Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 2 страница



Маймулимæ адæ ймаг йæ къух сиса, уый у æ нгæ сы цытджын хицæ уттæ н стыр æ фхæ рд. Уæ лдайдæ р та сæ нозты зæ рдæ йæ ахæ м хъуыддаг ныппарын сæ хицæ н банымаиккой мæ лæ тæ й уæ ззаудæ р хъуыддагыл. Уайтагъд иу цалдæ рæ й сæ хи рауагътой бæ лæ сты къалиутыл. Заза бамбæ рста, ам хъуыддагмæ афтид армæ й кæ сгæ кæ й нал у, уый. Фелвæ ста, фыццаг маймулийы кæ мæ й æ рæ ппæ рста, уыцы хъил. Хъæ дæ й чысыл иуварс рацыд, зæ гъгæ, сын хыл бацайдагъ, уæ д ыл уæ лейæ йæ хи мачи æ рæ пппара! — Иу æ взонг, фидæ рттæ конд сыл орангутанг æ м йæ хи бауагъта. Хъуамæ йын йæ хурхы уадындзтæ ацахстаид йæ дзæ мбытæ й. Заза йæ сæ рмæ нæ бахаста сыл маймулитыл йæ тых æ взарын, фæ лæ йыл ахæ м хъæ р фæ ласта æ мæ уый пуртиау атылд. Расыг маймулитæ афтæ фенхъæ лдтой Зазайы цæ фæ й атылд. Цалдæ рæ й йæ м сæ хи рауагътой, фæ лæ уый йæ лæ дзæ г ныззылдта æ мæ дзы иуы фæ сонтæ н цæ ф, иннæ йы хæ мхудтæ н галиу къухæ й хафт, æ ртыккаджы гуыбын сриуыгъта къахæ й. Цыбыр дзырдæ й, ам ын рабæ ззыд, лæ ппуйæ бокс кæ й уарзта æ мæ ерысты хайад арæ х кæ й иста, уый.

Фылдæ рæ н фылдæ р кæ нынц йæ алыварс маймулитæ, фæ лæ ма сæ цæ й маймулитæ ис? Иуы дзы куы асхойы, уæ д дзы иуцалдæ ры та уый ахæ ссы йæ разæ й. Уалынмæ бæ лæ стæ й æ хсын байдыдтой афтид хъуырæ уттæ, æ хсыд стджытæ, кæ рдзыны буханкæ тæ. Æ хсынц сæ, кæ уыл сæ мбæ лдзысты, ууыл æ нæ хъуыды кæ нгæ йæ. Хъуырау, кæ нæ стæ г кæ уыл сæ мбæ лы, уый та æ рдиаггæ нгæ йæ цæ фыл хæ цгæ йæ атулы. Заза æ рæ джиауы онг не ’рхъуыды кодта, Барбис æ мæ ма цалдæ р сыл лекторы йæ уæ лхъус кæ й лæ ууынц æ мæ æ нæ ауæ рдонæ й кæ й цæ вынц, Зазамæ фæ стæ рдыгæ й чи фæ цæ йцæ уы уыдоны, уый куы федта, уæ д ноджы фæ ныфсджын. Ноджы зæ рдиагдæ рæ й райдыдта дæ нг кæ нын мæ цъисæ й, къухæ й, къахæ й. Афтæ æ нæ ауæ рдонæ й цæ вы, чи йæ м бахауы, уыдон. Зæ ронд уа, ног уа, сыл уа, нæ л уа, уый æ нæ ’взаргæ йæ, цыма йæ ныр цалдæ р дæ с азы цы фæ фыдæ бонæ й мардтой, уый маст сæ исы. Цыма сæ Æ нгæ сы æ ппæ т адæ мы маст исы.

Тох ахаста иу сахаты бæ рц. Маймулитæ й чи уым хаудæ й баззад, чи та дзы лидзгæ акодта. Æ ппæ ты фæ стагмæ «хæ сты быдыры» баззадысты Заза, Барбис æ мæ институты иннæ лектортæ. Алкæ мæ н дæ р сæ йæ хид фæ сонтæ й схъардта.

— Ныххатыр кæ нут. Мæ н тыххæ й сымах дæ р фыдбылызы бахаудтат, — æ фсæ рмгъуызæ й загъта Заза.

