Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Æхсæзæм сценæ



Ус (рахиз дуарыл уатмæ æ рбацæ уы, æ рмадзмæ бахизы; фæ дзæ хсæ гау). Господин Францæ н йæ зæ рдæ цæ мæ дæ р фехсайдта. Кæ д зонгæ бæ лвырдæ й ницы кæ ны, уæ ддæ р. Фæ лæ тæ рсын, истытæ куы ракъаха, уымæ й. Дæ хи, куыд æ мбæ лы, афтæ дар, мацы æ дылы ныхæ стæ ралæ хур...

Лæ г (æ нцад-æ нцой хъæ лæ сæ й, йæ мид-зæ рдæ йы фидар хатдзæ гмæ кæ й æ рцыдис, уый бæ рæ г у). Йæ мад ам уыди, сывæ ллоны мад... Æ з хъуамæ бацæ уон пъæ лицæ мæ æ мæ æ ппæ т дæ р радзурон — куыд уыди, афтæ.

Ус (фæ сонтау). Цы загътай?

Лæ г (йæ хиимæ дзурæ гау). Æ з амардтон сывæ ллон. Куыддæ р йæ царды къæ сæ рыл æ рлæ ууыди, афтæ. Æ мæ хъуамæ мæ тæ ригъæ дтæ ссыгъдæ г кæ нон. (Йæ сæ рыл схæ цы. ) Æ ппæ тæ й хуыздæ р та уыдзæ ни, абон-райсом куы нæ кæ нон, фæ лæ мæ нæ ныртæ ккæ пъæ лицæ мæ куы бацæ уон, уæ д.

Ус (хорзау нал фæ ци). Æ з та дын уæ дæ афтæ зæ гъын, æ мæ дзы хорзæ й ницы рамбулдзынæ. Мæ удæ гасæ й уый нæ уыдзæ ни, хъусыс, нæ уыдзæ ни!

Лæ г (кæ дæ й-уæ дæ й йæ хинымæ ры скарста йæ цæ сгом ссыгъдæ г кæ нын, æ мæ ницæ мæ йуал тæ рсы, уыцы нымæ цы йæ усæ й дæ р, сабыр хъæ лæ сæ й). Ды мæ нæ бауромдзынæ. Ам мыл дæ бон нал цæ уы. Нырæ й фæ стæ мæ дæ бон нал цæ уы мæ ныл.

Ус (дисгæ нгæ ). Цы дыл æ рцыди, цы? Ахæ мæ й дæ никуы зыдтон. (Паузæ. ) Кæ мæ н дзы цы пайда ис, ды дæ хæ дæ г дæ хи къæ хтæ й пъæ лицæ мæ куы бацæ уай, уæ д? Сывæ ллон нал райгас уыдзæ ни. Цы пайда ма дзы ис?

Лæ г. Пайдайыл нæ цæ уы ныхас. (Йæ риу хойы. ) Мæ нæ ауыл цæ уы ныхас. Мæ зæ рдæ мæ м цы дзуры, ууыл. Зонын æ й, мæ н аххос уыди, уый! Нырæ й фæ стæ мæ мæ цард цард нал у. (Йæ сæ р æ руадзы. ) Нæ чындзæ хсæ вы фæ стæ фыццаг аз мæ хъуыддæ гтæ рæ стмæ нæ цыдысты, æ мæ мæ ды дæ р бынтон райгонд нæ уыдтæ, суанг нын дуканигæ с хæ ринæ гтæ æ фстау дæ р нал лæ вæ рдта. Æ мæ уæ д æ з дæ р фæ тарстæ н, куы мæ ныууадзай, уымæ й, æ мæ зæ гæ лтæ акалдтон фæ ндагыл. (Паузæ. ) Нæ фæ рæ стмæ ис нæ цард... Чызгæ й тынг дзæ бæ х уыдтæ, сыгъдæ г æ мæ зæ рдæ мæ дзæ угæ, раст мæ нæ ног сыфтæ рау. Фæ лæ нæ чындзæ хсæ вы фæ стæ æ васт фендæ рхуызон дæ, раст дæ цыма хъæ дæ й сарæ зтæ уыд.

