Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 1 страница



ДЫККАГ ХАЙ

Цард ивы йæ хуыз

I

Йæ къахдзæ ф фидар, сæ р æ мраст лæ ууы уæ хсчытыл, цæ уы, цыма Æ нгæ сы бындурæ вæ рæ г уый у. Цыма Æ нгæ сы хицау уый у. Маймулийыл фембæ лгæ йæ йæ цæ ст дæ р не ’рныкъулы. Искуы иу стæ м хатт бæ гънæ г адæ ймагыл куы фембæ лы, уæ д ын йæ сæ рæ й ныллæ г акувы. Бамбардзæ н æ й æ ви нæ, уымæ нæ кæ сгæ йæ, мидбыл худгæ фæ зæ гъы:

— Дæ бон хорз, ме ’фсымæ р... Дæ бон хорз, мæ хо.

Адæ ймæ гтæ йæ м дызæ рдыджы каст æ рбакæ нынц. Йæ арфæ йæ н ын дзуапп радтыны охыл иу сыбыртт дæ р никæ й дзыхæ й схауы. Заза уый тыххæ й никæ мæ хъыг кæ ны. Сомбон, ныртæ ккæ Зазайыл цы æ нæ бары хуыд дзаума ис, уыдон хуызæ тты сæ сæ рмæ уынгмæ рацæ уын дæ р куынæ уал хæ ссой, уæ д-иу сæ хæ дæ г фæ раздæ р уыдзысты саламмæ. Уый уыдзæ н. Уыдзæ н æ нæ мæ нг!

Институтмæ куыд хæ стæ г кæ ны, афтæ йыл цыдæ ргъуызон æ нтъыснæ гдзинад йæ базыртæ æ руагъта. Стыр æ мбырды фыццаг хатт доклад скæ нынмæ йæ хи чи фæ цæ ттæ кæ ны, ахæ м хицау куыд фæ тыхсы, афтæ тыхсы. Цæ мæ н? Йæ куысты фæ лтæ рддзинад банымæ г? Нæ, ахæ мтæ й ницы ис Зазамæ. Уый æ ндæ р цыдæ р маст æ рæ нцад йæ зæ рдæ йыл, уæ ззау дурау. Хъомылгæ нæ джы куыст бирæ нæ фæ кодта зæ ххыл цæ ргæ йæ. (Фылдæ р зонадон куыст кодта). Фæ лæ уыцы цъус рæ стæ джы дæ р куыд бирæ бауарзта студентты. Кæ сынæ й сын не ’фсæ ст сæ рæ сугъд цæ сгæ мттæ м. Куыд æ хсызгонæ й сын лæ вæ рдта йе стыр зонындзинæ дтæ. Æ мæ ныр та? Куыд бафæ раздзæ н маймулиты фыдуынд хæ мхудтæ м кæ сын? Цы зæ рдæ йы уагæ н сын дæ тдзæ нис йæ бирæ зонындзинæ дтæ?..

«Ницы кæ ны, Заза. — Йæ хицæ н ныфсытæ æ вæ ры. — Цард у уæ рдоны цалхы уавæ рæ н. Цалхæ й бынæ й цы хай фæ вæ ййы, уый дæ р æ нхъæ лмæ кæ сы, искуы уæ лейæ кæ й уыдзæ н, уымæ ».

Æ рбахæ ццæ институты агъуыстмæ. Йæ разы уæ рæ х фæ зуат бирæ бæ лæ стимæ. Бæ лæ сты цъуппытыл рагæ пп-багæ пп кæ нынц студенттæ -маймулитæ. Цæ уылдæ р зæ рдиаг ныхас кæ нынц, ныллæ г хъæ лæ сæ й. Заза хаты, йæ кой кæ й кæ нынц. Куыдзы хъуыды дæ р сæ нæ кæ ны. Йæ къахы айст ноджы фæ хъæ ддыхдæ р кодта. Къæ сæ ргæ рон лæ угæ баййæ фта Барбисы. Уый йын йæ къух зæ рдиаг æ лхъывд ныккодта æ мæ загъта мидбылхудгæ.

— Зæ рдиаг арфæ дын кæ нын, Заза. Абон райдыдта, Æ нгæ сы маймулиады истори кæ й нæ ма зоны, ахæ м хъуыддаг. Фыццаг адæ ймаг æ рбахызт стыр зонадон куыст æ мæ хъомыладон ахсджиагдæ р фарстытæ кæ м скъуыддзаг цæ уынц, ахæ м уагдоны къæ сæ рæ й. Æ мæ уымæ й дæ р ахуырмæ нæ, фæ лæ йæ хæ дæ г маймулиты ахуыр кæ нынмæ. Мæ цæ ст дын æ нтыстытæ уарзы. — Иу хатт ма йын ноджы нылхъывта йæ къух.

