Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





4 УАЦ Фæсыкк космосы. 5 страница



—Уымæ й дæ р раст дæ, фæ лæ нæ уæ д æ нхъæ лмæ кæ сын бахъæ удзæ н, æ ппынкъаддæ р, иу къуыри, — бакатай кодта Барбис.

— Тынг тагъдыл нæ кæ й хъæ уынц, уый сын куы зæ гъæ м, уæ д сæ дыууæ бонмæ арæ вдз кæ ндзысты. — Ныфс ын авæ рдта Заза.

— Цæ уæ м уæ д ныртæ ккæ магазинмæ æ вæ стиатæ й.

Фæ ндагыл уал дзабырхуыйæ н фабрикæ мæ бауадысты. Барбис Зазайы фæ урæ дта иу даргъ каридоры, — æ з, зæ гъгæ, чек рафыссын кæ нон, — асинтыл фæ раст дыккаг уæ ладзыгмæ. Фæ йнæ рдыгæ й хъуысы станокты гыбар-гыбур. Заза чысыл алæ ууыд, стæ й иу дуар фегом кодта. Уæ рæ х хатæ ны станокты уæ лхъус лæ ууынц бирæ адæ м. Кусынц зæ рдиагæ й. Заза бæ стон акæ стытæ кодта, æ мæ дзы маймули куы нæ суыдта, уæ д хъæ лдзæ гæ й фæ хъæ р кодта:

— Байриат, æ фсымæ ртæ. — Йæ размæ рауад иу бæ рзонд, бæ зæ рхыгтæ конд лæ ппулæ г.

— Исты агурыс? — бафарста йæ къæ зæ нæ г хъæ лæ сæ й.

— Уæ куыст уын фенон, — загъта Заза, стæ й сын сæ бæ гъæ мвад къæ хтæ м æ ркаст æ мæ ма йæ дзырдмæ бафтыдта, — уæ хицæ н куыд нæ хуыйгæ стут дзабыртæ.

— Адæ ймагæ н дзабыртæ! Худæ гæ й марыс, — хъæ рæ й ныххудт къæ зæ нæ г.

— Уæ дæ ма-иу кæ с ныртæ ккæ. Мæ хицау æ рбацæ уа, æ ндæ ра æ з цы дзабыртæ бахуыйын кæ нин мæ хицæ н, — загъта Заза æ мæ æ ддæ мæ рацыд, зæ гъгæ, мæ Барбис куы агура. Куыддæ р къæ сæ рæ й рахызт, афтæ асиныл æ рцæ йхызт Барбис.

— Цымæ фыццаг хатæ н кæ м уыдзæ н? — Дардæ й бафарста Барбис. Заза цы хатæ нæ й рахызт, уый дуары сæ рмæ скаст. Фыст дзы уыд «№ 1».

— Ам ис, — загъта Заза, стæ й Барбисы разæ й ауагъта, йæ хæ дæ г йæ фæ дыл бахызт.

— Бригадир уæ кæ цы у? —станокты хъæ лæ ба йын куыд нæ банымæ г кодтаид йæ фарст, афтæ хъæ рæ й загъта Барбис. Уайтагъд йæ размæ рауад къæ зæ нæ г лæ ппулæ г.

— Мæ нæ дын чек. Ацы лæ гæ н йæ къæ хтæ сбар æ мæ йын тынг тагъдыл куыд сцæ ттæ кæ най иууыл хуыздæ р сæ ракæ й дзабыртæ.

— Уæ д нæ станоктæ й искæ й рацаразын бахъæ удзæ н, цæ мæ й адæ ймаджы къахæ н бæ згæ хуыйа, — бакатай кодта къæ зæ нæ г.

— Уый мæ нмæ нæ хауы. Кæ д уыдзысты дзабыртæ? — цæ хгæ р бафарста Барбис.

— Иннæ бон уыдзысты, — чысыл ахъуыдыйы фæ стæ загъта бригадир, стæ й иу лæ ппумæ фæ дзырдта æ мæ сисын кодта Зазайы къахы барæ нтæ...

Цыдæ риддæ р æ й дзаума хъуыд, иууылдæ р ын ныфсæ вæ рдгонд уыдысты дыууæ бонмæ.

— Дасгæ æ мæ найгæ, дзаумæ ттæ куы райсон, уæ д ныккæ ндзынæ н. — Загъта Барбисæ н æ мæ æ нæ мæ тæ й æ рбафардæ г йæ клеткæ мæ.

