутанг — дикторы хъæ лæ с кæ уæ гау хъуысы. Уысмæ й-уысммæ фæ лхат кæ ны уыцы иу хъуыддаг: «Бамбиры гориллæ ты æ фсад шимпанзе Ширмæ йы разамындæ й фæ стаг салдаты онг бындзагъд скодтой Сиберийы æ фсады. Ныр фурдыл рахызтысты æ мæ сæ фæ ндаг скодтой ацырдæ м. Сæ ныхмæ фæ лæ ууæ г ничи ис. Йæ цард бахизын ма кæ й фæ нды, уый абон йæ хи куыд айса дард Æ нгæ сы хъæ дмæ. Æ з дæ р цæ уын, ацы хъуыддагма æ ртæ хатты куы сфæ лхат кæ нон, уæ д! ».

Кусджыты Комитеты сæ рдар æ рбацыд тарстгъуызæ й Зазамæ.

— Цы кæ нæ м?

— Æ ппындæ р ницы. Абон маймулитæ ныууадздзысты сымах æ вджид Сиберы. Сымах хъуамæ æ ппæ т уæ тыхтæ радтат уымæ, цæ мæ й амæ й фæ стæ мæ маймулитæ адæ мыл æ лдариуæ г макуыуал кæ ной.

— Феххуыс нын кæ н, Заза. — Лæ гъстæ гъуызæ й дзуры сæ рдар.

— Тыхсгæ ма кæ н. Æ з рæ стæ гмæ хицауадæ н къухдариуæ г исын мæ химæ. Ныртæ ккæ мын Советы уæ нгты æ рæ мбырд кæ н ардæ м. — Йæ хигъæ дæ й Æ нгæ сы фыццаг адæ мон паддзахадæ н хистæ р суæ вæ г Заза бардзырд радта.

Цыбыр æ мбырды Заза бахæ с кодта, цæ мæ й иунæ г адæ ймаг дæ р гориллæ ты æ фсады ныхмæ ма рацæ уа.

— Æ з æ й зонын, уым æ фсадагæ й кæ й ницыуал уыдзæ н. Ау, уыдон орангутангы æ мæ шимпанзеты афтæ кæ м цагътой, уым сæ хицæ й ничи мардаид? Маймулитæ й ам куы никæ й уал æ рбаййафой, уæ д æ рсабыр уыдзысты. Иугæ р куы феной, хицауад адæ м бацахстой, уæ д... Бакæ сæ м сæ м. Уый фæ стæ цы аразын хъæ уы, уый цард фенын кæ ндзæ н. — Заза фæ рссагæ й фæ комкоммæ фæ ндагмæ. Йе ’ккой фæ ндаггон дзæ къул, афтæ мæ й цалдæ р къуылых маймулиимæ хъæ ды ’рдæ м фæ дугъ кæ ны «йæ бæ рзонддзинйд» министрады хистæ р. Зазайы, чысыл сабийау, бафæ мдыд, куы йыл ныхситт кæ нид, уый, фæ лæ ныр паддзахады сæ ргълæ ууæ г кæ й у, ууыл куы ахъуыды кодта, уæ д йæ хиуыл фæ хæ цыд.

... Уыцы ’хсæ в иу хæ стхъом адæ ймаг дæ р нæ бафынæ й. Æ нхъæ лмæ кастысты, цавæ р æ фсад æ рбацæ удзæ н, уымæ. Фæ лæ ничи æ рбацыд. Дыккаг бон, фæ саходæ н, иу хæ лддзаг машинæ йыл æ рбацыд Ширмæ дыууын зæ ронд гориллæ имæ. Уынгты рауай-бауай кæ нынц, фæ лæ дзы маймули куы никуы ссардтой, уæ д сæ фæ ндаг акодтой министрадмæ. Заза, советы уæ нгтæ æ мæ ма ноджы фынддæ с фидар лæ ппулæ гимæ аивæ й сæ хъус дарынц Ширмæ йы архайдмæ. Се ’ууæ лтæ м гæ сгæ базыдтой, уыдон æ нæ хъæ нæ й Ширмæ йы æ фсад кæ й сты. Фæ нды йæ куы сæ æ рцахсид удæ гасæ й. Ширмæ йы тыххæ й газеты цы бакаст, стæ й маймулитæ й цы фехъуыста, уыдонæ й зоны, стыр ахуыргонд кæ й у. Уæ лдай дæ р та адæ м маймулитæ н нæ, фæ лæ маймулитæ адæ мæ н кæ й сты сæ рагон фыдæ лтæ, уый тыххæ й йын цыдæ р куыстытæ хуыдтой. Ныр æ й фæ нды уымæ й Æ нгæ сы адæ мы историйы дарддæ ры рæ зтæ н спайда кæ нын.