—Стыр бузныг дæ зæ рдæ хæ лар ахастæ й. Бацархайдзынæ н де ’ууæ нчы аккаг куыст бакæ ныныл.

Профессорты хатæ ны ма баййæ фтой иуцалдæ р ацæ ргæ сыл маймулийы. Барбис сын загъта, зæ гъгæ, базонгæ ут нæ математикæ æ мæ физикæ йы ног ахуыргæ нæ гимæ.

Уыдон æ м æ нæ бары, цыдæ р æ лгъгæ нгæ йæ радтой сæ дзæ мбытæ. Сæ нæ мттæ дæ р-иу нæ загътой æ гæ рыстæ мæ й. Заза рамæ сты æ мæ сын загъта:

— Сымах кæ д маймулитæ стут, уæ ддæ р мын æ хсызгон у уемæ зонгæ кæ нын, уымæ н æ мæ амæ й фæ стæ мæ нæ куыст иумæ уыдзæ н. Кæ д уæ исчи истæ уыл тыхса, уæ д йæ цæ сгом æ нæ бахъæ цгæ ма фæ уæ д профессор Зазамæ. Æ з-иу уæ алкæ й къух дæ р зæ рдиагæ й арог кæ ндзынæ н. — Маймулитæ ныппыррыччытæ кодтой, фæ лæ сæ цыма Заза хъусгæ дæ р нæ фæ кодта, уыйау баздæ хт Барбисмæ.

— Программæ имæ куы базонгæ уаин.

— Абон уал дын фыццаг лекци нс фæ ндзæ м азонтимæ математикæ йæ. Уыдон хъуамæ райдайой цæ уын уæ лдæ р математикæ йы курс. Кæ д дæ бон бауыдзæ н уыцы вазыгджын предметæ й афæ лгæ стон лекци бакæ сын, науæ д уал рардтæ аразут.

— Нæ, иугæ р программæ мæ уый хауы, уæ д дзы бакæ сын хъæ уы. Лекторæ н цы бар ис æ мæ нæ зоныны фыдæ й фæ ива программæ йы? — цæ хгæ р ныллыг кодта Заза. Сыл маймулитæ та ныппыррыччытæ кодтой. Ацы хатт сæ м бæ гуы мæ сты нæ рацис, фæ лæ та йæ хи ныуурæ дта. Æ рмæ ст загъта:

— Мыййаг уæ кæ д исчи æ вдæ лон у æ мæ цымыдис кæ ны мæ лекцимæ байхъусынмæ, уæ д табуафси.

—Уый гæ нæ н дæ р ис. Кæ д искæ й æ вдæ лы, мæ нæ н мæ хи æ вдæ лы. Нæ дæ м уыдтæ н фыццаг лекцимæ цæ уинаг, фæ лæ куыддæ р мæ зæ рдæ нæ лæ ууы. — Загъта Барбис.

Дыууæ сыл маймулийы ма разынд сæ рибар, стæ й цалдæ р лабаранты дæ р бахатыдысты Барбнсмæ, зæ гъгæ, нæ ауадз. Уый раздæ р нæ разы кодта, фæ лæ йын Заза куы загъта, уæ д ницыуал сдзырдта, — мæ нæ й ма. Техникон зонæ дты доктор, профессор, уæ лдæ р математикæ йы курс куы нæ зона йæ фондз æ нгуылдзау, уæ д уый профессор нæ, фæ лæ гуыбындзæ л у. Заза та уыцы хъуыддаджы, — табу хуыцауæ н.

Егъау аудиторимæ æ ппæ ты фæ стаг бахызт Заза, уыцы егъау аудиторийы дзаг студент-маймулитæ иу пыррыкк ныккодтой æ мæ аудиторийы фæ рстæ фæ цæ йхастой, фæ лæ сыл Барбис куы фæ цъæ хахст ласта, уæ д фæ хъус сты. Уый бацыд кафедрæ йы цурмæ. Æ мæ хъæ рæ й загъта:

— Нырæ й фæ стæ мæ уын математикæ йæ лекцитæ кæ сдзæ н, уыцы предмет хорз зонæ г Заза. Хъусут хорз. — Ацыд æ мæ сбадт иу афтид бынаты.

Заза балæ ууыд кафедрæ мæ. Йæ дыууæ къухæ й йыл æ рхæ цыд. Йæ цæ ст ахаста, цыдæ р æ лгъгæ нæ джы каст æ м чи кодта, уыцы маймулитыл. Йæ тыхстдзинад тыхсурæ гау акодта æ мæ райдыдта:

— Уæ цæ хæ рцæ стытæ н, чи зоны, хъыг кæ ны адæ ймаджы уынд, фæ лæ æ з æ нхъæ л дæ н æ мæ уæ зонадмæ чи тырны, уый рæ хджы айрох кæ ндзæ н, йæ разы чи лæ ууы, уый.

