Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Æвдæм сценæ



Иуцасдæ ры фæ стæ æ рмадзы дуарыл æ рбацæ уынц ус æ мæ лæ г. Лæ г йæ хызын æ рæ вæ ры, æ рбады æ мæ уыцы иу ранмæ ныджджих вæ ййы.

Лæ г. Мæ нæ н нæ й ардыгæ й лидзæ н, нæ й, Мартæ.

Ус. Омæ Хуссар Америкæ йы уæ здан, æ гъдауджын адæ ймæ гтау куы цæ рæ м, уæ д афтæ мæ й не ссыгъдæ г кæ ндзынæ дæ цæ сгом уыцы æ намонд сывæ ллоны раз? Нæ дæ уырны, фæ стæ мæ та дæ цард йæ гаччы кæ й сбаддзæ н, уый? Нæ дæ уырны?

Лæ г. Хъуамæ дын æ й бамбарын кæ нон, кæ д мæ хицæ н дæ р фенцондæ р уаид. Мæ зонды уырны, æ ниу мæ зонд дæ р æ ддæ г-мидæ г ауади. (Йæ риу бахойы. ) Фæ лæ уый та мæ нæ ардыгæ й æ нкъарын. Мæ уæ ззау тæ ригъæ д! (Паузæ. ) Хъуыддаг закъоны мидæ г нæ й, фæ лæ мæ хи мидæ г, мæ зæ рдæ йы. Мидæ гæ й ис. Æ лвасы, æ лвасы... (Паузæ. ) Зæ гъæ н ис, æ мæ уыцы мард сывæ ллон æ ппындæ р мæ цæ стытæ й нæ хицæ н кæ ны, æ з æ й амардтон. Уæ дæ куыд хъуамæ ацæ уон демæ Хуссар Америкæ мæ, куыд цæ рон уым мæ зæ рдæ йы дзæ бæ хæ н? Мæ цæ сгом нæ хъæ цы, Мартæ! Стæ й йæ хаты мæ зæ рдæ: никуы бахъæ цдзæ н. Ахæ м уæ ззау азымæ н дзуапп раттын хъæ уы!

Ус (фидарæ й). Мæ н азарæ й сарæ зтай фыдракæ нд. Мæ гуыр кæ й уыдтæ, уый тыххæ й дæ ныууадзынмæ хъавыдтæ н æ з, уый тыххæ й райдыдтай зæ гæ лтæ калын фæ ндагыл. Мæ н амарын хъæ уы. Мæ н! Æ з дæ н аххосджын. Уæ дæ ныр ахæ стонмæ цæ уынвæ нд скодтай? Нал дзы раздæ хдзынæ удæ гасæ й. Æ мæ уæ д æ з дæ р амæ лдзынæ н.

Инспектор (æ рмадзы дуарыл æ рбацæ уы, мидбылхудгæ ). А-гъа, æ рбахæ ццæ стут фæ стæ мæ Гамбургæ й? Рагацау уæ ахъуыды кæ нын хъуыдис дзæ бæ х. Кæ ннод уæ хицæ н дæ р хуыздæ р нæ уыдзæ ни. (Паузæ. ) Цæ уынмæ хъавыдтæ н, фæ лæ кæ сын, æ мæ фæ стæ мæ ’рбахæ ццæ стут.

Лæ г. Дæ уæ н дæ р хуыздæ р нæ уыдзæ ни.

Инспектор. Мæ нæ н? Телефоны хæ тæ л сисын æ мæ пъæ лицæ мæ бадзурын мæ зын, æ ндæ ра ахæ стоны смидæ г уыдзыстут.

Лæ г. Æ мæ ма уæ дæ каст цæ мæ у? Куыннæ бадзырдтай ныронг дæ р?.. Æ з æ й зонын, цæ мæ н, уый. Стæ й йæ ды дæ р зоныс.

Инспектор. Нæ фæ лæ дын цы зæ гъон, уый зоныс? Дæ усы та ма цæ мæ н тъыссыс фыдбылызы. Уый у бынтон æ нæ сæ рфат ми.

Ус. Æ з ныртæ ккæ дæ р уыцы фыдбылызы мидæ г дæ н.

Инспектор. Фæ тæ ригъæ д дын кодтон дæ усæ н æ мæ дæ уый тыххæ й ауагътон. Фыртæ ригъæ дæ й æ рмæ стдæ р.