XXVI

Маймулиты зæ ххыл фыццаг хатт цы дзаумæ ттæ скодта Заза, уыдон ницы уадиссаг аив бадтысты йæ фидауцджын уæ нгтыл, фæ лæ йæ мурмæ дæ р не ’рдардта. Залмæ куы бацыд, уыцы рæ хснæ г, булкъдаст цæ сгом æ мæ аив фаст сæ ры хилимæ, уæ д æ й суанг Генриеттæ дæ р нал базыдта. Иудзæ вгар æ м дызæ рдыджы цæ стæ й фæ каст, стæ й йæ м йæ хи бауагъта, фæ лæ йæ цæ нгтæ атыхсыны æ ввонг тыгъдæ й баззадысты. Заза бамбæ рста йæ дзаумæ ттæ счъизи кæ нынæ й йын кæ й фæ тарст, уый æ мæ йыл йæ хæ дæ г атыхст. Йæ уадулæ н ын апъа кодта. Генриеттæ мæ ныры хуызæ н хъарм æ мæ фæ лмæ н никуы фæ каст Зазайы пъа. Уыцы лæ гъз даст рустæ æ ндæ дзæ гау акодтой йæ уадултыл.

Артур æ мæ Мери цыдæ р æ рхæ ндæ ггъуызæ й лæ ууыдысты. Сæ цæ сгæ мттыл зынд узæ лынмондаг æ нгæ с. Заза сæ м фæ зылд. Артур, уыцы фидæ рттæ конд лæ ппу, кæ д афтæ æ нцон сисæ н нал уыд хъæ бысмæ, уæ ддæ р æ й систа Заза. Йæ риумæ йæ нылхъывта, æ мæ фæ лмæ н хъæ лæ сæ й загъта:

— Дзырд дын дæ ттын, мæ хæ лар, рæ хджы дæ уыл хуыздæ р дзаумæ ттæ кæ й скæ ндзынæ н, уымæ й.

— Гертруды дæ р-иу ма ферох кæ н.

— Æ нæ мæ нг. — Заза цæ стæ нтасæ й ацагуырдта Гертруды. Уый лæ ууыд йæ тæ ккæ раз æ мæ йæ м хæ рдмæ цымыдисæ й каст. Заза хъуамæ уый дæ р йæ хъæ бысмæ систаид, фæ лæ сæ дыууæ йы кæ й нæ бауромдзæ н, ууыл куы ахъуыды кодта, уæ д Артуры дæ р æ рæ вæ рдта. Æ ргуыбыр кодта æ мæ дыууæ йыл дæ р иумæ ныттыхст.

— Æ нæ мæ нг... Сымах уыдзыстут Æ нгæ сы зæ ххыл фыццаг амондджындæ р адæ ймæ гтæ. Æ нгæ сы æ цæ г æ мæ æ нустæ м хицæ уттæ. — Сæ рустæ н сын фæ йнæ пъайы акодта, стæ й сæ суагъта.

— Ныр рацыдаид Барбис дæ р Базелæ й. Мæ нæ н дæ р афон у. — Худгæ цæ стæ нгас ахаста, фыццаг йæ цуры чи лæ ууыд, уыдоныл, стæ й æ ппæ т залы адæ мыл.

— Заза, — йæ зæ рдæ æ рбауынгæ г Генриеттæ йæ н.

— Цы кæ ныс, мæ зынаргъ? — йе ’фцæ джы йын йæ цонг ауагъта. Йæ химæ йæ ’рбалхъывта. Уый тымбыл къухæ й асæ рфта йæ цæ стытæ æ мæ сдзырдта:

— Тæ рсын иунæ гæ й мæ куы ныууадзай.

— Æ дылы, — йæ русæ н ын апъа кодта Заза. Æ з сымах тыххæ й цæ уын, Æ нгæ сы адæ мы клеткæ тæ й фервæ зын кæ ныны ныфсæ й цæ уын.

— Заза! — Æ ддейæ æ рбайхъуыст Барбисы хъæ р.

— Цæ уын, — адзырдта Заза, стæ й ма иу хатт фæ лмæ н мидбылхудтæ й ныфс авæ рдта, йæ фæ дыл тыхстгъуызæ й чи каст, уыцы адæ мæ н æ мæ фидар къахдзæ фтæ й рацыд.