Заза-иу кæ д тынг арф аныгъуылд уæ лдæ р математикæ йы фарстыты æ мæ нал хатыдта йæ разы чи бадт, уыдон, уæ д ын æ нцон уыд дзурын, фæ лæ та-иу йæ цæ стытæ куы ’рхæ цыдысты искæ цы маймулийы фыдуынд хæ мхудтыл, уæ д-иу цыма фæ тыхст.

Лекцийы фæ стæ ма чысыл консультаци райста Барбисæ й æ мæ уайтагъд цæ уынмæ фæ цис. Ныры хуызæ н æ нæ уынон ын никуы уыдысты манмулитæ. Йæ химæ фæ каст барвæ ндæ й йæ райгуырæ н бæ стæ ныууæ йгæ нæ г фыдгæ нæ джы хуызæ н. Институтæ й хæ дзармæ цыд уацарæ й ралидзæ г зæ рдæ йы уагимæ. Æ лгъыста йæ хи æ мæ йæ хъысмæ ты. Искуы ма бацæ удзæ н институтмæ æ мæ маймулитæ -студенттæ н лекцитæ кæ сдзæ н, ууыл ахъуыды кæ ныны бар дæ р нæ лæ вæ рдта йæ хицæ н. Бацæ удзæ н. Дзаумæ ттæ дæ р æ мæ цы чысыл муртæ бахæ ссинаг уыдысты абон йæ хæ дзармæ, уыдон сын фæ стæ мæ аздахдзæ н. Ныццæ удзæ н йæ клеткæ мæ æ мæ цæ рдзæ н, иннæ адæ м куыд цæ рынц, афтæ...

Афтæ йæ м фæ каст, цыма йæ ныхы хид рацыд фыртыхстæ й. Йæ дзыппы йæ къух фæ цавта къухтæ сæ рфæ н сисыны тыххæ й. Йæ къух аныдзæ вд цавæ рдæ р гæ ххæ ттытыл. Фелвæ ста сæ... Æ хцатæ. Æ нæ хайыры ’хцатæ. Цæ мæ н ын сæ рафыста уыцы куыдзы фырт Барбис? Цæ мæ й фидардæ р рæ хыстæ й баст æ рцæ уа институты къæ сæ рмæ, уый тыххæ й? Хорз Барбис, хорз. Ацы æ хцаты аргъ дын куы нæ бафида Заза, уæ д æ й зæ ххон адæ ймагæ й нæ, фæ лæ æ цæ г маймулийы гуыбынæ й райгуырын хъуыд. — Ахъуыды кодта фидарæ й æ мæ фездæ хт иу магазинмæ... Хъуымац æ вæ рæ н тæ рхæ джы фæ йнæ гмæ зынæ й чи æ ххæ ст, ахæ м зæ ронд сыл шимпанзе къаннæ г асины къæ пхæ ныл бады æ мæ йе ’нæ дæ ндаг мылытæ й рæ гъæ д банантæ æ хсыны. Зазайы куы ауыдта, уæ д фæ цъæ хахст кодта æ мæ йæ бадæ нæ й зæ хмæ æ ртылд.

— Ды, æ вæ ццæ гæ н, мыстытæ тæ рсынгæ нæ н дæ, æ ндæ ра цæ уыл хъыллист кæ ныс. — Ныртæ ккæ ахæ м мæ сты уыд Заза æ мæ иу мин маймулийы раз дæ р нæ бамбæ хстаид йе ’нæ уынондзинад.

— Фæ лæ у-ма, мæ цæ стытæ мæ сайынц, æ ви ды æ цæ г адæ ймаг дæ маймулийы дзаумæ тты? — Тæ рхæ джы бынæ й йæ м тарстгъуызæ й кæ сы шимпанзе.

— Гъе уый дæ бинонты хъуыддаг нæ у. Кæ д дæ маймулийы цæ стытыл нал æ ууæ ндыс, уæ д цыфæ нды кæ н. Мæ нæ н та ныртæ ккæ абар иу кило шоколадтæ, иу килограмм къалбас, иу дзулы буханкæ, дыууæ авджы сæ н.

Уыцы барджын хъæ лæ сы уагæ й афтæ фæ тыхст шимпанзе æ мæ куыд архайдта, уый дæ р нал зыдта. Цæ сты фæ ныкъуылдмæ сæ атыхтытæ кодта. Авæ рдта сæ Зазайы раз, йæ хæ дæ г къуыммæ фæ уад æ мæ уым, тæ ргай гæ дыйау, стымбыл.

— Æ мæ æ хца та чи айсдзæ н?

— Æ хца?.. Дæ умæ æ хца?... — Æ нæ ууæ нкгъуызæ й йæ м кæ сы шимпанзе. Къуымы арфæ й-арфдæ р быры. Заза, æ ргътæ цы гæ ххæ ттытыл фыст уыдысты, уыдонмæ бакаст. Нымайæ н къæ бæ лтыл анымадта, цас сæ м æ мбæ лд, уый. Æ хца тæ рхæ гыл ныууагъта æ мæ рацыд.

