Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 3 страница



Цæ й ууыл уал ахицæ н кæ нæ м нæ ныхас. Кæ д дæ исты хъæ уа мæ нæ й, уæ д-иу мæ м ныффысс. Гæ нæ н дын куы уа, уæ д та-иу дæ хæ дæ г æ рбауай. Ныр дæ м ацы галуаны æ цæ гæ лоны цæ стæ й ничиуал кæ сдзæ н, иууылдæ р æ й зонынц дæ умæ маймулиты тугæ й кæ й ис... »

— Уый дын гъе! — фыстæ г каст куы фæ цис, уæ д хъæ рæ й ныххудт Заза. — Маймули мæ куыд ацарæ зтой!

V

Заза куыстæ й куы ’рбацыд, уæ д ын Артур рахабар кодта, зæ гъгæ, дæ абон агуырдæ уыд.

— Æ мæ, дам, нæ цы хъæ уы? — Нæ хатыдта, кæ й цæ мæ н бахъуыд, уый.

— Æ рбауайдзыстæ м та, дам, загътой, — нæ вдæ лонгъуызæ й батагъд кодта Артур Зазайы фарстытæ й йæ хи ссæ рибар кæ ныныл. Ныр Зазайæ уымæ н къаддæ р куыст нæ уыд. Фынддæ с сывæ ллонæ н Заза ахуыр кæ нынмæ цы лæ вæ рдта, уыдон хъуамæ бæ рæ г кодтаид. Чи тыхст, уымæ н хъуамæ æ ххуыс кодтаид, Заза ма Базелы операцион хатæ нæ й цы стъол æ рбахаста, уый иннæ хатæ ны сæ вæ рдтон. Дыууæ дихæ й-иу сæ сбадын кодта. Иутæ фысгæ куы кодтой, уæ д иннæ тæ та кодтой кæ сгæ. Артур уыцы куыст æ ххæ стгæ нгæ йæ цыдæ р хъуыддаггъуызæ й зылд сæ алыварс. Чысыл-иу исчи куы схъæ лæ ба кодта, уæ д ын ахæ м хуызы уайдзæ ф кодта, цыма æ цæ г ахуыргæ нæ г у. Уыдон дæ р дзы æ фсæ рмы кодтой. Уæ лдайдæ р та дзаумæ ттæ куы скодта, уæ дæ й фæ стæ мæ.

Артур æ гæ р бирæ бадын кодта сывæ ллæ тты, æ мæ фæ стагмæ тыхсын байдыдтой. Кæ д тарстысты Артурæ й дæ р, стæ й Зазайæ, уæ ддæ р-иу уыцы æ нæ нцой хæ лбурцъ байдыдтой. Артур иу изæ р Зазайæ н рахъаст кодта уыцы хабар. Профессорæ н цы базонын хъуыд хъуыддаг. Йæ уæ хск ын æ рхоста æ мæ загъта рæ вдаугæ хъæ лæ сæ й.

— Дæ хæ дæ г ма иу хатт бафæ лвар, уыдон куыд бадой, афтæ бадын æ мæ уыдон цы аразой, уый аразын.

— Æ мæ æ з уыдонимæ нæ вæ ййын? — не ’мбæ рста Артур, цæ мæ н афтæ зæ гъы Заза, уый.

— Дæ у куы фæ нды, уæ д сыстыс. Арацу-бацу кæ ныс. Де уæ нгтæ айтынг кæ ныс. Уыдон та æ дзух бадгæ кæ нынц.

— Уæ дæ сын куыд бакæ нон?

— Гъе уый ахъуыдыйаг у. Балхæ нын нæ хъæ уы стъолы сахат. Уымæ гæ сгæ кусдзынæ. — Ныфсæ вæ рæ гау ын бакодта Заза. Артур зоны, сахат циу, уый. Заза йæ хицæ н цонджы сахат куы балхæ дта, уæ д ын æ й бацамыдта. Фæ лæ сахатмæ гæ сгæ куыд кусæ н ис, уымæ н ницы хаты. Дыккаг бон Заза æ рбахаста къулы сахат. (Стъолтæ сын кусынæ н дæ р нæ фаг кæ нынц, æ мæ ма дзы сахат та кæ м æ рæ вæ рдзысты, зæ гъгæ ). Артуры сбадын кодта йæ фарсмæ. Бацамыдта йын урок цас хъуамæ уа, улæ фгæ цас хъуамæ кæ ной, стæ й иууыл иу предметыл нæ, фæ лæ ахуыры сахæ тты хицæ н æ мæ хицæ н предметтыл куыд кусой. Æ гæ рыстæ мæ й йын физкультурæ йы фæ лтæ рæ нтæ дæ р бацамыдта.