— Уый дæ аххос нæ уыд. — Ныфсæ вæ рæ гау сдзырдта Барбис, стæ й ма йæ м бафтыдта. —Аххосджынтæ ма дæ уæ й цы цухæ й баззадысты, уый ахæ стоны баххæ ст кæ ндзысты. Дыккаг бон Заза газеты бакаст ахæ м уац: «Хистхорты хъаугъа». Уацы фыстæ уыд, зæ гъгæ, Æ нгæ сы культурондæ р уагдæ тты кусджытæ ныррасыг сты зынгæ ахуыргонд профессор орангутанг Базелы хисты. Кæ рæ дзи нал æ мбæ рстой æ мæ сын бацайдагъ хыл. Хылы фæ стиуджытæ: дыууадæ с маймулийы уæ ззау цæ фтæ й хуыссынц рынчындоны, фондз æ мæ ссæ дзæ й рогдæ р цæ фтæ сты сæ хæ дзæ ртты. Цалдæ р бонмæ не сбæ здзысты куыстмæ рацæ уынæ н. Хыл змæ нтджытæ авдæ й сты ахæ стоны. Базелы фæ стаг балцы цытæ н мард бавæ рыны процессы хайад иста Æ нгæ сы планетæ йыл фыццаг адæ ймаг — ахуыргонд, пединституты лектор Заза. Уый хисты бæ лæ стæ м хизгæ дæ р не скодта, афтæ мæ й йæ райдыдтой расыг маймулитæ мæ стæ й марын. Уый фæ дыл сабырдзинад хъахъхъæ ныны совет дæ тты ахæ м бардзырд: «Адæ ймæ гтæ активон хайад кæ й исынц хъæ ууон хæ дзарад æ мæ сæ удæ джерады рæ зты, уын тыххæ й уынджы, куыстуаты кæ нæ культурон уагдоны, магазинты адæ ймаджы æ нæ хъуаджы чи бафхæ ра, уыцы маймули, — цы бынат ахсы, уымæ æ нæ кæ сгæ йæ, ахæ стоны фæ баддзæ н дыууын фондз боны».

Заза йæ фæ скъæ бут ныхта ацы уац кæ сгæ йæ æ мæ йæ мидбылты худт.

III

Заза йæ фыццаг мыздæ й балхæ дта хъуымац. Институты лабораторийы кусæ г астæ уккаг кары шимпанзе кæ мдæ р раппæ лыд йæ хицæ й, зæ гъгæ, цыхуызæ н фæ нды уæ лæ дарæ с бахуыйын дæ р мæ бон у. Иугæ р афтæ, уæ д ма йæ бинонты хуыйæ н фабрикæ мæ цæ мæ н кæ ны? Хуыйæ ггаг цы иса, уый йын аппар æ мæ гъæ й кæ нæ д.

Уыцы егъау тыхтон стъолыл куы ’рæ вæ рдта, уæ д æ м фæ йнæ рдыгæ й бакæ с-бакæ с кодтой Генриеттæ итæ, фæ лæ йæ м ничи февнæ лдта. Заза йæ папкæ æ мæ йæ пиджак шкафы куы сæ вæ рдта, уæ д райхæ лдта хъуымац.

— Кæ сут-ма, кæ сут, — дзуры йæ мидбылты худгæ йæ. — Уе цыппарæ н дæ р хъуамæ бахуыйын кæ нон амæ й дзаумæ ттæ.

— Мæ нæ н дæ р? — йæ хи йæ м баппæ рста Гертруд. Цæ мæ ндæ р йæ хи æ цæ гæ лоны хуызы æ нкъардта Гертруд ацы хъæ лдзæ г бинонты ’хсæ н æ мæ йын уый тыххæ й тынг тæ ригъæ д кодта Заза. Алы изæ р дæ р-иу æ й акодта бинаг залмæ. Йæ мад æ мæ -иу ыл йæ фыд æ мбисонды цин фæ кодтой. Йæ хæ дæ г дæ р-иу сæ дæ ллагхъуырты тыхст æ рмахуыр гæ дыйау. Пъатæ -иу сын кодта. Æ ппæ лыд-иу сын, чиныджы кæ сын æ мæ фыссын кæ й базыдта, уый тыххæ й. Уыдон кæ д кæ сын æ мæ фыссыны пайдайæ н ницы хатыдтой, уæ ддæ р-иу ыл бацин кодтой.