Уыцы бон Заза, цы фатер ын радтой Базелы хæ дзары, уым цы ныв æ рбаййæ фта, уый зæ ххыл цæ ргæ йæ куы федтаид, уæ д æ нæ смæ сты нæ фæ уыдаид, цы фæ нды хорз зæ рдæ йы уагыл æ рбацыдаид, уæ ддæ р, фæ лæ дзы ныр æ ппæ т дæ р æ рбайрох. Къæ сæ ргæ рон лæ угæ йæ баззад. Худт тынг хъæ рæ й æ мæ зæ рдиагæ й. Генриеттæ итæ. ныджджих сты. Цы ’рцыд, æ нæ уи уыцы сабыр æ мæ æ рхæ ндæ ггъуыз лæ гыл, уымæ н ницы æ мбарынц. Заза уæ ддæ р лæ ууы æ мæ худы. Фырхудæ гæ й йæ тыхтон дæ р æ рцæ йхауд, фæ лæ ма йæ ацахста. Худгæ та мæ нæ цæ уыл кодта. Райсом куы цыд институтмæ, уæ д ницы ма уыд йæ фатеры. Барбис ын изæ ры загъта, зæ гъгæ, ма иу æ хсæ в бафæ разут клеткæ йы. Райсом дæ бинонты скæ н дæ фатермæ. Æ з институты техникон кусджытæ н барвитдзынæ н, цы хъæ уы, уыдон, стæ й сæ дæ бинонтæ бафснайдзысты. Зазайæ н йæ хъуыдыйы кæ рон дæ р никуыуал уыд, Генриеттæ хæ дзары дзаума йæ фыны дæ р кæ й никуыма федта, уый. Æ мæ ныр ахæ м уавæ р куы федта, уæ д æ м худæ г фæ мидæ г. Стæ й худæ г дæ р куыд нæ уыд: уаты астæ у лæ ууы фыссæ н стъол, йæ къæ хтæ хæ рдмæ, афтæ мæ й; дзаумæ тты шкаф йæ иу фарсыл фæ лдæ хт, йæ дуæ рттæ къулы ’рдæ м. Заза йын йæ айдæ н асгæ рста. Хорз уыд æ мæ къул ’рдæ м фæ цис, æ ндæ ра дзы уыцы фыдуаг адæ мæ й исчи йæ сурæ т куы федтаид, уæ д æ й æ нæ ныззыгуым нæ фæ уыдаиккой. Æ ртæ æ фсæ йнаг сынтæ джы хæ лдæ й иу ран къуымы — цагъд. Сыгъдæ г æ хсад хуыссæ нтæ æ ртæ йы фæ лыст астæ рдыл тыд. Сæ уæ лæ ратул-батул кæ нынц Генриеттæ, Мери, Артур æ мæ Гертруд. Агтæ, къустæ, электроплиткæ тæ æ мæ æ ндæ р лыстæ г дзаумæ ттæ балкъоныл лæ ууынц, куыд сæ æ рæ вæ рдæ уыд, афтæ мæ й.

Заза стъолы йæ къæ хтыл слæ ууын кодта. Йæ уæ лæ йын æ нæ хæ лдæ й æ рæ вæ рдта тыхтон. Фæ йнæ рдыгæ н йæ м сæ хи байвæ зтой Артуритæ, стæ й устытæ дæ р, фæ лæ сын Заза сабырæ й загъта:

— Нырма уал нæ хæ дзар бафснайæ м, стæ й нæ ног фатерæ н акувдзыстæ м.

— Æ мæ цы мæ гуырау æ фснайд у? — фæ дисау Генриеттæ.

— Нæ, Генриеттæ. Мах ныр клеткæ йы царды уавæ ртæ бынтондæ р ферох кæ нæ м. Мæ нмæ хъусут, цы аразæ м, уый уæ зæ рдыл фидарæ й дарут, цæ мæ й йæ дыккаг хатт уæ хæ дæ г аразын фæ разат. — Скъоламæ фыццаг хатт чи бацæ уы, ахæ м сывæ ллæ ттау æ м зæ рдиагæ й хъусынц.

— Уæ дæ райдайæ м, — дзуры дарддæ р Заза, — нырма нын ацы иу стъолы йеддæ мæ нæ й. Ууыл кæ ндзыстæ м хæ ргæ дæ р, стæ й фыссинаг кæ мæ н цы уа, уый дæ р ууыл фысдзæ н...

—Æ мæ уыцы бæ рзондыл куыд хъуамæ хæ рæ м? — Батыхст Мери.

— Уый бынтон хуымæ тæ джы хъуыддаг у. Артур, дуарæ й мын æ рбадав иу бандон. — Артур ацыд. Иу дзæ вгар фæ лæ ууыд, стæ й æ рбахаста къус.