... Дардылзылд тынг бæ рзонд галуан. Йæ къултæ сатæ гсау мраморæ й амад. Цæ хæ ртæ калынц зиптуны тынтæ м. Автобус скъæ рæ г сыл шимпанзе машинæ йы фæ ндаджы былы ’рдæ м куы базылдта æ мæ куы ’рлæ ууыд, уæ д Заза фæ хатыдта, уый министрады галуан кæ й уыдзæ н.

— Ацы лæ гъз асфальтыл хъæ бæ рбын дзабырты æ вæ лтæ рдæ й бырынæ й тас у, фæ лæ арæ хстгай цу — куы рахызтысты автобусæ й, уæ д æ й бафæ дзæ хста Барбис. Заза ницы сдзырдта. Уыцы дардыл рæ сугъд фæ зуаты цы бирæ сквертæ æ мæ цыртдзæ вæ нтæ уыд, уыдоныл фæ лгæ сыны фаг дæ р ын нæ уыд рæ стæ г.

— Ацы фæ зуат йæ цыртдзæ вæ нтимæ, стæ й уæ ртæ министрады галуан сты зындгонд орангутангты скульптортæ æ мæ архитекторты куыст. — Раппæ лыд Барбис.

— Сыгъзæ рин дзæ мбыты хицау уыдысты, — цæ стмæ хъус ныхасæ н загъта Заза дæ р.

Галуанмæ бахизæ ны сæ æ рурæ дта, зæ ронд, йæ хæ мхудтæ асфальтмæ кæ мæ н æ рхæ стæ г сты, ахæ м нæ л шимпанзе пъæ лицæ йаджы дарæ сы. Йæ роныл тæ ккæ аргъæ вæ джы цур дзедзыкка кодта, йæ хийау, зæ ронд, афтид хуымпыр.

— Йæ бæ рзонддзинад Æ нгæ сы цытджын хистæ рмæ цæ угæ йæ æ рбавдисын хъæ уы бары гæ ххæ тт, — йæ астæ у ма цас тасыд, уый бæ рц сраст. Йæ рахиз дзæ мбы æ рфыджы сæ р авæ рдта æ мæ йе ’нæ дæ ндаг мылыты ’хсæ нæ й ралæ хурдта полициаг.

— Гъе, æ мæ æ нæ бары гæ ххæ ттытæ й бафсæ рыны фæ нд куы скæ никкам, уæ д цы бакæ нис? — зыны йыл, хъал орангутанг зæ ронд шимпанзейыл ахудынмæ кæ й хъавы, уый. Зазамæ раст нæ фæ каст кæ д маймули у, уæ ддæ р зæ ронды æ фхæ рын, фæ лæ йæ маст нынныхъуырдта.

— Пъæ лицæ йаг цы бакæ ны, уый! — фидарæ й загъта шимпанзе æ мæ къæ сæ ры астæ у хæ лиу æ рлæ ууыд, цыма йæ иувæ рсты куы баирвæ зой, уымæ й тарст.

— Полицæ йаг дамбацайæ дæ р фехсы, фæ лæ дæ уæ н дæ роныл афтид хуымпыры йеддæ мæ куы цицы ис. — Йæ хуымпыр ын рахиз цæ уæ н дзæ мбыйæ бариуыгъта.

— Æ гъдау, мæ хур, æ гъдау. Мах пъæ лицæ йæ гтæ стæ м æ мæ хъуамæ нæ зæ рдыл æ гъдау дарæ м, — сабыр сдзырдта шимпанзе.

— Стæ -ма, дæ хорзæ хæ й, уый цавæ р æ гъдау у? — бацымыдис кодта орангутанг.

— Хæ сты нæ фаг кæ ны дамбацатæ. Уырдæ м сæ аластой. Ныртæ ккæ Сиберийы иунæ г полициагмæ дæ р дамбаца нæ й, фæ лæ хуымпыртæ алчи дæ р хæ ссы.

— А уæ дæ дын мæ нæ бары гæ ххæ ттытæ. — Йæ дзыппæ й систа дыууæ гæ ххæ тты. Зæ ронд сæ бирæ фæ рауын-бауын кодта. Æ вæ ццæ гæ н сын æ мбаргæ ницы кодта, фæ лæ афтæ фæ ччыгъæ дæ н, стæ й сæ радта Барбисмæ æ мæ цыма Зазайы нырма еныр фæ хатыдта, уыйау æ м хæ рдмæ скаст.