Заза Базелы амарды фæ стæ ныффыста министрадмæ, зæ гъгæ, Базелы сæ рмагонд лабораторийы цы адæ м ис, уыдон иу цасдæ р бæ рцæ й райдыдтой ныхас æ мбарын. Мæ гуырау нæ уаид уыдоны хъæ ууон хæ дзарадон куыстыты спайда кæ нын. Æ рмæ ст Базелы хæ дзаргæ рон цы егъау быдыр ис, уый куы кусой, уæ ддæ р хорз пайда хæ сиккой паддзахадæ н. —Йæ фыстæ джы кæ рон ма бафыста, зæ гъгæ, æ з Къозойы кусæ нуаты уæ вгæ йæ бирæ кастæ н дыргъ куысты фæ дыл фыст литературæ. Кæ д мын бар радтай, уæ д уыцы быдыры иууылдæ р сараздзынæ н уæ лдæ р сорт дыргъты дыргъдон. Ныккалдзынæ н дзы сæ нæ фсир». — Ныр æ нхъæ лмæ каст дзуапмæ. Уыцы хъуыддаг йæ зæ рдæ йы тынгдæ р æ рæ фтыд, студентты практикæ йы кæ ныны æ фсон заводтыл куы зылд, уæ д. Ахæ м заводмæ нæ ма бацыд æ мæ кусджытæ кæ нæ æ нæ хъæ нæ й, кæ нæ та иуцалдæ р маймулийæ фæ стæ мæ адæ ймæ гтæ кæ м не сты. Уыдонимæ ныхасгæ нгæ йæ Заза бамбæ рста, куыст сын сæ зонынад, се ’мбарынад тынг кæ й аразмæ кодта, уый. Ныр ацы адæ м дæ р быдырмæ куы рацæ уиккой, куы кусиккой дыргъдæ тты, цъæ х халсæ ртты хуымты, уæ д сæ зондахаст бирæ тагъддæ р рæ зид.

Заза тынг хорз зонгæ у Мичурины диссаджы куыстытимæ. Кæ д йæ фыстæ гæ н æ вæ рццæ г дзуапп райса, уæ д хъуамæ уалдзæ джы райдайа кусын дыргъы гъæ д фæ хуыздæ р кæ ныныл. Иннæ мæ й та йæ ахуыргæ нинæ гтæ фæ фылдæ р уыдаиккой. Ныр Заза бакуыста Артур æ мæ Гертрудæ н сæ рмагонд программæ. Уымæ гæ сгæ сæ ахуыр кодта. Алы бон дæ р-иу институтæ й куы ’рбацыд, уæ д-иу сын ауагъта, куыд æ мбæ лы, ахæ м фæ ткыл цыппар, фæ ндзгай уроктæ. Лæ вæ рдта сын ахуыр кæ нынмæ уроктæ, фыссинæ гтæ.

Заза йæ хæ дæ г дзаумæ ттæ куы скодта, кусын куы райдыдта, уæ д æ м афтæ кæ сын байдыдта, цыма йæ царды ницы ивындзинад æ рцыд, цыма цæ ры зæ ххыл æ мæ кусы раздæ рау. Уыцы хъуыдытимæ та йæ м тынг зын каст йæ хæ дзары бæ гънæ г адæ ймæ гтæ м кæ сын. Уæ лдайдæ р та йын бынтон æ цæ гæ лон чи уыд, уыцы Меримæ бакæ сын йæ цæ сгом нал хъæ цыд. Ныр йæ фыццаг мыздæ й хъуымац дæ р уымæ н балхæ дта.

Заза йæ риумæ æ рбалхъывта Гертруды. Фæ тæ ригъæ д ын кодта сыгъдæ г зæ рдæ адæ ймаг бынтон сидзæ р, æ нæ хицауæ н куыд фæ тæ ригъæ д кæ ны, афтæ.

— Æ ппæ ты фыццаг дæ уæ н бахуыйын кæ ндзынæ н дзаума, Гертруд. Ды уыдзынæ дунейы мидæ г иууыл рæ сугъддæ р.

— Артурæ н дæ р уыдзæ н мæ хуызæ н дзаумæ ттæ? — йæ хицæ й йæ ныфс куы бацыд, уæ д та Артуры мæ т райдыдта.

— Уымæ н уыдзæ н, мæ нæ мæ ныл цы дзаумæ ттæ ис, уый хуызæ н.

— Мæ н фæ нды, цæ мæ й æ з æ мæ Гертрудæ н æ мхуызон уой нæ дзаумæ ттæ, — йæ ныхас баппæ рста Артур.