Лæ г. Уый-иу тæ рхондоны зæ гъ. Æ рмæ ст дыл нæ баууæ нддзæ н тæ рхонылæ г. Фæ лæ мæ ныл дæ р æ мæ мæ усыл дæ р баууæ нддзæ ни, алидзыны фадæ ттæ мын цæ й тыххæ й арæ зтай, уыдæ ттæ йын куы радзурæ м, уæ д.

Инспектор. Æ мæ уæ дæ ам цæ мæ н дæ, кæ д дын алидзыны фадæ ттæ сарæ зтон, уæ д? Кæ й бауырндзæ ни, адæ ймаг барвæ ндонæ й йæ хи къахæ й ахæ стонмæ бацæ удзæ н, уый? Афтæ никуыма уыди. Чи дæ бамбардзæ н?

Лæ г (йæ риу ын бахоста). Дæ у хуызæ ттæ йæ никуы бамбардзысты, уый бæ рæ г у.

Инспектор (ахъуыды кæ нгæ йæ ). Дæ уæ н дæ р æ мæ дæ усæ н дæ р мæ бон ссарын у паспорттæ æ ндæ р мыггæ гтимæ, æ мæ уæ д æ нцонæ й ахизиккат арæ ны сæ рты; зæ гæ лтæ -иу сымах акалдтат фæ ндагыл, уый уæ дмæ нæ ма сбæ рæ г уыдзæ н.

Лæ г. Мæ нг гæ ххæ ттытæ нын самал кæ нынмæ кæ й хъавыдтæ, уый дæ р тæ рхондоны раз куы зæ гъис?

Инспектор (мæ стæ й ссудзгæ йæ ). Мæ н уæ чъизи цæ стфæ лдахæ н миты нæ нытътъысдзыстут. Æ з афтæ бакæ ндзынæ н, æ мæ мыл къæ м дæ р нæ абаддзæ ни, къæ м. Куыдæ й — уый та мæ хи хъуыддаг у! (Тагъд-тагъд рауайы уатмæ æ мæ рахиз дуарыл ацæ уы æ ддæ мæ. )

Ус (кæ угæ йæ ). Ау, ферох афон ын нæ ма у уыцы æ намонд сабийы фесæ фтæ н? Нæ ма йын у ферох афон?

Лæ г (нæ йæ м хъусы, афтæ мæ й). Ис дæ м иуæ ндæ с мин маркæ йы. Уыцы æ хцайæ дæ бон у горæ ты дукани байгом кæ нын.

Ус (кæ угæ йæ ). Æ мæ ды та? Ды та?.. Нæ мæ хъæ уы дукани... Мæ н ды хъæ уыс æ рмæ стдæ р.

Æ рмадзы дуарыл æ рбахизы Мад сау дарæ сы, йæ къухы дидинджытæ. Лæ г сысты.

Мад (дидинджытæ лæ гмæ дæ тгæ йæ ). Ацы дидинджытæ мæ сывæ ллоны ингæ ныл æ рзадысты. Йæ тæ ссонд хъæ лæ с мæ м хъуысыди зæ ххы бынæ й. Мæ гыццыл чызг афтæ загъта: «Хорз дзы у ингæ ны. Мæ цæ стытæ та дыууæ æ рвхуыз дидинæ джы фестадысты». (Цадæ ггай æ рмадзы дуарыл ацæ уы. )

Лæ г (кæ сы йæ фæ стæ, дидинджытæ йæ лæ мæ гъ къухтæ й æ рхауынц, сабыргай бацæ уы телефонмæ, сисы хæ тæ л, равзары номыр. ) Пъæ лицæ?

Телефоны хæ тæ лæ й хъæ лæ с райхъуысы.

Ус (йæ къухтæ й йæ цæ сгом амбæ рзгæ йæ; æ ррайау). Мартин!

Лæ г. Æ з дæ н Мартин, машинæ цалцæ ггæ нæ г...

Хъæ лæ с телефоны хæ тæ лы.

Лæ г. Сывæ ллоны æ з амардтон. Макæ йуал агурут.

Æ мбæ рзæ н сабыргай æ хгæ ны.

Фæ лæ удзынæ н уæ м, цалынмæ цæ уат, уæ дмæ.

Æ МБÆ РЗÆ Н.


[1] Леонгард Франк (1882–1961), немыцаг фыссæ г. 1933–50-æ м азты уыдис антифашистон эмиграцийы



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.