Министрады агъуыстмæ куы бацыдысты, уæ д Заза загъта йе ’мбæ лттæ н, зæ гъгæ, сымах иуварс лæ уут. Æ з бадзурдзынæ н Ширмæ имæ. Кæ д дзæ бæ хæ й нæ разы кæ на, уæ д сæ тыхæ й басабыр кæ ндзыстæ м, тæ рсгæ -иу сæ ма кæ нут.

Ширмæ куы ’рбахызт къæ сæ рæ й, уæ д Заза йæ размæ бацыд æ мæ сдзырдта, æ фсæ ддон хистæ рмæ куыд фæ дзурынц, ахæ м хъæ лæ сы уагæ й.

— Цытджын Ширмæ, æ з дын дæ хъæ батыры кой рагæ й хъусын. Æ хсызгон мын у демæ базонгæ кæ нын. Сиберийы æ ппæ т адæ мы номæ й дын...

— Адæ мы нæ, фæ лæ маймулиты! — йæ ныхас ын фескъуыдта Ширмæ.

— Нæ, — йæ къух хæ рдмæ систа Заза. — Тæ ккæ дæ р адæ ймæ гты номæ й! Хъусын дын кæ нын Сиберийы зæ ххыл иу маймули дæ р кæ й нал ис. Ныр Сибери æ мæ æ ппæ т Æ нгæ сы хицау сты адæ м. Адæ мон паддзахады сæ ргъы лæ ууын æ з мæ хæ дæ г. Ды, куыд стыр ахуыргонд, афтæ мæ фæ нды, цæ мæ й баззайай немæ æ мæ дарддæ р кæ най дæ зонадон куыст.

— Æ мæ мæ хæ стонтæ та? — Дызæ рдыггъуызæ й йæ сæ р батылдта Ширмæ. Адæ мы тызмæ г цæ стæ нгасæ й фæ тыхст æ мæ уæ лдай ницы суæ ндыд.

— Кæ м дын сты?

— Мæ нæ мæ алыварс. Дыууæ кæ рæ дзийы ныхмæ хæ цæ г фронтæ й ма баззад æ рмæ ст адон. Ныр сæ цы фæ кæ нон?

— Дæ зæ рдæ сæ м ма ’хсайæ д. Мах сын хорз бынат ссардзыстæ м. — Фæ дзырдта Заза йе ’мбæ лттæ м. Раздæ р куыд дзырд уыдысты, афтæ сæ арвыста сырддонмæ, Ширмæ йы та йæ хæ дæ г ракодта йемæ.

Уыцы ’хсæ в ын Базелы хæ дзарæ й рахицæ н кодта иу уат. Æ ппæ т кусæ н дзаумæ ттæ йын радта æ мæ йæ бафæ дзæ хста, цæ мæ й кæ на æ рмæ ст зонадон куыст. Йæ уавæ ртæ йын, развæ лгъау, бамбарын кодта: нæ й йын æ мкъай бацагурыны бар. Æ нæ барракургæ йæ йын нæ й кæ ртæ й дарддæ р ацæ уыны бар. Искуыдæ м алидзын куы сфæ нд кæ на, уæ д уыцы уысм, фыццаг æ й чи фена, уыцы адæ ймаджы къухæ й æ рцæ удзæ н мард.

X

Ныр Зазайæ н æ ппæ т фæ ндæ гтæ дæ р байгом сты космикон нау саразынмæ. Цалынмæ йын арæ зт фæ цис, уæ дмæ не схъæ р кодта, цæ мæ н æ й хæ уы, уый, стæ й фыццаг бацыд Ширмæ мæ. Æ рдомдта дзы, цы куыстытæ ныффыста, уыдон, æ мæ раджы кæ ддæ р, уый хъуыдымæ гæ сгæ адæ м кæ м цардысты, уыцы горæ тæ н йæ бынаты бæ стон афыст. Хъуамæ сæ фæ стаг лæ варæ н бахæ сса, ныртæ ккæ Артур кæ мæ н разамынд кæ ны, уыцы зонад-иртасæ г институтæ н.