Генриеттæ æ мæ Мери кæ сын, стæ й фыссын гæ зæ мæ куы базыдтой, уæ д уый сæ хицæ н фагыл банымадтой. Тынг зын сæ м фæ каст иу ран бадын æ мæ алыгъуызон предметтæ ахуыр кæ нын. Цæ мæ й рæ стæ г дзæ гъæ лы ма сæ фтаиккой, уый тыххæ й сæ Заза бафтыдта Базелы хуымтæ н сæ дур уидзыныл. (Кусæ джы фыдæ й йын иууылдæ р зæ рæ стон баззадысты). Ацы куыст сæ м æ нцондæ р фæ каст. Æ цæ г-иу уайтагъд афæ лладысты, фæ лæ -иу куы баулæ фыдысты, уæ д-иу сæ хи диссаджы уæ нгрог банкъардтой.

... Изæ ры та, Зазайы чи агуырдта, уыдон æ рбацыдысты. Сæ хи куыд рахудтой, афтæ мæ й уыдысты бынæ ттон советы сæ рдар æ мæ йæ хæ дивæ г, ацæ ргæ иукъахыг орангутанг. Дыккаг уыд æ вæ джиау дынджыр сæ рджын æ мæ, хæ рæ гау, хъусджын шимпанзе. Бынæ ттон советы куыста фыссæ гæ й. Æ нæ уи дæ р ыл зынд, сæ рдары фæ стæ цуанон куыдзы уад кæ й кодта йæ зæ ронд гæ ххæ ттын папкæ имæ, уымæ й. Заза сын тыргъмæ бандæ ттæ рахаста.

— Бирæ бадынмæ нæ не ’вдæ лы, — æ нæ фæ рсгæ йæ дзурынмæ фæ цис иукъахыг маймули. — Æ рбауадыстæ м йæ бæ рзонддзинад министрады хистæ ры бардзырдмæ гæ сгæ. Дæ хæ дæ г зоныс, ацы хæ дзары хицау кæ й фæ зиан, уый. Ныр ын хицау нал ис. Афтæ мæ й та, мах æ гъдаумæ гæ сгæ, хъуамæ искæ уыл фыст уа. Мах æ й радтынмæ хъавыдыстæ м искæ цы организацийæ н, фæ лæ уæ дмæ райстам бардзырд, уымæ гæ сгæ хæ дзар æ д зæ ххытæ, æ д адæ м хъуамæ фыст æ рцæ уа дæ уыл. Разы дæ? — йæ цыргъ хæ мхудтæ йæ м базылдта. — Дæ н, —загъта Заза, стæ й ма йæ ныхасмæ бафтыдта. — Æ рмæ ст дзырдæ й. Ацы хæ дзарæ й мæ н бирæ ницы хъæ уы. Æ з кусдзынæ н, кусын кæ ндзынæ н адæ мы дæ р. Сæ пайда цæ удзæ н хицауадмæ. Уымæ гæ сгæ сын хъуамæ хæ лц дæ ттат. Стæ й зымæ г дæ р дард нал у. Фыццаджы дæ р сын самал хъæ уы хуыссæ н æ мæ уæ лæ дарæ с. Нырмæ йау сæ рдæ й-зымæ гæ й клеткæ ты нæ баддзысты. Кусгæ та зымæ г æ нæ дзаума ничи бакæ ндзæ н.

— Фенæ м уал, кусынмæ куыд арæ хсдзыстут, уый. — Йæ тъæ пæ н сæ р дызæ рдыджы тылд бакодта сæ рдар.

— Кусыны тыххæ й дæ р дын зæ гъдзынæ н. — Фæ рæ вдз Заза. — Хъæ уы уал нæ иу хуымгæ нæ н трактор æ мæ иу уæ зласæ н машинæ. Хъуамæ ныридæ гæ н æ рæ вналæ м зæ хх кусынмæ.

— Уыдзæ н. Алцы дæ р уыдзæ н, — загъта сæ рдар æ мæ йæ къуылых фыссæ гмæ баздæ хт. — Орангутанг Базелы бæ сты ныффысс... Куыд дæ ныффыссæ м? — Афарста Зазайы.

— Фысс, æ з дæ н Заза.