— Æ дылы! — йæ сæ р ын æ рлæ гъз кодта Заза. — Æ мæ стæ й цы бæ рæ г уыдзæ н чызг дæ, æ ви лæ ппу? — бахудт.

Кæ дмæ базар кодтаиккой, цæ мæ йзон, карцкæ рдæ г маймули къæ сæ рыл куынæ ’рбалæ ууыдаид, уæ д.

— Стæ -ма, дæ чындздзонты дын фенон, Заза, — дуарæ й æ рбадзырдта.

— Дæ бон у, — дуар уæ рæ х æ рбайтыгъта Заза æ мæ ма йæ дзырдмæ бафтыдта. —Маймулиты хуызæ н не сты, фæ лæ уæ ддæ р дæ зæ рдæ мæ чи зоны фæ цæ уой.

Гертрудитæ иу къуымы бабукъ сты. Маймулиты тас сæ туджы афтæ ныффидар æ мæ алы ног маймулийы дæ р уыдтой ног фыдбылызтæ.

— Адоныл дзаумæ ттæ куы скæ най, уæ д Зиптуны тынтæ сæ цуры тарытæ кæ ндзысты. Уæ лдайдæ р та, æ ппæ лынмæ мын æ й ма айс, фæ лæ мæ къухæ й хуыд никæ имæ хæ ццæ кæ ны. Бахуыйдзынæ н сын æ ппæ ты фæ стаг модæ йыл, — æ ппæ лыд хуыйæ г маймули.

«Хæ йрæ джы зæ вæ т, кæ д дæ фæ стаг модæ йыл æ хца хъæ уы», — йæ хинымæ ры бахудт Заза, стæ й загъта:

— Æ з модæ тæ н бирæ ницы æ мбарын. Бахуый, стæ й цы ’мбæ ла хуыйæ ггаг, уый мæ ныл уæ д.

— Кæ рдгæ, куыд мын загътай, афтæ сæ ам скæ ндзынæ н. — Йæ къухы цы тыхтон уыд, уый стъолыл æ рæ вæ рдта. Уыдис дзы хæ сгард, барæ н æ мæ хуыйæ джы æ ндæ р мигæ нæ нтæ.

— Кæ мæ й уал райдайæ м?

— Æ з раздæ р Гертрудæ н баныфс æ вæ рдтон, — загъта Заза æ мæ йæ м йæ къух фæ тылдта. — Рацу, мæ рæ сугъд чызг.

Уый цæ угæ нæ, фæ лæ устыты фæ стæ абырыд. Йе уæ нгтæ ихæ н рызт скодтой.

— Ма тæ рс, мæ хур. Æ з æ взæ р маймулитæ й нæ дæ н. Æ з дын ахæ м къаба бахуыйдзынæ н æ мæ дæ м суанг маймулиты рæ сугъд чызджытæ дæ р хæ лæ г куыд кæ ной, — рæ вдаугæ йæ м дзуры хуыйæ г, фæ лæ уый ноджы арфдæ р быры къуымы.

— Уæ дæ уал мæ нæ н скæ рдæ д, — размæ ралæ ууыд Артур, уымæ н дæ р йæ цæ стæ нгасыл зыны тас, фæ лæ уæ ддæ р йæ хи нал басаста. Хъавгæ -хъавгæ хæ стæ г æ рбацыд маймулимæ. Уый хъуымац райхæ лдта. Æ рбарста йыл æ й. Скарста йын дзы хæ лаф æ мæ хæ дон. Уæ д иннæ тæ дæ р фæ ныфсджын сты æ мæ йæ м радыгай цыдысты.

Маймули куы ацыд, уæ д Артур æ мæ Гертруд алыгъдысты бинаг залмæ, тагъд сын дзаумæ ттæ кæ й уыдзæ н, уый Гертруды мад æ мæ фыдæ н æ ппæ лыны тыххæ й. Уыдон исдуг не ’мбæ рстой, дзаума циу, уый, фæ лæ сын куы загътой, зæ гъгæ, Зазайыл цы хуызæ н пысултæ вæ ййы, уый хуызæ ттæ, уæ д æ й базыдтой æ мæ сын æ хсызгон уыд. Урæ дтой ма сæ уым, фæ лæ нæ ныллæ ууыдысты.