— Æ мæ ацы лæ гъз фаст сырд та цæ мæ н хъæ уы йæ бæ рзонддзинады? Æ вæ ццæ гæ н хæ сты цаутæ й йæ зæ рдæ тыхсы æ мæ -иу мæ, зæ гъгæ, ахъæ лдзæ г кæ на йæ хъыллиппытæ й. — Фарст дæ р æ мæ дзуапп дæ р йæ хæ дæ г радта.

— Уый, мæ хур, ды кæ й зыдтай, уыцы адæ мæ й цæ у. Рæ хджы дын дæ лæ ппынтæ н институты лекцитæ кæ сдзæ н.

— Цæ й, дæ хорзæ хæ й, — æ нæ ууæ нчы тылд бакодта йæ хæ мхудтæ. — Æ мæ дзурын зоны?

— Дæ уæ й хуыздæ р.

— Сдзурын ма йæ кæ н, дæ хорзæ хæ й. Уæ ларвон зæ дтæ м мæ уд куы атæ ха, уæ д сæ м уымæ й диссагдæ р цы ахæ сдзынæ н?

Зазамæ хардзау фæ кастысты ацы ныхæ стæ. Афтæ йæ м зыны, цыма ныр иугæ р дзаумæ тты мидæ г ис, уæ д никæ цыуал маймулийæ н ис йæ бафхæ рыны бар. Шимпанзейы уæ хск æ рхоста æ мæ сдзырдта:

— Зæ гъ-ма, дæ хорзæ хæ й, зæ ронд, уæ ларвон зæ дты ’хсæ н маймулитæ н дæ р бынат ис? — Ацы ’фхæ рд маймулитæ й ничи бамбæ рста, æ мæ йын алчи дæ р йæ хирдыгонау саргъ кодта. Шимпанзе фырдисæ й иуæ рдæ м ацудæ гау кодта æ мæ йæ фæ рсты бахызтысты Зазаитæ.

Мидæ гæ й каридоры астæ рд — мозаикон нывтæ й фæ лыст. Къултыл стыр, арæ хстджын дзæ мбытæ кæ мæ н уыдаид, ахæ м хуызфысджыты конд нывтæ. Уæ ртæ фалиау иу къуымы лæ ууынц, æ ддейæ чи уыд, дыууæ ахæ м зæ ронд полициаджы. Иу дзы шимпанзе, иннæ орангутанг. Барбис комкоммæ уыдоны ’рдæ м араст. Заза ракæ с-бакæ с кæ ны. Уыцырдыгæ й никуы дуар, никуы — хæ рдмæ асин. Лифт дзы уа, æ мæ ахæ мæ й дæ р ницы зыны. Хæ стæ г сæ м бацыдысты. Барбис та уыдонæ н дæ р равдыста йæ бары гæ ххæ ттытæ.

— О, фæ лæ æ з нырмæ йæ бæ рзонддзинадмæ сырдтæ цæ угæ никуы федтон. Ацы дзаумаджын сырды хуызы мацы фыдбылыз æ рбакæ най? — Дызæ рдыджы цæ стæ й бакаст полициаг орангутанг фыццаг Барбисмæ, стæ й та йе ’мбал шимпанземæ, ома ды та цы зæ гъыс? Уый йе уæ хсчыты æ нæ мбарæ джы æ лхъывд фæ кодта, стæ й загъта:

— Йæ тæ ккæ бахизæ ны лæ ууынц фондз ахуыр куыдзы. Уыдон цæ стæ нгасыл базонынц зæ рдæ йы хъуыды. Кæ д, мыййаг, исты фыдвæ нд ис дæ зæ рдæ йы, уæ д дæ хи дæ р ма фесаф æ мæ мах дæ р.

— Ацы гæ ххæ ттытæ йæ бæ рзонддзинады бардзырдмæ гæ сгæ лæ вæ рд сты. Йæ химæ фыдвæ ндгæ нджыты хоны йæ бæ рзонддзинад. Уыйбæ рц хъуамæ ма ’мбарат? — Бауайдзæ ф сын кодта Барбис.

