Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Цыппæрæм сценæ



Æ рбацæ уы Æ лхæ нæ г

Лæ г. А, уый ды куы дæ! Мидæ мæ, мидæ мæ! (Разæ й цæ уы. ) Мæ нæ ма ам æ рбадæ м.

Æ лхæ нæ г цымыдисæ й фæ лгæ сы æ рмадзы къуымты, стъолы уæ лхъус æ рбады. Лæ г дæ р сбады.

Æ лхæ нæ г. Райсомы поезды абадтæ н, зæ гъын, фæ стæ мæ дæ р уыцы поезды фездæ хон.

Лæ г. Къофе нæ бацымдзынæ?

Æ лхæ нæ г. Нæ -нæ! Тагъд кæ нын!

Лæ г. Уæ дæ уæ д нæ хъуыддаджы куыст кæ нæ м. Бадзырд у цæ ттæ, мæ къух дæ р дзы сæ вæ рдтон. (Мидæ ггаг дзыппæ й гæ ххæ ттытæ сисы æ мæ сæ дæ тты æ лхæ нæ гмæ. ) Мæ нæ ам ранымадтон ацы æ рмадзы кусæ нгæ рзтæ иууылдæ р. Дæ хи цæ стæ й федтай æ ппæ т дæ р: хæ дзар дæ р, уат дæ р, æ рмадз дæ р, алцыдæ р. Мемæ дзы ницы хæ ссын æ ппындæ р.

Æ лхæ нæ г. Ныхас дæ р афтæ бакодтам... Ныр та сæ йраг хъуыддаг.

Лæ г. Ома?

Æ лхæ нæ г. Кæ д æ мæ ды аргъæ й мин маркæ йы аппарай, уæ д дын де ’хца кæ нын уыцы иу лæ вæ рд, мæ нæ ныртæ ккæ.

Лæ г. Уый лæ джы ныхас у.

Æ лхæ нæ г. Ныртæ ккæ дæ р мæ дзыппы сты æ хца.

Лæ г. Гъемæ хорз, баныхас кодтам.

Кæ рæ дзимæ сæ къухтæ раттынц.

Кæ дæ й-уæ дæ й мæ царды иунæ г хъуыддаг фæ рæ стмæ.

Æ лхæ нæ г. Мæ нæ дын уый та де ’хца. (Сæ дæ гай маркæ ты гуцъула æ рæ вæ ры стъолыл. ) Иуæ ндæ с мины!

Лæ г. Иуæ ндæ с мины. (Æ хца йæ дзыппы æ вæ ры. )

Æ лхæ нæ г (бадзырд йæ дзыппы æ вæ ры). Уæ дæ кæ д æ рбалидзон?

Лæ г (хъуыды кæ ны). Зæ гъæ м... Афтæ иу мæ йы фæ стæ. Цалынмæ мæ бинойнаг йæ хицæ н æ ндæ р цæ рæ нуат агура, уæ дмæ.

Æ лхæ нæ г. Афтæ у? Гъемæ хорз — мæ йы фæ стæ! (Йæ сахат ифтындзы. ) Баййафдзынæ н ма поездмæ. (Йæ къух дæ тты. ) Уæ дæ, зæ гъыс, Хуссар Америкæ мæ? Дардгомау у...

Лæ г. О, дардгомау.

Æ лхæ нæ г. Гъемæ уæ дæ дзæ бæ хæ й баззай.

Лæ г. Фæ ндараст!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.