— Махæ н ныртæ ккæ уроктæ уыдзæ н. — Загъта Гертруд æ мæ рацæ йлыгъдысты, фæ лæ къуымы, раздæ р-иу кæ имæ хъазыдысты, уыцы сывæ ллæ тты куы ауыдтой, уæ д сæ м бауадысты. Уыдон афтæ зæ рдиагæ й хъазыдысты къуырццытæ й æ мæ сæ æ рæ джиауы онг зонгæ дæ р нæ бакодтой. Артур сæ м иудзæ вгар фæ каст, стæ й йын цыдæ р дзæ бæ х хъуыды йæ зæ рдæ фæ цагайдта. «Цымæ Зазайæ н куы зæ гъин, уæ д сæ уроктæ м нæ уадзид? » — ахъуыды кодта æ мæ Гертруды цонгыл фæ хæ цыд. Йæ хъуыды Зазайæ н ног нæ уыд. Уый рагæ й фæ нд кодта, фæ лæ уал æ нхъæ лмæ кæ сы, йæ бæ рзонддзинадæ й цы дзуапп райсдзæ н, уымæ. Артурæ н та загъта, зæ гъгæ, уал чысыл банхъæ лмæ кæ сæ м. Бафæ дзæ хста йын, цæ мæ й сæ м алыбон дæ р цæ уой Гертрудимæ. Цы ахуыр кæ нынц, уыдон сын дзурой, кæ сой сын чингуытæ.

IV

Иу мæ й. Иу мæ й афтæ зæ рдиагæ й исты хъуыддагмæ æ нхъæ лмæ кæ с, уый æ нцон нæ у, фæ лæ Заза йæ зæ рдыл дардта ахæ м æ мбисонд: тагъд дон фурды не ’ййафы, зæ гъгæ, æ мæ быхста. Алыгъуызон сагъæ стæ йæ сæ ры магъзы тылдысты уæ рдоны цалхау. Чи йын дзы йæ ныфс фидар кодта, чи та сæ тгæ. Уæ лдайдæ р афæ стаг рæ стæ джы цы цаутæ хъуысы хæ стæ й, уыдон ын бынтон ныссуйтæ кодтой йæ хъуыдытæ.

Цаутæ та гæ зæ мæ ты не ’рцыд. Ныртæ ккæ ма Сиберы цы нæ л маймулитæ баззад хæ стхъомæ й, уыдон адæ ймаг йæ къухы æ нгуылдзтыл банымаид. Баззадысты ма æ рмæ ст хæ стон дынджыр заводты директортæ. Уыдонæ й дæ р зынгæ инженертæ чи ис, иннæ ты хæ стмæ афардæ г кодтой. Æ мæ ма уый дæ р цы фæ нды фæ уæ д, фæ лæ сæ институты цы ’рцыд, уый у стыр диссаг: Иу бон институты дуармæ æ рбалæ ууыд цалдæ р уæ зласæ н машинæ йы. Иуы кабинкæ йæ дзы рахызт фидæ рттæ конд нæ л орангутанг инæ лары пагæ тты. Комкоммæ фæ раст институты хатæ нмæ. Заза лекцийыл уыд. Фæ рссагæ й йæ ауыдта. Ницы йын зыдта, чи у æ мæ цæ мæ ’рбацыд, уымæ н. Уалынмæ чидæ р дуар æ рбахоста. Заза йæ м ракаст. Ныффæ лурс, афтæ мæ й къæ сæ ргæ рон лæ ууыд Барбис.

— Æ фсæ ддон сæ йраг командакæ нынадæ й нæ м æ рбацыд минæ вар. Фæ нды йæ митинг ауадзын...

— Æ мæ лекцийы фæ удмæ нæ фæ лæ удзæ н? — йæ дзырд ын фескъуыдта.

— Тынг ахсджиаг хъуыддаг дам у æ мæ тагъд кæ ны. Актон залмæ ракæ н студентты.

Зазайы бацыдмæ залы къух бакæ нæ н нал уыд маймулитæ й. Разæ й сценæ йыл бадтысты инæ лар, фондз сыл маймулийы урс халатты, Барбис æ мæ ма лектортæ й чидæ ртæ.