— Уый цы ’рбахастай? — хъæ рæ й нал, фæ лæ йæ мидбылты гæ зæ мæ бахудт, зæ гъгæ, куы фефсæ рмы уа лæ ппу.

— Уæ дæ нын хæ рын æ ндæ р цæ уыл бацамондзынæ? — фæ дисау лæ ппу. Заза йæ хæ дæ г æ рбахаста бан дон. Æ рæ вæ рдта йæ стъолы фарсмæ. Æ рбадт ыл. Йæ размæ æ рбакодта, Артур кæ й æ рбахаста, уыцы къус.

— Алкæ й разы дæ р уыдзæ н къус хæ ринагимæ. Мæ нæ афтæ бад æ мæ хæ р. Фæ лæ уал уын фæ уадзæ м. — Сыстад Заза. Хуыссæ нты иу ранмæ батымбыл кодта, цæ мæ й сыл ма рацу-бацу кæ ной, стæ й бацыд сынтæ джытæ м. Иу ных дзы систа. Къуымгæ рон æ й слæ ууын кодта æ мæ загъта Гертрудæ н, зæ гъгæ, афтæ йыл хæ ц. Иннæ тигъыл ныххæ цын кодта Артуры, — цъæ тыл иуæ рдыгæ й схæ цыд йæ хæ дæ г, иннæ рдыгæ й схæ цын кодта Генриеттæ йы. Фыццаг æ й сфидар кодта Гертруды ’рдыгæ й, стæ й та Артуры ’рдыгæ й. Сынтæ джы цæ ттæ йæ куы ауыдтой, уæ д æ м цымыдисæ й кастысты. Гертруд ыл æ гæ рыстæ мæ й тулгæ дæ р акодта, фæ лæ æ фсæ йнаг цъæ тыл фæ рыст йæ гом буар æ мæ рагæ пп кодта фæ стæ мæ.

— Алæ, куы нæ бæ ззы, — йæ фæ рстæ ныхы.

— Сбæ здзæ н, мæ хур, тагъд ма кæ н, — рæ вдаугæ хъæ лæ сæ й загъта Заза æ мæ ма йæ дзырдмæ бафтыдта. — Еныр æ нæ ме ’ххуысæ й хъуамæ уæ хæ дæ г сæ вæ рат иу сынтæ г. — Цыппарæ й дæ р сæ хи уыцы иу цæ ф ныккодтой, уæ лейæ цы цъæ т уыдис, ууыл. Райваз-байваз æ й кæ нынц, фæ лæ йын цы кæ нын хъæ уы, уый æ рæ гмæ ’рцыд сæ хъуыдыйы. Фыццаг Артур фæ хатыдта, сынтæ джы ныхыл кæ й хæ цыд, уый. Цъæ ты бын цы ных уыд, ууыл ныххæ цыд. Уый фенгæ йæ Гертруд та иннæ ныхыл ныххæ цыд. Цъæ т Генриеттæ æ мæ Мерийы æ вджид баззад æ мæ йæ райстой...

Куыддæ риддæ р уыд, сарæ зтой йæ иу дзæ вгар фæ фыдæ боны фæ стæ. Æ ртыккаг сын æ нцондæ р рауад.

Сынтæ джытæ й дыууæ бахаста иннæ хатæ нмæ. Æ рæ вæ рдта сæ фæ рсæ й-фæ рстæ м. Уый фæ стæ дзы алкæ уыл дæ р аив батыхта иуы фæ лыст хуыссæ нтæ æ мæ сæ бамбæ рзта æ мбæ рзæ нтæ й. Ацы куыст кæ нгæ йæ бафæ дзæ хста устыты, зæ гъгæ, нырæ й фæ стæ мæ уый сымах куыст уыдзæ н æ мæ йæ хъуамæ хорз зонат. Хуыссæ нтæ й ма чи баззад, уыдон Генриеттæ йæ н батухын кодта, æ ддаг хатæ ны цы сынтæ г уыд, ууыл.

— Ай æ з æ мæ дæ сынтæ г у æ мæ йын хъуамæ хорз базонай йе ’взаг, — хъазгæ хуызы дзырдта Заза.

— Уæ д иннæ тæ та? — афарста йæ Мери.

— Иуыл дзы хуысдзынæ дæ фыртимæ, иннæ уыл та Гертруд.

— О, о, о! — Цины хъæ р ныккодта Артур æ мæ фæ цæ йзгъордта сынтæ гмæ, фæ лæ йæ фæ урæ дта.

— Уыдоныл хуыссæ н ис æ рмæ ст æ хсæ в. Бон хъуамæ лæ ууой хæ рзæ фснайдæ й. Рахъил кодтой дзаумæ тты шкаф дæ р. Йæ айдæ н ын æ ддæ мæ фæ кодтой æ мæ йæ къуыммæ бассыдтой. Айдæ ны йæ хи фыццаг ауыдта Мери. Тынг фæ тарст. Ныцъцъæ хахст кодта. Иннæ тæ фæ джихау сты. Заза бацыд айдæ нмæ.