— Мæ н фæ нды, Заза, æ з æ мæ ды куы ацæ уиккам уырдæ м æ мæ йæ бæ стондæ р куы сахуыр кæ никкам, — зæ гъы Ширмæ.

— Нæ й мын уый фадат. Фыццаг хатт æ й дæ уæ н зæ гъын, уымæ н æ мæ мын ныр никæ мæ й уал у тас, æ з ацы планетæ йæ нæ дæ н. Æ з дæ н æ ндæ р планетæ, зæ ххæ й æ рцæ угæ. Ныр сарæ зтон мæ хицæ н космнкон нау æ мæ хъуамæ фæ стæ мæ аздæ хон.

— Заза!! — цыдæ р цингъуызæ й фæ хъæ р кодта Ширмæ. — Уый-иу мын Барон цы Зазайы кой кодта, уый дæ?

— Уый. — Бахудт Заза.

— Кæ сыс, куыд нæ дæ базыдтон. Тухиаг азтæ мын сфæ лхас кодтой мæ зæ рдæ. — Рахъаст кодта Ширмæ.

— Ницы кæ ны, уыйхыгъд еныр маймули уæ вгæ йæ адæ ймаджы цард кæ ныс.

— Мæ нæ н мæ зæ рдæ йы хæ рамдзинад никуы уыд адæ ммæ. Æ з кæ ддæ риддæ р агуырдтон рæ стдзинад æ мæ мæ судзгæ дæ р уый азар бакодта. Æ з æ мæ мæ хо Гелизæ баххуыс кодтам Баронæ н, цæ мæ й клеткæ йæ ссæ рибар уыдаид. Уый фæ стæ та йын зæ хмæ фæ стæ мæ аздæ хыны фадат дæ р сарæ зтон æ з.

— Ау, Барон фæ стæ мæ зæ хмæ аздæ хт? — бадис кодта Заза.

— О, аздæ хт. Нæ космосысгарджытæ сарæ зтой космикон нау. Уымæ н йæ бортыл уæ лдæ фмæ ауадзгæ йæ хъуамæ уыдаид удæ гас цæ рæ гойтæ. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы — адæ ймæ гтæ. Æ з баныхас кодтон, уыцы нау ауадзын хæ сгонд кæ мæ н уыд, уыцы шимпанзеимæ, цæ мæ й фæ ивой адæ ймæ гты. Афтæ мæ й космосмæ цы нæ л, сыл æ мæ лæ ппын адæ ймаг хъуамæ арвыстаиккой, уыдоны фæ ивтам Барон, йе ’мкъай Нагъуæ æ мæ сæ чысыл фырт Морисæ й...

«Уæ дæ Мери æ мæ Артур сты Нагъуæ æ мæ Морисы ивддзаг. Бароны ’фсон та операци сарæ зтой æ ндæ р лæ гæ н», — ахъуыды кодта Заза, стæ н ныттыхст Ширмæ йыл.

— Дæ уæ н ис æ цæ г адæ ймаджы зæ рдæ.