Ус. Зонын æ й, зонын æ й! (Паузæ. ) Мæ мид-зæ рдæ йы дæ уарзтон æ дзухдæ р. Мæ мид-зæ рдæ йы! Фæ лæ иннæ хъуыддæ гты — æ мбарыс æ й, цæ й кой кæ нын, уый — иннæ хъуыддæ гты амондджын нæ фестæ м. Цыдæ р нæ хъыгдардта. Раст нын цыма кæ лæ нтæ счынди... Æ мæ дæ м мæ зæ рдæ æ руазал ис... Æ з аххосджын дæ н дæ разы.

Лæ г. Аххосджын дæ? Дæ у та чи хъуамæ азымы бадара ацы æ лхынцъытæ хъуыддаджы?

Ус. Æ мæ дын зæ гæ лты хабар та чи бацагъта дæ хъусы, чи уыди, зæ гъ-ма йæ? Мæ н азарæ й бахаудтай ацы бæ ллæ хы. Æ мæ ма ныр куыд акæ нон? Тæ худы, истæ мæ й дын мæ бон куы уаид баххуыс кæ нын!

Лæ г. Ницы у дæ бон. (Паузæ. ) Раззаг къуыри горæ ты куы уыдтæ н, уæ д нæ хæ дзар дæ р, æ рмадз дæ р, нæ зæ ххыхай дæ р дæ номыл скодтон. Гæ ххæ ттытæ æ рбарвыстой посты. (Къухæ й амоны. ) Уæ ртæ уыцы скъаппы сты. Æ рмæ стдæ р ма дзы хъæ уы мæ къухæ вæ рд. Æ мæ цы зиантæ ’рхастон адæ мæ н, уыдон нын закъон, мыййаг, фидинаг куы фæ кæ на, уæ д дæ уæ н никæ й бар цæ удзæ н дæ исбоныл. Зæ гæ лтæ -иу ды нæ ныккалдтай фæ ндагыл, стæ й йын зонгæ дæ р ницы кодтай... Цыбыр дзырдæ й, дæ хицæ н иу сыгъдæ гзæ рдæ æ ххуысгæ нæ г ссардзынæ æ мæ дæ хъуыддæ гтæ æ взæ р нæ цæ удзысты. Цæ хх, кæ рдзын хъуаг не ’ййафдзынæ.

Ус (адæ ргæ й ма цы зæ гъа, уый нæ зоны). Омæ ды та?.. Ды та?..

Шофыр (йæ сæ р æ рбадары). Мæ нæ ам æ рбацыдысты... Хуынкъ уыди. Тæ ккæ фæ зилæ ны цалхы смидæ г цæ фхады зæ гæ л.

Лæ г. Гъемæ, Мартæ, дæ хæ дæ г ацу машинæ мæ. Нырæ й фæ стæ мæ сæ ныхасаг демæ уыдзæ н. Æ мæ райдай рагацау.

Ус йæ лæ гмæ тæ рсæ гау бакæ сы æ мæ æ ддæ мæ ацæ уы. Лæ г тæ рхæ гæ й райсы дзыппыдаргæ электрон цырагъ; кæ ддæ ра кусы, зæ гъгæ, йæ цалдæ р хатты ссудзы æ мæ ахуыссын кæ ны, стъолыл æ й æ рæ вæ ры; йæ дзабыртæ æ мæ йæ цъындатæ раласы.

Ус (æ рбаздæ хы). Шофыр мæ рарвыста, мæ хи бар, дам, сæ уадз. Цы кусыс цы, Мартин? Цафоны фынæ й у?