Митинг цыбыр разныхасимæ байгом кодта Барбис. Уый фæ стæ ныхасы бар радта инæ ларæ н. Уый сыстад. Йæ ронбасты дзæ мбыты хистæ р æ нгуылдзтæ фæ сагъта. Хæ доны ссывтыты чъылдымæ рдæ м ассыдта. Микрофоны фæ ччыгъæ дæ н иу-дыууæ хуыфты ныккодта, стæ й райдыдта дзурын. Уый дзырдта, зæ гъгæ, нæ бæ стæ бахауд тынг зын уавæ ры. Не ’фсад хæ сты сафынц тынг бирæ удæ гас тых æ мæ техникæ. Нырмæ уавæ р хуыздæ р уыд. Алы бон дæ р хæ стонты рæ нхъытæ æ ххæ стгонд цыдысты ног маймулитæ й. Ныр уый дæ р нал ис...

— Кæ рон скæ нынмæ нæ ма хъавынц уыцы фыдбоны хæ стæ н? — залæ й чидæ р дзырд баппæ рста.

— Хæ стæ н кæ рон скæ нын, мæ хур, иу касы къус кæ ронмæ бахæ рынау æ нцон куы уаид, уæ д ма йæ м дæ умæ кæ м кастаиккам. — Тызмæ гæ й загъта инæ лар орангутанг æ мæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта:

— Мах цалдæ р хатты барвыстам Бамбиры хицауадмæ минæ вæ рттæ. Куырдтам дзы, цæ мæ й бафидауыныл сразы уой. Мах, æ гæ рыстæ мæ й, разы уыдыстæ м не ’фсад æ мæ æ фсæ ддон техникæ йы Бамбирæ й бынтондæ р ракæ нын, æ мæ сæ бынтондæ р кæ й никуыуал хъыгдардзыстæ м, уый тыххæ й бадзырдыл къух æ рфыссыныл, фæ лæ нæ разы кæ нынц. Уыдон фæ нд у Æ нгæ сы бæ стæ æ нæ хъæ нæ й сæ дæ лбар бакæ нын. Æ мæ афтæ куы ахæ сса, уæ д сын æ нтысгæ дæ р бакæ ндзæ н. Тынг сфæ лахс сты махæ н не ’фсады рæ нхъытæ. Цæ мæ й уый ма уа, уый тыххæ й уæ м æ з сидын: Йæ райгуырæ н бæ стæ зынаргъ кæ мæ н у, Бамбиры, стæ й нæ хицæ й чи фæ лыгъд, уыцы фыд-зонд гориллæ ты дæ лбар цæ рæ нбонтæ м æ фхæ рдæ й цæ рын кæ й нæ фæ нды, уыдон райсæ нт сæ къухтæ м хæ цæ нгарз æ мæ æ рлæ ууæ нт райгуырæ н бæ стæ хъахъхъæ нджыты рæ нхъыты.

— Сыл маймулиты нæ кæ нут? — йæ бынатæ й фестад иу ныллæ г, фæ тæ нтæ конд сыл маймули.

— Нæ лтæ фаг куы уаид, уæ д æ нæ хъуаджы йæ хойы, йæ мад, йæ бинойнаг, гъе йæ чызджы чи æ рæ вæ рдзæ н нæ мыджы ныхмæ. Стæ й ма уын уый дæ р зæ гъон æ мæ Бамбиры сыл гориллæ тæ бирæ æ нæ ауæ рдондæ рæ й хæ цынц нæ ныхмæ. Уæ зæ рдыл дарут уый æ мæ мах цы фæ нды уавæ ры дæ р нæ маймулидзинад кæ й нæ рох кæ нæ м. Мах тыхæ й нæ акæ ндзыстæ м сыл маймулиты. Йæ хи барæ й кæ й фæ нды, уый та ныртæ ккæ йæ хи ныффыссын кæ нæ д, уый фæ стæ рацæ удзысты медицинон æ ркасты. Исты сахъатдзинад кæ мæ разына, уыдоны раздахдзыстæ м...

... Афтæ мæ й ма институты аззадысты къуылыхтæ, сохъхъыртæ, рынчынтæ. Æ цæ г дзы ахæ мтæ дæ р æ рымбырд, цæ мæ й институт æ хгæ д ма ’рцæ уа, уый фаг, фæ лæ дзы нал ис Зазайы зæ рдæ. Барбис ма дзы уыд æ цæ г маймулиты хуызæ н æ мæ уый дæ р акодтой. Йæ бынаты рæ стæ гмæ ныууагъта Зазайы. Æ з дам бацæ удзынæ н йæ бæ рзонддзинадмæ. Кæ д сразы уа, уæ д дæ бардзырдæ й сфидар кæ ндзысты ме ’рцыдмæ. Заза йын нæ разы кодта уыцы хъуыддагыл, фæ лæ йæ м Барбис хъусгæ дæ р нал бакодта.

