Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 5 страница



— Раст у.

— Хæ дзар ис, чи йæ куры, уымæ н?

— Æ мдзæ рæ ндоны цæ рынц цалдæ рæ й.

— Гъе, æ мæ уæ дæ Мери куы смой кæ на, уæ д сын нæ хатæ н ныууадздзыстæ м.

Уыцы фæ ндыл сразы Генриеттæ. Не схæ цыд, иуæ й-иу цыбæ л сылгоймагау, Зазайы лыстæ ггай фæ рсынтыл, кæ цырдæ м уыдзæ н сæ балц, уый тыххæ й. Æ ппынфæ стаг сцæ ттæ нау. Хъуыдис ма, æ рмæ ст фæ ндагыл цы хъæ уы, уыдоныл бæ стон ахъуыды кæ нын. Зазайы нымадмæ гæ сгæ, уый Æ нгæ сыл цы рацард, уыцы рæ стæ джы зæ ххон нымадмæ гæ сгæ уыд иу мин азмæ хæ стæ г. Йæ зонгæ тæ, йæ хиуæ ттæ й удæ гас ничиуал уыдзæ н, æ мæ йæ химидæ г тыхст, чи йæ дзы суазæ г кæ ндзæ н?

Куыд фæ нды ма уыдаид, уæ ддæ р науы сфæ лындзын хъуыд хорз. Сарæ зта дзы чысыл цæ хæ радон æ ппæ т цъæ х халсæ рттимæ. Дæ с æ фтауаг карчы æ мæ иу уасæ г; дыууæ дуцгæ сæ гъы æ мæ иу æ нæ рдызт цæ у. Цы нæ вæ ййы, уæ дта æ гæ рон æ рвон тыгъдады сæ фæ ндаг фæ рæ дыдысты, уæ д иу-сæ дæ азы бæ рц уæ ддæ р хъуамæ бафæ разой. Уый бæ рц нæ дæ р сæ гъ фæ цæ рдзæ н, нæ дæ р карк, стæ й иуæ й-иу хатт кусарт кæ нын дæ р хъæ уы. Уымæ гæ сгæ хъуамæ цот кæ ной. Сарæ зта дзы хъазæ н фæ з. Афæ стаг бонты Генриеттæ йæ н йæ химæ цыма цыдæ р йæ зæ рдæ фехсайдта. Уæ дта сын сывæ ллæ ттæ ис, уæ д кæ м хъаздзысты. Хъазæ н фæ зы алыварс ныссагъта дыргъ, æ мæ, æ дзух цъæ х чи дары, ахæ м бæ лæ стæ.

Æ ппæ т дæ р атæ хынмæ цæ ттæ куы уыд, уæ д фæ сидт Сиберийы раззагондæ р адæ ймæ гтæ м. Цыбыртæ й сын радзырдта йæ зæ ххон цард, йæ дард æ мæ зын балцы тыххæ й. Загъта сын, зæ гъгæ, ныр та хъуамæ фæ стæ мæ аздæ хон мæ зæ хмæ. Зæ ххыл чи райгуыра, уымæ н æ ндæ р планетæ йыл, йæ зæ ххы нал фенгæ йæ амæ лын тынг зын у.

— Æ мæ нæ никуыуал абæ рæ г кæ ндзынæ? — Цыдæ р уæ ззау хъæ лæ сæ й афарста Артур.

— Уый тыххæ й фидарæ й ницы мæ бон у. Кæ д нал æ рæ здæ хон, уæ ддæ р цæ рут. Уæ сæ рибардзинады тыххæ й уын арфæ кæ нын. Кæ ддæ р уæ фыдæ лтæ цы рæ дыдтытæ æ руагътой, уыдон сахуыр кæ нут æ мæ сæ макуыуал æ руадзут царды, цæ мæ й уæ фæ стагæ ттæ маймулитæ н цагъартæ макуыуал уой. Ныр та уал мæ бæ сты паддзахады сæ ргълæ ууæ гæ й уромын Артуры. Æ мбаргæ лæ ппу у, ныфс мæ ис, æ ппæ т йæ тыхтæ кæ й ратдзæ н адæ мы фæ рныгадæ н.

Макуы уæ мачи батырнæ д æ рмæ ст йæ хи уды хорз цардмæ. Мачи уæ бабæ ллæ д иу уды хъæ зныг цардмæ. Иу уæ иннæ мæ дæ лдæ р кæ нæ уæ лдæ ры цæ стæ й макуы бакæ сæ д. Макуы уæ макæ мæ й ферох уæ д, адæ ймаг кæ й дæ æ мæ дæ алыварс кæ й ис адæ ймæ гтæ.