— Цæ й, фæ уæ д уæ бар, — орангутанг къулыл цыдæ р кнопкæ фелхъывта. Уайтагъд бæ рзонд кæ цæ йдæ р ссыд, калмы сыф-сыфы хуызæ н хъæ лæ ба. Чысыл фæ стæ дæ р сæ разы æ рлæ ууыд мраморæ й конд цыппæ рдигъон рæ сугъд фæ йнæ г. Йæ уæ лæ фынг алыгъуызон газеттæ æ мæ журналтимæ. Уый алывæ рсты — бандæ ттæ.

— Сбад, — загъта Барбис Зазайæ н, уый æ рбадт æ мæ уайтагъд газет кæ сыныл фæ цис.

Цы уæ ладзыджы æ рлæ ууыд сæ лифт, уымæ н йæ астæ рд уыд паркет. Уымæ й дæ р хуымæ тæ джы нæ, фæ лæ алыгъуызон нывтимæ. Цæ рттыл æ рцауындзæ г сты егъау сыгъзæ рин люстрæ тæ.

— Дæ къухтæ размæ сис, мæ нæ афтæ, æ мæ цалынмæ йæ бæ рзонддзинады размæ бахæ ццæ уæ м, уæ дмæ сæ ма рауадз. Хъахъхъæ нæ г куыйтæ нæ лыстæ г скъуыдтæ ныккæ ндзысты. — Бафæ дзæ хста Барбис. Заза дæ р схæ цыд йæ цæ нгтыл. Цæ уынц даргъ, фæ тæ н тыргъы. Сæ фæ йнæ фарс алыгъуызон цъæ хсыфтæ рджын æ мæ дидинæ гджын бæ лæ стæ. Заза йæ хи фæ хатыдта Министрады галуаны нæ, фæ лæ цавæ рдæ р аив фæ лыст парчы. Уыцы хъуыдымæ йæ тынгдæ р æ ркодта, бæ лæ стыл алыгъуызон мæ ргътæ кæ й уыд æ мæ рæ сугъд зарджытæ кæ й кодтой, уый.

Тыргъы кæ ронмæ куы ахæ ццæ сты, уæ д сау сæ ракæ й æ мбæ рзт, бæ рзонд дуар йæ хигъæ дæ й байгом. Зазайы цæ стытæ андæ гъдысты мидæ гæ й æ ндæ р ахæ м дуарыл. Йæ фæ йнæ фарс астæ рдыл хуыссы дыууæ арсыйас цъæ х куыдзы. Сæ сæ ртæ бæ рзонд систой æ мæ сæ цæ хæ ркалæ г цæ стытæ й ныккастысты æ рбацæ уджытæ м. Барбис дуары мидæ гæ й æ рлæ ууыд. Йæ сæ ры батылдæ й кæ мæ ндæ р салам радта, стæ й бафарста:

— Йæ бæ рзонддзинадмæ исчи ис, мыййаг?

— Ничи. Цавæ рдæ р орангутангмæ æ нхъæ лмæ кæ сы, йæ уæ лæ дзаумæ ттæ кæ мæ н уа, ахæ м адæ ймагимæ. —Заза нæ уыны дзурæ джы, фæ лæ йæ хъæ лæ смæ гæ сгæ зоны æ взонг, сыл маймули кæ й у.

— Уыдон мах стæ м. Бацæ уыны агъоммæ нæ исты хъæ уы? — бафарста та Барбис.

— Æ мæ уæ д дæ адæ ймаг кæ м ис?

— Мæ нæ ис, — иуварс ахызт Барбис æ мæ Зазайæ н фæ ндаг радта. Уый бахызт йæ сæ ры батылд æ мæ фæ лмæ н мидбылхудтæ й салам радта нарæ г стъолы фарсмæ бадæ г сыл орангутангæ н. Уымæ н йæ сæ р æ мæ йæ цæ сгомы хил уыдысты лæ гъз фаст (сыл маймулитæ сæ цæ сгæ мтты цыбыр бæ зджын хил нæ дасынц). Йæ гуырыл урс зæ лдаг кофтæ. Суанг рæ быны къæ дзты онг урс æ рмкъухтæ кæ уыл уыд, йæ уыцы дзæ мбытæ фыссæ н машинкæ йы фæ йнæ фæ рсты хуыссынц. Стъолы бынæ й зынынц фыдуынд, хъуынджын уæ рджытæ. Йæ къæ хтыл, иннæ сыл маймулитæ кæ й дарынц, ахæ м сау сæ ракæ й æ рмкъухтæ. Йæ разы алы рæ тты хуыссынц æ ртæ куыдзы. Уыдон дæ р иудзæ вгар фæ кастысты æ рбацæ уджытæ м, стæ й сыл, æ вæ ццæ гæ н, куы ницæ мæ й фæ дызæ рдыг сты, уæ д сæ раззаг дзæ мбытæ м æ руагътой сæ сæ рты.