— О, фæ лæ цы дæ? Орангутанг, гориллæ æ ви шимпанзе?

— Уыдонæ й иу дæ р нæ дæ н. Ныффысс: Адæ ймаг. Заза.

—Фæ лæ у-ма, фæ лæ у, — ныхъхъуыды кодта сæ рдар. — Адон докуметтæ сты. Хъуамæ архивы баззайой. Искуы уæ дта нæ фæ стагæ ттæ й искæ й сæ фенын æ рфæ ндыд, уæ д цы зæ гъдзæ н? Цы зæ гъдзæ н, куы бакæ са, зæ гъгæ, кæ ддæ р нæ фыдæ лтæ адæ ймагыл сфидар кодтой аст æ мæ ссæ дз фатерон æ ртæ уæ ладзыджы хæ дзар, дыууиссæ дз гектары хуымгæ нд, уыгæ рдæ ны зæ ххытæ, ссæ дз гектары хъæ д æ мæ æ ндæ р хъæ зныгдзинæ дтæ, уæ д?

— Кæ д уæ фæ стагæ ттæ н уый зæ гъыны фадат фæ уа искуы, уæ д зæ гъæ нт, сæ зæ рдыл цы æ рыфта, уый. Уыдон тыххæ й мах нæ хи нæ тыхсын кæ ндзыстæ м, — фидарæ й загъта Заза.

— Цы бакæ нæ м? — Йæ фыссæ гмæ фæ рсæ джы каст бакодта.

— Мæ нмæ гæ сгæ йæ бынтон ног чиныджы бахæ ссын хъæ уы, — йæ хи банкъуыстытæ кодта фыссæ г.

— Уый дæ р ныхасæ н бæ ззы, — сразы Заза. — Цæ мæ н хъæ уы адæ мы маймулитимæ хæ ццæ кæ нын?

— Сæ рдары зæ рдæ мæ дæ р фæ цыд ацы фæ нд... Æ мæ фыццаг хатт... Æ нгæ сы стырдæ р уагдæ ттæ й иуы фæ зынд, исбон кæ мæ н уыд, ахæ м адæ ймаджы ном. Уый уыд Заза. Кæ нæ та фыст куыд уыд ног чиныджы, афтæ мæ й «Адæ ймаг Заза. »

VI

Зазайæ н иучысыл йæ авналæ нтæ йæ къухы куы бафтыдысты, уæ д йе уæ нгтæ базмæ лыдысты уалдзыгон мæ рау. Иууыл кусгæ, архайгæ куы кæ нид, уый йæ фæ ндыд. Æ мæ кæ д фæ рæ ты алы æ рцæ фæ н дæ р уыцы дæ рзæ г хъæ дыл йе ’рмттæ тæ ппæ лттæ кодтой, уæ ддæ р ын æ гæ рон циндзинад хаста, хæ ринаггæ нæ гæ н-иу стæ м хатт сугтæ кæ й æ рсаста, уый.

Базелы зæ ххы фадыджы кой куы фехъуыста, уæ д йæ зæ рдыл æ рлæ ууыд, зæ ххыл цæ ргæ йæ, Мичурины фæ лтæ рддзинад куыд зæ рдиагæ й ахуыр кодта, уый. Æ мæ йын фадат куы фæ цис, уæ д æ ппындæ р фæ стиат нал фæ кодта.

Уыдис фæ ззыгон райдзаст райсом. Зиптуны тынтæ кæ д иттæ г тынг нал æ ндæ втой, уæ ддæ р сæ уд хъардтой, сæ фæ стаг тыхтæ ма царддæ ттæ г æ рдз бахъарм кæ ныныл.

Заза хæ ринаггæ нæ джы афарста, Базелы дыргъдонмæ бахизæ н кæ уылты ис, уымæ й. Шимпанзе йæ м, æ ххормаг зæ ронд куыдзау, уыцы зивæ ггæ нæ джы каст бакодта зулмæ æ мæ сдзырдта:

— Ай мæ нæ дунейыл арт æ фты, ды та ма дыргъдæ ттæ, йедты кой кæ ныс?

— Адæ ймаг йæ сыд къухтæ зæ рдæ йы фæ ндиаг кæ мæ батава, ахæ м арт хорз у, мæ хæ лар Байри, — цыдæ р хъæ лдзæ г зæ рдæ йы уагыл уыд Заза.

— Ницы дын æ мбарын, — йæ дзæ мбы ауыгъта маймули æ мæ фæ цæ йцыд, фæ лæ йæ Заза фæ урæ дта.