Гъе, æ мæ ныр иу къуырийы бæ рц æ нæ бары æ ххæ ст кæ ны директоры хæ стæ, фæ лæ йæ бæ рзонддзинадæ й ницыма бæ рæ г ис.

Уыцы бон институты æ гæ р афæ стиат. Цыдæ р ног программæ тæ сæ м æ рбарвыстой рухсады министрадæ й æ мæ уыдонимæ зонгæ кодта лекторты. Куы ’рбацыд, уæ д Артуриты æ рбаййæ фта стъолы фарсмæ бадгæ йæ. Семæ ма уыд ноджы фондз æ ндæ р сывæ ллоны. Уыдон Зазайы куы ауыдтой, уæ д фæ тарстысты. Хъуамæ алыгъдаиккой, фæ лæ Артур сæ разы æ рлæ ууыд.

— Уæ хæ дæ г мын нæ дзырдтат, махæ н дæ р, дам, куы бацамонид кæ сын æ мæ фыссын? — мæ стыгъуызæ й сын дзырдта.

— Сбадут, — рæ вдаугæ сæ м сдзырдта Заза. — Æ з уын æ рбахастон ног аргъæ утты чиныг. Артур, хæ ц æ мæ сын кæ с. Æ з чысыл аулæ фон.

Ацы ныхæ стæ куы кодта Заза сывæ ллæ ттимæ, уæ д тыргъæ й кæ йдæ р къæ хты хъæ р æ рбайхъуыст. Акаст æ м Заза. Асины сæ р лæ ууыд иу зæ ронд къæ дз нæ л шимпанзе. Йæ фарсыл постхæ ссæ джы егъау хызын.

Цыдæ ртæ дзы змæ ста. Заза бадис кодта, кæ цæ й йæ м цы æ рвитæ ккаг уыдзæ н, зæ гъгæ. Уæ дмæ постхæ ссæ г систа иу цъæ х конверт. Йæ кæ сæ нцæ стыты бынты ма йæ м иу каст æ ркодта, стæ й йæ Зазамæ авæ рдта, йæ хæ дæ г асинтыл рог æ руад. Уынджы лæ ууыд йæ велосипед. Абадт ыл. Иу каст ма хæ рдмæ фæ кодта. Саламы охыл йæ хъæ мпын, зæ ронд худ фелвæ ста. Фæ стæ мæ йæ æ ркодта æ мæ афардæ г. Заза æ ркаст конвертмæ. Министрады мыхуыр ыл куы ауыдта, уæ д базыдта, йæ фыстæ гæ н дзуапп кæ й æ рцыд, уый. Уайтагъд æ й айхæ лдта. Кæ сы.

«Цытджын ректор!.. — О, гъо, — бахудт Заза «иугæ р афтæ райдыдта, уæ д дзы цыдæ р ис». Ахъуыды кодта æ мæ райдыдта кæ сын дарддæ р. —

Ныххатыр кæ н дæ фыстæ гæ н дын дзуапп æ гæ р æ рæ гмæ кæ й радтон, уый тыххæ й. Ныртæ ккæ мын дæ уимæ цæ стæ й цæ стмæ дзурын æ нцондæ р æ мæ æ хсызгондæ р уаид, фæ лæ уый фадат нæ дæ р дæ уæ н ис, нæ дæ р мæ нæ н. Зонын æ й, дæ ног куысты дыл цы стыр уæ з ис, уый, фæ лæ йæ кæ й сфæ раздзынæ, уымæ й мæ ныфс ис. Мах маймулиты мыггаг куыстуарзаг æ мæ фæ разон кæ й сты, ахæ м зонд дæ р нын уымæ н бахæ лар кодта æ рдз.