Кæ нут ахуыр. Цы фæ нды хъæ зныгдзинадæ й дæ р уæ м хуыздæ р кæ сæ д ахуырдзинад.

Æ з мæ зæ ххæ й куы фæ хицæ н дæ н, уæ дæ й рацыд иу мин азмæ ’ввахс. Нæ зонын цавæ р уавæ ры ис цард зæ ххыл ныртæ ккæ, уый махмæ адæ м дих кодтой дыууæ къордыл сæ бакастмæ гæ сгæ нæ, фæ лæ сæ зондахастмæ гæ сгæ: иутæ дзы уыдысты æ цæ г адæ м, мæ нæ сымах хуызæ н, иннæ тæ та адæ м-маймулитæ. Зæ ххы фылдæ р хайыл нырма царды хицæ уттæ уыдысты уыцы маймулитау, æ нæ фсис адæ м. Уыдон уыдысты Æ нгæ сы маймулитæ й æ гъатыр æ мæ æ дзæ сгомдæ р. Сæ фыркæ рæ фæ н сæ фæ ндыд æ нæ хъæ нæ й зæ ххы къори аныхъуырын. Сæ иунæ г бæ ллиц ссис æ хца, фæ ллой.

Бирæ тых æ мæ мулк хардз кодтой хæ цæ нгæ рзтæ уадзыныл, цæ мæ й адæ мы кæ рæ дзийæ н цæ гъдын кодтаиккой æ мæ сæ къухы уыдаид фылдæ р зæ ххытæ.

Æ з, æ нхъæ л дæ н, æ мæ зæ ххы æ нæ фсис адæ ймæ гтæ дæ р, Æ нгæ сы маймулитау, сæ кæ рæ фдзинады аххосæ й сæ сæ фты бонмæ кæ й фæ хæ ццæ уыдаиккой. Æ з æ нхъæ л дæ н æ мæ ныр Зæ ххыл дæ р адæ м кæ й уыдзысты царды æ цæ г хицæ уттæ. Кæ д афтæ уа, уæ д æ з бацархайдзынæ н зæ хх æ мæ Æ нгæ сы ’хсæ н культурон бастдзинад саразыныл. Æ з æ нхъæ л дæ н æ мæ дыууæ стыр планетæ йы адæ м æ муд, æ мзондæ й куы аразой сæ цард, уæ д никæ цы цæ лхдур фæ фидар уыдзæ н сæ разы.

Цæ й, ныр афон у кæ рæ дзийæ н хæ рзбон зæ гъынæ н. Мæ цæ ст уын уарзы зонад æ мæ культурæ йы æ ппæ т фадгуыты стыр æ нтыстытæ. Бафæ нддзæ н мæ, цæ мæ й рæ хджы зæ ххон адæ м дæ р ныппырх кæ ной сæ царды рæ зт сын чи хъыгдары, уыцы маймулиты æ мæ дыууæ планетæ йы адæ м кæ рæ дзимæ цæ уой дыууæ зæ рдæ хæ лар сыхаджы уавæ ры.

Зазайы ныхасыл æ ппæ т адæ м сæ мбæ лдысты зæ рдиаг æ мдзæ гъдимæ. Бирæ ты цæ стæ нгæ стыл дзы фæ лмау æ рбадт æ рхæ ндæ гдзинад. Бæ рæ г уыд, тынг зын сын кæ й у Зазайæ фæ хицæ н уæ вын.

... Наумæ раздæ р бахызт Генриеттæ, Заза ма науы къæ сæ рыл лæ ууыд æ мæ йæ худы тылд, стæ й мидбылхудтæ й хæ рзбон дзырдта адæ мæ н. Уыцы рæ стæ джы иу лæ г Ширмæ йы, йæ хъуырыл бæ ндæ н, афтæ мæ й æ рбакодта Зазайы цурмæ.

— Æ з æ й зыдтон, Заза, дæ цæ уыны агъоммæ дæ мæ нмæ кæ й нал равдæ лдзæ н. Æ з абондæ ргъы лæ гъстæ кæ нын мæ хъахъхъæ нæ гæ н, цæ мæ й мæ ракодтаид. Тынг мæ фæ ндыд дæ фæ стаг ныхасмæ байхъусын. Тынг мæ фæ ндыд мæ номæ й, Æ нгæ сы фæ стаг маймулийы номæ й зæ ххон адæ мæ н арфæ тæ арвитын æ мæ сæ бафæ дзæ хсын, цæ мæ й Æ нгæ сы кæ ддæ ры адæ мы рæ дыд макуы æ руадзой, маймулиты къухмæ макуы радтой сæ цард, сæ сæ рибардзинад.

XI



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.