— Фæ лæ у-ма, æ з дæ фæ рсгæ куы кæ нын.

— Цæ й дыргъдон ма дзы ис? Æ нæ хъæ н Æ нгæ сыл иууыл хуыздæ р дыргътæ уым зад, фæ лæ ныр схæ мпæ л æ мæ схъæ д ис. Кæ й ма æ ндавы уымæ зилын? Бахизæ н æ м уæ ртæ кæ ртыл уыд, цалынмæ мæ нæ ацы сырдтæ сæ уагыл уыдысты, уæ дмæ. Уый фæ стæ дзы быру самадтой æ мæ дыргъдонмæ цыдысты далæ æ ндæ р рæ тты. Уым дæ р ын кулдуар уыд. Ныр ын хицау нал ис, фæ дæ дуæ рттæ — бирæ. Æ мæ ма йæ кæ д ацафон маймулиты дыргъмондаг лæ ппынтæ æ рцагурынц, уæ д хорз, науæ д бынтон рохуат æ мæ æ дзæ ллаг уавæ ры ис.

— Æ з æ й хъуамæ бабæ рæ г кæ нон. Нæ й мын æ ндæ р гæ нæ н. — Фидарæ й загъта Заза.

—Æ мæ йæ бабæ рæ г кæ н. Чи дæ нæ уадзы? Чи зоны, ма дзы исты ахæ ринаг дæ р ссарай.

Дыргъдон, æ цæ г, дуæ рттæ й цух нæ уыд. Кæ ддæ ры бæ рзонд фæ йнæ гæ й конд аив æ мбонд кæ м мидæ мæ бафæ лдæ хт, кæ м — æ ддæ мæ. Ранæ й-рæ тты ма хъен лæ ууыд. Дымгæ йы чысыл уддзæ ф дæ р-иу æ й банкъуыста. Афтæ зынд, цыма, чердæ м афæ лдæ ха, ууыл хъуыды кæ ны.

Заза куыддæ р дыргъдонмæ бахызт, афтæ йæ хъустыл ауад цыдæ р сæ ртæ г сыбар-сыбур. Ахæ м уынæ рыл ахуыр нал уыд æ мæ исдуг тæ рсгæ дæ р фæ кодта, стæ й бæ стондæ р ахъахъхъæ дта, ацы хæ мпæ л æ мæ къутæ рæ й æ хгæ д хъæ ды, зæ гъгæ, сырд мацы уæ д. Уалынмæ: йæ цæ ст схæ цыд «сырдтыл». Бæ лæ стæ й, сæ рбихъуырæ йттæ гæ нгæ, гæ ппытæ кодтой маймулиты лæ ппынтæ æ мæ удаистæ й лыгъдысты фæ йнæ рдæ м. Заза йæ мидбылты бахудт: «Цæ мæ н мæ афтæ тынг тæ рсынц, цымæ? Сырд мæ æ нхъæ лынц æ мæ уымæ н, æ ви адæ ймаг кæ й дæ н, уымæ н? — Ахъуыды кодта, стæ й йæ къух ауыгъта: — Хæ йрæ джыты хай фæ уæ нт иууылдæ р».

Дыргъдон уыд, æ цæ г, заууат уавæ ры. Чи базæ ронд, цалдæ р ахæ м бæ ласы ныффæ лдæ хтысты æ мæ се ставд. зæ нгтæ хæ мпæ лæ й зындысты æ мбæ хст франкты рæ гътау. Иннæ тæ фесты цавæ рдæ р хилæ г кæ рдæ джы бын æ мæ бæ лæ стæ уыдысты æ ви, цавæ рдæ р егъау сырды цæ рмттæ тыд кæ уыл уыд, ахæ м къуылдымтæ, уый зын рахатæ н сси. Заза сæ м бæ стондæ р куы скаст, уæ д дзы иуæ й иутыл рахатыдта, уый размæ Байриты раз кæ й федта, уыцы фæ ткъуыйы ’нгæ с дыргътæ, цъус ставддæ р фæ ткъуытæ, цалдæ ргъуызон кæ рдотæ, сæ нæ фсиры лыстæ ггага цупæ лттæ.