Дæ фыстæ гæ н дын дзуапп æ рæ гмæ кæ й лæ вæ рдтой, уый сæ йраджы дæ р, комкоммæ дын куы зæ гъон, уæ д мæ хи аххос у, канд дæ р та зонады алы къабæ зтæ м кæ й нæ тырныдтон, уый фæ стиуæ г. Ныртæ ккæ нæ бæ стæ йы цы уæ ззау уавæ р ис, уый хорз æ мбарыс дæ хæ дæ г. Ахæ м уавæ ры та тынг зын у сæ йраг хъуыддаг ныууадзын рохуаты æ мæ æ ндæ р фарстытыл кусын. Æ з та æ ппæ т уыдæ тты мæ хицæ н ныббарстон æ мæ ныр æ нæ хъæ н мæ й ахуыр кæ нын маймулиты равзæ рд æ мæ сæ царды рæ зты истори. Мæ бон нæ у æ мæ мæ хицæ н бауырнын кæ нон, ды сыгъдæ г адæ ймæ гтæ й кæ й дæ, уый. Æ нгæ сы адæ ймаг цыхуызæ н фæ нды уавæ ры ма схъомыл уа, уæ ддæ р ын уыйбæ рц бæ рзонд схизæ н нæ й зонады къæ пхæ нтæ м. Уæ лдайдæ р та, ды дæ рæ зыны уавæ ры куы уыдтæ, уæ д нырма адæ м уыдысты фосæ й къумыхдæ р зонды хицау. Цыбыртæ й зæ гъгæ йæ мæ м афтæ кæ сы æ мæ ды кæ нæ мады, кæ нæ фыды ’рдыгæ й кæ й дæ маймулиты тугæ й. Тугты ахæ м схæ ццæ дзинадæ н уæ вæ н ис æ ви нæ, уыцы фарстæ н æ з агуырдтон дзуапп зонадон литературæ йы. Раст зæ гъын хъæ уы, ницы ссардтон ахæ мæ й, фæ лæ мæ н фидарæ й уырны, уый афтæ кæ й уыдзæ н. Уымæ н æ вдисæ н у де стыр зонд. Ахæ м хъуыды ис Барбисмæ дæ р. Хæ стмæ цæ уыны агъоммæ мæ м æ рбауад æ мæ мын комкоммæ загъта, зæ гъгæ, институты ме ’рыздæ хынмæ кæ нæ æ хгæ нгæ скæ н, кæ нæ йын ректорæ й бауром Зазайы. Æ з дæ р æ мæ рухсады министрад дæ р йæ ацы хъуыдыимæ разы стæ м. Уый тыххæ й рæ хджы уыдзæ н бардзырд.

Ныр та, дæ хæ дæ г цы фарсты фæ дыл дзурыс, уый тыххæ й. Ды зæ ххы куыстыл афтæ зæ рдиагæ й кæ й тыхсыс æ мæ Базелы сæ рмагонд лабораторийы цы адæ м ис, уыдон куыстыл, пайдайы хъуыддагыл фæ цалх кæ нынмæ кæ й тырныс, уымæ й дæ р бæ рæ г у, дæ умæ маймулиты тугæ н æ ппынкъаддæ р æ рдæ гæ й бирæ фылдæ р кæ й ис. Кæ д уыд æ мæ Æ нгæ сы адæ ймаг куыстмæ тырныдта? Уый нæ зоны цæ рæ гойты равзæ рды исторы, æ ндæ ра адæ ймæ гтæ афтæ æ гуыдзæ гæ й чи зоны нæ баззадаиккой. Уæ дæ ам дæ р мæ бон у фидарæ й æ ууæ ндын, ды нæ хицæ й кæ й дæ, ууыл. Уымæ гæ сгæ бынæ ттон советмæ арвыстон ахæ м бардзырд: Мæ нæ дын йæ къопи:

«Кæ д зонадон æ гъдауæ й бæ рæ ггонд нæ ма æ рцыд, уæ ддæ р йæ ахастытæ м гæ сгæ Заза у маймулитæ й равзæ ргæ. Уымæ гæ сгæ йын хъуамæ уа маймулитимæ иугъуызон бартæ. Æ з ын йæ бæ рны кæ нын Базелы хæ дзар æ д зæ ххытæ, æ д адæ м. Уадз æ мæ сæ пайда кæ на зæ ххы куысты, уый тыххæ й бардзырд дæ ттын, цæ мæ й йын йæ алы пайдайон курдиат дæ р æ ххæ ст кæ нат». Æ з æ нхъæ л дæ н, нырма дæ р уыцы адæ м хицæ н клеткæ ты сты. Ницы пайда у. Ацы бонты уыцы агъуыстæ й рахæ сдзысты, цыдæ риддæ р дзы медицинæ йы фæ дыл ис, уыдон. Ссæ рибар уыдзысты хатæ нтæ иууыл дæ р. Уадз цæ рæ нт (дæ цæ стæ нгасмæ гæ сгæ ) куыд арæ хсынц, афтæ хицæ н хатæ нты. Хæ ринаг та уал хæ рдзысты нырмæ йы уавæ ры.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.