— Ам тæ ссагæ й ницы ис. У, адæ ймаг йæ хи кæ м уыны, ахæ м авг. Алчи дæ р уæ дзы акæ сæ д æ мæ фенæ д йæ хи. Уый тынг хъахъхъæ нинаг у. Исты йыл куы баныдзæ ва, уæ д асæ тдзæ нис. — Ныр бамбæ рстой авджы миниуæ г. Алкæ й дæ р сæ фæ ндыд йæ хи фенын æ мæ кæ рæ дзийы рæ зты бырыдысты, нæ æ з æ м хæ стæ гдæ р фæ уонæ й.

Заза йæ пиджак раласта. Сауыгъта йæ шкафы. Шкафы иннæ рдыгæ й бафснайдта, абон уал сæ ног фатерæ н акувынæ н чи нæ бахъæ удзæ н, уыцы лыстæ г мигæ нæ нтæ.

— Нæ фатер æ фснайд фестæ м, — хъæ лдзæ гæ й загъта Заза. — Ныр уæ алчи йæ хицæ н бандон æ рбахæ ссæ д æ мæ сбадæ т стъолы фарсмæ. — Бандæ ттæ бæ ргæ æ рбахастой. Бадгæ дæ р сыл скодтой, фæ лæ сыл рафт-бафт кæ нынц. Гертруд цалдæ р хатты рахызт. Фæ стæ мæ та-иу сбадт.

Заза алкæ й разы дæ р æ рæ вæ рдта къус. Кæ рдзын æ рлыгтæ кодта, къалбас дæ р. Фæ йнæ рдыгæ й фæ лæ бурдтой фынгмæ, фæ лæ та сæ Заза фæ урæ дта.

— Фыццаг хъуамæ акувæ м нæ фатерæ н сæ нæ й. — Æ ркодта агуывзæ ты. Алкæ й разы дæ р дзы æ рæ вæ рдта иу.

— Æ рмæ ст æ й уыцы иу нуæ зт мачи акæ нæ д. Уый хуымæ тæ джы дон нæ у. Кæ ны расыг. Федтат, Боро-иу куыд рахау-бахау кодта, уый. Уæ д-иу банызта амæ й.

— Æ мæ мах дæ р афтæ фæ уыдзыстæ м? — тарстгъуызæ й йæ афарста Генриеттæ.

— Уыцы фæ йнæ агуывзæ йы сындæ гтай куы баназат, уæ д уын ницы кæ ндзæ н.

Хæ рды фæ стæ сæ алчи дæ р гæ зæ мæ барасыгдзæ ф. Сæ хи къулгæ рæ тты афтид астæ рдыл ауагътой æ мæ сфынæ йтæ сты. Нæ сæ бахъыгдардта Заза дæ р.

Зазайы (уазджытæ сæ схона, йæ бинонтæ æ ви йæ ахуыргæ нинæ гтæ, уый йæ хæ дæ г дæ р рæ стмæ нæ зоны) адæ м куы ’рфынæ й сты, уæ д æ рбадтис райсомы лекцитæ м цæ ттæ кæ ныныл. Бæ ргæ уыцы боны лекциты фæ стæ фæ ратас-батас кодта, фæ раууил-баууил кодта йæ уавæ р, фæ лæ та фæ стагмæ йæ хи æ рсабыр кодта. Рагæ й фæ стæ мæ иу хъуыддаг хорз зоны: Цалынмæ бæ ласы цонгыл дыууæ къухæ й фидар ныххæ цай, уæ дмæ йыл дæ хи макуы ацауындзæ г кæ н. Æ мæ уый тыххæ й та иуцасдæ р рæ стæ джы акусын хъуыд цæ сгомджынæ й. Лекцитæ куы бацæ ттæ кодта, уæ д бакаст, институты библиотекæ йæ цы æ ндæ р чингуытæ рахаста, уыдонæ й цыдæ ртæ. Уый фæ стæ ныууад бинаг залмæ. Адæ м ыл амбырд сты. Дзурын дзы чысылтæ чи зыдта, уыдон æ й цæ мæ йдæ рты фарстой, иннæ тæ йын тарстгъуызæ й æ внæ лдтой йæ дзаумæ ттæ м. Йæ клеткæ уыд афтид, йæ дуар гом. Цыдæ р æ дзæ рæ ггъуыз æ м фæ зынд æ мæ йын тæ ригъæ д дæ р фæ кодта. Уый фæ стæ суад Зирæ тæ м. Уыдон æ й дзаумайы никуыма федтой æ мæ дзы фæ тарстысты.

— Фæ лæ у-ма, ды Заза нæ дæ? — бауад æ м йæ хæ лар «хирург»

— Тæ ккæ дæ р уый. — Бахудт Заза, стæ й сæ афарста. — Цæ й, куыд цæ рут? Цы ис ногæ й уæ уæ здан маймулитæ м?