Зазамæ йæ хи уавæ рæ н фæ кастысты ацы дыргъбæ лæ стæ. Кæ ддæ р, чи зоны, уыдон дæ р, Зазайау, сæ цæ нгтæ парахатæ й ивæ зтаиккой зиптуны (уый хуры) тынтæ м. Сæ дыргъ нæ ртонæ й лæ вæ рдтаиккой маймулитæ н, уый йæ зонынад адæ мæ н куыд лæ вæ рдта, афтæ. Ныр сæ дыууæ дæ р (дыргъдон æ мæ лæ г) сты æ мхуызон æ дзæ ллаг уавæ ры. Лæ гæ н цыма, царды цыдæ р æ нæ нхъæ лæ джы фæ фæ лдæ хтытæ й йæ уавæ р хуыздæ рмæ цæ уы. Иугæ р куыстыл куы фæ цалх уа, уæ д та æ ппæ т хъаруйæ скусын кæ ндзæ н, маймулиты дзæ мбыты бын чи нындзыг цалдæ р æ нусы дæ ргъы, уыцы зонд, уыцы æ ппæ тварсон курдиат. Æ ндæ р у дыргъдоны хъуыддаг. Йæ хицау нал ис, иннæ маймулитæ й йæ м никæ й æ вдæ лы. Æ мæ ма сæ, зæ гъгæ, искуы æ рæ вдæ лдзæ н, уый дæ р зын зæ гъæ н у. Ныр æ м Заза куы нæ базила, йæ хийау, рæ вдыдмондагæ й йæ хъиутæ чи хæ ры, уыцы дыргъдоны куы нæ барæ вдауа, уæ д æ рдзы раз баззайдзæ н худинагæ й.

Зæ рдæ састæ й раздæ хт Заза. Хæ ринаггæ нæ джы та бафарста, Базелмæ исты кусæ нгæ рзтæ уыдаид, зæ гъгæ, æ ви нæ, уымæ й. Байри та йæ м йæ цайдагъ цæ стæ нгасæ й бакаст. Йæ мукъутæ иуæ рдæ м æ нæ бары зылд акодта æ мæ загъта (Базелы бынтæ Зазайыл фыст кæ й æ рцыдысты, уый нæ ма зыдта):

— Ныр мæ æ цæ г уырнын байдыдта дунейы сæ фт. Дзурын нæ, зарын куы зонай, уæ ддæ р хъæ ддаг сырды халдих дæ æ мæ дæ ныр Базелы хъæ здыг æ рмадзмæ куы бакæ нин, дертты дын куы ныссадзин, иу дзæ мбыйæ иннæ мæ райсынæ н æ вгъау кæ мæ н кодта, уыцы мигæ нæ нты, уæ д куыд уаид, цымæ?

— Бирæ ма дзур, фæ лæ кæ м ис уыцы æ рмадз? — зулмæ йæ м бакаст Заза. — Базелы мæ рдты æ рмадз ницæ мæ н хъæ уы.

— Æ мæ æ рмадзы чи куыста, уыцы маймулитæ й ма исчи куы фæ зына, уæ д цы зæ гъдзæ н? — нæ сæ тты шимпанзе.

— Исчи ма дзы æ рыздæ хдзæ н, зæ гъгæ, ууыл æ ууæ ндыс? — йæ мидбылты хин худт бакодта Заза.

— Дæ дзæ гъæ л дзæ нгæ дайæ мæ сфæ лмæ цын кодтай, — фæ цæ уæ г ис кæ рты иу къуымы ’рдæ м. Заза бамбæ рста, уый хъуыддаджы тыххæ й кæ й цæ уы, уый æ мæ йæ фæ дыл араст.

Æ рмадз æ цæ г цæ стыахадгæ уыд, фæ лæ сыл згæ схæ цыд. Бæ рæ г уыд маймулийы дзæ мбы сæ м рагæ й кæ й нал бавнæ лдта. Æ ниу дзы Зазайы бирæ ницы хъуыд ныртæ ккæ. Хъæ уы хырх æ мæ дзæ бæ х цыргъ фæ рæ т. Цæ вæ г йæ хъуыдыйы нæ ма уыд, фæ лæ иу ран уæ луваныл цыбыр хъæ дджын цæ вæ г куы ауыдта, уæ д æ й райста. Æ ркаст æ м. Уый дæ р уыд, згæ тынг кæ уыл схæ цыд, ахæ м, уæ ддæ р рацæ гъдгæ йæ хæ мпæ лтæ ракæ рдынæ н сбæ здзæ н æ мæ йæ райста. Ссардта фæ рæ т æ мæ хырх дæ р. Уыцы бон æ нæ хъæ нæ й бахъуыд сæ цыргъ кæ ныныл.