Лæ г. Æ з ацы хæ дзары никуыуал бафынæ й кæ ндзынæ н... Цæ уын фæ ндагмæ æ мæ æ рæ мбырд кæ нон уыцы зæ гæ лтæ, цалынмæ та дзы ницы бæ ллæ х æ рцыди, уæ дмæ. Бæ гъæ ввадæ й сæ хуыздæ р ссардзынæ н рыджы бын. (Æ нæ уынæ рæ й æ рмадзыл ацæ уы, йæ ус сагъдауæ й йæ фæ дыл кæ сы. Шофыримæ хæ рхæ мбæ лд фæ вæ ййынц. )

Шофыр лæ джы бæ гъæ ввад къæ хтæ м дисгæ нгæ ныккæ сы, стæ й усмæ бацæ уы, уый бады сынтæ гыл. Цы кусы, уый нæ хатгæ йæ, цалдæ р хатты ссудзы æ мæ ахуыссын кæ ны, йæ лæ гæ й цы электрон цырагъ ферох, уый, ныр афтæ мæ й кæ сгæ та бынтон æ ндæ рæ рыдæ м кæ ны джихæ й.

Шофыр. Кæ дæ м фæ цæ уы, кæ дæ м, дæ лæ гæ й зæ гъын? Меккæ мæ хадзыйы ном райсынмæ ма цæ уæ д? (Æ рбады, иннæ бандоныл та йæ къæ хтæ сæ вæ ры, ома ацы хæ дзары мæ нмæ чысыл бартæ нæ й. )

Ус (сысты, йæ хицæ н дзурæ гау). Ахæ м адæ ймаг! Ахæ м адæ ймаг!..

Шофыр (къæ йных мидбылхудтимæ ). Кæ мæ й зæ гъыс? Уæ ртæ, чи ацыди, уымæ й?

Ус. Йæ цард ын фехæ лдтон. Æ мæ ма йæ ноджы цъыфы дæ р сæ вдылдтон. Кæ йдæ р лæ гтимæ.

Шофыр. Йæ сыкъатæ дымгæ мæ дарынмæ ацыд?

Ус (æ васт æ м фæ зилгæ йæ, æ ррайау фырмæ стæ й). Æ з та дын афтæ зæ гъын, æ мæ йе ’взæ ры кой ма кæ н.

Шофыр. Ничи йæ м хъусы амæ? Цавæ р бындз дыл фæ хæ цыд? (Йæ къухтæ йæ м бадары. ) Рауай-ма ардæ м!

Ус (уынгæ дæ р æ й нæ кæ ны). Йæ сæ рвæ лтау мæ гуыры хызын æ рæ фтауин ме ’фцæ гыл.

Шофыр. Рацу-ма мæ м хæ стæ гдæ р, ам куы нал и дæ уæ дæ гонд лæ г.

Ус (карзæ й). Амбырд-ма кæ н дæ муртæ æ мæ адде у ардыгæ й! Ахъуытты у, зæ гъын, ныртæ ккæ!

Шофыр. О-гъо! Ничи йæ м хъусы! Цы дыл æ рбамбæ лди?

Ус. Бамбардзынæ йæ, ардыгæ й куы адде уай, уæ д.

Шофыр. О, фæ лæ уал уымæ й размæ иуцалдæ р ныхасы хъуамæ зæ гъон дæ сыкъаджын лæ гæ н, нæ дыууæ йы тыххæ й... Уæ д та куыд кæ ндзынæ?

Ус (йæ хицæ н дзурæ гау). Æ з ын мæ хæ дæ г зæ гъдзынæ н, адæ мы лæ гтимæ кæ й цардтæ н, уый.

Шофыр. Уæ дæ уæ д дæ хицæ н сты æ мбырдгæ нгæ дæ муртæ.