Иугæ р мидæ ггаг дуарæ й куы бахызтысты æ мæ Барбис йæ цæ нгтæ куы ’руагъта, уæ д Заза базыдта, кæ й дзы ницыуал тæ ссаг ис, уый. Æ руагъта йæ цæ нгты æ мæ агуры цæ стæ нгасæ й, «йæ бæ рзонддзинад» кæ й хонынц, уый, фæ лæ ахæ м тархъæ ды бамидæ г сты æ мæ дзы иуы бæ сты иу мин «йæ бæ рзонддзинад» куы уа, уæ ддæ р сæ ацу æ мæ ды ссар. Барбис (зыны йыл, фыццаг хатт дзы кæ й нæ й) йæ дзабырты феппæ рста. Йæ папкæ иу бæ ласы саджилы фæ фидар кодта, стæ й йæ цыппар дзæ мбыйæ бæ лæ сты къалиутыл йæ хи ацауыгъта æ мæ хъæ ды æ рбайсæ фт.

«Уый дын хъуыддаг! » — фæ тыхст Заза, мацы фыдбылыз ын саразой. «Цы уа, уый уæ д», — йæ къух ауагъта æ мæ азылд хъæ ды. Хæ рдмæ кæ сы. Уæ лæ, бæ рзонд кæ мдæ р, зыны цъæ х арвы хуызæ н цар. Мæ ргътæ хъæ лдзæ г зарджытæ кæ нынц. Тæ рхъустæ гæ ппытæ кæ нынц йæ алывæ рсты. Уалынмæ тыхджын сыбар-сыбур ссыд кæ цæ йдæ р. Заза фæ каст: дыууæ орангутанджы полицийæ гты дарæ сы, бæ ласæ й-бæ ласмæ гæ ппытæ гæ нгæ сæ хи бæ рзондæ й раскъæ рдтой æ мæ Зазайы раз сæ дзæ хст фæ цыд. Йæ дыууæ цонгыл ын фæ хæ цыдысты. Размæ йæ ивазынц.

— Кæ дæ м мæ кæ нут? —Афарста сæ. Уыдонæ н фыртæ сæ й сæ дзæ мбытæ феуæ гъд сты Зазайы цæ нгтæ й.

— Кæ с, дæ хорзæ хæ й, кæ д дзуры маймулийау, — ризгæ хъæ лæ сæ й сдзырдта сæ иу.

— Æ мæ нын уæ д Барбис куыд ницы загъта? — йæ сæ р æ нæ мбарæ джы тылд бакодта иннæ.

— Кæ д нæ нæ хъустæ фæ сайдтой. — Зæ гъы фыццаг. — Рахæ ц-ма йыл, æ ндæ ра ма иу хатт сдзурид.

— Кæ д уæ фæ нды, уæ д уын аргъæ уттæ дæ р ракæ ндзынæ н, æ рмæ ст мæ кæ дæ м кæ нут, уый зæ гъут, — Заза сын йæ хæ дæ г йæ цæ нгтæ фæ сагъта сæ дæ лæ рмтты.

— Йæ бæ рзонддзинадмæ дæ кæ нæ м, — се ’муд куы ’рцыдысты, уæ д сдзырдта дыккаг полицæ йаг.

— Уæ дæ уæ иу мæ разæ й цæ уæ д, иннæ мæ фæ стæ. — Йæ хæ дæ г сын бацамыдта, кайд мыййаг ахст у, уæ д полицийæ гтæ н ахст лæ джы кæ нын куыд æ мбæ лы, уый. Маймулитæ н уый, чи зомы се ’гъдауы нæ уыд, фæ лæ Зазайы ныхасæ й фæ тыхстысты æ мæ уæ лдай ницыуал дзурын сфæ рæ зтой.