Дыккаг бон райсомæ й раджы сыстад. Генриеттæ иты дæ р йемæ акодта. Дыргъдоны иу кæ рон ракарста, цæ мæ й уырдыгæ й райдайа сыгъдæ г кæ нын. Не ’ххуысгæ нджытæ н бамбарын кодта, цæ мæ й хæ мпæ лгæ рдæ джы тымбыл кæ ной иурæ ттæ м. Уыдон исдуг уыцы зыдæ й февнæ лдтой, фæ лæ сындзытæ æ мæ кæ рддзыхтæ сæ цæ нгты æ мæ сæ къухты куы фæ мыхстысты, уæ д фæ йнæ рдыгæ й се ’рдиаг ссыд. Ныр бамбæ рста, афтæ мæ й кусæ н кæ й нæ й, уый. Æ рурæ дта сæ, йæ хæ дæ г астæ умæ хæ мпæ лгæ рдæ джы алæ гæ рста иу дынджыр фæ лдæ хт бæ ласмæ. Йæ цæ нгтæ й йын равзæ рста рæ хснæ г саджил хъилтæ. Дзæ бæ х сæ слæ гъз кодта æ мæ сæ м уыдон радта. Развæ лгъау ма сын фенын кодта, уыдонæ й карст кæ рдæ г куыд æ мбырд кæ нын хъæ уы, уый. Ныр сæ куыст рæ вдздæ р цыд, фæ лæ æ вæ лтæ рдæ й афæ лладысты æ мæ се уæ нг æ рæ згъæ лд. Æ ниу Заза йæ хæ дæ г хуыздæ р уавæ ры нæ уыд. Йе уæ нджы тых басаст цалдæ р азы клеткæ йы бадынæ й æ мæ ныр йæ бон рæ стмæ кусын нæ уыд, фæ лæ йыл æ ппындæ р нæ батыхст. Дыргъдон уадиссаг егъау дæ р нæ уыд. Сындæ ггай кусгæ йæ йæ хицæ н, стæ й йе ’мбæ лттæ н дæ р сæ уæ нг уæ нгыл фæ хæ цдзæ н, фæ рæ вдз уыдзысты æ мæ йæ чысылгай ныссыгъдæ г кæ ндзысты.

Раст разынд Заза. Фæ ззыгон хъарм бонтæ бирæ ахастой. Дыргъдон фæ цис сыгъдæ ггонд. Йе ’мбондæ й ма цы баззад, уыдонæ н ног цæ джындзтæ ныссагъта æ мæ сæ уыдонмæ сфидар кодта. Фæ йнæ джытæ кæ м нал сфаг сты, уым уал рæ стæ гмæ сæ вæ рдта пыхсытæ, цæ мæ й фос ма хизой мидæ мæ. Бæ лæ сты уæ лдай къалиутæ бахсæ ста æ мæ дыргъдон рафидыдта ног чындзау. Генриеттæ итæ йыл афтæ цин кодтой æ мæ -иу сæ изæ рыгон дæ р уырдыгæ й рацæ уын нал фæ ндыд.

Уыцы фæ ззæ г ма йын Барбисы фæ рцы бантыст, трактор кæ дæ м рæ хст, уыдон бахуым кæ нын дæ р, иннæ бынæ тты та къахгæ скодта.

Ныр зымæ джы æ нæ рхъæ цгæ йæ æ нхъæ лмæ каст, уалдзæ джы æ рцыдмæ. Цыдæ р тауинæ гтæ самал кодта. Хъуамæ ацы æ наккаг маймулитæ н фенын кæ на йæ арæ хстдзинад. Сæ йраджы дæ р та йæ зæ рды ис, Мичурины фæ лтæ рддзинадæ й пайда кæ нгæ йæ, дыргъы ног мыггæ гтæ ракæ нын.

Æ мæ æ рцыд уалдзæ г. Æ рцыд, Æ нгæ сыл цæ ргæ йæ, Заза фыццаг хатт афтæ тынг кæ мæ æ нхъæ лмæ каст æ мæ йын æ цæ г циндзинад чи ’рхаста, уыцы уалдзæ г. Ныр йе ’ххуысгæ нджытæ дæ р фæ рæ вдз сты куыстыл. Къæ питæ сæ м радта. Бацамыдта сын, мæ р куыд хырыз кæ нын хъæ уы, уый æ мæ сæ бафтыдта куыстыл.