Ус. Алцыдæ р ын радзурдзынæ н æ з. Æ нцондæ р ын уæ ддæ р уыдзæ ни мæ нæ й ахицæ н. Алцыдæ р! Уымæ й дарддæ р ын мæ бон ницæ мæ йуал у баххуыс кæ нын. (Æ васт, цыма дзы мидæ гæ й исты аскъуыди, уыйау, дзыназгæ, ныххауы сынтæ гыл. )

Шофыр (стъолæ й райсы дзыппыдаргæ цырагъ, йæ цæ сгоммæ йын æ й саразы æ мæ йæ ссудз-ссудз кæ ны. ) Æ ппæ т дæ р ын радзурдзынæ? Æ мæ дын уæ д цементгæ нæ н заводы директор та цы зæ гъдзæ н? Кæ нæ бухгалтер? (Йæ фарсмæ сбады æ мæ йæ æ рбахъæ быс кæ ны. )

Ус (мæ стыйæ ). Ныууадз мæ!

Цырагъ йæ дзыппыты агургæ йæ, Лæ г æ нæ уынæ рæ й æ рбацæ уы уаты дуары цурмæ. Шофыр хъæ бысæ й хæ цы сылгоймагимæ, афæ лдахы йæ сынтæ гыл æ мæ йыл ныддæ лгом вæ ййы. Ус йæ тых, йæ бонæ й йæ хи атоныныл архайы. (Хъарутæ йæ м нал вæ ййы. )

Ныууадз мæ! Ныууадз мæ!

Шофыр йæ былтæ й сылгоймаджы дзых ахгæ ны. Сылгоймагæ н йæ хъару асæ тты, йæ лæ мæ гъ цæ нгтæ й шофыры бæ рзæ йыл æ ртыхсы, цыма сразы, уыйау. Æ рбацæ уы лæ г æ мæ йæ мидбынаты сагъдауæ й баззайы. Шофыр фæ гæ пп ласы. Ус дæ р сысты. Исдуг æ ртæ йæ дæ р ницы дзурынц.

Лæ г (фæ сус хъæ лæ сæ й). Афтæ у уæ дæ хъуыддаг?! Уæ дæ афтæ у?! (Дзагъырдзастæ й кæ сы шофырмæ, стæ й та усмæ. Усæ н, йæ маст тыххæ й уромгæ йæ. ) Йемæ цардтæ?

Ус (цы акæ на, уый нæ зоны). Мартин!

Лæ г. Стæ й фыццаг бонæ й фæ стæ мæ? Стæ й ам, мæ хæ дзары мидæ г?

Шофыр (къæ йных мидбылхудтимæ ). Дæ усы бафæ рс. Кæ д дын æ й зæ гъид йæ хæ дæ г.

Лæ г. Æ з дзы дæ у фæ рсын!

Шофыр (уæ ддæ р æ дзæ сгом худт кæ ны). Æ з ницы зæ гъдзынæ н.

Лæ г (йæ къухтæ стымбыл кодта, афтæ мæ й йæ м фæ цæ уы). Ницы зæ гъдзынæ, куыдзы хъæ вдын? Ницы зæ гъдзынæ? Джыртмæ дзæ уæ г куыдз! (Ныццæ вы йын тымбыл къухæ й йæ цæ сгом. ) Цъаммар! (Дуарæ й йæ рассоны æ мæ йæ усмæ фездæ хы. Йæ дзыхыдзаг. ) Адде у ардыгæ й! Кæ ннод æ рхæ ццæ дæ фæ стаг бон! Адде у, зæ гъын, уадзаг!

Ус (мынæ г хъæ лæ сæ й). Хуыссыдтæ н йемæ.

Лæ г (дæ ндæ гты ’хсæ нты). Хуыссыдтæ йемæ... Æ ндæ р ма кæ имæ?

Ус. Се ’ппæ тимæ дæ р!

Лæ г. Афтæ у уæ дæ... Афтæ у уæ дæ... Æ мæ гъе ахæ м гаццайы тыххæ й æ з амардтон сывæ ллон æ мæ ма ноджы мæ хи къахæ й дæ н ахæ стонмæ цæ уинаг. Фæ лæ ма мæ ныр цы хъуыддаг и ахæ стоны? Ныр мын уæ лдай нал у! (Разгъоры уатæ й. )

Ус (мынæ г хъæ лæ сæ й). Ныр æ з мæ хи амардзынæ н.

Æ МБÆ РЗÆ Н



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.