Хъæ д бирæ нæ ахаста. Уайтагъд бахæ ццæ сты, алыгъуызон дидинджытæ й фæ лыст, ныллæ г къуылдымы рæ бынмæ. Фæ рсæ рдыгæ й йæ м æ рыхъуыст кæ йдæ р ныхас. Фæ каст уыцырдæ м. Егъау дпдинæ фтыд бæ ласы бинаг цонгыл фæ рсæ й-фæ рстæ м бадынц Барбис æ мæ иу æ ндæ р орангутанг. Уый у стæ вдтæ конд. Йæ цæ сгом дæ р æ мæ йæ сæ р дæ р быныл даст. Йæ уæ лæ куырæ ты хуызæ н цыдæ р даргъ урс хæ донгонд. Хæ лаф дæ р урс, фæ лæ зæ нгты æ мдзалх уынгæ г. Йæ фадгуытæ æ мбæ хсынц фатхъултæ й уæ лдæ р сау сæ рак æ рмкъухты. Афтæ мæ й зын рахатæ н у сыл маймули у æ ви нæ л. Кæ д сыл у, уæ д йæ сæ р даст цæ мæ н у, кæ д нæ л у, уæ д та йæ къæ хтыл æ рмкъухтæ цæ мæ н ис? — Хъуыды кæ ны Заза. «Хæ йрæ джыты хай фæ уæ д. Мæ нæ н цы уæ лдай у? » — ныллыг кодта æ мæ полициаг орангутанджы фæ дыл араст къуылдымы сæ ры ’рдæ м. Уæ лейæ разынд уæ рæ х зал. Йæ астæ рд — паркет. Рæ быйнаг къулыл мозаикæ йæ цавæ рдæ р абстрактон нывтæ. Стъолы алыварс фæ лмæ н къæ лæ тджын бандæ ттæ. Заза дæ лæ мæ хъæ дыл ахаста йæ цæ ст, стæ й скаст хæ рдмæ. Зæ гъгæ, хатæ ны къултæ нæ зындысты, уæ д афтæ зынди, цыма уыцы хатæ н у бынтон хицæ н æ рдз йæ хи арвимæ.

Полицийæ гтæ Зазайы æ рбадын кодтой иу бандоныл, сæ хæ дæ г «къуылдымæ й» фæ уырдыг кодтой. Бæ лæ сты цæ нгтыл сæ хи ацауыгътой æ мæ уайтагъд фæ аууон сты хъæ ды.

Чысыл фæ стæ дæ р бæ ласы цонгæ й сæ хи æ руагътой Барбиситæ. Уæ ззау цыбыр къахдзæ фтæ й æ рбацыдысты Зазайы цурмæ. Уый сыстад.

— Йæ бæ рзонддзинадæ н дæ сæ рæ й акув, — æ дзынæ гæ й куы лæ ууыд Заза, уæ д æ м фæ цырд Барбис. Хицау чысыл йæ сæ р фæ къул кодта размæ. Æ вæ ццæ гæ н æ ндæ ргъуызон акувын хъуыд. Барбис йæ цæ стытæ мæ сты хъулæ ттæ скодта. Дастсæ р орангутанг æ м йæ уæ хсчы сæ рты бакаст æ мæ сдзырдта:

— Ницы кæ ны. Адæ ймагæ й уый дæ р æ гæ р у. — Хæ стæ г бацыд стъолмæ. Æ рбадт. Йæ ныхмæ æ рбадын кодта Барбисы дæ р. Заза нæ зыдта, цы кæ нын æ й хъæ уы, уый æ мæ лæ ууыд. Барбис æ й фæ хатыд, Йæ иуры йæ æ рбадын кодта. Йæ бæ рзонддзинад стъолы бынмæ бавнæ лдта. Цыдæ р дзы фæ къæ пп кодта. Стъол фæ зыхъхъыр æ мæ дзы сгæ пп кодта иу чысыл къус. Гæ ххæ ттыл цыдæ р афыста. Къусы йæ æ рывæ рдта. Фæ къæ пп та кодта бынæ й цыдæ р æ мæ къус зыгъзыгъгæ нгæ афардæ г стъолыл фалæ мæ. Заза ма йæ фæ дыл каст. Фæ лæ уый кæ мдæ р фæ аууон. Дзырд нæ ма сфæ рæ зтой, афтæ стъолы кæ ронæ й фæ зынд егъау тæ бæ гъ. Æ рбатахт æ мæ дзыхълæ уд фæ кодта сæ разы. Тæ бæ гъы мидæ г æ ртæ чысыл къусы сæ кæ рдтæ æ мæ сæ вилкæ тимæ. Æ ртæ карчы цурын фыхæ й. Æ ртæ сæ ны авгы æ д агуывзæ тæ. Фыццаг къусмæ февнæ лдта йæ бæ рзонддзинад, æ рæ вæ рдта дзы иу карк æ мæ йæ айста, ноджы ма иу кард æ мæ вилкæ, иу сæ ны авг æ д агуывзæ. Афтæ бакодта Барбис дæ р. Чи ма дзы баззад, уыдон Зазайы кæ й сты, ууыл дызæ рдыг нæ кодта. Райста сæ уый дæ р, тæ бæ гъы ма баззадысты дзулы кæ рстытæ. Алчи дæ р йæ агуывзæ йы сæ н æ ркодта. Сæ рæ зтæ м сæ æ рбакодтой æ мæ райдыдтой ныхас кæ нын. Ныхас кодтой, Заза бирæ хæ ттыты кæ й фехъуыста, ахæ м хабæ рттыл. Хæ стыл, Ширмæ йы фыдракæ ндтыл. Зонад æ мæ техникæ йы рæ зтæ н куыд базиан кодта хæ ст, сæ фæ стаг æ нгæ сы æ мбæ лццон нау удæ гас цæ рæ гойтимæ куыд æ нæ фæ стиуæ г разынд. Маймулитæ кæ цæ й равзæ рдаиккой, уый фарст дæ р та сæ м æ рхауд. Ам йæ бæ рзонддзинад бакаст Зазамæ æ мæ сдзырдта:

— Ды куыд æ нхъæ лыс, уый нæ зонын, Барбис, фæ лæ мæ нмæ афтæ кæ сы, цыма адон æ нæ мæ нг сты маймулиты рагон фыдæ лтæ. Ацы тæ ригъæ ддæ гтæ н сæ зонд дæ р æ мæ се уæ нг дæ р къуымыхæ й баззад се ’нæ арæ хсты аххосæ й. Кæ сыс махæ н нæ цыппар дзæ мбы дæ р бæ лæ стыл хизынмæ æ мхуызон арæ хсынц. Уыдон та бæ лæ стæ н сæ бынты хилынц.

«Æ цæ гæ й худы, фæ стаг хатт чи худы, уый» — йæ хинымæ ры бахудт Заза. Уæ дмæ йæ бæ рзонддзинады зæ рдыл æ рыфтыд фæ йнæ агуывзæ аназын.

— Æ ппæ т дунейы тыхджын æ мæ зондджын маймулиты цæ рæ нбон бирæ уæ д. — Акуывта æ мæ йæ анызта.

— Нæ хъæ батыр хæ стонты цæ рæ нбон бирæ уæ д. — Анызта та Барбис дæ р. Заза бамбæ рста, кæ мæ н йæ зæ рдæ цæ уыл риссы, уый кæ й кувы. Уый та ныр иу цасдæ р бæ рцæ й зоны, Æ нгæ сы фыццаг хицæ уттæ адæ м кæ й уыдысты, уый æ мæ акувта.

— Æ нгæ сы фыццаг æ мæ æ цæ г хицæ уттæ чи сты, уыдон ын уæ нт æ нустæ м хицау. — Тынг фæ цыд йæ бæ рзонддзинады зæ рдæ мæ ацы куывд. Уый кæ ддæ риддæ р Æ нгæ сы фыццаг хицæ уттыл нымайы орангутангты. Гориллæ тæ æ мæ дам шимпанзетæ уыдон дæ лдæ р къабæ зтæ сты.

Дыккаг агуывзæ тæ куы ’ркодтой, уæ д йæ бæ рзонддзинад фæ тагъд кодта хъуыддагмæ рахизыныл.

— Абон мæ м ис радон сесси. Хъуамæ баныхас кæ нæ м æ фсадæ н баххуысы фарстытыл. Тынг мæ гуырау у хæ лц æ мæ дарæ сы хъуыддаг. Уый тыххæ й мын сымахимæ бадынæ н бирæ рæ стæ г нæ й æ мæ уæ, развæ лгъау, хатыр курын. Телефоны ныхасæ й лæ гæ й-лæ гмæ дзурын хуыздæ р у. Радзур мын цыбыртæ й дæ фæ ндон.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.