Заза йæ хæ дæ г æ дзухдæ р зылд бæ лæ стæ м. Йæ зæ рдæ ма уæ лдайæ кæ мæ ’хсайдта, уыцы цæ нгты ралыг кодта, сæ бындзæ фхæ дты хырыз цъар сын æ рхафта, чъырæ й сæ сцагъта, Барбисы фæ рцы æ ндæ р æ мæ æ ндæ р рæ ттæ й цы дыргъы къалиутæ æ рымбырд кодта, развæ лгъау, æ мæ йын нырмæ мæ ры ныгæ д чи уыд, уыдон дзуарса кæ нын райдыдта бæ лæ стыл. Ацы хъуыддаг тынг диссаг каст Генриеттæ итæ м, фæ лæ йæ м уæ лдай тынгдæ р та цымыдис кодта Артур. Æ дзух лæ ууыд йæ фарсмæ æ мæ йæ м лæ мбынæ г каст, фарста йæ алцæ мæ й. Уый дæ р ын зæ рдиагæ й амыдта, цы аразын хъæ уы, уый.

Сæ рды дæ ргъы Заза йæ рæ стæ г æ дзухдæ р æ рвыста дыргъдоны. Зылдис халсæ рттæ м, дыргъбæ лæ стæ м æ мæ йæ куыстæ й йæ зæ рдæ рухс кодта. Кæ й ныдздзуарса кодта, уыдонæ й иу дæ р нæ фæ мæ нг, иууылдæ р схæ цыдысты. Ног таутæ афтæ тагъд рæ зтысты æ мæ адæ ймаджы дисыл æ фтыдтой. Маймулитæ й бирæ тæ уынæ г цыдысты Зазайы дыргъдонмæ. Сæ сæ ртæ -иу тылдтой æ мæ дзырдтой дисгъуызæ й.

— Райгас мард дыргъдон. Райгас, æ мæ уымæ й дæ р, цы уыд, ахæ мæ й нал, фæ лæ бынтон ног хуызы.

Ацы ныхæ стæ м хъусын æ хсызгон уыд Зазайæ н æ мæ -иу йæ хинымæ ры хъуыды кодта: «Афтæ райгас уыдзæ н мард Æ нгæ с дæ р, стæ й уымæ й дæ р ног хуызы, сымах æ нхъæ л цахæ м не стут, ахæ м хуызы».

VII

Заза куыстæ й здæ хгæ йæ бауад магазинмæ. Балхæ дта сæ рæ лвынæ н машинкæ, хæ сгард æ мæ злектродасæ н. Куыддæ р æ рбацыд æ мæ Артуры куыст сбæ рæ г кодта, афтæ æ рывнæ лдта хилдасæ джы куыстмæ. Фыццаг райдыдта Артурæ й. Сæ лвыдта йын йæ сæ р арæ хстгай. Йæ рустыл дæ р ын фыццаг машинкæ суагъта, стæ й йын сæ булкъдаст ныккодта. Аив сæ лвыдта Гертруд, Генриеттæ æ мæ Мерийы дæ р. Дзæ бæ х сын сæ ныллæ гъз кодта. Сæ дзаумæ ттыл сын иту сæ вæ рдта. Хорз сæ куы сфæ лыста, уæ д сæ айдæ ны акæ сын кодта. Иу дæ р дзы йæ хи нал базыдта.

Алчи йæ химæ, стæ й кæ рæ дзимæ кæ сынæ й дæ р куы бафсæ стысты, уæ д сæ æ рбадын кодта Заза йæ алыварс æ мæ сын райдыдта дзурын, зæ гъгæ æ з уæ еныр хъуамæ акæ нон театрмæ. Уым уыдзæ нис бирæ маймулитæ. Куыд хатын, афтæ мæ й сымахæ й алчи дæ р нырма маймулитæ й тæ рсы. Диссаг нæ у. Уый, фыдæ лтæ й. фæ стæ мæ уæ туджы чи ныффидар, ахæ м инстинкт у. Фæ лæ хъуамæ афтæ равдисат уæ хи, цыма маймулиты уæ сæ рмæ хæ сгæ дæ р нæ кæ нут. Цыма сæ уынгæ дæ р нæ кæ нут. Кæ д уæ исчи хъыгдара, уæ д сæ нæ мын æ з æ мæ Артуры бар уæ д. Куыд дæ м кæ сы, и, лæ ггаг? — йе уæ хск ын æ рхоста мидбыл худгæ. Уый йæ сæ р дызæ рдыджы тылд бакодта, стæ й сдзырдта.