— Ног ис. — Цыдæ р сагъæ сгъуызæ й загъта «хирург». — Нæ цытджын Базел ницыуал аккаг у. Курдиат ныффыста йæ бæ рзонддзинад министрады хистæ рмæ, цæ мæ й йæ уæ лдæ р физиологийы институты директорæ й ссæ рибар кæ на.

— Æ мæ дзы цы рауад? —бацымыдис кодта Заза.

— Иу хъуымыздзых сыл орангутангы æ рæ рвыстой. Абон ам дæ р уыд, фæ саууонмæ дам ахуыр кæ ны медицинон институты.

— Уæ дæ та сымах дæ р, æ вæ ццæ гæ н, уæ рагон бынат бацагурын бахъæ удзæ н? — бахудт Заза.

— Иууыл дæ р сын куы басудзиккой.

— Судзгæ цæ мæ н? Мах бахъæ удзысты уыдон... Уæ вгæ йæ, дæ операцигæ нæ н цы фæ цис?

— Ахæ м ран æ мбæ хст ис æ мæ йæ ничи ссардзæ н.

— Уырдæ м цæ уыныл куы фæ уат, уæ д дæ ма ферох уæ д. Æ з-иу уæ уым дæ р абæ рæ г кæ ндзынæ н. Ныр æ з сæ рибар дæ н. Æ мæ канд сæ рибар нæ, фæ лæ маймулиты институты лекцитæ кæ сын.

— Гъе, уый мæ нæ уырны? — йæ сæ р æ нæ ууæ нчы тылд бакодта Зирæ.

— Цæ й, цæ й. Дæ у бирæ цыдæ ртæ нæ уырны, фæ лæ цард йæ кæ нон кæ ны. Федтай Боройæ н цытæ акодтай?

— Уый æ нцон хъуыддаг уыд.

— О, фæ лæ раздæ р ахæ м хъуыддагыл искуы ахъуыды кодтай?

— Ууыл... Нæ... кæ с дæ хорзæ хæ й. Цалынмæ дæ у федтон, уæ дмæ ахæ м фæ нд мæ фæ сонæ рхæ джы дæ р нæ уыд...

Заза йæ адæ мы баййæ фта стъолы фарсмæ бадгæ йæ. Артур сын каст, Заза сæ рмагондæ й уымæ н цы аргъæ утты чиныг æ рбахаста, уымæ й цыдæ ртæ. Иудзæ вгар ма фæ бадтысты, стæ й схуыссыдысты. Заза сæ бафæ дзæ хста, цæ мæ й астæ рдмæ ма раппарой сæ хъæ ццулты. Ма рахауой сæ хæ дæ г дæ р... Фæ лæ бирæ гъæ н æ мбисæ ндтæ чи хаста, уый ми йыл æ рцыд. Мери райсомы тымбылтæ й хуыссыд сынтæ джы бын къуымы. Артур æ мæ Гертруд хуыссыдысты кæ рæ дзиуыл тыхстæ й къæ сæ ргæ рон. Генриеттæ дæ р, æ вæ ццæ гæ н, искуы къулгæ рон хуыссыдаид, фæ лæ сынтæ джы къуыммæ хæ стæ г бакодта Заза йæ хæ дæ г æ ддейæ схуыссыд æ мæ йын рахауыны фадат нал фæ цис.

II

Амард Базел. Æ нгæ сы иууыл стырдæ р æ мæ дзырддзæ угæ дæ р газет «Сиберийы цæ сгом»-ы ныффыстой, сæ рæ й-бынмæ дыууæ колонкæ йы чи бацахста, ахæ м некролог Базелы нывимæ. Бынæ й йыл сæ къухтæ бафыстой министрады кусджытæ, æ ппæ т уæ лдæ р æ мæ астæ уккаг скъолаты директортæ, зонадон кусджытæ. Мард бавæ рыны къамис (йæ сæ рдар уæ лдæ р физиологийы институтмæ ректорæ й цы æ взонг сыл орангутанджы æ рæ рвыстой, уый) газеты фæ рцы фехъусын кодта, Базел кæ д æ мæ кæ м бавæ рд æ рцæ удзæ н, уыцы хъуыддæ гтæ. Базелы ныгæ нæ н бон уæ лдæ р ахуыргæ нæ ндæ ттæ н уыд улæ фт. Уыдон хъуамæ хайад райстаиккой мард бавæ рыны.

Райсом бон куы ’рбацъæ х, уæ д æ мбырд кæ нын байдыдтой маймулитæ. Базелы зыбыты бæ гънæ г скодтой. Цæ хæ радонмæ йæ рахастой. Бæ ласы цонгыл æ й афтæ сæ вæ рдтой, цыма бадгæ кæ ны.