— Æ цæ г ахуыргонд æ мæ зонадон кусæ г хъуамæ кæ ддæ риддæ р архайа рæ стдзинадыл. Æ з рагæ й дæ р лæ ууыдтæ н ахæ м хъуыдыйыл, цыма мах, маймулитæ стæ м адæ мы рагон фыдæ лтæ, уымæ н æ мæ уыдонæ н сæ буары сконд бирæ фылдæ р сырæ зт мах буары скондæ й. Махæ н цæ мæ й нæ чъылдымы стæ г сраст уа, нæ хъуын азгъæ ла, нæ раздаг дзæ мбытæ хицæ н кæ ной фæ стæ гтæ й, нæ хæ мхудтæ сцыбыр уой, цæ мæ й сæ р раст лæ ууа æ мæ иннæ цыппар къахыл цæ уæ г цæ рæ гойтæ й истæ мæ й хицæ н кæ нæ м, уый тыххæ й хъæ уы миллион азтæ. Адæ ймаг та æ ппæ т уыцы фæ лтæ рæ нтæ рацыд. Мах хъуыддаг, æ з куыд хъуыды кæ нын, афтæ мæ й уыд æ рдзы хъазæ н ми. Кæ ддæ р Æ нгæ сы цы адæ м цард, уыдон дæ р, æ вæ ццæ гæ н, мæ нæ махау, æ нæ фсис уыдысты. Кæ рæ дзи фæ цагътой. Чи ма дзы баззад, уыдон хъæ дмæ фæ лыгъдысты. Сæ бынат та сын бацахстой мах фыдæ лтæ. Уыдон сæ фыркæ рæ ф æ мæ æ нæ мбаргæ йæ ныууагътой ахæ м хъуыды, цыма адæ м сæ равзæ рдмæ гæ сгæ мур дæ р ницы хæ стæ г сты маймулитæ н æ мæ никуы дæ р æ мбаргæ уыдысты. Уыцы мæ нг хъуыды мах мингай азты фæ лхатт кæ нæ м æ нæ рхъуыдыйæ æ мæ нæ уыцы æ нæ рхъуыдыдзинад æ ркодта сæ фтмæ. Æ ниу уый раст у. Æ рдзы чи цæ мæ н сæ взæ рд, уымæ й хъуамæ цæ ра, кæ д æ й йæ зонд æ ндæ р нæ хæ ссы, уæ д. Афтæ æ нхъæ л дæ, маймулитæ сæ фырзондджынæ й бафтыдысты ацы тугкалæ н хæ стытыл? Нæ! Сæ фыркæ рæ фæ й. Æ мæ ды кæ рæ фдзинад цы хоныс? Уый у, абарæ н кæ мæ н ницæ имæ ис, ахæ м æ дылыдзинад.

Бамбиры гориллæ тæ цæ рæ нбонты Сиберийы ифтонг кодтой æ взист, сыгъзæ рин, мрамор æ мæ æ ндæ р хъæ зныг къахæ ггæ гтæ й. Сиберийы заводтæ æ мæ фабрикæ тæ иууыл орангутангы къухы уыдысты. Цас сæ хъæ зныгдзинад фылдæ р кодта, уыйас ноджы кодтой кæ рæ фдæ р. Сæ заводты иууылдæ р куыстой гориллæ тæ æ мæ шимпанзетæ. Уыдон сын азæ й-азмæ сæ мызд кодтой къаддæ р, сæ куысты рæ стæ г та даргъдæ р. Афтæ мæ й кусджыты ’хсæ н æ взæ рын райдыдта æ нæ разыдзинад. Арæ х-иу растадысты. Уæ д сфæ нд кодтой адæ мы куыстыл фæ цахуыр кæ нын. Уый сæ ссæ рибар кодта куысты мызд фидынæ й. Афтæ мæ й та адæ м разындысты тынг зæ рдæ ргъæ вд, куыстыл цайдагъ кодтой æ нцонæ й. Орангутангтæ æ гуыстæ й куы баззадысты, уæ д схæ цыдысты сæ фылдæ р æ мæ Бамбирмæ афардæ г сты. Уым цыдæ риддæ р базарадон наутæ баййæ фтой, иууылдæ р сæ ныпырх кодтой...

Гъе, уый фæ дыл рацыд хæ ст. Уый æ дылыдзинад нæ у? Уæ дæ циу? Æ мæ сæ уымæ æ ркодта кæ рæ фдзинад. Афтæ у, хъæ зныгдзинад кæ й бакуырм кæ на, уымæ н иу бон æ нæ ахаугæ нæ й сæ рсæ фæ нмæ.

— Ныр ма дæ м цы фæ ндтæ ис царды? — бацымыдис кодта Заза.

— Мæ нæ н мæ бæ ллицтæ сæ ххæ ст сты. Мæ н фæ ндыд, мæ зонадон цæ стæ нгас цас раст у, уый бабæ рæ г кæ нын æ мæ мæ нæ сбæ рæ г. Æ нгæ сы хицæ уттæ чи уыдысты, уыдон бацис фæ стæ мæ. Афтæ æ нхъæ лыс, мах адæ ммæ цы цæ стæ й кастыстæ м, æ цæ г афтæ куы уыдаиккой, уæ д афтæ цыбыр рæ стæ джы ныллæ ууыдаиккой сæ рæ зты фæ ндагыл? Нæ! Уыдон сæ царды тыхст уавæ ртæ рæ стæ гмæ фæ къуырма кодтой. Ныр сæ зонд æ рсабыр, æ рулæ фыд, æ мæ та йæ бынат æ рцахста.