— Нæ зонын. Афтæ мæ м кæ сы, цыма иу фондз иууыл тыхджындæ р маймулийы фæ нæ мин, фæ лæ сæ куы ауынын, уæ д куыддæ р мæ зæ рдæ фæ тæ рсы.

— Ницы кæ ны, уый у, тынг æ нæ уынон дын кæ й сты, уый аххос. Цас арæ хдæ р цæ уай се ’хсæ нмæ, уыйас сыл тынгдæ р ахуыр кæ ндзынæ æ мæ сæ ницæ мæ уал дардзынæ...

Сиберийы паддзахадон стыр театры агъуыстмæ æ ддейæ цы бакаст Заза, уый йеддæ мæ дзы мидæ гæ й никуыма уыд.

Театры раз уæ рæ х, рæ сугъд фæ лыст фæ зуаты чыртæ -чыртæ й лæ ууыдысты зæ ронд маймулитæ, алыхуызон низтæ й чи ныггæ лиртæ ис, ахæ мтæ, уым ма уыд лæ ппын маймулитæ дæ р. Сæ уæ лæ дарæ с дæ р æ мæ сæ бакаст дæ р æ вдыста, æ рæ джы сæ чи æ рсырдта, ахæ м мæ гуырдзинад. Заза сæ м кæ сы. Йæ зæ рдæ йы сæ м гуыры тæ ригъæ ддзинад дæ р æ мæ фыдæ хдзинад дæ р.

Хæ дзарæ й куы цыдысты, уæ д иууылдæ р фидарæ й загътой Генриеттæ итæ, зæ гъгæ, мурмæ дæ р не ’рдардзыстæ м маймулиты, фæ лæ театры раз уыцы алыгъуызон хъулон маймулиты куы федтой, уæ д тарстгъуызæ й стымбыл сты Зазайы алыварс.

— Цытæ кæ нут уый? — аивæ й сын дзуры Заза. — Ам цыдæ риддæ р маймулитæ ис, æ рмæ ст сæ м Гертруды куы бауадзæ м, уæ ддæ р сæ сугты цагъд скæ ндзæ н. Фæ лæ сæ кæ й тæ рсæ м, уый куы фæ хатой, уæ д сæ бон у æ мæ исты дзырдæ ппарæ нтæ райдайой.

Æ мæ æ цæ гдæ р афтæ рауад. Иу ран бæ ласы ныллæ г цонгыл бадтысты дыууæ нуæ зтджын маймулийы. Зазаитæ сæ цурты куы фæ цæ йцыдысты, уæ д дзы иу йæ фæ стаг дзæ мбытæ й йæ хи бæ ласы цонгыл ацауыгъта, раздæ гтæ й Гертруды сæ р ацахста æ мæ йын йæ русæ н ахъаззаг пъа ныккодта. Заза нæ ауыдта, хъуыддаг куыд æ рцыд, уый, фæ лæ сылгоймæ гты цъæ хахстмæ фæ зылд. Уæ дмæ Артур расыг маймулийы æ фцæ ггот ацахста. Уый йæ фæ стаг дзæ мбытæ й фидар хæ цыд бæ ласы цонгыл, фæ лæ йæ Артур афтæ рариуыгъта, æ мæ цæ сты фæ ныкъуылдмæ зæ ххыл йæ дзæ хст фæ цыд. Уæ дмæ иннæ маймули дæ р æ ргæ пп кодта йе ’мбалæ н æ ххуысмæ, фæ лæ йын Артур йæ хæ мхудтæ н ахæ м баудæ ста æ мæ зилгæ -зилгæ атахт. Лæ бурын æ ввонгæ й æ рбауадысты цалдæ р сыл маймулийы. Заза Артуры сабыр кæ нынмæ куыд фæ цис, афтæ Мери æ мæ Генриеттæ тымбыл къухæ й аздæ хтой уыцы маймулитыл æ мæ дзы кæ й нытътъупп ласынц, уыдон хъиу-хъиугæ нгæ атæ хынц. Уайтагъд фæ зуаты кæ рæ ттæ м сæ хи айстой маймулитæ æ мæ бæ лæ сты цъуппытæ м слыгъдысты. Иугæ р фæ зуаты сæ хи йеддæ мæ куы ничиуал аззад, уæ д Артур Гертруды фæ рсы, зæ гъгæ, дæ кæ д ничи бахъыгдардта, Мери та Артуры уындтытæ кæ ны, мыййаг, дæ, зæ гъгæ, исчи ныццавта?



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.