Заза йæ хинымæ ры худæ гæ й мæ лы. «Куыйтæ, бæ лæ стыл райгуырдысты æ мæ сæ марды дæ р уыцы хорздзинадæ й цух куыд нæ уадзынц».

Маймулитæ уыцы стыр бæ ласыл нæ æ з фæ раздæ ронæ й рагæ пп-багæ пп кæ нынц къалиуæ й-къалиумæ. Цыдæ ртæ хъуыр-хъуыр кæ нынц, фæ лæ сын Заза æ ппындæ р ницы æ мбары. Афтæ фæ рахау-бахау кодтой сихорафонмæ. Стæ й йæ æ ристой, иу уæ зласæ н машинæ йыл æ й сæ вæ рдтой æ мæ йæ хъæ ды ’рдæ м аластой. Йæ фæ дыл цæ уынц маймулитæ. Заза дæ р цæ уы. Фæ нды йæ, цы ми йын кæ ндзысты, уый базонын. Горæ тæ й иудзæ вгар куы ауадысты, уæ д бахæ ццæ сты иу хъæ ды къохмæ. Бæ лæ стæ иууылдæ р уыдысты æ нахуыр ставд. Сæ цæ нгтыл баст алы хæ рд æ мæ нозт. Машина раджы раздæ хт, фæ лæ марды цы фæ кодтой, уымæ н Заза ницыуал базыдта. Маймулитæ куыд цæ уынц, афтæ бæ лæ стæ м гæ ппытæ кæ нынц. Алчи дзы йæ хицæ н æ рцахсы аив бынат. Йæ фæ стаг дзæ мбытæ й хæ цы, цæ мæ й ма рахауа. Раззаг дзæ мбытæ й авнæ лдтой хæ рынмæ. Цавæ рдæ р хъуыраугæ ндтæ й нуазынц сæ н Зазамæ уый ницы диссаг кæ сы, фæ лæ марды агуры цæ стæ нгасæ й. Йæ кой дæ р никуы. Иу бæ ласы бын федта чысыл ног схъис æ хсныфтæ. Хæ стæ г æ м бацыд. Сыджытмæ кæ сы, фæ лæ дзы ног къахты фæ д нæ разынд. Уæ д бæ ласмæ лыстæ г бакаст. Йæ цъар гæ зæ мæ хаххæ й аззад. Йæ цæ ст ыл æ рхаста. Егъау цыппæ рдигъон хахх. Уæ д ма йын цы зонын хъуыд, бæ ласæ й арæ хстгай къæ ртт кæ й рафтыдтой, кæ й йæ скъахтой мидæ гæ й æ мæ Базелы мард буар уым кæ й бавæ рдтой. Цалынмæ Заза уыдæ ттæ бæ рæ г кодта, уæ дмæ маймулитыл карз нозт фæ зынд. Сæ хъæ лæ ба тынгæ й-тынгдæ р кæ ны. Чи заргæ кæ ны, чи кæ угæ, чи худгæ. Чидæ ртæ дзы Зазамæ дзырдæ ппарæ нтæ байдыдта. Уый сæ мурмæ дæ р нæ дары. Кæ цæ йдæ р сыл фæ хъæ р кодта Барбис, зæ гъгæ, уы йлектор у æ мæ уæ дзыхтæ бауромут. Ацы хъуыддаг ноджы тынгдæ р базмæ лын кодта нуæ зтджын маймулиты. Иу ацæ ргæ шимпанзе йæ хи бæ ласы къалиуыл ацауыгъта йæ фæ стаг дзæ мбытæ й. Раздæ гтæ й уыцы рог куыд февнæ лдта æ мæ Зазайы сæ рæ й шляпæ куыд фелвæ ста, уый зонгæ дæ р нæ бакодта Заза. Цалынмæ йæ м фæ стæ мæ фæ зылд, уæ дмæ маймули бæ ласы цонгыл абадт. Шляпæ йы йæ сæ рыл æ рсагъта. Йе ’взаг раласта æ мæ кæ л-кæ лæ й худы. Заза гæ зæ мæ нæ рамæ сты. Йæ разы иу ставд цыбыр хъил фæ цис. Февнæ лдта йæ м. Маймули базыдта йæ хуыцауы цæ ф. Бæ ргæ ма фестад бæ ласы къалиутыл уæ лæ мæ алидзыны ныфсæ й, фæ лæ йæ сæ ййæ фта Зазайы лæ дзæ г. Йæ тæ ккæ фæ сонтыл суад. Маймули фесхъæ л. Йæ дзæ мбытæ къалиу нал ацахстой æ мæ бæ ласы бын йæ дзæ хст фæ цыд. Уæ ддæ р, гæ дыйау, уæ лдæ фы фæ зылд æ мæ йæ цыппæ ртыл æ рхауд. Амонд йæ хъахъхъæ нæ г ахæ м æ взæ рæ н.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.