— Ширмæ, нæ дæ бафæ ндид зæ хмæ мемæ ацæ уын. Уым дæ р ис маймулитæ. Æ цæ г уыдон иннæ сырдтæ й бирæ ницæ мæ й хицæ н кæ нынц.

— Æ мæ сæ цы кæ нын. Маймули кæ мдæ риддæ р маймули у. Æ мæ иугæ р афтæ у, уæ д алы маймули дæ р мæ нæ н, æ рмæ ст рæ стдзинад зæ гъын æ мæ ууыл тох кæ нын кæ й фæ нды, уымæ н йе знаг у. Зæ ххыл æ з ницы пайда æ рхæ сдзынæ н. Уым дæ хуызæ н рæ стзæ рдæ адæ м, æ вæ ццæ гæ н, бирæ ис. Уым æ дылыдзинадæ н нæ уыдзæ н бынат. Æ мæ дзы уæ д, æ вæ ццæ гæ н, хæ стæ н йæ ном дæ р нæ зондзысты.

Ам Заза куыддæ р фефсæ рмы. Хъуамæ йын загътаид, зæ гъгæ, махмæ дæ р вæ ййы хæ стытæ, фæ лæ йæ хиуыл фæ хæ цыд, мыййаг мын куы зæ гъа, зæ гъгæ, уæ д адæ м маймулитæ й æ дылыдæ р сты æ мæ мæ уыдон æ хсæ нмæ цæ мæ н кæ ныс.

— Уæ дæ ма дын цы зæ гъон?

— Тагъд цæ уыс?

— Тагъд.

— Фен-иу мæ. Хъуамæ дын зæ ххон адæ ммæ арвитон арфæ йы фыстæ г, зæ ндджын кæ й сты æ мæ хæ стытыл сæ фæ ллой дæ р æ мæ сæ тых дæ р кæ й нæ хардз кæ нынц, уый тыххæ й.

— Хорз, — загъта Заза, фæ лæ йæ хинымæ ры та фыр æ фсæ рмæ й судзы, адæ мы тыххæ й. Зæ ххон адæ ммæ дæ р хæ стытæ тынг арæ х кæ й вæ ййы, уый æ мбæ хсын æ й кæ й хъæ уы маймулийы раз, уый тыххæ й.

XI

Космикон науы арæ зтад афтæ рæ вдз цæ уы æ мæ Заза дис дæ р кæ ны. Ардæ м цæ уынæ н кæ й арæ зта, уым ын æ ххуыс кодтой инженертæ, техниктæ, токартæ, фæ лтæ рд кусджытæ. Афтæ мæ й дæ р ыл цалдæ р мæ йы бахъуыдысты. Ныр та кусынц бынтон хуымæ тæ джы кусджытæ. Афтæ мæ й та йæ арæ зтад цæ уы рæ вдз.

— Уæ ддæ р дзы цы спайда кæ ндзынæ, Заза? — Арæ х æ й фарста Артур, арæ х æ й фарста Генриеттæ дæ р.

— Куы сцæ ттæ уа, уæ д æ й фендзыстут, — хуымæ тæ джы дзуапп-иу радта Заза. Æ нæ хъæ н адæ м æ й афтæ бауарзтой æ мæ йæ нæ фæ ндыд, развæ лгъау сæ сагъæ сы баппара. Генриеттæ йæ н æ нæ уи æ ркæ йттæ кодта, зæ гъгæ, искуы дард балцы цæ уын куы сфæ нд кæ нин, уæ д цы зæ гъис? Рацæ уис мемæ?

— Æ з цы базыдтон, уымæ й дæ уæ й дæ н бузныг. Афонмæ дæ р ма искуы клеткæ йы бадин, уымæ гæ сгæ демæ арвы кæ рæ ттæ м дæ р фæ цæ удзынæ н.

— Чи зоны бирæ азты ныддаргъ уа уыцы балц? — фæ лварæ джы цæ стæ й йæ м бакаст.

— Уæ лдай мын нæ у. Дæ уимæ маймулиты дзæ мбыты куы уыдтæ н, уæ д дæ р ницæ мæ н тарстæ н. Æ рмæ ст нæ хæ дзар кæ мæ н афæ дзæ хсдзыстæ м?

— Æ з æ нхъæ л дæ н, дæ хæ дæ г мын загътай, цыма Мери мой кæ нынмæ хъавы.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.